Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Равзар ӕппӕты хуыздӕр ахуырад!

Равзар ӕппӕты хуыздӕр ахуырад!

Равзар ӕппӕты хуыздӕр ахуырад!

БИБЛИ Иегъовӕ Хуыцауы хоны дун-дуне ӕмӕ адӕмы Сфӕлдисӕг (Уӕвынад 1:27; Раргомад 4:11). Стыр Зондамонӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фыццаг къайы, Адам ӕмӕ Евӕйы, бацӕттӕ кодта, Едемы алӕмӕты цӕхӕрадоны цӕрынмӕ. Уый фӕндыд, цӕмӕй сӕ ӕнустӕм ахуыр кодтаид ӕмӕ сын ахъазгӕнӕг уыдаид (Уӕвынад 1:28, 29; 2:15–17; Исай 30:20, 21). Цӕй диссаджы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ каст!

Фӕлӕ, хъыгагӕн, фыццаг къай сӕ фидӕныл сӕ къух систой. Хуыцауы коммӕ цы бон нӕ бакастыты, уыцы бон сӕ фӕстагӕтты, ӕппӕт адӕмы дӕр, сӕфты фӕндагыл сӕвӕрдтой – уыцы бонӕй се ’гъдау ӕмӕ се ’нӕниздзинад цудын райдыдтой (Уӕвынад 3:17–19; Ромӕгтӕм 5:12). Адӕмы сфӕлдисынӕй бирӕ рӕстӕг куы нӕма рацыд, уӕд чи цард, уыдоны тыххӕй Библи зӕгъы: «Иегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты, ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм кӕй уыдысты» (Уӕвынад 6:5).

Иегъовӕ адӕмӕй куы загъта, зӕгъгӕ, сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм сты, уымӕй рацыд 4 500 азы бӕрц, фӕлӕ адӕмӕн сӕ уавӕр абоны хуызӕн ӕвзӕр никуы уыд. Бирӕтӕ ӕнӕфсармӕй сайынц, давынц кӕнӕ адӕмы стигъынц. Цард бонвыддӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ иу иннӕйыл нал хъуыды кӕны. Адӕм фылдӕр хатт кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дарынц, суанг сӕ бинонтӕм дӕр, уый ӕцӕг бӕллӕх нӕу? Фӕлӕ абон зӕххыл уавӕр афтӕ кӕй у, уый Хуыцауы аххосӕй нӕу, стӕй, адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдон дӕр уыны. Иегъовӕ кӕддӕридӕр хъуыды кодта адӕмыл ӕмӕ цӕттӕ у, разамынд дзы чи агуры ӕмӕ амондджынӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдоны ахуыр кӕнынмӕ. Афтӕ кӕй у, уый равдыста, иу-дыууӕ мин азы размӕ йӕ фырт Йесо Чырыстийы зӕхмӕ кӕй рарвыста, уымӕй. Йесо ныууагъта ӕххӕст ахуырады хуызӕг, уымӕн ӕмӕ йын йӕхи ӕнӕнымӕц ӕнусты дӕргъы ахуыр кодта Стыр Зондамонӕг.

Ӕцӕг чырыстон дин ахуырад у

Йесо Чырысти бындур сӕвӕрдта ӕцӕг чырыстон динӕн – уарзондзинадыл арӕзт царды фӕндагӕн. Ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ баст сты Хуыцауы фӕндонимӕ, цӕмӕй йын йӕ ном кадджын кӕной (Матфейы 22:37–39; Дзуттытӕм 10:7). Йесо ацы царды фӕндаг адӕмӕн амыдта йӕ Фыд Иегъовӕйы ӕххуысӕй. Куыд ын ӕххуыс кодта, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Иоанны 8:29: «Мӕ рарвитӕг ис Мемӕ; Фыд нӕ ныууагъта Мӕн иунӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕдзухдӕр Уымӕн фӕндон цы у, уый кӕнын». Ӕцӕгдӕр, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ын йӕ Фыд ӕххуыс кодта ӕмӕ йын разамынд лӕвӕрдта. Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ-иу зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлдысты, уӕд-иу алкӕддӕр зыдтой, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый. Иегъовӕ сӕ йӕ Фырты уылты ахуыр кодта. Йесойы ахуырӕдтӕм кӕй хъуыстой ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ кӕй фӕзмыдтой, уый фӕрцы хуыздӕрырдӕм аивтой. Уый зӕгъӕн ис йӕ абоны ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр. (Кӕс фӕлгӕты «Йесойы ӕмӕ йӕ ахуырӕдты ахадындзинад», 6 ф.)

Ӕцӕг чырыстон дин бӕрӕг уымӕй дары, адӕмы ахуыр кӕй кӕны. Уый адӕмы зонд ӕмӕ зӕрдӕйыл афтӕ ӕндавы, ӕмӕ сын сӕ миддуне ивы (Ефесӕгтӕм 4:23, 24). Ӕркӕсӕм лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уой, уый тыххӕй Йесо цы дзырдта: «Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: „Ма хӕт“. Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чидӕриддӕр кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхӕтыд йемӕ» (Матфейы 5:27, 28, НТ). Ацы ныхӕстӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, сӕ зӕрдӕтӕ сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уой, уый. Стӕй ма ӕнӕраст хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндты рохтыл куы нӕ хӕцой, уӕд сӕ кӕуинаг фӕстиуджытӕм дӕр кӕй ӕркӕндзысты. Ӕвзӕр хъуыдытӕ, Хуыцауы чи фӕхъыг кӕна ӕмӕ иннӕтӕн зиан чи ӕрхӕсса, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй расайынц, ууыл разы нӕ дӕ?

Уымӕ гӕсгӕ Библи дзуры: «Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый» (Ромӕгтӕм 12:2, НТ). Чи зоны дӕм ахӕм фарст сӕвзӕра: «Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн ахуырады фӕрцы йӕ зонд фӕива?» Зонд ивын амоны, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтӕ ис, уыдоны руаджы йӕ алцӕуылдӕр алывӕрсыг хъуыды кӕнын ахуыр кӕнын. Уый къухы уӕд бафтдзӕн, Хуыцау йӕ Ныхасы уылты цы амоны, уый куы кӕнӕм.

Разӕнгард кӕны ивынмӕ

«Хуыцауы дзырд ӕгас ӕмӕ архайӕг» у (Дзуттытӕм 4:12). Уый абоны онг дӕр адӕмыл тынг кӕй ӕндавы, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ базӕронд. Уымӕн йӕ бон у адӕймаджы сразӕнгард кӕнын, цӕмӕй йӕ цард фӕива, ӕцӕг чырыстон дин райса, ӕмӕ фӕхуыздӕр уа. Дӕлдӕр цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй зыны, Библийы ахуырад куыд ахады.

Раззаг статьяйы цы Эмилийы кой цыд, уый зӕгъы: «Нӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн, ӕз мӕхӕдӕг цы арӕзтон, уый фаг нӕ уыд. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕ ныфс бацыд, ӕмӕ мӕ зондахаст ивын райдыдтон. Ӕз сахуыр дӕн фылдӕр быхсын ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын. Фӕстӕдӕр мӕ лӕг дӕр мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Тынг зын ын уыд йӕ нозт ныууадзын, фӕлӕ йӕ уӕддӕр ныууагъта. Уый фӕрцы нӕ бинонты цард ногӕй райдыдтам. Абон мах стӕм амонджын чырыстӕттӕ ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн Библийы диссаджы уагӕвӕрдтӕ уарзын кӕнӕм» (Дыккаг закъон 6:7).

Ӕцӕг чырыстон дин цӕуыл ахуыр кӕны, уый фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ ссӕрибар уа ӕвзӕр миниуджытӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау цардыуагӕй. Мануэл * дӕр ууыл разы у. 13-аздзыдӕй алыгъд хӕдзарӕй ӕмӕ марихуанӕ дымын райдыдта. Фӕстӕдӕр та героинмӕ рахызт. Цӕрӕн бынат ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй хӕтыд нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ. Хатт та-иу царди, адӕмы кӕй стыгъта, уымӕй. Мануэл наркотиктӕ кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ-иу, стӕм хатт йеддӕмӕ, йӕ зонд йӕхимӕ никуы ӕрцыд. Знӕт кӕй уыди, уый тыххӕй-иу ӕй арӕх ахӕстоны бакодтой. Иу хатт дзы фӕци цыппар азы. Уым баиу, хӕцӕнгарз чи уӕй кодта, ахӕмтимӕ. Бинонтӕ скодта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ цард нӕ аивта. Мануэл зӕгъы: «Фӕстагмӕ цардыстӕм иу зӕронд кӕркдоны. Хорз ма йӕ хъуыды кӕнын, мӕ бинойнаг-иу хӕринаг агуыридуртыл куыд кодта. Ахӕм мӕгуыр уавӕрты цардыстӕм, ӕмӕ мӕ хӕстӕджытӕ мӕ усӕн дзырдтой, ныууадз ӕй, зӕгъгӕ».

Йӕ цард цӕй фӕрцы фӕивта? Мануэл зӕгъы: «Нӕ зонгӕтӕй нӕм чидӕр ӕрбацыд ӕмӕ нын Библийы тыххӕй радзырдта. Цӕуа нӕм, ууыл ӕрмӕстдӕр уымӕн сразы дӕн, цӕмӕй йын бамбарын кодтаин, адӕмыл чи ауды, ахӕм Хуыцау кӕй нӕй. Мӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый тыххӕй йын цӕвиттонӕн хастон мӕхи цард. Уыцы Ӕвдисӕн фӕразон ӕмӕ уӕздан кӕй уыд, уый мыл тынг бандӕвта, ӕмӕ сразы дӕн ӕмбырдмӕ Паддзахады залмӕ цӕуыныл. Кӕд, цы уыдтӕн, уый алчидӕр зыдта, уӕддӕр мыл иууылдӕр узӕлыдысты. Ӕмӕ ӕз дӕр мӕхи уыдонӕй нымайын райдыдтон. Уый мын тынг ӕхсызгон уыд ӕмӕ мӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй наркотиктимӕ баст цард ныууадзон ӕмӕ, сайын, давын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм куыст ссарон. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уымӕй цыппар мӕйы рацыд, ӕмӕ мын бар радтой хъусын кӕнынӕн, стӕй цыппар мӕйы фӕстӕ та донаргъуыд райстон».

Ӕцӕг чырыстон дин Мануэл ӕмӕ йӕ бинонтӕн куыд баххуыс кодта? «Библи ахуыр кӕнын куы нӕ райдыдтаин, уӕд афонмӕ амардаин. Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уый нын нӕ бинонты цард халын нӕ бауагъта. Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕз ӕрыгонӕй куыд цардтӕн, мӕ сывӕллӕттӕ дӕр афтӕ цӕрой. Ӕз сӕрыстыр дӕн ӕмӕ стыр бузныг дӕн Иегъовӕйӕ, абон мӕ бинойнагимӕ хъӕрмудӕй кӕй цӕрын, уый тыххӕй. Мӕ раздӕры зонгӕтӕй мын иуӕй-иутӕ фӕарфӕтӕ кодтой ӕмӕ мын загътой, ныр ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл кӕй цӕуын».

Чырыстон царды фӕндагыл хӕрзӕгъдаудзинад ӕмӕ буары сыгъдӕгдзинад ӕмдзу кӕнынц. Джон цӕры Хуссар Африкӕйы иу мӕгуыр ран. Уый йӕхиуыл бавзӕрста ацы ныхӕсты рӕстдзинад ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Нӕ чызг-иу йӕхи къуыригӕйтты дӕр нӕ ныхсадта, ӕмӕ уый ницӕмӕ дардтам». Йӕ ус уыдта, сӕ хӕдзармӕ фырчъизийӕ къах бавӕрӕн кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд хъуыддӕгтӕ фӕивтой. Джон ныууагъта, раздӕр машинӕтӕ кӕимӕ давта, уыдоны, ӕмӕ йӕ бинонтӕм йӕ хъус тынгдӕр дарын райдыдта. «Мах базыдтам, чырыстӕттӕ кӕй хъуамӕ уой сыгъдӕг буарӕй дӕр ӕмӕ дарӕсӕй дӕр. Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы 1 Петры 1:16. Уым дзырдӕуы, цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцау сыгъдӕг у. Ныр нӕ хуымӕтӕг хӕдзар ӕфснайдӕй дарӕм».

Дӕ бон у райсын хуыздӕр ахуырад

Уӕлдӕр кӕй кой цыд, ахӕм хабӕрттӕ бирӕ ӕрцӕуы. Мингай адӕймӕгтӕ Библийӕ базыдтой, сӕ цард куыд фӕхуыздӕр кӕной, уый. Ӕууӕнкджын ӕмӕ куыстуарзаг кӕй сты, уый тыххӕй сын сӕ хицӕуттӕ аргъ кӕнынц. Иннӕты хӕрзӕбоныл кӕй тыхсынц, уымӕ гӕсгӕ систы хорз сыхӕгтӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ. Уыдон се ’взӕр миниуджыты ӕмӕ сӕ буары фӕндты коммӕ нал кӕсынц, фӕлӕ сӕ хъус фылдӕр дарынц се ’нӕниздзинадмӕ, сӕ зондахастмӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы уагмӕ. Кӕд раздӕр сӕ тых, сӕ исбон ӕнӕуаг митыл хардз кодтой, уӕд ныр та – сӕхи ӕмӕ сӕ бинонты пайдайыл (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11; Колоссӕгтӕм 3:18–23). Ӕцӕгдӕр, йӕ хъуыддӕгтӕ Иегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ чи аразы, уыдоны цардӕй зыны, ӕцӕг чырыстон динмӕ гӕсгӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндаг кӕй у ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ахуырад кӕй нӕй. Хуыцауы закъӕттӕн чи аргъ кӕны, уыдоны тыххӕй Библи дзуры: «Ӕппӕт уый цы кӕны, [уый йын] бантысдзӕн» (Псалом 1:3).

Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауы, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕйы кӕй фӕнды, ӕмӕ нӕ ахуыр кӕна. Иегъовӕ йӕхи тыххӕй дзуры: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17). О, Иегъовӕ нын фӕндаг амоны, йӕ Фырт Йесо Чырысти цы цӕвиттон ныууагъта ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый руаджы. Йесойы ахуырӕдтӕ, чи йӕ зыдта, уыдонӕй бирӕты цард фӕивтой. Афтӕ зӕгъӕн ис, абон уыдонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕй дӕр. Хорз нӕ уаид рӕстӕг ссарын ӕмӕ ацы ахуырӕдты тыххӕй фылдӕр базонын? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕм хӕстӕг чи цӕры, уыдон дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты ахӕм ахсджиаг ахуырад райсынӕн.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Нӕмттӕй иуӕй-иутӕ сты ивд.

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

Йесойы ӕмӕ йӕ ахуырӕдты ахадындзинад

Закхей уыд хъалонисджыты хистӕр ӕмӕ схъӕздыг хуымӕтӕг адӕмы стигъгӕйӕ. Фӕлӕ Йесойы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдыдта, уӕд фӕивта (Лукайы 19:1–10).

Савл чырыстӕтты фӕдыл нал зылд, райста чырыстон дин ӕмӕ сси апостол Павел (Куыстытӕ 22:6–21; Филиппӕгтӕм 3:4–9).

Коринфы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты хӕтӕгтӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, хъахбайтӕ, хӕзгултӕ, лӕгдзуантӕ, давджытӕ, гӕртамхортӕ, расыггӕнджытӕ, фыддзурджытӕ, тугмондӕгтӕ. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстон дин куы базыдтой, уӕд ӕхсад, сыгъдӕг ӕмӕ растгонд ӕрцыдысты сӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11).

[Ныв 7 фарсыл]

Библи дын бацамондзӕн фӕндаг амондджын цардмӕ.