Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Дыккаг паралипоменоны чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Дыккаг паралипоменоны чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

БИБЛИЙЫ дыккаг паралипоменоны чиныг райдайы, Соломон ӕгас Израилы паддзах кӕй у, уымӕй. Чиныг фӕуд кӕны, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы иудейтӕн персайнаг паддзах Кир цы загъта, уыцы ныхӕстӕй: «[Иегъовӕ] мын йӕхӕдӕг бахӕс кодта, цӕмӕй йын хӕдзар саразон Иерусалимы, Иудейы чи ис, уым. Сымахӕй, йӕ адӕмӕй, ам чидӕриддӕр ис, уымӕн Иегъовӕ, йӕ Хуыцау, уӕд йемӕ. Уӕдӕ ссӕут [Иерусалиммӕ]» (2 Паралипоменон 36:23). Ездрӕ ацы чиныг фыст фӕци н. э. агъоммӕ 460 азы. Дзырд дзы цӕуы, 500 азы дӕргъы цы цаутӕ цыд, уыдоныл – н. э. агъоммӕ 1037–537 азы онг.

Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ иудейтӕн фадат ис фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхынӕн ӕмӕ Иегъовӕйӕн кувыны хъуыддаг ногӕй йӕ къахыл слӕууын кӕнынӕн. Фӕлӕ вавилойнӕгтӕм бирӕ азты дӕргъы уацары кӕй уыдысты, уый сыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы адӕм сӕ фыдӕлты царды хабӕрттӕ хорз нӕ зонынц. Дыккаг паралипоменоны чиныджы сын ирдӕй фыстӕуы, Давиды мыггаджы паддзӕхты рӕстӕджы цытӕ цыд, уый. Уыцы хабӕрттӕ махӕн дӕр цымыдисаг сты, уымӕн ӕмӕ дзы дзырд цӕуы, ӕцӕг Хуыцауы коммӕ кӕсын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы ӕмӕ ӕгоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ’ркӕны, уый тыххӕй дӕр.

ПАДДЗАХ АРАЗЫ ХӔДЗАР ИЕГЪОВӔЙӔН

(2 Паралипоменон 1:1–9:31)

Иегъовӕ паддзах Соломонӕн дӕтты, зӕрдӕбынӕй дзы цы куры, уый – зонд ӕмӕ ӕмбарындзинад – ӕмӕ ма хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад. Паддзах аразы Иегъовӕйӕн ӕвӕджиауы хӕдзар Иерусалимы. Адӕм «цин кӕнынц ӕмӕ зӕрдӕхъӕлдзӕг сты» (2 Паралипоменон 7:10). Соломон у «зӕххыл цыдӕриддӕр паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй се ’ппӕты хъӕздыгдӕр ӕмӕ зондджындӕр» (2 Паралипоменон 9:22).

Соломон Израилы паддзах уыди 40 азы. Стӕй йӕ фыдӕлтимӕ ӕрӕнцад ӕмӕ йӕ бӕсты хицауиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт Ровоам (2 Паралипоменон 9:31). Соломон раст динӕй кӕй аздӕхт, уый тыххӕй Ездрӕ ницы фыссы. Ӕвзӕрӕй дзы ӕрмӕстдӕр загъта, паддзах Египетӕй бирӕ бӕхтӕ кӕй ӕрбакодта ӕмӕ фараоны чызджы кӕй ракуырдта. Уӕдӕ Ездрӕ цаутӕ афтӕ фыссы, цӕмӕй иннӕтӕн ныфсы хос фӕуой.

Фарстытӕн дзуапп:

2:14 – Ам, ӕрмдӕсны кӕй хӕдзарвӕндагӕй у, уый тыххӕй цы фыст ис, уый цӕмӕн хицӕн кӕны, 3 Паддзахӕдты 7:14 цы фыст ис, уымӕй? Ӕртыккаг паддзахӕдты чиныджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ӕрмдӕсныйы мад у «идӕдз ус Неффалимы мыггагӕй», уымӕн ӕмӕ йӕ лӕг уыд ацы мыггагӕй. Йӕхӕдӕг та уыд Даны мыггагӕй. Йӕ лӕг куы амард, уӕд чындзы ацыд иу лӕгмӕ Тирӕй, ӕмӕ сын райгуырд лӕппу, ацы ӕрмдӕсны.

2:18; 8:10 – Ацы стихты дзырдӕуы, кусджыты цӕстдарджытӕ ӕмӕ хистӕртӕ кӕй уыдысты 3 600 ӕмӕ ма 250, фӕлӕ 3 Паддзахӕдты 5:16; 9:23 та сты 3 300 ӕмӕ 550. Ацы нымӕцтӕ цӕмӕн хицӕн кӕнынц? Нымӕцтӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый, куыд зыны, афтӕмӕй баст у, цӕстдарджыты куыд дих кодтой, уыимӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Дыккаг паралипоменоны адӕм дих цӕуынц, израилаг чи нӕ уыд ӕмӕ чи уыд, уыдоныл: 3 600 уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ 250 та израилӕгтӕ. Ӕртыккаг паддзахӕдты адӕм дих цӕуынц 3 300 хистӕрыл ӕмӕ 550 сӕйраг цӕстдарӕгыл. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр цӕстдарджытӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты 3 850 адӕймаджы.

4:2–4 – Згъӕрӕй конд денджыз ӕрӕвӕрынӕн бындур галты хуызӕн цӕмӕн скодтой? Фыстады галтӕ ӕвдисынц тых (Иезекил 1:10; Раргомад 4:6, 7). Бындурӕн галтӕ кӕй равзӕрстой уый раст уыди, уымӕн ӕмӕ 12 згъӕр галы урӕдтой ӕнахуыр стыр «денджыз». Уый ласта 30 тонны бӕрц ӕмӕ дзы бацыдаид иу-66 000 литры дон. Денджыз ӕрӕвӕрынӕн галтӕ кӕй сарӕзтой, уый ӕппындӕр нӕ хӕлдта дыккаг фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, кувынӕн дзуарныв кӕнӕ ӕндӕр исты ма араз (Рацыд 20:4, 5).

4:5 – Згъӕрӕй конд денджызы бӕрцуат цас уыди? Денджызы ӕдӕппӕтӕй цыди ӕртӕ мин баты, кӕнӕ та 66 000 литры дон. Фӕлӕ йын-иу арӕхдӕр байдзаг кодтой йӕ дыууӕ ӕртыккӕгӕм хай. 3 Паддзахӕдты 7:26 дзырдӕуы: «[Денджызы] цыди дыууӕ мин баты [44 000 л.]».

5:4, 5, 10 – Хӕсгӕ кувӕндонӕй Соломоны кувӕндонмӕ цавӕр дзауматӕ бахастой? Соломоны кувӕндонмӕ ӕмбырды цатырӕй бахастой ӕрмӕстдӕр бадзырды чырын. Кувӕндон арӕзт куы фӕци, уӕд бадзырды чырын Гаваонӕй Иерусалиммӕ рахастой ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уым сӕвӕрдтой (2 Паралипоменон 1:3, 4).

Зондзонӕн махӕн:

1:11, 12. Соломоны курдиатӕй Иегъовӕ федта, паддзахы зӕрдӕбынӕй кӕй фӕндыд зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад ссарын. Нӕ куывдтытӕ ӕцӕгдӕр ӕвдисынц, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Хорз уаид, цӕуыл кувӕм, ууыл-иу куы ахъуыды кӕниккам.

6:4. Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕмӕ хорздзинадӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнынмӕ – зӕрдиагӕй ӕмӕ йӕ бузныгзӕрдӕйӕ кадджын кӕнынмӕ.

6:18–21. Кӕд Хуыцау ницавӕр агъуысты бацӕудзӕн, уӕддӕр кувӕндон уыди Иегъовӕйӕн кувыны артдзӕст. Абон та ӕцӕг дины артдзӕсттӕ сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залтӕ.

6:19, 22, 32. Иегъовӕ йӕ адӕмӕй алкӕй куывдмӕ дӕр хъусы – паддзахӕй райдай ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймагӕй фӕу. Уый хъусы, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йӕм цы ӕндӕр бӕстаг кувы, суанг уый дӕр * (Псалом 64:3).

ДАВИДЫ МЫГГАГӔЙ ПАДДЗӔХТӔ ЧИ УЫД

(2 Паралипоменон 10:1–36:23)

Израилы паддзахад дыууӕйыл фӕдих – цӕгат дӕсмыггаг паддзахад ӕмӕ хуссар дыууӕмыггаг Иудӕ ӕмӕ Вениамины паддзахадыл. Ӕгас Израилы дӕр сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ хӕдбардзинад нӕ равзӕрстой, Паддзахады бадзырдыл сӕ зӕрдӕ не сивтой ӕмӕ Соломоны фырт Ровоамы нӕ ныууагътой. Кувӕндон арӕзт куы фӕци, уымӕй 30 азӕй гыццыл фылдӕр йеддӕмӕ нӕма рацыд, афтӕ йын йӕ хӕзнатӕ фӕдавтой.

Ровоамы фӕстӕ цы 19 паддзахы уыд, уыдонӕй фондз сты иузӕрдион, ӕртӕйӕ райдианы сты иузӕрдион, фӕлӕ стӕй Хуыцауыл сӕ зӕрдӕтӕ ивынц, ӕмӕ иу та йе ’взӕр фӕндаг уадзы. Иннӕ паддзӕхтӕ та аразынц, Иегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уыдӕттӕ *. Хъусдард тынгдӕр здӕхт цӕуы, Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыцы фондз паддзахы хъуыддӕгтӕм. Езеки кувӕндоны лӕггад кӕныны хъуыддаг фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕууын кодта ӕмӕ Иоси стыр Куадзӕн кӕй скодта, уыцы хабӕрттӕ, Иерусалимы Иегъовӕйӕн кувыны хъуыддаг сӕндидзын кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы иудейтӕн стыр ныфсы хос куыннӕ хъуамӕ уыдаиккой.

Фарстытӕн дзуапп:

13:5 – Цы нысан кӕны «цӕххы бадзырд»? Цӕхх хӕринаг сафын кӕй нӕ уадзы, уымӕ гӕсгӕ амоны ӕнӕивгӕдзинад ӕмӕ фидардзинадмӕ. Уӕдӕ «цӕххы бадзырд» нысан кӕны истӕуыл баныхас кӕнын.

14:2–5; 15:17 – Паддзах Асӕ «бӕрзонд бынӕттӕ» иууылдӕр ныппырх кодта? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ ныппырх кодта, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ӕрмӕст уыцы бӕрзонд бынӕттӕ, фӕлӕ Иегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыдонмӕ нӕ бавнӕлдта. Кӕнӕ та сӕ, гӕнӕн ис, ногӕй самадтой Асӕйы паддзахдзинады фӕстаг азты. Уыцы бӕрзонд бынӕттӕ фехӕлдта йӕ фырт Иосафат. Фӕлӕ бӕрзонд бынӕттӕ суанг Иосафаты рӕстӕджы дӕр кӕронмӕ пырх не ’рцыдысты (2 Паралипоменон 17:5, 6; 20:31–33).

15:9; 34:6 – Израилы паддзахад куы фӕдих, уӕд Симеоны мыггаджы хабар куыд рауад? Симеоны мыггаг бынӕн зӕххытӕ Иудӕйы алы рӕтты кӕй райста, уымӕ гӕсгӕ территоримӕ гӕсгӕ хаудта Иудӕ ӕмӕ Вениамины паддзахадмӕ (Йесо Навин 19:1). Фӕлӕ йӕ дины ӕмӕ йӕ политикон хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ хӕцыд цӕгат паддзахады фарс. Симеоны мыггагӕй чидӕртӕ цӕгатмӕ лидзгӕ дӕр акодтой (1 Паралипоменон 4:42, 43). Уӕдӕ Симеоны мыггаг нымад цыд дӕсмыггаг паддзахадимӕ.

16:13, 14 – Асӕйы судзгӕ бакодтой? Нӕ, цы стыр мардӕвӕрӕн арт скодтой, уый Асӕйы басудзынӕн не скодтой, фӕлӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ басудзынӕн. (Кӕс фиппаинаг «Ног Дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»-йы, англ.)

35:3– Иоси уаз бадзырды чырын кувӕндонмӕ кӕцӕй ӕрхаста? Библийы ницы дзырдӕуы, бадзырды чырын кувӕндонӕй уый размӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕй исчи ахаста ӕви йӕ Иоси йӕхӕдӕг ахӕссын кодта, цалынмӕ дзы стыр цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кодтой, уӕдмӕ. Соломоны бонты фӕстӕ ма бадзырды чырыны кой цӕуы ӕрмӕстдӕр иу хатт – Иоси йӕ кувӕндонмӕ куы бахаста.

Зондзонӕн махӕн:

13:13–18; 14:11, 12; 32:9–23. Цӕй хорз зонд дзы ис райсӕн, Иегъовӕйы зонын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы!

16:1–5, 7; 18:1–3, 28–32; 21:4–6; 22:10–12; 28:16–22. Ӕндӕр бӕстӕгтимӕ ӕмӕ ӕнӕуырнӕгтимӕ цӕдистӕ аразын ӕркӕны кӕуинаг фӕстиуджытӕм. Мах, гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, хъуамӕ дунейӕ нӕхи хизӕм (Иоанны 17:14; Иаковы 4:4).

16:7–12; 26:16–21; 32:25, 26. Паддзах Асӕ фӕстагмӕ кӕй схъал ис, уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕр митӕ кӕнын райдыдта. Ози фӕмард, йӕхиуыл кӕй фервӕссыд, уый тыххӕй. Езеки вавилойнӕгтӕн кувӕндоны хӕзнатӕ куы равдыста, уӕд ӕнӕрхъуыды ми бакодта, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕхицӕй ныббуц (Исай 39:1–7). Библи фӕдзӕхсы: «Сӕрбӕрзонддзинад кӕны сӕфтмӕ, ӕмӕ стырзӕрдӕдзинад – ӕгадмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:18).

16:9. Иегъовӕ ӕххуыс кӕны, йӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр чи дары, уыдонӕн, ӕмӕ сын сӕ хӕрзӕбонӕн йӕ тых не ’вгъау кӕны.

18:12, 13, 23, 24, 27. Михейау мах дӕр хъуамӕ ныфсджынӕй дзурӕм Иегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй.

19:1–3. Иегъовӕ кӕсы, хорзӕй нӕм цы ис, уымӕ, суанг ӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд дӕр.

20:1–28. Иегъовӕ нӕ кӕй фехъусдзӕн, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, кӕд дзы сӕрныллӕгӕй разамынд курӕм, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 15:29).

20:17. Цӕмӕй «кӕсӕм, Иегъовӕ нӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ», уый тыххӕй хъуамӕ нӕ «бынӕтты слӕууӕм», ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадӕн ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кӕнӕм. Мах хъуамӕ хъуыддӕгтӕ нӕхӕдӕг ма скъуыддзаг кӕнӕм, фӕлӕ «лӕууӕм», ома нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл дарӕм.

24:17–19; 25:14. Иоас ӕмӕ йӕ фырт Амаси бахаудтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувыны къӕппӕджы. Абон, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаджы йӕхимӕ ӕлваса, уӕлдайдӕр ахӕм зын рахатӕн хуызтӕ куы уой, зӕгъӕм, кӕрӕфдзинад кӕнӕ национализм (Колоссӕгтӕм 3:5; Раргомад 13:4).

32:6, 7. Нӕхи Хуыцауы хотыхтӕй сифтонг кӕнгӕйӕ ӕмӕ монон хӕсты хӕцгӕйӕ, мах дӕр хъуамӕ уӕм ныфсджын ӕмӕ фидар (Ефесӕгтӕм 6:11–18).

33:2–9, 12, 13, 15, 16. Адӕймаг ӕцӕгдӕр кӕй фӕсмон кӕны, уый бӕрӕг вӕййы йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзы ӕмӕ куы фӕархайы, раст цы у, уый аразыныл. Адӕймаг суанг паддзах Манасийы хуызӕн фыдгӕнӕг куы уа, фӕлӕ зӕрдӕбынӕй куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕддӕр ын Иегъовӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ ныххатыр кӕна.

34:1–3. Кӕд цыфӕнды ӕвзӕр уавӕрты схъомыл стӕм, уӕддӕр уый цӕлхдур хъуамӕ ма уа, Хуыцауы базонынӕн ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайынӕн. Иосийыл, ӕвӕццӕгӕн, гыццылӕй хорзӕрдӕм бандӕвта йӕ фыдыфыд Манаси, йе ’взӕр хъуыддӕгтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уый. Иосийыл хорзырдӕм чифӕнды кӕнӕ цыфӕнды ма бандӕвтаид, уымӕй рауад хорз адӕймаг. Уӕдӕ нӕ хабар дӕр гӕнӕн ис афтӕ рауайа.

36:15–17. Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕразон. Фӕлӕ ӕдзух нӕ тӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ нӕ фӕраздзӕн. Адӕм хъуамӕ Паддзахады хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой, кӕд сӕ фӕнды фервӕзын, Иегъовӕ ацы фыддуне куы сафа, уӕд.

36:17, 22, 23. Иегъовӕйы ныхас алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы (3 Паддзахӕдты 9:7, 8; Иереми 25:9–11).

Чиныг ӕй сразӕнгард кодта хъуыддӕгтӕм

«Иоси скуынӕг кодта, Израилы фырттӕн цы зӕххытӕ уыд, уым цы цъаммар хъуыддӕгтӕ уыд, уыдон иууылдӕр,– дзырдӕуы 2 Паралипоменоны 34:33,– ӕмӕ Израилы чидӕриддӕр уыд, уыдонӕн загъта, цӕмӕй лӕггад кӕной, лӕггад кӕной сӕ Хуыцау Иегъовӕйӕн». Иосийы афтӕ бакӕнынмӕ цы сразӕнгард кодта? Писыр Шафан паддзах Иосимӕ Иегъовӕйы Закъоны чиныг (кӕй ссардтой, уый) куы радта, уӕд ӕй хъӕрӕй бакӕсын кодта. Цы фехъуыста, уый Иосийы зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ раст динӕн зынгзӕрдӕйӕ ахъаз кодта.

Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ныл, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг бандава. Давиды мыггагӕй паддзӕхты царды хабӕрттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ цымӕ нӕ фӕнды, Иегъовӕйыл сӕ йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыдоны фӕзмын ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ дардта, уыдоны уагахастӕй та хи хизын? Дыккаг паралипоменоны чиныг нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ макуы сивӕм. Йӕ хабар ӕцӕгдӕр у ӕгас ӕмӕ архайӕг (Дзуттытӕм 4:12).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 9 абз. Иегъовӕйӕн кувӕндон снывонд кӕныны фӕдыл цы фарстытӕ сӕвзӕрд ӕмӕ Соломоны куывдӕй зондӕн цы ис райсӕн, уый тыххӕй ӕрмӕг ссарӕн ис 2005 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 19–22 фф.

[Ныв 8 фарсыл]

Зоныс ӕй, згъӕрӕй конд денджыз ӕрӕвӕрынӕн бындурӕн галтӕ цӕмӕн равзӕрстӕуыд?

[Нывтӕ 11 фарсыл]

Иоси кӕд сабийӕ бирӕ ӕххуыс нӕ зыдта, уӕддӕр схъомыл Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй.