Иегъовӕ – нӕ Фыййау
Иегъовӕ – нӕ Фыййау
«Хицау [«Иегъовӕ», НД] – мӕ фыййау; ӕз хъуаг ницӕмӕй уыдзынӕн» (ПСАЛОМ 22:1).
1–3. Давид Иегъовӕйы фыййауимӕ кӕй бары, уый диссаг цӕуылнӕ у?
ИСЧИ дӕ куы бафӕрсид, Иегъовӕ йӕ адӕмыл куыд тыхсы, зӕгъгӕ, уӕд ын цы зӕгъис? Цӕимӕ абарис, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл куыд ӕнувыдӕй ауды, уый? Иу ӕртӕ мин азы размӕ паддзах Давид йӕ псаломтӕй иуы, Иегъовӕйыл дзургӕйӕ, скодта диссаджы абарст – уый баст у, йӕхӕдӕг ӕрыгонӕй цы куыст кодта, уыимӕ.
2 Ӕрыгонӕй Давид цыд фыййау, ӕмӕ зыдта, фыстӕм куыд зилын хъӕуы, уый. Тынг хорз зыдта, фысты сӕхи бар куы ныууадзай, уӕд кӕй адзӕгъӕл уыдзысты ӕмӕ ӕнцонтӕй кӕй фӕуыдзысты абырджыты кӕнӕ хъӕддаг сырдты амӕттаг (1 Паддзахӕдты 17:34–36). Ӕнӕ фыййауӕй хизӕнуат не ссардзысты. Фӕстӕдӕр-иу Давиды цӕстытыл, ай-гъайдӕр, уадис, йӕ фысты-иу куыд кодта, куыд-иу сӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ куыд хызта.
3 Диссаг нӕу, Давиды зӕрдыл фыййауы куыст кӕй ӕрлӕууыд, Иегъовӕ йӕ адӕмыл куыд тыхсы, уый тыххӕй куы фыста, уӕд. 22 псалом Давид райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] – мӕ фыййау; ӕз хъуаг ницӕмӕй уыдзынӕн». Уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы ран уый хорз абарст цӕмӕн у. Ацы псаломӕй ма базондзыстӕм, фыййау йӕ фыстыл куыд тыхсы, Иегъовӕ дӕр йӕ лӕггадгӕнджытыл афтӕ кӕй тыхсы (1 Петры 2:25).
Хорз абарст
4, 5. Библийы фысты тыххӕй цы фыст ис?
4 Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый Библи ӕмбарын кӕны ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр дзырдтӕй, фӕлӕ сӕ ӕппӕты фӕлмӕндӕр у «Фыййау» (Псалом 79:2). Иегъовӕйыл уыцы ном хорз цӕмӕн фидауы, уый бамбарынӕн нӕ хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы зонын: 1) фысты уаг ӕмӕ 2) хорз фыййау цы хъуамӕ куса ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа.
5 Библийы арӕх цӕуы фысты уаджы кой. Уыдон ӕмбарынц фыййауы узӕлд (2 Паддзахӕдты 12:3), сты сабыр (Исай 53:7) ӕмӕ ӕнӕбон (Михей 5:8). Бирӕ азты дӕргъы фыстӕ чи дардта, иу ахӕм фыссӕг зӕгъы: «Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, фысты сӕхи бар ауадз, ӕмӕ хиздзысты. Фӕлӕ уыдонмӕ иннӕ хӕдзарон фосӕй тынгдӕр хъӕуы кӕсын ӕмӕ хорз зилын». Цӕмӕй ма амӕлой, уый тыххӕй уыцы фосы хъӕуы фыййауы ӕххуыс (Иезекил 34:5).
6. Рагзаманты-иу фыййау йӕ бон куыд ӕрвыста, уый тыххӕй иу библион бӕрӕгуаты цы фыст ис?
6 Рагзаманты-иу фыййау йӕ бон куыд арвыста? Иу библион энциклопеди йӕ афтӕ *.
ӕмбарын кӕны: «Сӕумӕрайсомӕй-иу йӕ фысты уӕтӕрӕй ратардта ӕмӕ-иу сӕрвӕтмӕ сӕ разӕй ацыд. Уым-иу ӕнӕхъӕн бон сӕ уӕлхъус фӕци, йӕ хъус-иу дардта, цӕмӕй фыстӕй иу дӕр ма адзӕгъӕл уа. Фӕлӕ-иу дзы уӕддӕр искӕцы куы фесӕфт, уӕд-иу иннӕты ныууагъта ӕмӕ-иу ӕй фӕцагуырдта, цалынмӕ йӕ не ссардтаид ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ не ’рбакодтаид, уӕдмӕ. [...] Ӕхсӕвы-иу дзуг фӕстӕмӕ уӕтӕрмӕ ӕрбатардта ӕмӕ-иу дуарыл лӕдзӕджы бынты куыд цыдысты, афтӕ сӕ нымадта, нӕ дзы фӕхъуыд, зӕгъгӕ. [...] Мӕйдар ӕхсӕвты-иу уӕтӕр хъахъхъӕдта хъӕддаг сырдтӕй ӕмӕ къӕрныхтӕй»7. Фыййау-иу хатт уӕлдай фӕразон ӕмӕ фӕлмӕн цӕмӕн хъуамӕ уыдаид?
7 Уыдис-иу ахӕм рӕстӕг дӕр, ӕмӕ-иу фыййау хъуамӕ уыдаид уӕлдай фӕразон ӕмӕ фӕлмӕн, уӕлдайдӕр та-иу заинаг фыстимӕ ӕмӕ уӕрыччытимӕ куы архайдта, уӕд (Уӕвынад 33:13). Иу библииртасӕн куысты дзырдӕуы: «Фыстӕ арӕх ныззайынц уӕтӕрӕй дард, кӕмдӕр къуылдымыл. Фысӕн цалынмӕ йӕ бон сыстын нӕ вӕййы, уӕдмӕ фыййау йӕ цуры фӕлӕууы, стӕй уӕрыччы сисы ӕмӕ йӕ суанг уӕтӕрмӕ фӕхӕссы. Уӕрыкк цалынмӕ лӕмӕгъ вӕййы, уӕдмӕ йӕ цалдӕр боны фӕхӕссы йӕ хъӕбысы кӕнӕ йӕ дарӕсы счъилты» (Исай 40:10, 11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз фыййау хъуамӕ уа фидар ӕмӕ фӕлмӕн.
8. Давид Иегъовӕйыл йӕ ныфс цӕмӕн дары, уый куыд ӕмбарын кӕны?
8 «Хицау [«Иегъовӕ», НД] – мӕ фыййау». Ацы абарст хорз не ’вдисы, нӕ уӕларвон Фыд цавӕр у, уый? 22 псалом ӕвзаргӕйӕ фендзыстӕм, Хуыцау ныл тыхджын ӕмӕ фӕлмӕн фыййауау кӕй тыхсы. Фыццаг стихӕй зыны, Давиды кӕй ис фидар ныфс, Хуыцау йӕ фысты тыххӕй алцыдӕр кӕй сараздзӕн, цӕмӕй хъуаг мацӕмӕй уой. Иннӕ стихты Давид дзуры, афтӕ цӕмӕн зӕгъы, ӕртӕ ахӕм хъуыддаджы тыххӕй: Иегъовӕ йӕ фысты кӕны фӕндагыл, хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ ӕфсады. Уӕдӕ сыл фӕд-фӕдыл аныхас кӕнӕм.
«Мӕн кӕны»
9. Давиды ныхӕстӕм нӕ цӕстытыл цавӕр бынат ауайы ӕмӕ-иу фыстӕ ахӕм бынат куыд ссардтой?
9 Фыццаг, Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕны йӕ фӕдыл. Давид фыссы: «Уый мӕн хизы хорз хизӕн рӕтты ӕмӕ мӕ ӕнцад дӕттӕм кӕны, фидар кӕны мӕ уды, аразы мӕ [«мӕн кӕны», МГТ] рӕстдзинады фӕндагыл Йӕхи номы тыххӕй» (Псалом 22:2, 3). Дзуг хизы кӕнӕ ривӕд кӕны дзаджджын кӕрдӕджы астӕу – Давиды ныхӕстӕм цӕстытыл ауайы, сабыр ӕмӕ ӕдас кӕм у, ахӕм ран. «Хизӕн рӕттӕй» цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «хорз бынат». Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ-иу фыстӕ сӕхӕдӕг не ссардтой ахӕм «хорз бынат» – уырдӕм сӕ фыййау хъуамӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодтаид.
10. Хуыцау ныл йӕ зӕрдӕ кӕй дары, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
10 Иегъовӕ нӕ абон йӕ фӕдыл куыд кӕны? Йӕхӕдӕг нын фӕзминаг кӕй у, уымӕй. Йӕ Ныхас нын дзуры, «Хуыцауы фӕзмут», зӕгъгӕ (Ефесӕгтӕм 5:1). Ацы стихӕн йӕ разӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы стихтӕ ис, уым ма ныхас цӕуы тӕригъӕд кӕныныл, хатыр кӕныныл ӕмӕ уарзондзинадыл (Ефесӕгтӕм 4:32; 5:2). Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы фӕлмӕн миниуджытӕ Иегъовӕйӕ хуыздӕр ничи ӕвдисы. Уӕдӕ нӕ Иегъовӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы, фӕзмут мӕ, зӕгъгӕ, кӕй зӕгъы? Нӕ. Ацы уынаффӕ ӕвдисы, йӕ зӕрдӕ ныл куыд тынг дары, уый. Ома куыд? Хуыцау мах сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ. Уый та афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ нӕ схайджын кодта рӕсугъд миниуджытӕй ӕмӕ нын радта, чи у, цы фӕндтӕ йӕм ис, уый ӕмбарыны хъомыс (Уӕвынад 1:26). Иегъовӕ йӕ зоны: кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у, уымӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн: нӕ уарзӕгой Хуыцау ныл йӕ зӕрдӕ дары, махӕн дӕр нӕ бон кӕй у, ӕмӕ уый хуызӕн уӕм. Куы йӕ фӕзмӕм, уӕд нӕ, зӕгъӕн ис, хорз бынатмӕ кӕндзӕн. Ацы фыддунейы уыдзыстӕм ӕдас, фарнӕй ӕфсӕст, уымӕн ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, Хуыцауы зӕрдӕ нӕ кӕй райы (Псалом 4:9; 28:11).
11. Иегъовӕ, йӕ фысты йӕ фӕдыл кӕнгӕйӕ, цы нӕ рох кӕны ӕмӕ уый куыд зыны, цы нӕ домы, уымӕй?
11 Иегъовӕ у фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон Фыййау. Фыййау та зоны, фысты бон цас у, ӕмӕ сӕ кӕны, «куыд цӕуынц, афтӕ» (Уӕвынад 33:14). Иегъовӕ дӕр йӕ фысты кӕны, «куыд цӕуынц, афтӕ». Рох дзы не сты нӕ уавӕртӕ, стӕй нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Нӕ къахдзӕфтӕ нын раст кӕны ӕмӕ нӕ бон цас у, уымӕй нӕ фылдӕр нӕ домы. Ӕрмӕст нӕ куры, цӕмӕй алцыдӕр зӕрдиагӕй аразӕм (Колоссӕгтӕм 3:23). Фӕлӕ дыл кӕд азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ раздӕр цас арӕзтай, уыйас ныр дӕ бон нал у, уӕд та? Кӕнӕ дӕ уӕззау низ нӕ уадзы фылдӕр аразын? Уӕлдайдӕр ахӕм уавӕрты стыр удӕнцой сты ацы ныхӕстӕ, алцыдӕр зӕрдиагӕй кӕнут, зӕгъгӕ. Зӕххыл дыууӕ ӕмхуызон адӕймаджы нӕй. Зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын нысан кӕны, дӕ тыхтӕ ӕмӕ дӕ хъарутӕ куыд амонынц, афтӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын кӕд нӕ цыд къуылымпы кӕнынц, уӕддӕр Иегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн (Маркы 12:29, 30).
12. Иегъовӕ йӕ фысты, «куыд цӕуынц, афтӕ» кӕй кӕны, уый Моисейы Закъонӕй куыд зыны?
12 Цӕмӕй бамбарӕм, Иегъовӕ йӕ фысты, «куыд цӕуынц, афтӕ» кӕй кӕны, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Моисейы Закъоны азымы нывонды тыххӕй цы загъд ис, уымӕ. Иегъовӕйы хъуыдысты, зӕрдӕйӕ кӕй хастой, ахӕм хорз нывӕндтӕ. Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг нывӕндтӕ хастой, йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Закъон дзуры: «Кӕд нывондӕн йӕ бон фыс ӕрхӕссын нӕу, уӕд... хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса дыууӕ хъӕддаг бӕлоны кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны». Ӕмӕ йӕ бон нывондӕн ӕрхӕссын дыууӕ бӕлоны дӕр куы нӕ уыдаид, уӕд та? Уӕд та хъуамӕ ӕрбахастаид иу гыццыл «хорз ссад» (Левит 5:7, 11). Уӕдӕ бӕрӕг у, адӕймагмӕ цы уыд, Хуыцау дзы уымӕй фылдӕр кӕй нӕ домдта. Иегъовӕ ивгӕ кӕй нӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ цин кӕнӕм, нӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕй фылдӕр нӕ кӕй нӕ домы. Ӕхсызгонӕй исы, нӕ бон ын раттын цы у, уый (Малахи 3:6). Куыд райы нӕ зӕрдӕ, ахӕм ӕмбаргӕ Фыййау нын кӕй ис!
«Нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй, уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ»
13. Псаломы 22:4 Давид ноджы хъармдӕр ӕнкъарӕнтӕ куыд бавӕрдта ӕмӕ уый диссаг цӕуылнӕ у?
13 Давид дарддӕр ӕмбарын кӕны, йӕ ныфс ма Иегъовӕйыл цӕмӕн дары: Иегъовӕ хъахъхъӕны йӕ фысты. Псаломы кӕсӕм: «Ӕз куы ацӕуон мӕлӕтон аууоны комы дӕр, нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй, уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ; Дӕ паддзахы лӕдзӕг ӕмӕ Дӕ фыййауы лӕдзӕг уыдон – сабыр кӕнынц мӕн» (Псалом 22:4). Давид ныр Иегъовӕйы кой кӕнгӕйӕ «уый» нӕ дзуры, фӕлӕ «ды». Дзуттаг ӕвзаджы уыцы номивӕг ӕвдисы ноджы хъармдӕр ӕнкъарӕнтӕ. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Давид дзуры, Хуыцау ын зындзинӕдты ныхмӕ фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй. Давид фӕцыдис бирӕ тӕссаг «кӕмтты» – уыдон уыдысты, йӕ цард-иу карды комыл ӕвӕрд куы уыд, уыцы рӕстӕджытӕ. Фӕлӕ уый никуы фӕтарст, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, Хуыцау кӕй уыдис йемӕ – уый-иу цӕттӕйӕ дардта йӕ «паддзахы лӕдзӕг» ӕмӕ йӕ «фыййауы лӕдзӕг», цӕмӕй-иу ын баххуыс кодтаид. Иегъовӕ йӕ кӕй хъахъхъӕны, уый Давид зыдта, ӕмӕ йын уый ныфс лӕвӕрдта. Афтӕмӕй та йӕм кодта ӕввахсдӕр *.
14. Иегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй Библи цы дзуры, фӕлӕ уӕддӕр хызт цӕмӕй не стӕм?
14 Абон Иегъовӕ йӕ фысты куыд хъахъхъӕны? Библи нын ныфс дӕтты, иунӕг знагӕн дӕр – фӕнды хӕйрӕджытӕ уӕнт, фӕнды адӕм – никуы бантысдзӕн йӕ фысты зӕххы цъарӕй фесафын. Иегъовӕ уый никуы бауадздзӕн (Исай 54:17; 2 Петры 2:9). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ нӕ Фыййау хъахъхъӕндзӕн алы фыдбылызӕй дӕр. Иннӕ адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыцы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм мах дӕр. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы ӕцӕг чырыстӕтты ныхмӕ куыд цӕуынц, афтӕ цӕуынц мах ныхмӕ дӕр (2 Тимофеймӕ 3:12; Иаковы 1:2). Ахӕм рӕстӕджытӕ вӕййы, раст цыма «мӕлӕтон аууоны комы» фӕцӕуӕм. Зӕгъӕм, нӕ фӕстӕ кӕй зилынц кӕнӕ ныл низ кӕй стыхджын, уый тыххӕй мӕлӕты къахыл лӕууӕм. Кӕнӕ та бирӕ кӕй уарзӕм, уыдонӕй кӕмӕндӕр йӕ цардӕн тӕссаг у кӕнӕ та амард. Ахӕм уӕззау заманты нӕ Фыййау немӕ ис ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны. Куыд?
15, 16. а) Иегъовӕ нын цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты ахизынӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕны? ӕ) Иегъовӕ нын уӕззау рӕстӕджыты куыд ӕххуыс кӕны, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
15 Иегъовӕ нын диссӕгтӕй ныфс не ’вӕры *. Фӕлӕ иу хъуыддагыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын у: Иегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты ахизынӕн дӕр. Йӕ бон нын у раттын зонд, цӕмӕй «алыхуызон фӕлварӕнты» дӕр фидар фӕлӕууӕм (Иаковы 1:2–5). Фыййауы йӕ лӕдзӕг ӕрмӕст тугдзых сырдты сурынӕн нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма йӕ фысты раст фӕндагмӕ здахынӕн дӕр. Иегъовӕ нӕ «здахы», хатт не ’мчырыстӕтты уылты, цӕмӕй пайда кӕнӕм, нӕ уавӕр нын чи фӕива, ахӕм уынаффӕтӕй Библийӕ. Уымӕй уӕлдай ма нын дӕтты тых фӕразынӕн (Филиппӕгтӕм 4:13). Йӕ сыгъдӕг уды уылты нӕ хайджын кӕны «ӕгӕрон тыхӕй» (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НТ). Хуыцауы сыгъдӕг уды руаджы фидар фӕлӕудзыстӕм, Сайтан нын цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны, уыдоны (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Уӕдӕ нын стыр ныфсы хос куыннӕ у, Иегъовӕ нын баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у, уый?
16 О, цавӕрфӕнды тӕссаг «комы» ма уӕм – иунӕгӕй дзы нӕ цӕуӕм. Нӕ Фыййау немӕ ис ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, фыццаг рӕстмӕ кӕй нӕ февзарӕм, уыцы фӕндӕгтыл. Ӕркӕсӕм ма, йӕ сӕры магъзы рак кӕмӕн ссардтой, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы хабармӕ. «Цы йӕ сусӕг кӕнон, фыццаг хъуыды кодтон: ӕвӕццӕгӕн мӕм Иегъовӕ истӕуыл мӕсты у, науӕд та мӕ нал уарзы. Фӕлӕ уӕддӕр мӕхицӕн загътон, Иегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзынӕн. Дзырдтон-иу ын мӕ сагъӕстӕ, мӕ уды хъуырдухӕнты тыххӕй, ӕмӕ-иу мын баххуыс кодта. Арӕх мын-иу ныфсытӕ ӕвӕрдта не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты уылты. Бирӕтӕ дзы сӕ низтимӕ куыд тох кӕнынц, уый мын-иу радзырдтой, ӕмӕ мын-иу фенцондӕр ис. Ӕмӕ бамбӕрстон, иунӕг ӕз кӕй нӕ дӕн ахӕм уавӕры. Кӕй мын ӕххуыс кодтой ӕмӕ мӕм сӕ хъус кӕй дардтой, уый фӕрцы мӕ ногӕй бауырныдта, Иегъовӕ мӕм мӕсты кӕй нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дарддӕр дӕр мӕ хъӕуы мӕ низимӕ тох кӕнын, ӕмӕ йӕ нӕ зонын, мӕ хабар куыд уыдзӕн. Фӕлӕ мӕ фидарӕй уырны: Иегъовӕ ис мемӕ ӕмӕ мын амӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕххуыс кӕндзӕн».
«Ды сцӕттӕ кодтай мӕ размӕ фынгӕвӕрд»
17. Давид Иегъовӕйы кӕимӕ бары Псалом 22:5 ӕмӕ уыцы абарст фыййауы цӕвиттонимӕ хорз цӕмӕн фидауы?
17 Давид ныр дзуры, йӕ Фыййауыл ма йӕ ныфс ноджыдӕр цӕмӕн дары: Иегъовӕ йӕ фысты ӕфсады. Давид фыссы: «Ды сцӕттӕ кодтай мӕ размӕ фынгӕвӕрд ме знӕгтӕм зынгӕ ран, байсӕрстай мӕ сӕр зетийӕ; мӕ къус у тынг дзаг» (Псалом 22:5). Ацы стихы Давид йӕ Фыййауы ӕвдисы рӕдау фысымӕй, парахатӕй хӕринаг ӕмӕ нуӕзт чи дӕтты. Фӕлӕ кӕд Иегъовӕ аудаг фыййау у, уӕд рӕдау фысым нал у? Хорз фыййау ма хъуамӕ зона, кӕм ссарӕн ис дзаджджын сӕрвӕттӕ ӕмӕ фаг дон, цӕмӕй дзуг «хъуаг мацӕмӕй» уа (Псалом 22:1, 2).
18. Иегъовӕ рӕдау фысым кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
18 Уӕдӕ нӕ Фыййау рӕдау фысым у? Ууыл дзырд дӕр нӕй! Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн: нӕ уырнындзинад цас алыхуызон ӕмӕ хӕрзхъӕд «хӕринагӕй» фидар кӕнӕм! Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты нын Иегъовӕ дӕтты пайда литературӕ ӕмӕ нын зонд амоны ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты – цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (Матфейы 24:45–47). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ уырнындзинадӕн ахъаз хӕринагӕй цух не стӕм. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ рауагъта милуангай экземпляртӕй, ӕмӕ абон цӕуынц 413 ӕвзагыл. Иегъовӕ нын цӕттӕ кӕны алыхуызон, уырнындзинадӕн ахъаз хӕринаг, райдай «ӕхсырӕй» – Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй, ӕмӕ фӕу «хъӕбӕр хӕринагӕй» – йӕ арф хъуыдытӕй (Дзуттытӕм 5:11–14). Уымӕ гӕсгӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм кӕнӕ цавӕрдӕр уынаффӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд ссарӕм, цы нӕ фӕхъӕуы, растдӕр уый. Цымӕ ӕнӕ ахӕм хӕринагӕй цы кодтаиккам? Ӕвӕдза, нӕ Фыййауы хуызӕн рӕдау ничи у! (Исай 25:6; 65:13).
«Ӕз уыдзынӕн Хицауы хӕдзары бирӕ бонты»
19, 20. а) Давиды цавӕр ныфс уыд, уый Псалом 22:6 куыд зыны, ӕмӕ мах дӕр ахӕм ныфс кӕд уыдзӕн? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
19 Давид йӕ Фыййау ӕмӕ йӕ Дарӕджы хъуыддӕгтыл куы фӕхъуыды кодта, уӕд фӕстагмӕ загъта: «Афтӕ хорздзинад ӕмӕ хорзӕх мемӕ цӕуӕнт мӕ ӕппӕт царды бонты, ӕмӕ ӕз уыдзынӕн Хицауы хӕдзары бирӕ бонты» (Псалом 22:6). Давиды ныхӕстӕй зыны, Иегъовӕйӕ бузныг кӕй у ӕмӕ йӕм уырнындзинад кӕй ис – бузныг у, йӕ раздӕры цардыл хъуыдыгӕнгӕйӕ ӕмӕ сомбонмӕ та кӕсы уырнындзинадимӕ. Ацы кӕддӕры фыййау ныфсджын у, уымӕн ӕмӕ зоны: цалынмӕ йӕ уӕларвон Фыййауы фарсмӕ уа,– цыма Йӕ хӕдзары цӕры, афтӕ – уӕдмӕ йыл Иегъовӕ ауддзӕн.
20 Куыд бузныг стӕм 22 псаломы рӕсугъд ныхӕсты тыххӕй! Иегъовӕ йӕ фысты йӕ фӕдыл куыд кӕны, куыд сӕ хъахъхъӕны ӕмӕ сӕ куыд ӕфсады, уымӕн Давид ацы абарстӕй хуыздӕр, ӕвӕццӕгӕн, не ссардтаид. Ацы псаломы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ махӕн дӕр ныфс дӕттынц, нӕ бон кӕй у Иегъовӕйы нӕ Фыййауыл нымайын. О, цалынмӕ Иегъовӕйы фарсмӕ уӕм, уӕдмӕ ныл «бирӕ бонты», суанг ӕнустӕм дӕр, уарзӕгой Фыййауау ауддзӕн. Фӕлӕ махыл, йӕ фыстыл, ис хӕс, цӕмӕй не Стыр Фыййау Иегъовӕимӕ цӕуӕм. Уымӕ цы хауы, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 13 абз. Давид Иегъовӕйы кадӕн ныффыста цалдӕр псаломы, тӕссаг уавӕртӕй йӕ кӕй ирвӕзын кодта, уый тыххӕй. Дзырдӕн, кӕс разныхӕстӕ 17, 33, 55, 56, 58 ӕмӕ 62 псаломтӕм.
^ 15 абз. Кӕс 2003 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Хуыцау архайын райдайдзӕн. Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» (уыр.).
Бахъуыды кодтай?
• Давид Иегъовӕйы фыййауимӕ кӕй бары, уый хорз абарст цӕмӕн у?
• Иегъовӕ нӕ ӕмбаргӕ фыййауау куыд кӕны?
• Иегъовӕ нын зындзинӕдтӕ фӕразынӕн куыд ӕххуыс кӕны?
• Иегъовӕ рӕдау фысым кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 24 фарсыл]
Израилы-иу фыййау йӕ фысты куыд кодта, Иегъовӕ дӕр афтӕ кӕны йӕ фысты.