Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Армагеддон. Амондджын царды райдиан

Армагеддон. Амондджын царды райдиан

Армагеддон. Амондджын царды райдиан

ДЗЫРД «Армагеддон» равзӕрд дзуттаг дзырдӕй «Хар-Магедон», ома «Мегиддойы хох» ӕмӕ ӕмбӕлы Раргомады 16:16 (НТ). Уым кӕсӕм: «Ӕрӕмбырд сӕ кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм». Кӕй ӕрӕмбырд кодтой Армагеддонмӕ ӕмӕ цӕмӕн? Дыууӕ стихы раздӕр, Раргомады 16:14 фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕппӕт дунейы зӕххон паддзӕхты» ӕрӕмбырд кодтой «хӕстмӕ, Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы уыцы стыр бон». Уый фӕдыл ӕвзӕры цымыдисаг фарстытӕ. Кӕм хӕцынц уыцы «паддзӕхтӕ»? Цӕй тыххӕй тох кӕнынц ӕмӕ кӕимӕ? Бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй ядерон хӕцӕнгарзӕй хӕцдзысты? Армагеддоны исчи фервӕздзӕн? Ацы фарстытӕн нын дзуапп ратдзӕн Библи.

«Мегиддойы хох» цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Армагеддоны хӕст Астӕуккаг Скӕсӕны цавӕрдӕр хохыл уыдзӕн? Нӕ. Фыццаджыдӕр, ахӕм хох уӕвгӕ дӕр нӕй – рагон Мегиддо кӕм уыд, уым ис ӕрмӕстдӕр 20 метры бӕрзӕндӕн къуыбыр. Уымӕй уӕлдай, Мегиддойы алыварс уыйбӕрц бынат дӕр нӕй, цӕмӕй дзы «зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ хӕстонтӕ» бацӕуой (Раргомад 19:19). Фӕлӕ Астӕуккаг Скӕсӕны цы стырдӕр ӕмӕ карздӕр хӕстытӕ уыд, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ цыдысты Мегиддойы. Уымӕ гӕсгӕ ацы ном, Армагеддон, хорз фидауы иууыл стырдӕр хӕстыл, ӕмӕ дзы чи фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый бӕлвырд у. (Кӕс фӕлгӕты «Мегиддо – ацы ном ӕй хорз ӕвдисы», 5 ф.)

Армагеддоны ӕнӕуи зӕххон адӕм кӕрӕдзиимӕ нӕ хӕцдзысты, уымӕн ӕмӕ Раргомады 16:14 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «ӕппӕт дунейы зӕххон паддзӕхтӕ» баиу кӕндзысты сӕ тыхтӕ «Ӕппӕтылхӕцӕг, Хуыцауы уыцы стыр бон». Йӕ пехуымпарады Иереми зӕгъы: «Иегъовӕ цы адӕмы ныццӕгъда, уыдоны мӕрдтӕй зӕххы цъарыл къах ӕрӕвӕрӕн нал уыдзӕн» (Иереми 25:33). Уӕдӕ Армагеддон ахӕм хӕст нӕу, адӕм кӕмдӕр Астӕуккаг Скӕсӕны кӕм хӕцдзысты. Уый у Иегъовӕйы хӕст ӕмӕ цӕудзӕн ӕппӕт зӕххыл дӕр.

Фӕлӕ ма дӕ хъус ӕрдар, Раргомады 16:16 Армагеддон кӕй хуындӕуы «бынат». Библийы «бынат» фӕамоны цавӕрдӕр уавӕрмӕ дӕр. Ацы ран та ууыл дзурӕг у, ӕнӕхъӕн дуне дӕр кӕй ӕрбаиу уыдзӕн, цӕмӕй Иегъовӕйы ныхмӕ рацӕуа (Раргомад 12:6, 14). Армагеддоны ӕппӕт дзыллӕтӕ дӕр иумӕ рацӕудзысты, йӕ хӕстон фӕтӕг Йесо Чырысти – «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» – кӕмӕн у, уыцы «уӕларвон ӕфсады» ныхмӕ (Раргомад 19:14, 16).

Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис, ахӕм хъуыдытӕй та, зӕгъгӕ, Армагеддоны ӕппӕтдӕр ядерон хӕцӕнгарзӕй фесӕфдзӕн кӕнӕ зӕхх ӕмӕ исты уӕларвон буар кӕрӕдзи скъуырдзысты? Уарзӕгой Хуыцау бауадздзӕн, цӕмӕй адӕм ӕмӕ сӕ хӕдзар – Зӕхх – ахӕм ӕвирхъау сӕфт фӕкӕной? Нӕ. Уый бӕлвырд дзуры, зӕхх «дзӕгъӕлы... [кӕй] не сфӕлдыста, фӕлӕ йӕ цӕрынӕн... [кӕй] сарӕзта» (Исай 45:18; Псалом 95:10). Хуыцау зӕхх нӕ, фӕлӕ «зӕхх сафджыты» фесафдзӕн (Раргомад 11:18).

Армагеддон кӕд уыдзӕн?

Ацы фарсты фӕдыл ӕнусты дӕргъы адӕммӕ тынг бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ уыд. Раргомады чиныг Библийы иннӕ хӕйттимӕ куы абарӕм, уӕд базондзыстӕм, уыцы хӕст кӕд уыдзӕн, уый. Раргомады 16:15 стихы дзырдӕуы, Армагеддоны рӕстӕджы Йесо хуыснӕгау кӕй ӕрцӕудзӕн. Ацы дзырдӕй ма Йесо дӕр спайда кодта, ацы цардӕвӕрдӕн тӕрхон скӕнынмӕ куыд ӕрцӕудзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ (Матфейы 24:43, 44; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2).

Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уыдонӕй бӕрӕг у, 1914 азӕй фӕстӕмӕ мах кӕй цӕрӕм ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонты *. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг бонты кӕрон уыдзӕн «стыр бӕллӕх». Библийы бӕлвырдӕй ницы фыст ис, уыцы рӕстӕг цас ахӕсдзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕд цытӕ цӕудзӕн, уый хуызӕн бӕллӕхтӕ дуне нырмӕ никуы федта. Стыр бӕллӕх ӕцӕгӕй цы у, уый рабӕрӕг уыдзӕн Армагеддоны (Матфейы 24:21, 29).

Армагеддон «Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы уыцы стыр боны» хӕст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы бон нӕ бауыдзӕн, цӕмӕй йӕ фӕфӕстӕдӕр кӕной. Уыцы хӕст кӕд райдайдзӕн, уымӕн Иегъовӕ «ӕмгъуыд рӕстӕг» скодта. Уый «нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3).

Рӕстаг Хуыцауы рӕстаг хӕст

Фӕлӕ Хуыцау ахӕм стыр хӕст цӕмӕн скӕндзӕн? Армагеддон ӕнгом баст у йӕ сӕйраг миниуджытӕй иуимӕ – йӕ рӕстдзинадимӕ. «Хицау [«Иегъовӕ», НД] уарзы рӕстдзинад»,– дзуры Библи (Псалом 36:28). Адӕм сӕ рафӕлдисынӕй фӕстӕмӕ цыдӕриддӕр ӕвзӕрӕй фӕкодтой ӕмӕ кӕнынц, уыдӕттӕ иууылдӕр уыны. Ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ мӕсты кӕна? Уӕдӕ уый йӕ Фырты сӕвӕрдта, цӕмӕй рӕстаг хӕсты ацы фыддуне ӕгасӕй дӕр фесафа.

Ӕрмӕст Иегъовӕйы хӕст уыдзӕн рӕстаг ӕмӕ ӕрмӕст уыцы хӕсты нӕ фесӕфдзӕн иунӕг рӕстуд адӕймаг дӕр – зӕххы цъарыл кӕмфӕнды ма уа, уӕддӕр (Матфейы 24:40, 41; Раргомад 7:9, 10, 13, 14). Ӕмӕ ӕрмӕст Иегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй хицау уа ӕгас зӕххыл дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхӕдӕг сфӕлдыста (Раргомад 4:11).

Иегъовӕ йе знӕгты ныхмӕ куыд хӕцдзӕн? Мах уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, кӕй йӕм ис ахӕм тыхтӕ, цӕмӕй фыдадӕмы иууылдӕр бындзагъд фӕкӕна (Иов 38:22, 23; Софони 1:15–18). Ӕцӕг, уыцы хӕсты Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты хӕцын нӕ хъӕудзӕн. Раргомады 19 сӕры цы цӕстылуайӕн ис, уымӕ гӕсгӕ дзы хӕцдзысты ӕрмӕст Йесо Чырысти ӕмӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ. Иегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытӕй дзы иу дӕр нӕ архайдзӕн (2 Паралипоменон 20:15, 17).

Зонды Хуыцау фӕдзӕхсы алкӕйдӕр

Ӕмӕ дзы чи фервӕздзӕн? Раст зӕгъгӕйӕ, Армагеддоны иунӕг адӕймаджы дӕр нӕ хъӕуы мӕлын. Апостол Петр загъта, Иегъовӕйы кӕй «нӕ... фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иууылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9). Апостол Павел та загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы «фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:4).

Уый тыххӕй Иегъовӕ йе стыр зондӕй афтӕ сарӕзта, ӕмӕ «Паддзахады Евангели» хъуыстгонд цӕуы алы рӕтты дӕр, сӕдӕгай ӕвзӕгтыл. Алкӕмӕндӕр, кӕмфӕнды ма уа, ис фадат фервӕзынӕн (Матфейы 24:14; Псалом 37:34; Филиппӕгтӕм 2:12). Хорз хабармӕ чи хъусы, уыдон Армагеддоны удӕгасӕй баззайдзысты, алцӕмӕй ӕххӕст суыдзысты ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты (Иезекил 18:23, 32; Софони 2:3; Ромӕгтӕм 10:13). Уӕдӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ Хуыцау ӕгасӕй дӕр уарзондзинад у? (1 Иоанны 4:8).

Уарзондзинады Хуыцау тох кӕнын зоны?

Фӕлӕ бирӕтӕ дис кӕнынц, зӕгъгӕ, ӕгасӕй дӕр уарзондзинад чи у, уыцы Хуыцау адӕмӕн сӕ фылдӕры цӕмӕн ныццӕгъддзӕн. Ам ӕрхӕссӕн ис ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, хӕдзар мыстӕй байдзаг. Куыд хъуамӕ бакӕна, йӕ бинонты ӕнӕниздзинадыл чи тыхсы, ахӕм хӕдзары хицау? Уыцы мыстыты нӕ фесафдзӕн?

Уӕдӕ Иегъовӕ дӕр адӕмы бирӕ уарзы ӕмӕ Армагеддоны хӕст дӕр уый тыххӕй уыдзӕн. Хуыцауы фӕнды зӕххӕй дзӕнӕт скӕнын, цӕмӕй адӕм алцӕмӕй ӕххӕст суой ӕмӕ бирӕ фӕрнӕй бафсӕдой, «ӕмӕ сын тас мацӕмӕй уа» (Михей 4:3, 4; Раргомад 21:4). Ӕмӕ уӕд иннӕты сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын чи нӕ уадзы, уыдон та цы фӕуыдзысты? Рӕстаг адӕмы сӕраппонд Хуыцау хъуамӕ фесафа уыцы «мыстыты» – сраст кӕнӕн кӕмӕн нал ис, уыцы фыдгӕнджыты (2 Фессалоникӕгтӕм 1:8, 9; Раргомад 21:8).

Абоны быцӕутӕ ӕмӕ тугныккӕлдтытӕн сӕ фылдӕр сты ӕнӕххӕст зӕххон хицӕутты аххосӕй, стӕй, алчидӕр йӕ адӕмы иннӕтӕй хуыздӕр кӕй хоны, уый фыдӕй (Екклесиаст 8:9). Сӕ дӕлбар куыд фылдӕр адӕм бакӕной, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ хицауӕдтӕ ӕппындӕр ницӕмӕ дарынц, Хуыцау уӕларвы кӕй ӕрӕвӕрдта, уыцы Паддзахад. Сӕ бартӕ ныууадзой, ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕмӕ Чырыстимӕ радтой, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй (Псалом 2:1–9). Уӕдӕ уыцы хицауӕдтӕ хъуамӕ ӕппӕрст ӕрцӕуой, ӕмӕ Иегъовӕйы Паддзахад, йӕ сӕргъы Чырысти афтӕмӕй, рӕстӕй архайын райдайа (Данелы 2:44). Армагеддоны хӕст уый тыххӕй уыдзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ алыг кӕна иу фарст: чи у ацы зӕххы ӕмӕ адӕмы ӕххӕстбарджын хицау.

Армагеддоны Иегъовӕ архайдзӕн адӕмы хӕрзӕбонӕн. Дунейы уавӕртӕ бонвыддӕр кӕнынц. Уӕдӕ адӕм цӕмӕдӕриддӕр бӕллынц, уый сын ӕрхӕсдзӕн ӕрмӕст Хуыцауы ӕнаипп хицаудзинад. Ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахады фӕрцы уыдзӕн ӕцӕг фарн ӕмӕ хорз цард. Уӕвгӕ ма ахъуыды кӕн, Хуыцау нын нӕ уавӕртӕм ӕнустӕм ӕнцад куы кӕсид, уӕд цард цы хуызӕн уаид? Адӕм зӕххон хицӕутты къухы кӕдӕй сты, уӕдӕй нырмӕ ӕнусты дӕргъы куыд уыд, дарддӕр дӕр афтӕ нӕ уаид: кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон нӕ уаиккой, фыдмийӕ нӕ тӕрсиккой, хӕстыты сӕ туг нӕ кӕлид? Уӕдӕ ма Армагеддоны хӕстӕй хуыздӕр цӕмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?! (Лукайы 18:7, 8; 2 Петры 3:13).

Ӕппӕт хӕстытӕн дӕр кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы хӕст

Армагеддон сараздзӕн, иунӕг хӕстӕн дӕр цы никуы бантыст уый – кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт хӕстытӕн дӕр. Чи нӕ бӕллы уыцы бонмӕ, хӕстӕн йӕ кой дӕр куы нал уа? Фӕлӕ адӕмӕн уый сӕ къухы не ’фты. Ӕмӕ уымӕй бӕлвырд кӕны Иеремийы ныхӕсты рӕстдзинад: «О, Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Иереми 10:23). Иегъовӕ цы сараздзӕн, уый тыххӕй Библи дзуры: «Уромгӕйӕ хӕстытӕ зӕххы кӕронмӕ, ныппырх кодта ӕрдын ӕмӕ джебогъ асаста, уӕрдӕттӕ басыгъта артӕй» (Псалом 45:9, 10).

Адӕмтӕ сӕ мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарзимӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы рацӕуой, ӕмӕ зӕххӕн фесӕфынӕй тӕссаг куы уа, уӕд йе Сфӕлдисӕг тохмӕ рацӕудзӕн – уый уыдзӕн, Библи Армагеддон кӕй хоны, уыцы хӕст! (Раргомад 11:18). Уӕдӕ ацы хӕсты фӕрцы сӕххӕст уыдзӕн, ӕнусты дӕргъы Хуыцауы тас цы адӕммӕ уыдис, уыдон цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый. Армагеддон сбӕлвырд кӕндзӕн, зӕххы Хицау, Иегъовӕ Хуыцауӕн, кӕй ис бар, цӕмӕй хицауиуӕг кӕна, кӕй сфӕлдыста, уыдоныл.

Уӕдӕ рӕстдзинад уарзаг адӕм Армагеддонӕй тӕрсгӕ нӕ кӕнынц – уый сын у ныфсы хос. Армагеддон зӕхх алы ӕнӕуагдзинадӕй ӕмӕ алы фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ фӕндаг ратдзӕн, Хуыцауы Мессиайы Паддзахад разамынд кӕмӕн дӕтдзӕн, уыцы рӕстаг ног цардӕвӕрдӕн (Исай 11:4, 5). Армагеддон дунейы ӕбуалгъ кӕрон нӕу. Уый нысан кӕндзӕн амондджын царды райдиан, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыцы рӕстаг адӕмӕн (Псалом 36:29).

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Кӕс чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад» 11 сӕр, рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Рамкӕ/Ныв 5 фарсыл]

МЕГИДДО – АЦЫ НОМ ӔЙ ХОРЗ ӔВДИСЫ

Рагон Мегиддо уыд тынг хорз бынаты: уырдыгӕй ӕнӕхъӕнӕй дӕр зындис Изреелы хъӕздыг дӕлвӕзы ныгуылӕн хай (цӕгат Израил). Ацы сахары уылты сӕудӕджергӕнӕн ӕмӕ ӕфсӕддон фӕндӕгтӕ кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ уыдысты йӕ къухы. Афтӕмӕй Мегиддо сси, стыр хӕстытӕ-иу кӕм ӕрцыд, ахӕм бынат. Профессор Грэхем Дэйвис йӕ чиныджы фыссы: «Мегиддомӕ алы рӕттӕй цыдысты сӕудӕджергӕнджытӕ ӕмӕ лидзӕг адӕм. Фӕлӕ-иу йӕ тыхы куы уыд, уӕд-иу уыцы фӕндӕгтӕ хъахъхъӕдта, ӕмӕ базары хъуыддӕгтыл ӕмӕ хӕстытыл йӕ бон ӕндавын уыд. Уӕдӕ диссаг нӕу, ацы сахар... бацахсыныл арӕх хӕстытӕ кӕй цыд, ӕмӕ-иу кӕй къухы бафтыд, уый-иу ӕй тынг кӕй хъахъхъӕдта» («Cities of the Biblical World​–Megiddo»).

Мегиддойы дӕргъвӕтин истори райдыдта 3 500 азы размӕ, Египеты фараон Тутмос III ацы ран Ханааны паддзӕхтыл куы фӕуӕлахиз, уӕд. Фӕстаг хатт та дзы, 1918 азы, бритайнаг генерал Эдмунд Алленби ныппырх кодта Турчы ӕфсад. Мегиддойы ма Хуыцау Ханааны паддзах Иавины радта тӕрхонгӕнӕг Варакы къухмӕ (Тӕрхонгӕнджыты 4:12–24; 5:19, 20). Ацы ранмӕ ’ввахс тӕрхонгӕнӕг Гедеон ныццагъта мадианитӕгты (Тӕрхонгӕнджыты 7:1–22). Паддзӕхтӕ Охози ӕмӕ Иоси дӕр сӕ мӕлӕт ссардтой ам (4 Паддзахӕдты 9:27; 23:29, 30).

Армагеддон ацы бынатимӕ кӕй бӕттынц, уый дзӕгъӕлы нӕу, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ стыр хӕстытӕ фӕцыд. Уӕдӕ Хуыцау йе ’ппӕт знӕгтыл дӕр кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый ацы ном – Мегиддо – хорз ӕвдисы.

[Барлӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Алы рӕтты дӕр адӕмы фӕдзӕхсынц ӕмӕ сын фадат дӕттынц Армагеддоны фервӕзынӕн.

[Ныв 7 фарсыл]

Армагеддон нысан кӕндзӕн амондджын царды райдиан.