Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕм хъусынц хорз хабар

«Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕм хъусынц хорз хабар

«Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕм хъусынц хорз хабар

«Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы... зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (ЗАХАРИ 8:23).

1. Иегъовӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл ахуырадон куыст райдайынӕн цавӕр рӕстӕг ӕмӕ бынат равзӕрста ӕмӕ уыдон иууыл хуыздӕр цӕмӕн уыдысты?

ИЕРУСАЛИМ. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон. Хуыздӕр рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр бынат равзарӕн нӕ уыд. Цалдӕр къуыри раздӕр ардӕм Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ ӕрӕмбырд сты иудейтӕ ӕмӕ, Ромы стыр империйы иу-15 ранӕй, иннӕ адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон. Уыцы бон мингай адӕймӕгтӕ фехъуыстой, хуымӕтӕг адӕм сыгъдӕг уды руаджы хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, империйы цы бирӕ ӕвзӕгтыл дзырдтой, уыдоныл. Хуыцау рагон Вавилоны ӕвзӕгтӕ куы схӕццӕ кодта, уӕд куыд уыд, афтӕ нӕ, фӕлӕ цы хъуыстой, уый ӕмбӕрстой (Куыстытӕ 2:1–12). Растдӕр уӕд равзӕрд чырыстон ӕмбырд ӕмӕ райдыдта, абоны онг дӕр чи цӕуы, уыцы ахуырадон куыст алыхуызон ӕвзӕгтыл.

2. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмы дисы куыд бафтыдтой?

2 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой, уӕды рӕстӕджы ӕппӕтиумӕйаг чи уыд, уыцы грекъаг ӕвзагыл. Уыдон ма дзырдтой рагон дзуттаг ӕвзагыл дӕр, кувӕндоны лӕггад кӕнгӕйӕ кӕмӕй пайда кодтой, ууыл. Фӕлӕ уыцы Фӕндзайӕм боны рӕстӕджы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмы «бафтыдтой дисы», сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл сын кӕй дзырдтой, уымӕй. Ӕмӕ сыл куыд фӕзынд? Адӕмы зӕрдӕмӕ бахъардтой, сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл сын цы ахсджиаг ӕцӕгдзинӕдтӕ радзырдтой, уыдон. Изӕрмӕ ахуыргӕнинӕгты гыццыл къорд сырӕзт, ӕмӕ систы 3 минӕй фылдӕр! (Куыстытӕ 2:37–42).

3, 4. Ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалим, Иудей ӕмӕ Галилейӕ куы алыгъдысты, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ахӕлиу?

3 Уыцы ахсджиаг цауӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ чырыстӕтты Иерусалимы карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой ӕмӕ «чи ахӕлиу, уыдон цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой хорз уацхъуыд» (Куыстытӕ 8:1–4). Зӕгъӕм, Апостолты куыстыты 8 сӕры мах кӕсӕм, хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппы тыххӕй. Уый, ӕвӕццӕгӕн, дзырдта грекъаг ӕвзагыл. Филипп ныхас кодта самариӕгтимӕ. Стӕй ма хъусын кодта, стыр бынат чи ахста, уыцы ефиопаг лӕгӕн дӕр, ӕмӕ уый Чырыстийы тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айста (Куыстытӕ 6:1–5; 8:5–13, 26–40; 21:8, 9).

4 Чырыстӕттӕ Иерусалим, Иудей ӕмӕ Галилейӕ ӕндӕр рӕттӕм алыгъдысты цӕрӕнбынӕттӕ агуырынмӕ ӕмӕ сӕмбӕлдысты алыхуызон адӕмыл. Се ’гъдау ӕмӕ се ’взагӕй кӕй хицӕн кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын зын уыд. Иуӕй-иутӕ сӕ хъусын кодтой ӕрмӕст иудейтӕн. Фӕлӕ ахуыргӕнинаг Лука фыссы: «Иутӕ дзы уыдысты Кипрӕй ӕмӕ Киринейӕгтӕ, кӕцытӕ Антиохимӕ ӕрцӕугӕйӕ дзырдтой Еллинтӕн Хицау Йесойы хорз уацхъуыд» (Куыстытӕ 11:19–21).

Хуыцау никӕй хъулон кӕны – хорз хабар алкӕмӕн дӕр

5. Иегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый хорз хабар хъусын кӕнынӕй куыд зыны?

5 Ахӕм хъуыддӕгтӕ сты Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ; уый цӕсгоммӕ нӕ кӕсы. Иегъовӕ апостол Петрӕн куы баххуыс кодта, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтӕм раст цӕстӕй кастаид, уӕд дзы тынг фӕбузныг ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый. Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Ын адджын у» (Куыстытӕ 10:34, 35, НТ; Псалом 144:9). Апостол Павел, раздӕр чырыстӕтты чи сырдта, уый куы загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ [дӕр] фервӕзой», уӕд ногӕй банысан кодта, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны (1 Тимофеймӕ 2:4). Сфӕлдисӕг цӕсгоммӕ кӕй нӕ кӕсы, уый зыны уымӕй, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады ныфс ис ӕппӕт адӕмтӕн дӕр – нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр, кӕцыфӕнды ӕвзагыл ма дзурой ӕмӕ кӕцыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр.

6, 7. Хорз хабар алы рӕттӕм ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл кӕй парахат кӕндзӕн, уый цавӕр пехуымпарӕдтӕй зыны?

6 Хорз хабар дунейы алы рӕттӕм кӕй анхъӕвздзӕн, уый тыххӕй загъд уыд ӕнустӕ раздӕр. Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Йесойӕн «лӕвӕрд фӕци хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад, ӕмӕ адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иууылдӕр Уымӕн куыстой» (Данелы 7:14). Ацы журнал 151 ӕвзагыл кӕй цӕуы, ӕппӕт дунейыл ӕй кӕй парахат кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы Иегъовӕйы Паддзахады тыххӕй кӕй кӕсыс, уымӕй бӕрӕг у ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны.

7 Библийы загъд уыд, зӕгъгӕ, уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм хъусдзысты царддӕттӕг хабар. Раст дин бирӕты зӕрдӕтӕ куыд агайдзӕн, уый фӕдыл Захари ныффыста: «Уыцы бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты, о, ныххӕцдзысты иудейаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Захари 8:23; Галатӕгтӕм 6:16). Апостол Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уый тыххӕй загъта: «Мӕнӕ, тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, лӕууыд паддзахы бадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз» (Раргомад 7:9). Мах уынӕм ацы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц.

Хъусын кӕнӕм алы адӕмтӕн

8. Абоны царды ахӕмӕй цы ис, цӕмӕй, куыд хъусын кӕнӕм, уыцы хъуыддагмӕ ногӕй ӕркӕсӕм?

8 Абон ӕндӕр рӕттӕм цӕрынмӕ чи алидзы, ахӕм адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Уымӕн ма фӕахъаз, бӕстӕты ’хсӕн бастдзинӕдтӕ кӕй фенгомдӕр сты, ӕмӕ фӕсарӕнтӕм цӕуын кӕй фенцондӕр ис, уый дӕр. Хӕстытӕ кӕм цӕуы ӕмӕ цардамӕлттӕ кӕнын зын кӕм у, уырдыгӕй бирӕтӕ цардагур лидзынц, уавӕртӕ хуыздӕр кӕм сты, уырдӕм. Бирӕ бӕстӕты, ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ лидзӕг адӕм кӕй сбирӕ сты, уымӕ гӕсгӕ дзы фӕзынд ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг къордтӕ. Зӕгъӕм, Финляндийы дзурынц 120 ӕвзагӕй фылдӕрыл; Австралийы та сӕ нымӕц ахызт 200. Иугонд Штатты ӕрмӕст иу горӕты – Сан-Диегойы – дзурынц 100 ӕвзагӕй фылдӕрыл!

9. Кӕм цӕрӕм, уым ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

9 Ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон нын, мыййаг, нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг къуылымпы кӕнынц? Ницы хуызы! Фӕзынд нын хорз уӕрӕх быдыр – кӕрдынмӕ цӕттӕ хуым (Иоанны 4:35). Мах аудӕм, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыцы адӕмыл алы адӕмтӕй дӕр ӕмӕ алы ӕвзӕгтӕй дӕр (Матфейы 5:3). Уымӕ гӕсгӕ азӕй-азмӕ фылдӕр кӕнынц, алы адӕмтӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ чи свӕййы, уыдон (Раргомад 14:6). Зӕгъӕм, 2004 азы августы Германы хъусын кодтой иу-40 ӕвзагыл, Австралийы та ахӕм ӕвзӕгтӕ уыдис 30 бӕрц, кӕд ӕмӕ дзы ӕрмӕст дӕс азы размӕ 18 йеддӕмӕ нӕ уыд. Грецийы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн хорз хабар хӕссынц 20 алыхуызон ӕвзагыл. Абон ӕппӕтиумӕйаг ӕвзаг у англисаг, фӕлӕ йыл Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дзурынц ӕрмӕст 20 проценты.

10. Алы хъусынгӕнӕджы бон дӕр цы у аразын, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕна «ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй» дӕр?

10 Ӕцӕгдӕр, Йесойы фӕдзӕхст, «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», зӕгъгӕ, ӕххӕст кӕны! (Матфейы 28:19, НД). Ацы хӕслӕвӕрд зӕрдиагӕй ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц 235 бӕстӕйы ӕмӕ литературӕ парахат кӕнынц 400 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Иегъовӕйы организаци алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй нӕ бон уа адӕмӕн хъусын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Паддзахады алы хъусынгӕнӕг дӕр хъуамӕ ӕнӕзивӕгӕй Библийы хабар адӕмӕн хӕсса, хуыздӕр цы ӕвзаг ӕмбарынц, ууыл (Иоанны 1:7). Ахӕм ӕмвӕнд-ӕмзонд архайды фӕрцы хорз хабар ахъаз кӕны милуангай адӕмӕн алы ӕвзӕгтӕй (Ромӕгтӕм 10:14, 15). О, алкӕй фыдӕбон дӕр нӕ тынг ахсджиаг у!

Зындзинадыл ӕмбӕлгӕйӕ

11, 12. а) Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, фӕлӕ нын Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны? ӕ) Адӕмӕн сӕ мадӕлон ӕвзагыл хъусын кӕнын куыд ахъаз кӕны?

11 Абон Паддзахады хабар хъусынгӕнджытӕй бирӕты фӕнды ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын, фӕлӕ йӕ уыдон зонынц, Хуыцау сӕ диссаджы хуызы йӕ сыгъдӕг удӕй уыцы курдиатӕй кӕй не схайджын кӕндзӕн (1 Коринфӕгтӕм 13:8). Ног ӕвзаг ахуыр кӕнын гыццыл хъуыддаг нӕу. Ӕндӕр ӕвзаг чи зоны, суанг ма уыдоны дӕр хъӕуы сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъусын кӕныны мадзӕлттӕ афтӕ аивын, цӕмӕй, уыцы ӕвзагыл чи дзуры, фӕлӕ ӕндӕр уавӕрты чи схъомыл ӕмӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст чи у, уыцы адӕм Библийы хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Уымӕй уӕлдай ма ӕрӕджы чи ’рцыд, уыдон арӕх вӕййынц ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ сын сӕ зондахаст бамбарын ӕнцон нӕ вӕййы.

12 Фӕлӕ сыгъдӕг уд ныр дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн хъусын кӕной (Лукайы 11:13). Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ диссаджы хуызы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиатӕй не схайджын кӕны, фӕлӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ фӕнда, не ’взагыл чи нӕ дзуры, уыцы адӕмимӕ ныхас кӕнын (Псалом 142:10). Адӕм хорз цы ӕвзаг нӕ зонынц, ууыл сын Библийы хабар куы хъусын кӕнӕм кӕнӕ сӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ бамбарой. Фӕлӕ сын цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм, уый тыххӕй арӕх хуыздӕр вӕййы дзурын сӕ мадӕлон ӕвзагыл – сӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ, арф хъуыдытӕ, ӕмӕ сын се ’нкъарӕнтӕм чи бавнала, уыцы ӕвзагыл (Лукайы 24:32).

13, 14. а) Иуӕй-иуты цӕмӕн бафӕнды ӕндӕр ӕвзагыл хъусын кӕнын? ӕ) Удуӕлдай зӕрдӕйы уаг цӕмӕй зыны?

13 Паддзахады хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ фӕсарӕйнӕгтӕн фылдӕр хъусын кӕнын райдайынц, куы фенынц, Библийы хабармӕ хорз кӕй хъусынц. Иннӕтӕ та сӕхимӕ уӕлдай хъарутӕ ссарынц, лӕггад кӕнын сын куы фӕзындӕр ӕмӕ куы фӕцымыдисагдӕр вӕййы, уӕд. «Скӕсӕн Европӕйӕ чи ’рцӕуы, уыдонӕн вӕййы ӕцӕгадӕй дойны»,– фыссынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалӕй хуссар Европӕйӕ. Куыд ӕхсызгон у ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын! (Исай 55:1, 2).

14 Фӕлӕ цӕмӕй ацы куысты ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фӕндфидарӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ архайӕм (Псалом 109:3). Зӕгъӕм, Японы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй стыр горӕтты сӕ хорз хӕдзӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ дард рӕттӕм ацыдысты, цӕмӕй Китайӕ ӕрцӕуӕг адӕмӕн Библи ӕмбарын кӕной. Иугонд Штатты ныгуылӕн донгӕрӕтты хъусынгӕнджытӕн фӕндагыл ацӕуы иу кӕнӕ дыууӕ сахаты, цӕмӕй филиппинӕгтимӕ Библи ахуыр кӕной. Норвегийы иу лӕг ӕмӕ ус ахуыр кӕнынц иу бинонтимӕ Афганистанӕй. Ӕвдисӕнтӕм вӕййы брошюрӕ «Хуыцау нӕ цы домы?» * англисаг ӕмӕ норвегиаг ӕвзӕгтыл. Афгайнӕгтӕ та брошюрӕ фӕкӕсынц персайнаг ӕвзагыл – уый ӕввахс у сӕ мадӕлон ӕвзаг даримӕ. Ныхас та кӕнынц англисагау ӕмӕ норвегиагау. Ӕвдисӕнтӕн ахӕм удуӕлдай зӕрдӕйы уаг кӕй ис ӕмӕ адӕмы уавӕртӕ кӕй хынцынц, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцӕуынц, фӕсарӕйнӕгтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ куы айсынц, уӕд *.

15. Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон куыд у алыхуызон ӕвзӕгтыл хъусын кӕнын?

15 Алыхуызон ӕвзӕгтыл хъусын кӕнын дӕ бон у? Хорз уаид сбӕрӕг кӕнын, уӕ территорийы цавӕр фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтыл дзурынц, уый. Стӕй уыцы ӕвзӕгтыл дӕхицӕн райс трактаттӕ кӕнӕ брошюрӕтӕ. 2004 азы чи рацыд, уыцы брошюрӕ, «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр», зӕгъгӕ, хорз ӕххуыс у Хуыцауы Паддзахады ныфсы тыххӕй хъусын кӕнынӕн. Йӕ хуымӕтӕг ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн хабар фыст у бирӕ ӕвзӕгтыл.

«Уарзут ӕрцӕуӕггӕгты»

16. Бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын?

16 Ӕндӕр ӕвзаг зонӕм ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ бон у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй фӕсарӕйнӕгтӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ахуыр кӕной. Иегъовӕ йӕ адӕмы ахуыр кодта, цӕмӕй «уарзой ӕрцӕуӕггӕгты» (Дыккаг закъон 10:18, 19). Зӕгъӕм, Цӕгат Америчы иу стыр горӕты фондз ӕмбырдӕн ис иу Паддзахады зал. Бирӕ залты куыд у, афтӕ ам дӕр алы аз дӕр фембӕлдты рӕстӕг ивд ӕрцӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ китайаг ӕвзагыл фембӕлдтӕ хъуамӕ уыдаиккой хуыцаубоны изӕрӕй. Фӕлӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕй бирӕтӕ ресторанты кусынц, ӕмӕ уӕд сӕ бон ӕмбырдмӕ цӕуын нӕ уыдаид. Иннӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ уавӕры бацыдысты, ӕмӕ афтӕ бакодтой, цӕмӕй китайаг фембӕлдтӕ хуыцаубоны бонӕй уыдаиккой.

17. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг къордӕн ӕххуыс кӕнынмӕ ацӕуын искӕй куы фӕнда, уӕд уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

17 Уарзӕгой цӕстдарджытӕ раппӕлынц, ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг къордӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй се ’мбырдӕй цы фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты фӕфӕнды ацӕуын, уыдонӕй. Ахӕм хорз ахуыргӕнджытӕ ӕмбырдӕй куы ацӕуынц, уӕд ыл уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг фӕзыны. Фӕлӕ цӕстдарджытӕ фӕзмынц, Листрӕ ӕмӕ Иконийы хистӕр нӕлгоймӕгты. Уыдон Тимофейы нӕ баурӕдтой, цӕмӕй Павелимӕ ацыдаид, кӕд сӕхи ӕмбырдты дӕр стыр ӕххуыс уыдис, уӕддӕр (Куыстытӕ 16:1–4). Стӕй ма, хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон нӕ тӕрсынц, фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ сӕ зондахаст, се ’гъдау ӕмӕ сӕ уагӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕй. Уыдон хорз хабары тыххӕй бауарзтой алыхуызон адӕмы ӕмӕ семӕ куыд балымӕн уой, ууыл архайынц (1 Коринфӕгтӕм 9:22, 23).

18. Цавӕр «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар» у гом алкӕмӕндӕр?

18 Пехуымпарады загъд куыд уыд, афтӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕн». Фӕсарӕйнӕгтӕ кӕм цӕрынц, уым нырма бирӕтӕ байхъусдзысты уыцы хабармӕ. Хъусынгӕнджытӕй минтӕ бахызтысты уыцы «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуарыл» (1 Коринфӕгтӕм 16:9). Фӕлӕ иннӕ статьяйӕ фендзыстӕм, ахӕм бынӕтты хъусын кӕнынӕн кӕй хъӕуы ноджы фылдӕр аразын.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 14 абз. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 14 абз. Фылдӕр цӕвиттонтӕ ссарӕн ис, 2004 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статья «Нӕ гыццыл нывӕндтӕ нын ӕрхастой стыр арфӕдзинӕдтӕ», уыр.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Иегъовӕйау нӕ бон куыд у алы адӕмтӕм дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсын?

• Кӕм цӕрӕм, уым нын не ’взагыл чи нӕ дзуры, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

• Адӕмӕн сӕ мадӕлон ӕвзагыл хъусын кӕнын куыд ахъаз кӕны?

• Не ’хсӕн цы фӕсарӕйнӕгтӕ ис, уыдоныл нӕ бон куыд у аудын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ/Ныв 23 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Ром

КРИТ

АЗИ

ФРИГИ

ПАМФИЛИ

ПОНТИ

КАППАДОКИ

МЕСОПОТАМИ

МИДИ

ПАРФИ

ЕЛАМ

АРАВИ

ЛИВИ

ЕГИПЕТ

ИУДЕЙ

Иерусалим

[Дӕттӕ]

Зӕххастӕу денджыз

Сау денджыз

Сырх денджыз

Персы бакӕлӕн

[Ныв]

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Ромы империйы 15 ранӕй адӕм фехъуыстой хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл.

[Нывтӕ 24 фарсыл]

Фӕсарӕйнӕгтӕй бирӕтӕ зӕрдиагӕй хъусынц Библийы хабармӕ.

[Ныв 25 фарсыл]

Паддзахады Залы ном фондз ӕвзагыл фыстӕй.