Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй!

Цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй!

Цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй!

«Мах цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй» (2 КОРИНФӔГТӔМ 5:7, НТ).

1. Апостол Павел цӕстӕй цы уыдта, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй кӕй цард, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

НӔ ЭРӔЙЫ 55 аз. Ссӕдз азы бӕрц рацыд, Савл, чырыстӕтты ӕфхӕрӕг, йӕхӕдӕг чырыстон куы сси, уӕдӕй. Уыцы азты дӕргъы йӕ уырнындзинад Хуыцауыл не ’рлӕмӕгъ. Ӕмӕ кӕд, уӕлӕрвты цы ис, уый цӕстӕй нӕ уыдта, уӕддӕр уырнындзинады уыд фидар. Уымӕ гӕсгӕ, уӕларвон ныфс цы сӕрст чырыстӕттӕн уыди, уыдонмӕ апостол Павел фыста: «Мах цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй» (2 Коринфӕгтӕм 5:7, НТ).

2, 3. а) Уырнындзинадӕй кӕй цӕуӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? ӕ) Цы нысан кӕны, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй цӕрын?

2 Мах дӕр уырнындзинадӕй уӕд цӕрдзыстӕм, нӕ ныфс куы дарӕм, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у махӕн разамынд дӕттын. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уый ӕцӕгдӕр кӕй зоны, хуыздӕр нын цы у (Псалом 118:66). Ӕмӕ исты уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, стӕй уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ зӕрдыл дарӕм, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм», уыдӕттӕ (Дзуттытӕм 11:1, НТ). Уыдонмӕ хауынц зӕрдӕвӕрд «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» (2 Петры 3:13). Цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй цӕрын та у, уырдзӕй басгарӕн цы ис, ӕрмӕстдӕр уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ цард куы аразӕм. Уый тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцауы фӕндон ӕппындӕр ницӕмӕуал дардзыстӕм (Псалом 80:13; Екклесиаст 11:9).

3 Уӕларвмӕ хуынд «гыццыл дзугӕй» стӕм ӕви «ӕндӕр фыстӕй» зӕххыл цӕрыны ныфсимӕ, хъуамӕ нӕ алчидӕр йӕ зӕрдӕмӕ айса ацы фӕдзӕхст: цӕрут, цӕстӕй цы уынут, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй (Лукайы 12:32; Иоанны 10:16). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уый нӕ куыд хъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй «рӕстӕгмӕйы тӕригъӕды циндзинады» амӕттаг ма фӕуӕм, мулкуарзыны къӕппӕджы ма бахауӕм ӕмӕ ма рох кӕнӕм, ацы цардӕвӕрдӕн тагъд йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Афтӕ ма равзардзыстӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй цӕрын тӕссаг цӕмӕн у (Дзуттытӕм 11:25).

«Рӕстӕгмӕйы тӕригъӕды циндзинадӕй» «нӕ» дзурын

4. Моисей хуыздӕрыл цы банымадта ӕмӕ цӕмӕн?

4 Ахъуыды ма кӕн, Амрамы фырты Моисейы куы бафӕндыдаид, уӕд цавӕр цардӕй цардаид. Уый схъомыл рагон Египеты паддзахы сывӕллӕттимӕ ӕмӕ бартӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинадӕй цух нӕ уыд. Моисейӕн йӕ бон уыд хъуыды кӕнын: «Ӕз уӕлдӕр ахуырад райстон Египеты, йӕ зонды кой дӕрдтыл кӕмӕн айхъуыст, уым, ӕмӕ тыхджын дӕн ныхасӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй. Паддзахы хӕдзары куы баззайон, уӕд ӕххуыс кӕндзынӕн ме ’фхӕрд дзуттаг ӕфсымӕртӕн!» (Куыстытӕ 7:22). Фӕлӕ Моисей хуыздӕрыл банымадта «Хуыцауы адӕмимӕ тухӕн кӕнын». Цӕмӕн? Моисей цӕуылнӕ сразы, Египеты йын цы фадӕттӕ ӕмӕ авналӕнтӕ уыди, ӕппӕт уыдӕттыл? Библи дзуапп дӕтты: «Уырнындзинадӕй, ныууагъта [Моисей] Египет, нӕ фӕтӕрсгӕйӕ паддзахы фыдӕхӕй; уымӕн ӕмӕ Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кодта, афтӕ фидар уыд» (Дзуттытӕм 11:24–27). Иегъовӕ рӕстаг адӕмы кӕй схорзӕхджын кӕны, ууыл гыццыл дӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид тӕригъӕдджын ӕмӕ, рӕстӕгмӕйы ӕхцондзинад чи хӕссы, уыцы монцты ныхмӕ.

5. Моисейы цӕвиттон нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

5 Арӕх мах дӕр бахъӕуы зын фарстатӕ лыг кӕнын. Зӕгъӕм: «Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ бынтон раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнӕ миниуджытӕ хъуамӕ ныууадзон? Пайдаджын мӕм чи фӕкӕса, фӕлӕ мӕ ӕцӕгады фӕндагыл размӕ цӕуын чи хъыгдара, ахӕм куыст мын куы фӕзына, уӕд ыл хъуамӕ сразы уон?» Моисейы цӕвиттон нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй мах дӕр дунейы адӕмау ӕнӕзонд уынаффӕтӕ ма хӕссӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм «Ӕнӕуынгӕйы» – Иегъовӕ Хуыцауы – дардмӕуынаг зондыл. Цӕй ӕмӕ Моисейау мах дӕр тынгдӕр аргъ кӕнӕм ацы дуне цы хъары уымӕн нӕ, фӕлӕ Иегъовӕимӕ хӕлардзинадӕн.

6, 7. а) Исав куыд равдыста, цӕст цы уыны, уымӕй цӕрын кӕй равзӕрста, уый? ӕ) Исавы хабар нын зондзонӕн цӕмӕй у?

6 Моисейӕ хъауджыдӕр Исахъы фырт Исав та равзӕрста, уыцы тӕккӕ йын ӕхсызгон цы уыдаид, уый (Уӕвынад 25:30–34). Исав, «табуйаг цы у, уымӕн... не саргъ кодта», ӕмӕ хистӕр фырты бартӕ баивта «иу хӕринаджы къусыл» (Дзуттытӕм 12:16, НД). Ууыл хъуыды дӕр нӕ акодта, зӕгъгӕ, уыцы бартӕ куы ауӕй кӕнон, уӕд мӕм Иегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн кӕнӕ уый мӕ байзӕддӕгтыл куыд фӕзындзӕн. Исав цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй нӕ каст. Иегъовӕйы ахсджиаг зӕрдӕвӕрдтыл йӕ цӕстытӕ сӕхгӕдта, нӕ сын саргъ кодта. Уый цард, уырнындзинадӕй нӕ, фӕлӕ цӕстӕй цы уыдта, уымӕй.

7 Исавы хабар нын зондзонӕн у (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Исты хъуыддаг (стыр уа ӕви гыццыл) лыггӕнгӕйӕ ныл, хъуамӕ Сайтаны дунейы зонд ма бандава, ома дӕ цы хъӕуы, уый дын хъуамӕ уа ацы тӕккӕ. Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Мыййаг, Исавау нӕ хӕссын уынаффӕтӕ? Йеныр мӕ цы хъӕуы, ууыл куы тыхсон, уӕд мын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ рохуаты нӕ аззайдзысты? Мӕ уынаффӕтӕ мӕ хӕлардзинадӕн Хуыцауимӕ ӕмӕ мӕ амондджын фидӕнӕн ницы зиан ӕрхӕсдзысты? Иннӕтӕ мӕнӕй истӕуыл сахуыр уыдзысты?» Табуйаг цы у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый кӕд нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг у, уӕд нын Иегъовӕ арфӕ кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

Мулкуарзыны къӕппӕгӕй хи хизын

8. Лаодикийы чырыстӕтты цӕмӕй бафӕдзӕхстӕуыд ӕмӕ йӕм махӕн нӕ хъус дарын цӕмӕн хъӕуы?

8 Фыццаг ӕнусы кӕрон апостол Иоаннӕн кадджын Йесо Чырысти цӕстылуайӕны рарвыста ныхӕстӕ Лаодикийы ӕмбырдӕн, Къаннӕг Азийы. Уый сӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй мулкмӕ здӕхт ма уой. Лаодикийы чырыстӕттӕ кӕд хъӕздыг уыдысты, уӕддӕр сӕ уырнындзинад кӕуинаг уавӕры уыд. Уыдон уырнындзинадӕй нал цардысты, цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй нал кастысты, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕ мулк бакуырм кодта (Раргомад 3:14–18). Мулкуарзын абон дӕр адӕмыл афтӕ ӕндавы. Уый нын лӕмӕгъ кӕны нӕ уырнындзинад ӕмӕ ныл фӕстӕмӕ хӕцы, цӕмӕй цардмӕ фӕразонӕй мауал тындзӕм (Дзуттытӕм 12:1, НТ). Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нын ацы «царды адджындзинӕдтӕ» нӕ уырнындзинад бынтондӕр «бамынӕг кӕндзысты» (Лукайы 8:14).

9. Цы нӕм ис, уымӕй разы кӕй стӕм ӕмӕ монон хӕринагӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ куыд хъахъхъӕны?

9 Нӕ уырнындзинад сӕйраджыдӕр хъахъхъӕд уыдзӕн, ацы дунейы хорзӕхтӕй ӕххӕстӕй куы нӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ нӕ мулк фылдӕр кӕныныл куы нӕ уӕм, фӕлӕ нӕм цы ис, уымӕй разы куы уӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:31; 1 Тимофеймӕ 6:6–8). Уынынӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй куы цӕуӕм, уӕд абоны монон дзӕнӕты цинӕфсӕст уыдзыстӕм. Ӕмӕ нӕ, дзаджджын монон хӕринаг хӕргӕйӕ, «фырцинӕй зарын» нӕ фӕфӕнды? (Исай 65:13, 14). Уымӕй уӕлдай ма нын ӕхсызгон у, Хуыцауы уды дыргъ кӕй удыхъӕды ис, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕрын! (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, Иегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уымӕй разы куы уӕм ӕмӕ дзы не уӕнг куы рог кӕнӕм!

10. Цавӕр фарстытыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?

10 Ахъуыды кӕнын нӕ кӕуыл хъӕуы, уыцы фарстытӕй иуӕй-иутӕ сты: «Мулк мӕ царды кӕцы бынат ахсы? Цы мӕм ис, уый цӕуыл хардз кӕнын – цӕмӕй ӕвӕлмон цард кӕнон, ӕви цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕнон? Мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы цӕуы? Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдты хъуыддӕгты архайын, ӕви улӕфт бонты мӕ чырыстон хӕстыл хъуыды дӕр нӕ кӕнын? Мӕ сабат-хуыцаубонтӕ фылдӕр цӕмӕн рахицӕн кӕнын, хиирхӕфсынӕн ӕви хъусын кӕнын ӕмӕ раст динимӕ баст ӕндӕр хъуыддӕгтӕн?» Уырнындзинадӕй цӕуын уый у, ӕмӕ, нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл дарӕм ӕмӕ ӕппынӕдзух йӕ Паддзахады хъуыддаджы архайӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

Кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый рох кӕнын нӕ хъӕуы

11. Уырнындзинадӕй цӕуын нын куыд ӕххуыс кӕны, кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый ӕмбарынӕн?

11 Уырнындзинадӕй цӕрын нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цардмӕ адӕймаджы цӕстӕй ма кӕсӕм, кӕрон нырма дард у кӕнӕ ӕппындӕр не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Библийы пехуымпарӕдтыл чи не ’ууӕнды, уыдонӕй уӕлдай мах ӕмбарӕм, дунейы цытӕ цӕуы, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы нӕ бонты тыххӕй цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕны (2 Петры 3:3, 4). Зӕгъӕм, адӕмӕн, ӕмткӕй райсгӕйӕ, сӕ зонд ӕмӕ сӕ уагӕй бӕрӕг нӕу, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм? (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Уӕдӕ дунейы хабӕрттӕм уырнындзинады цӕстӕй кӕсгӕйӕ, афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ цард ӕнӕуи йӕ цыды кой кӕны. Уыдонӕй бӕлвырд кӕны, «[Чырысти] адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй [ис] ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд», уый нысан (Матфейы 24:1–14).

12. Лукайы 21:20, 21 фыст Йесойы ныхӕстӕ фыццаг ӕнусы куыд сӕххӕст сты?

12 Ӕркӕсӕм, н. э. I ӕнусы чи ӕрцыд, ӕмӕ абоны бонтӕм дӕр ахӕссӕн кӕй ис, иу ахӕм хабармӕ. Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Куы фенат Иерусалимы алыварс ӕфсӕдтӕ, уӕд зонут йӕ гӕныстон кӕнын афон кӕй ӕрбахӕстӕг: уӕд Иудейы уӕвджытӕ лидзӕнт хӕхтӕм; ӕмӕ сахары чи ис, рацу уырдыгӕй» (Лукайы 21:20, 21). Ацы пехуымпарад сӕххӕст н. э. 66 азы, Цестий Галл Ромы ӕфсадимӕ Иерусалимыл куы ӕрхъула кодта, уӕд. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕстӕмӕ аздӕхтысты. Чырыстӕттӕн уый уыд нысан дӕр ӕмӕ фадат дӕр хӕхтӕм алидзынӕн. Н. э. 70 азы Ромы ӕфсад фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт, Иерусалиммӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ кувӕндон ныппырх кодта. Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй дзуттӕгтӕй миллионӕй фылдӕр фӕмард, ӕмӕ 97 мин адӕймаджы та акодтой уацары. Хуыцауы тӕрхон сӕххӕст – иудейты цардӕвӕрдӕн кӕрон ӕрцыд. Уырнындзинадӕй чи цард ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхстмӕ чи байхъуыста, уыдон бӕллӕхӕй фервӕзтысты.

13, 14. а) Тагъд цы хъуамӕ ’рцӕуа? ӕ) Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ цӕттӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

13 Абон дӕр уавӕр афтӕ у. Иугонд Нациты кӕцыдӕр хӕйттӕ ӕххӕст кӕндзысты Хуыцауы тӕрхон. Фыццаг ӕнусы Ромы ӕфсад Pax Romana (ома Ромы сабырдзинад) хъахъхъӕнынӕн куыд уыд, афтӕ абон та сабырдзинадхӕссӕг фӕрӕз у Иугонд Нациты Организаци. Ӕмӕ кӕд Ромы ӕфсад архайдта, цӕмӕй уӕды дунейы ӕдасдзинад уыдаид, уӕддӕр йӕхӕдӕг Иерусалим ныггӕныстон кодта. Раст афтӕ абон дӕр. Библийы пехуымпарад зӕгъы, зӕгъгӕ, Иугонд Нациты ӕфсӕддон хӕйттӕ бамбардзысты, дин сабырдзинад кӕй халы ӕмӕ кӕрон скӕндзысты нырыккон Иерусалимӕн – чырыстон дунейӕн – ӕмӕ Стыр Вавилоны иннӕ хӕйттӕн (Раргомад 17:12–17). О, мӕнг дины дунеон импери йӕ сӕфты къӕсӕрыл лӕууы.

14 Мӕнг дины сӕфт нысан кӕндзӕн стыр бӕллӕхы райдиан. Стыр бӕллӕхы кӕрон ацы фыддунейӕ фӕд дӕр нал баззайдзӕн (Матфейы 24:29, 30; Раргомад 16:14, 16). Уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд цӕттӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Мах уыцы зӕрдӕ никуы фӕсайдзӕн, зӕгъгӕ, Хуыцау зӕххыл ӕцӕг сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ӕрӕвӕрынӕн спайда кӕндзӕн адӕймӕгты сконд организацийӕ, зӕгъӕм Иугонд Нацитӕй. Уӕдӕ нӕ цардӕй хъуамӕ бӕрӕг ма уа, «Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг [кӕй] у», уый нӕ фидарӕй кӕй уырны? (Софони 1:14).

Цӕст цы уыны, уымӕй цӕрын – тӕссаг цӕмӕн у?

15. Израилы адӕм кӕд Хуыцауы хорзӕхтӕй хайджын уыдысты, уӕддӕр цавӕр къӕппӕджы бахаудысты?

15 Рагон Израилы цардӕй хорз зыны, адӕймаг, цӕст цы уыны, уымӕй цӕрын куы райдайы, уӕд йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ вӕййы, уый йӕ цӕмӕ ӕркӕны. Израилӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, дӕс ӕфхӕрды Египеты мӕнг хуыцӕутты кӕй фегад кодтой, афтӕ ма Сырх денджызыл диссаджы хуызы дӕр ахызтысты. Фӕлӕ уӕддӕр хивӕнд ми бакодтой, сыгъзӕрин род куы сарӕзтой ӕмӕ йын кувын куы райдыдтой, уӕд. Уыдон стыхстысты ӕмӕ Моисеймӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй бафӕлладысты, уый «нал ӕмӕ нал цыдис хохӕй» (Рацыд 32:1–4). Фӕразондзинад сӕм нӕ разынд, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрфӕндыд, цӕстӕй кӕй уыдтой, ахӕм гуымирыйӕн кувын. Цӕст цы уыны, уымӕй кӕй цардысты, уый тыххӕй фӕхъыг кодтой Иегъовӕйы ӕмӕ сӕ уый фӕстиуӕгӕн «ӕртӕ мины бӕрц» фӕцагъды ис (Рацыд 32:25–29). Куыд зын у, абон дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг куы вӕййы, Иегъовӕйыл сӕ ныфс кӕй нӕ дарынц ӕмӕ, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ йӕ бон сӕххӕст кӕнын кӕй у, уый сӕ кӕй нӕ уырны!

16. Израилӕгтӕ, цӕстӕй фенӕн цы ис, ӕрмӕстдӕр уый кӕй уыдтой, уый сыл куыд ӕндӕвта?

16 Израилӕгтӕ, цӕстӕй фенӕн цӕмӕн уыд, ӕрмӕстдӕр уый уыдтой, ӕмӕ сын уый зиан хаста ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Цӕст цы уыны, уымӕй кӕй царыдсты, уый тыххӕй се знӕгтӕй ӕмризӕджы рызтызты (Нымӕцтӕ 13:28, 32; Дыккаг закъон 1:28). Зын сын уыд, Моисейӕн Хуыцауӕй цы бартӕ лӕвӕрд уыд, уыдоныл разы кӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъаст кодтой сӕ цардӕй. Уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй Зӕрдӕвӕрд зӕххы бӕсты равзӕрстой, хӕйрӕджыты къухы цы Египет уыд, уый (Нымӕцтӕ 14:1–4; Псалом 105:24). Куыд зын хъуамӕ уыдаид Иегъовӕйӕн, йӕ адӕм се ’нӕуынгӕ Паддзахӕн ӕппындӕр кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уый!

17. Самуилы бонты израилӕгтӕ Иегъовӕйы разамындмӕ цӕуылнӕ уал хъуыстой?

17 Пехуымпар Самуилы бонты та Израил, Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм, ногӕй бахаудысты, цӕст цы уыны, уымӕй цӕрыны къӕппӕджы. Адӕмы ӕрфӕндыд, цӕмӕй сын уыдаид, уынӕн кӕй ис, ахӕм паддзах. Ӕмӕ сын кӕд Иегъовӕ ӕвдыста, сӕ Паддзах уый кӕй у, уӕддӕр сын уый уырнындзинадӕй цӕрынӕн фаг нӕ уыд (1 Паддзахӕдты 8:4–9). Се ’намондӕн Иегъовӕйы ӕххӕст разамындмӕ нал хъуыстой ӕмӕ сӕ алыварсцӕрӕг адӕмы хуызӕн систы (1 Паддзахӕдты 8:19, 20).

18. Цӕст цы уыны, уымӕй цӕрын тӕссаг кӕй у, уымӕй нӕхицӕн зондӕн цы райстам?

18 Абон мах лӕггад кӕнӕм Иегъовӕйӕн, ӕмӕ нӕм хорз зӕрдӕ кӕй дары, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Фӕнды нӕ рагзаманты хабӕрттӕ зонын ӕмӕ дзы нӕхицӕн зонд исын (Ромӕгтӕм 15:4). Израилӕгтӕ, цӕст цы уыны, уымӕй куы цардысты, уӕд ферох кодтой, Моисейы уылты сӕ Хуыцау кӕй кодта. Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд махӕй дӕр айрох уыдзӕн, Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Стырдӕр Моисей – Йесо Чырысти – абон чырыстон ӕмбырды разамонджытӕ кӕй сты (Раргомад 1:12–16). Хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм Иегъовӕйӕн зӕххыл цы организаци ис, уымӕ адӕймаджы цӕстӕй кӕсынӕй. Кӕннод нӕ зӕрдӕмӕ ницыуал цӕудзӕн ӕмӕ Иегъовӕйы лӕвӕрттӕн, афтӕ ма «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» монон хӕринагӕн дӕр, аргъ нал кӕндзыстӕм (Матфейы 24:45).

Фидарӕй сфӕнд кӕн уырнындзинадӕй цӕрын

19, 20. Фидарӕй цы сфӕнд кодтай аразын ӕмӕ цӕмӕн?

19 «Нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар ӕлдӕрдты ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдхӕссӕг удты ныхмӕ»,– дзуры Библи (Ефесӕгтӕм 6:12, НТ). Нӕ цыфыддӕр знаг у Сайтан Хӕйрӕг. Иегъовӕйыл мауал ӕууӕндӕм – ӕндӕр ӕй ницы хъӕуы. Уый ӕппӕт дӕр аразы, цӕмӕй нӕ фӕндон аивӕм ӕмӕ Хуыцауӕн мауал лӕггад кӕнӕм (1 Петры 5:8). Сайтаны дунейы цӕстӕй фенӕн цӕмӕн ис, уый нӕ цӕмӕй ма фӕсайа, уый тыххӕй нӕ цы бахъахъхъӕндзӕн? Цӕст цы уыны, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй куы цӕрӕм! Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ сыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд нӕ уый бахъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй уырнындзинады ма баййафӕм «наусӕфт» (1 Тимофеймӕ 1:19). Уӕдӕ, Иегъовӕйы хорзӕхтыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕмӕ, цыфӕнды ма уа, уӕд дӕр цӕрӕм уырнындзинадӕй. Цӕй, ӕмӕ ӕдзухдӕр кувӕм, цӕмӕй аирвӕзӕм, тагъд цы бӕллӕхтӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонӕй (Лукайы 21:36).

20 Цӕст цы уыны, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй куыд цӕрын хъӕуы, уымӕн нын ис, хуыздӕр зӕгъӕн кӕмӕй нӕй, ахӕм Дӕнцӕг. «Чырысти... хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд, ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл»,– дзырдӕуы Библийы (1 Петры 2:21, НТ). Иннӕ статьяйы ӕрдзурдзыстӕм, нӕ бон куыд у, уый куыд кодта, афтӕ кӕнын.

Бахъуыды кодтай?

• Цӕст цы уыны, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй цӕрын куыд хъӕуы, уый тыххӕй Моисей ӕмӕ Исавы цӕвиттонтӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

• Мулкуарзыны къӕппӕгӕй нӕ бон куыд у нӕхи хизын?

• Уырнындзинадӕй цӕрын нӕ куыд хизы, кӕрон нырма дард у, зӕгъгӕ, ахӕм цӕстӕнгасӕй?

• Цӕст цы уыны, уымӕй цӕрын тӕссаг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Моисей цард уырнындзинадӕй.

[Ныв 15 фарсыл]

Фӕллад уадзын дӕ Хуыцауы хъуыддӕгты архайынӕй арӕх ныкъкъуылымпы кӕны?

[Ныв 16 фарсыл]

Хуыцауы Ныхасмӕ кӕй хъусыс, уый дӕ куыд хъахъхъӕны?