Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ды Хуыцауимӕ цӕудзынӕ?

Ды Хуыцауимӕ цӕудзынӕ?

Ды Хуыцауимӕ цӕудзынӕ?

«Дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу» (МИХЕЙ 6:8).

1, 2. Иегъовӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, уый куыд ис абарӕн, йӕ сывӕллоны цӕуын чи ахуыр кӕны, уыцы ныййарӕджы ӕнкъарӕнтимӕ?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн ахӕм ныв: чысыл саби дзойдзойгӕнгӕ лӕууы, йӕ мад та йӕм йӕ къухтӕ дары ӕмӕ дзуры, рауай, рауай, зӕгъгӕ. Сывӕллон дӕр йӕхи йӕ мады ’рдӕм аивӕзта, йӕ къах размӕ уӕззаугомау авӕрдта ӕмӕ йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ акодта. Бирӕтӕм уый диссаг нӕ фӕкӕсдзӕн, фӕлӕ фыд ӕмӕ мадӕн уый вӕййы стыр бӕрӕгбон. Сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц: сӕ цӕстытыл фӕуайы, сӕ хъӕбулы къухыл-иу куыд ныххӕцдзысты ӕмӕ-иу иумӕ куыд фӕцӕйцӕудзысты. Фӕхъуыды кӕнынц, куыд рӕза, афтӕ йын зонды фӕндаг куыд амондзысты, царды йын куыд ӕххуыс кӕндзысты, ууыл.

2 Иегъовӕ Хуыцау дӕр адӕммӕ – йӕ сывӕллӕттӕм – ахӕм зӕрдӕ дары. Иухатт йе ’взӕрст адӕм Израилы, кӕнӕ Ефремы, тыххӕй афтӕ загъта: «Ӕз Ефремы къахӕй цӕуын сахуыр кодтон, мӕ хъӕбысмӕ-иу сӕ систон... Хӕцыдтӕн сыл... уарзондзинады бӕттӕнтӕй» (Оси 11:3, 4). Ацы ран Иегъовӕ йӕхи абарста, йӕ хъӕбулты чи уарзы, ахӕм ныййарӕгимӕ. Уый нӕ сывӕллӕттау фӕразонӕй ахуыр кӕны къахӕй цӕуын, ӕмӕ куы ахауӕм, уӕд та нӕ барӕвдауы, цыма нӕ йӕ хъӕбысмӕ сисы, афтӕ. О, Иегъовӕ у нӕ Фыд, дунейыл уымӕй хуыздӕр фыд нӕй. Ӕмӕ йӕ фӕнды, царды нӕ цы фӕндагыл хъӕуы цӕуын, уый нын амона. Стӕй йын ӕхсызгон у, уыцы фӕндагыл йӕхӕдӕг дӕр немӕ цӕуа, уый. Ацы статья цы стихӕй райдайы, уымӕй бӕрӕг у: нӕ бон у Хуыцауимӕ цӕуын! (Михей 6:8). Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ у, Хуыцауимӕ цӕуӕм, зӕгъгӕ? Цӕмӕн нӕ хъӕуы Хуыцауимӕ цӕуын? Уымӕн гӕнӕн куыд ис? Ӕмӕ Хуыцауимӕ куы цӕуӕм, уӕд цавӕр хорздзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын? Цӕй ӕмӕ ацы цыппар фарсты фӕд-фӕдыл равзарӕм.

Хуыцауимӕ цӕуын – уый куыд ӕмбаргӕ у?

3, 4. а) Адӕймаг Хуыцауимӕ цӕуы, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕсты тыххӕй цы зӕгъӕн ис? ӕ) Чидӕр Хуыцауимӕ кӕй цӕуы, уый куыд ӕмбаргӕ у?

3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Иегъовӕимӕ – ӕнӕуынгӕ Хуыцауимӕ – искуыдӕм ацӕуын (Рацыд 33:20; Иоанны 4:24). Библи кӕмӕйдӕр афтӕ кӕм зӕгъы, Хуыцауимӕ цыди, зӕгъгӕ, уый комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Уый у аив абарст. Ӕмӕ йӕ бамбардзысты цыфӕнды бӕстӕйы дӕр, цыфӕнды адӕм дӕр. Ӕцӕгдӕр, чидӕр кӕимӕдӕр фӕцӕуы, зӕгъгӕ, уый чи нӕ бамбардзӕн? Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уыцы дыууӕ кӕрӕдзийӕн исчи не сты. Уымӕй иу гыццыл бамбарӕн ис, Хуыцауимӕ цӕуын цӕуыл дзурӕг у, уый. Фӕлӕ ма йӕм уӕддӕр хъӕуы бӕлвырддӕр ӕркӕсын.

4 Ахъуыды ма кӕнӕм Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Енох ӕмӕ Нойыл. Уыдоны тыххӕй афтӕ цӕмӕн у фыст, зӕгъгӕ, цыдысты Хуыцауимӕ? (Уӕвынад 5:24; 6:9). Библийы дзырд «цӕуын» арӕх фӕамоны цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын, царды цавӕрдӕр фӕндагыл цӕуын. Енох ӕмӕ Ной сӕ царды цы фӕндаг равзӕрстой, уый уыд Иегъовӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕй хъауджыдӕр, уыдон зонд агуырдтой Иегъовӕйӕ ӕмӕ йын йӕ амындтӕм хъуыстой. Сӕ зӕрдӕ йыл дардтой. Фӕлӕ, мыййаг, Иегъовӕ алцыдӕр сӕ бӕсты скъуыддзаг кодта? Нӕ, уый афтӕ нӕ уыди. Иегъовӕ адӕмӕн радта сӕрибардзинад, сӕрибар хъуыды, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы сӕрибардзинадӕй «ӕмбаргӕйӕ» архайӕм (Ромӕгтӕм 12:1). Ӕрмӕст, исты скъуыддзаг кӕнгӕйӕ, хъуамӕ уыйбӕрц сӕрныллӕг уӕм, ӕмӕ канд нӕхи зондӕй ма архайӕм, фӕлӕ Иегъовӕйы ӕвӕджиауы стыр зондӕй (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Исай 55:8, 9). Афтӕмӕй мах нӕ царды фӕндагыл цӕудзыстӕм Иегъовӕимӕ иумӕ.

5. Йесо адӕймаджы цардыл дзургӕйӕ дзырд «ӕлмӕрин»-ӕй цӕмӕн спайда кодта?

5 Библи арӕх адӕймаджы царды кой кӕнгӕйӕ афтӕ фӕдзуры, цыма фӕндагыл кӕнӕ балцы цӕуы. Кӕмдӕр комкоммӕ фӕзӕгъы афтӕ, кӕмдӕр та – нӕ, фӕлӕ дзы уыцы хъуыды вӕййы. Цӕвиттон, Йесо загъта: «Стӕй уӕ йӕ мӕтӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат [комкоммӕ: иу ӕлмӕрин] бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн?» (Матфейы 6:27, НТ). Йесо адӕймаджы цардыл дзургӕйӕ дзырд «ӕлмӕрин»-ӕй цӕмӕн спайда кодта, кӕд ӕмӕ ӕлмӕринӕй фӕндаг барынц, цард та рӕстӕджы барӕнтӕй баргӕ у? * Ӕвӕццӕгӕн, Йесо цард абарста фӕндагимӕ кӕнӕ балцимӕ. Зӕгъын ӕй фӕндыд, ӕмӕ адӕймаг куы мӕт кӕна, уӕд уымӕй йӕ цардыл ницы бафтдзӕн, уыцы фӕндагыл гыццыл къахдзӕф дӕр размӕ нӕ акӕндзӕн. Уӕдӕ уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ Хуыцауимӕ цас цӕудзыстӕм, уый мах бар нӕу? Нӕ. Гъемӕ нӕ уӕдӕ ныр хъӕуы дыккаг фарст равзарын: цӕмӕн нӕ хъӕуы Хуыцауимӕ цӕуын?

Цӕмӕн нӕ хъӕуы Хуыцауимӕ цӕуын?

6, 7. Ӕнӕххӕст адӕмы иууыл тынгдӕр цы хъӕуы ӕмӕ уыцы ӕххуыс Иегъовӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ курӕм?

6 Иегъовӕ Хуыцауимӕ цӕуын нӕ фыццаджыдӕр цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Иеремийы 10:23: «О, Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты». Уӕдӕ адӕмӕн нӕдӕр сӕ бон у, нӕдӕр сын бар ис, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн фӕндаг амоной. Зӕгъӕн дӕр ын нӕй, куыд тынг нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ исчи раст зондыл араза! Йӕхи зондыл чи цӕуы, Хуыцаумӕ чи нӕ хъусы, уыдоныл Адам ӕмӕ Евӕйы рӕдыд цӕуы. Фыццаг адӕймӕгтӕ сӕхимӕ райстой, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар (Уӕвынад 3:1–6). Афтӕмӕй та нын уыцы бар нӕй – уыцы хъуыддаг махӕй «кӕнгӕ нӕу».

7 Ды та никуы ахъуыды кӕныс, царды мӕ зонд ӕмӕ уынаффӕ куыд тынг хъӕуы, зӕгъгӕ? Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы стыр ӕмӕ гыццыл хъуыддӕгтӕ лыг кӕнын. Ӕмӕ се ’ппӕт афтӕ ӕнцон лыггӕнгӕ нӕ вӕййынц, стӕй арӕх уыдонӕй аразгӕ вӕййы, нӕхи цард дӕр ӕмӕ нӕ бинонты цард дӕр куыд ацӕудзӕн, уый. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн: махӕй бирӕ хистӕр, бирӕ зондджындӕр чи у, уый нын цӕстуарзонӕй дӕтты зонд ӕмӕ разамынд! Хъыгагӕн, абон адӕмӕн сӕ фылдӕр ныфсджын сты сӕхи зондӕй ӕмӕ цӕрынц, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ. Уыдонмӕ нымады дӕр не сты Ӕмбисӕндты 28:26 фыст ныхӕстӕ: «Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уый ӕнӕзонд у, зонды фӕндагыл чи цӕуы, уый та фыдбылызӕй хызт уыдзӕн». Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хызт уӕм алы бӕллӕхтӕй – уыдон та адӕймагмӕ кӕсынц, йӕ мӕнгард зӕрдӕйы фӕдыл куы цӕуа, уӕд (Иереми 17:9). Фӕнды йӕ, цӕмӕй цӕуӕм зонды фӕндагыл ӕмӕ нӕ ныфс ууыл дарӕм – нӕ куырыхон Зондамонӕгыл. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын царды ницӕмӕй уыдзӕн тас, уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс.

8. Тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад адӕмы кӕдӕм кӕнынц, фӕлӕ нын Иегъовӕйы зӕрдӕ та цы зӕгъы?

8 Цӕмӕн ма нӕ хъӕуы Хуыцауимӕ цӕуын? Уый баст у, царды фӕндагыл нӕ цас фӕнды цӕуын, уыимӕ. Хъыгагӕн, ныртӕккӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ кӕрон иу у. Ӕмӕ Библи уый тыххӕй ӕргомӕй дзуры. Адӕймаг йӕ зӕрыбонты цы зындзинӕдтӕ февзары, ууыл дзургӕйӕ, Екклесиаст 12:5 зӕгъы: «Фӕцӕуы адӕймаг йе ’нусон бынатмӕ, ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕ уынджы араст сты». Цы у уыцы «ӕнусон бынат»? Адӕймаджы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад кӕдӕм кӕны, уыцы бынат – ингӕн (Ромӕгтӕм 6:23). Ӕмӕ кӕд нӕ цард афтӕ цыбыр у – райгуыр, иу цасдӕр ацӕр ӕмӕ стӕй амӕл, ӕмӕ кӕд уыцы фӕндаг афтӕ лӕгъз дӕр нӕ вӕййы, уӕддӕр нын Иегъовӕйы зӕрдӕ хуыздӕр цыдӕр зӕгъы (Иов 14:1). Ӕрмӕстдӕр нӕ Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ уыдзӕн уый ныфс, ӕмӕ царды фӕндагыл цӕуӕм, Хуыцауы цас фӕндыд, уыйас – ӕнустӕм. Дӕу дӕр уый нӕ фӕнды? Уӕд дӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы дӕ уӕларвон Фыдимӕ цӕуын.

Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ Хуыцауимӕ цӕуӕм?

9. Иегъовӕ-иу йӕ адӕмӕй цӕмӕн «ӕмбӕхста йӕхи», фӕлӕ нын Исайы 30:20 нӕ зӕрдӕ куыд фидар кӕны?

9 Нӕ фарстытӕй нӕ ӕртыккагыл хъӕуы уӕлдай лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕнын. Уыцы фарст у: куыд ис уымӕн гӕнӕн, ӕмӕ Хуыцауимӕ цӕуӕм? Дзуапп ын ссардзыстӕм Исайы 30:20, 21 стихты: «Де Стыр Зондамонӕг йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй уындзыстут уе Стыр Зондамонӕджы. Рахизырдӕм дӕр куы аздӕхат ӕмӕ галиуырдӕм дӕр, уӕд хъусдзыстут уӕ фӕстӕ дзурӕджы хъӕлӕс: „Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл“». Ацы ныхӕстӕ зӕрдӕ тынг фидар кӕнынц. Фӕлӕ Иегъовӕ 20-ӕм стихы цы загъта, уый, ӕвӕццӕгӕн, йӕ адӕмы зӕрдыл лӕууын кодта, куы нӕуал-иу ӕм хъуыстой, уӕд-иу сӕ Иегъовӕ йӕхи кӕй бамбӕхста, кӕй-иу сӕ нал хъуыста (Исай 1:15; 59:2). Ныр та сӕ Иегъовӕ йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн. Ныр йӕ иузӕрдион адӕмы раз ӕргом лӕудзӕн. Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ цӕстытыл ауайы, ахуыргӕнӕг йӕ ахуыргӕнинӕгты раз куыд лӕууы ӕмӕ сын цыдӕртӕ куыд амоны, уый.

10. Де Стыр Зондамонӕджы хъӕлӕс «дӕ фӕстӕ» куыд хъусыс?

10 21-ӕм стихы та ис фенӕн ӕндӕр ныв: Иегъовӕ йӕ адӕмы фӕстӕ цӕуы ӕмӕ сын амоны раст фӕндаг. Библииртасджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ацы ран уый у, фыййау фысты куыд фӕтӕры, уыимӕ абарст: фыййау дзугӕн хатт йӕ фӕстӕ дӕр фӕцӕуы,– ахъӕр сыл кӕны, афтӕмӕй сын фӕндаг фӕамоны. Уыцы абарст махмӕ куыд ахӕссӕн ис? Библийы Хуыцауы зонд агургӕйӕ мах фӕкӕсӕм миназты размӕ фыст ныхӕстӕ. Ӕмӕ уӕд афтӕ вӕййы, цыма уыцы ныхӕстӕ нӕ фӕстӕ хъусӕм,– раджы фыст кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй. О, фӕлӕ уыцы уынаффӕтӕ абон дӕр ахадынц, уӕд куыд ахадыдтой, афтӕ. Библийы цы зонд ис, уый фӕрцы нӕ бон у не ’рвылбоны хъуыддӕгты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ нӕ цард, нӕ фидӕн раст пълан кӕнын (Псалом 118:105). Фыстады зӕрдӕбынӕй зонд куы фӕагурӕм ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд Иегъовӕ вӕййы нӕ Зондамонӕг, нӕ фӕндагамонӕг. Ӕмӕ афтӕмӕй мах цӕуӕм нӕ Хуыцауимӕ.

11. Иеремийы 6:16 Иегъовӕ йӕ адӕмӕн цы фӕдзӕхста, фӕлӕ йӕм цы цӕстӕй ракастысты?

11 Хуыцауы Ныхасмӕ алы хъуыддаджы дӕр кӕй хъусӕм, уый зӕгъӕн нӕ ис? Хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсиккам. Ӕркӕсӕм, уымӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы стихмӕ: «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ: “Ӕрлӕуут уӕ фӕндӕгтыл, мӕнӕ адӕм, ӕмӕ ӕркӕсут ӕмӕ ӕрфӕрсут рагон фӕндӕгты тыххӕй, зӕгъгӕ, кӕм ис ныр хорз фӕндаг та. Ӕмӕ йыл цӕут, ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн”» (Иереми 6:16). Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ цӕстытыл ауад бӕлццон адӕймаг,– фӕндаг кӕм фӕсаджил, уым куыд ӕрлӕууыд ӕмӕ йӕ рӕзты цӕуджыты фӕндагӕй куыд фӕрсы. Иегъовӕйы хивӕнд адӕмы уырнындзинадыл куы дзурӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдоны дӕр афтӕ бакӕнын хъуыдис. Уыдоны хъуыди сӕ раздӕры фӕндагмӕ, «рагон фӕндагмӕ», раздӕхын. Уыцы «хорз фӕндаг» уыд, сӕ рагфыдӕлтӕ кӕуыл цыдысты ӕмӕ Израилы адӕм та се ’нӕзондӕй кӕмӕй адзӕгъӕл сты, уый. Фӕлӕ, хъыгагӕн, Израил Иегъовӕйы зӕрдӕбын уынаффӕ ӕрдумӕ дӕр не ’рдардта. Уыцы стихы дарддӕр фыст ис: «Фӕлӕ уыдон дзырдтой: “Никуыдӕм ацӕудзыстӕм мах”». Абон Хуыцауы адӕм бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц ахӕм уынаффӕтӕм.

12, 13. а) Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ Иеремийы 6:16 фыст уынаффӕ сӕ зӕрдӕмӕ куыд айстой? ӕ) Цы фӕндагыл цӕуӕм, ууыл куыд у нӕ бон лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын?

12 Нудӕсӕм ӕнусы кӕрон Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой Иеремийы 6:16 фыст ныхӕстӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ архайынц уыдонмӕ гӕсгӕ. Уыдон, фӕстӕмӕ нӕфӕкӕсгӕйӕ, раздӕхтысты «рагон фӕндӕгтӕм». Чырыстон дунейы динтӕй хъауджыдӕр, уыдон ӕнувыдӕй хӕцынц, Йесо Чырысти кӕй радта ӕмӕ н. э. I ӕнусы йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ дӕр кӕуыл хӕцыдысты, уыцы «раст ахуырады хуызӕгыл» (2 Тимофеймӕ 1:13). Абоны онг дӕр сӕрст чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» дӕр ӕххуыс кӕнынц раст ӕмӕ амондджын царды фӕндагыл цӕуынӕн, чырыстон дуне та уыцы фӕндаг ныууагъта (Иоанны 10:16).

13 Ӕууӕнкджын цагъары къорд дӕтты уырнындзинадӕн ахъаз хӕринаг афоныл ӕмӕ милуантӕн ӕххуыс кӕны «рагон фӕндӕгтӕ» ссарынӕн ӕмӕ Хуыцауимӕ цӕуынӕн (Матфейы 24:45–47). Ды дӕр уыцы адӕмы ’хсӕн дӕ? Кӕд о, уӕд дӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ма адзӕгъӕл уай ӕмӕ дӕхи зондыл цӕуын ма райдайай? Хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнис, царды цы фӕндагыл цӕуыс, ууыл. Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ ӕдзухдӕр кӕсыс? Ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕныс ӕмӕ, сӕрстытӕ абон цы зонд ӕмӕ разамынд дӕттынц, уымӕ хъусыс? Кӕд афтӕ кӕныс, уӕд ды ахуыр кӕныс Хуыцауимӕ цӕуыныл. Уынаффӕмӕ сӕрныллӕгӕй куы байхъусыс, уӕд дӕр ды, ӕнӕдызӕрдыгӕй, цӕуыс Хуыцауимӕ йӕ «рагон фӕндӕгтыл».

Цӕуӕм, цыма «Ӕнӕуынгӕйы» уынӕм, афтӕ

14. Иегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд уый нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг куыд уыдзӕн?

14 Цӕмӕй Иегъовӕимӕ цӕуӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, удӕгас Хуыцау кӕй у, уый. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм, рагон Израилы Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ныфс кӕй бавӕрдта, мӕхи уӕ нал ӕмбӕхсдзынӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ абон дӕр йӕ адӕмӕн йӕхи ӕргом кӕны, у сын Стыр Зондамонӕг. Иегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый дӕ афтӕ уырны, ӕмӕ йӕ цыма уыныс, дӕ разы куыд лӕууы ӕмӕ дын зонд куыд амоны? Цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа растдӕр ахӕм уырнындзинад. Моисейӕн дӕр уыд ахӕм уырнындзинад, «уымӕн ӕмӕ Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кодта, афтӕ фидар уыд» (Дзуттытӕм 11:27). Иегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд исты уынаффӕ хӕсгӕйӕ хъуыды кӕндзыстӕм, нӕ уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ. Зӕгъӕм, исты ӕвзӕрдзинад бакӕнӕм ӕмӕ йӕ стӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ нӕ бинонтӕй ӕмбӕхсӕм – ууыл хъуыды дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Иу адӕймаг дӕр нӕ куы нӕ уына, уӕд дӕр цӕудзыстӕм Хуыцауимӕ. Рагон паддзах Давидау, мах дӕр фӕндфидарӕй дзурӕм: «Цӕудзынӕн мӕ зӕрдӕйы ӕнаиппдзинады мӕ хӕдзары астӕу» (Псалом 100:2).

15. Нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, Иегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл тынгдӕр ӕууӕндынӕн?

15 Иегъовӕ ӕмбары, мах ӕнӕххӕст, сыджытӕй конд адӕм кӕй стӕм ӕмӕ нын хатт зын кӕй вӕййы, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, ууыл ӕууӕндын (Псалом 103:14). Ӕмӕ нын цӕстуарзонӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уыцы хъуыддаг ма къуылымпы кӕна. Цӕвиттон, уый зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр ӕрӕмбырд кодта «адӕм Йӕхи номыл» (Куыстытӕ 15:14). Иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый руаджы кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. Иегъовӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ кӕнӕ хотӕй кӕмӕндӕр йӕ лӕмӕгъдзинадыл фӕтых кӕнынӕн куыд баххуыс кодта кӕнӕ йын цавӕрдӕр стыр фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн хъару куыд радта, уый куы фехъусӕм, уӕд тынгдӕр ӕууӕндын райдайӕм, нӕ Хуыцау удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл (1 Петры 5:9).

16. Йесойы тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд нын уый Хуыцауимӕ цӕуынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

16 Иегъовӕйы стырдӕр ӕххуыс та нын у йӕ Фырты дӕнцӕг. Йесо загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг ӕмӕ ӕцӕгад ӕмӕ цард; ничи ӕрцӕуы Фыдмӕ, ӕрмӕст Мӕн сӕрты йеддӕмӕ» (Иоанны 14:6). Цӕмӕй нын Иегъовӕ удӕгас Хуыцау уа, уымӕн хуыздӕр мадзӕлттӕй иу – Йесо зӕххыл куыд цард, уый тыххӕй фылдӕр базонын. Йесойы алы ныхас ӕмӕ хъуыддаджы дӕр айдӕнау зындысты йӕ уӕларвон Фыды миниуджытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ (Иоанны 14:9). Исты хъуыддаг лыг кӕнын-иу нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм: Йесо та куыд бакодтаид? Нӕ уынаффӕтыл арф куы хъуыды кӕнӕм, нӕ ныфс Хуыцауыл куы ӕвӕрӕм, уӕд цӕудзыстӕм Чырыстийы къахвӕдтыл (1 Петры 2:21). Ӕмӕ афтӕмӕй та цӕудзыстӕм Хуыцауимӕ.

Цавӕр хорздзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

17. Иегъовӕйы фӕндагыл цӕугӕйӕ нӕ удтӕн цавӕр «ӕнцой» ссардзыстӕм?

17 Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ мах уыдзыстӕм бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн «хорз фӕндаг» ссарыны тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын ныфс цӕмӕй бавӕрдта: «Цӕут [ыл], ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн» (Иереми 6:16). Цы у уыцы «ӕнцой»? Дӕхи уды дзӕбӕхӕн ӕнӕмӕтӕй цӕрай? Нӕ. Иегъовӕ хорзӕхджын кӕны хуыздӕр цӕмӕйдӕр – дунейы ӕппӕты хъӕздыгдӕр адӕймӕгтӕ дӕр тынг стӕм хатт цы ссарынц, уымӕй. Дӕ удӕн ӕнцой ссарай, уый у, дӕ зӕрдӕйы мидӕг фарн, циндзинад куы уа ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс куы уай. Стӕй ма уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ фидарӕй уырны, царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй равзӕрстай. Ацы тыхст дунейы ахӕм фарн ссарын ӕвӕджиауы хорзӕх у!

18. Цавӕр хорздзинадӕй фӕнды Иегъовӕйы дӕу схайджын кӕнын ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фӕнд цы у?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цард йӕхӕдӕг дӕр стыр хорзӕх у. Ӕппын нӕйы бӕсты цыбыр рӕстӕг ацӕрын дӕр хорз у. Фӕлӕ Иегъовӕйы никуы фӕндыд, цӕмӕй дӕ цард ӕвзонджы рухс бонтӕй райдайа ӕмӕ зӕрыбонты мӕстытӕй фӕуа. Нӕ, уый фӕнды, цӕмӕй иууыл стырдӕр хорздзинадӕй хайджын уай – цӕмӕй йемӕ цӕуай ӕнустӕм! Ӕмӕ уый хорз ӕвдыст у Михейы 4:5: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕуынц сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ,– ӕнустӕм». Фӕнды дӕ, уыцы хорздзинадӕй хайджын уай? Иегъовӕ дӕ цы «ӕцӕг цардмӕ» хоны, уыцы цардӕй цӕрын дӕ фӕнды? (1 Тимофеймӕ 6:19НД). Уӕдӕ уӕд фидарӕй аскъуыддзаг кӕн, цыфӕндыйӕ дӕр Иегъовӕимӕ кӕй цӕудзынӕ – абон дӕр, райсом дӕр ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнустӕм дӕр!

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. 2004 азы уагъд «Ног Фӕдзӕхст»-ы ног тӕлмацы куыд у, афтӕ иуӕй-иу тӕлмацты дзырд «ӕлмӕрин»-ы бӕсты ныффыстой, рӕстӕг кӕмӕй барынц, ахӕм дзырдтӕ. Фӕлӕ дзы грекъаг ӕвзаджы цы дзырд ис, уый бӕлвырдӕй амоны «ӕлмӕрин», ома 45 сантиметры.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Куыд ӕмбаргӕ у, Хуыцауимӕ цӕуӕм, зӕгъгӕ?

• Цӕмӕн дӕ хъӕуы Хуыцауимӕ цӕуын?

• Цы дын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауимӕ цӕуынӕн?

• Хуыцауимӕ чи цӕуы, уыдон цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Библи кӕсгӕйӕ мах хъусӕм, Иегъовӕйы хъӕлӕс нӕ фӕстӕ куыд дзуры: «Мӕнӕ фӕндаг».