Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст»

«Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст»

«Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст»

«Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст, ӕмӕ сыл рӕстаг адӕм цӕудзысты» (ОСИ 14:9).

1, 2. Иегъовӕ израилӕгты цавӕр фӕндагыл сӕвӕрдта, фӕлӕ сыл цы ’рцыд?

ИЕГЪОВӔ израилӕгты раст фӕндагыл сӕвӕрдта пехуымпар Моисейы бонты. Фӕлӕ н. э. агъоммӕ VIII ӕнусмӕ уавӕр афтӕ тынг фӕивта, ӕмӕ сӕ Хуыцау аххосджын кодта стыр тӕригъӕды. Уый бӕрӕг у Осийы чиныджы 10–14 сӕртӕй.

2 Израилӕгтӕ цӕстмӕхъус систы. Ацы дӕсмыггаг паддзахады адӕм «бахуым кодтой фыддзинад» ӕмӕ ӕркарстой ӕнӕрӕстдзинад (Оси 10:1, 13). «Израил саби куы уыди, уӕд ӕй ӕз уарзтон,– дзуры Иегъовӕ,– ӕмӕ мӕ фырты Египетӕй ракодтон» (Оси 11:1). Кӕд Хуыцау израилӕгты Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта, уӕддӕр ыл хин ӕмӕ сайдӕй рацыдысты (Оси 11:12). Уымӕ гӕсгӕ сын Иегъовӕ загъта: «Раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, ӕнувыд уарзт ӕмӕ рӕстдзинад ма саф, афтӕмӕй» (Оси 12:6).

3. Мӕнгард Самаримӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст, фӕлӕ израилӕгтӕ хатыргонд кӕд ӕрцыдаиккой?

3 Мӕнгард Самари ӕмӕ йӕ паддзахмӕ ӕнхъӕлмӕ каст ӕвирхъау бӕллӕх (Оси 13:11, 16). Фӕлӕ Осийы пехуымпарады фӕстаг сӕр райдайы ахӕм курдиатӕй: «Раздӕх, Израил, дӕ Хуыцау Иегъовӕмӕ». Израилӕгтӕ куы ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ хатыр куы куырдтаиккой, уӕд сын Хуыцау ныххатыр кодтаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон хъуамӕ зыдтаиккой, «Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ раст кӕй сты» ӕмӕ сыл цыдаиккой (Оси 14:1–6, 9).

4. Осийы пехуымпарадӕй цавӕр уагӕвӕрдтӕм ӕркӕсдзыстӕм?

4 Осийы пехуымпарады ацы хайы ис, Хуыцауимӕ цӕуынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, бирӕ ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Мах ӕрныхас кӕндзыстӕм адоныл: 1) Иегъовӕ домы, цӕмӕй йын ӕнӕ цӕстмӕ митӕй лӕггад кӕнӕм; 2) Хуыцау йӕ адӕмы уарзы ӕнувыд уарзтӕй; 3) кӕддӕриддӕр нӕ нӕ ныфс хъӕуы Иегъовӕйыл дарын; 4) Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст; 5) тӕригъӕдджынтӕн сӕ бон у Иегъовӕмӕ раздӕхын.

Иегъовӕ домы, цӕмӕй йын ӕнӕ цӕстмӕ митӕй лӕггад кӕнӕм

5. Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

5 Иегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, нӕ уаз лӕггад кӕй уыдзӕн сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕ цӕстмӕ митӕй. Фӕлӕ Израил сси, дыргъ чи нал хаста ӕмӕ сӕфын чи райдыдта, ахӕм «сӕнӕфсиры тала». Израилы цӕрджытӕ скодтой бирӕ нывондхӕссӕнтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕн. Ацы динафӕливджытӕ ма суанг цӕджындзтӕ дӕр сӕвӕрдтой – уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты цыртдзӕвӕнтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн табу кӕнынӕн. Фӕлӕ сын Иегъовӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ сӕ цӕджындзтӕ ныппырх кӕндзӕн (Оси 10:1, 2).

6. Цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм, уый тыххӕй нӕхи цавӕр миниуӕгӕй хъуамӕ хизӕм?

6 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм цӕстмӕхъусдзинадӕн йӕ кой дӕр хъуамӕ ма уа. Фӕлӕ израилӕгтыл цы ’рцыд? Уыдон цӕстмӕхъус систы! Кӕд кӕддӕр Иегъовӕимӕ бадзырд скодтой ӕмӕ йе ’взӕрст адӕм уыдысты, уӕддӕр сӕ уыцы хъуыддаджы аххосджын кодта. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцауӕн нӕхи куы снывонд кӕнӕм, уӕд цӕстмӕхъус хъуамӕ ма уӕм. Ӕмбисӕндты 3:32 нӕ фӕдзӕхсы: «Мӕнгард адӕймаг Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон у, рӕстгӕнджытӕм та у ӕввахс». Цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм, уый тыххӕй мах хъуамӕ ӕвдисӕм уарзондзинад «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ ӕмӕ хорз намысӕй ӕмӕ ӕнӕцӕстмӕ уырнындзинадӕй» (1 Тимофеймӕ 1:5).

Хуыцау йӕ адӕмы уарзы ӕнувыд уарзтӕй

7, 8. а) Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕд уыдзыстӕм? ӕ) Уӕззау тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

7 Иегъовӕйӕн ӕнӕ цӕстмӕ митӕй куы лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ раст фӕндагыл куы цӕуӕм, уӕд ын йе ’нувыд уарзтӕй хайджын уыдзыстӕм. Хивӕнд израилӕгтӕн загъд уыд: «Уӕхицӕн мыггаг таут рӕстдзинады, кӕрдут ӕнувыд уарзт. Хуымы зӕххытыл кусут уӕхицӕн, уымӕн ӕмӕ нырма ис рӕстӕг Иегъовӕйы агурынӕн, цалынмӕ не ’рцӕуа ӕмӕ уӕ нӕ сахуыр кӕна рӕстдзинадыл» (Оси 10:12).

8 Ехх, ӕмӕ израилӕгтӕ куы ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ Иегъовӕйы куы агуырдтаиккой! Уӕд сӕ цингӕнгӕйӕ рӕстдзинадыл сахуыр кодтаид. Уӕдӕ уӕззау тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд Иегъовӕйы агурӕм – кувӕм ӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, ӕмӕ чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕххуысмӕ сидӕм (Иаковы 5:13–16). Афтӕ ма нӕ хъӕуы агурын Хуыцауы сыгъдӕг уды разамынд дӕр, уымӕн ӕмӕ «йӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд ӕфсадынӕн чи тауы, уый ӕркӕрддзӕни мӕлӕт; Уд ӕфсадынӕн чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард» (Галатӕгтӕм 6:8, НТ). О, «Уд ӕфсадынӕн» куы тауӕм, уӕд нӕ Хуыцау йе ’нувыд уарзтӕй хайджын кӕндзӕн.

9, 10. Осийы 11:1–4 Израилмӕ куыд хаудта?

9 Макуы хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн цы аразы, уый алкӕддӕр уарзондзинадӕй кӕй аразы, ууыл. Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн ис Осийы 11:1–4: «Израил саби куы уыди, уӕд ӕй ӕз уарзтон, ӕмӕ мӕ фырты Египетӕй ракодтон... Ваалы нывтӕн хастой нывӕндтӕ ӕмӕ къухӕй конд гуымирытӕн хастой нывонды фӕздӕг. Ӕз та Ефремы [израилӕгты] ахуыр кодтон цӕуын, мӕ хъӕбысмӕ-иу сӕ истон, ӕмӕ-иу ӕй уыдон ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтой, ӕз-иу сӕ кӕй сдзӕбӕх кодтон. Ӕз сӕ кодтон, хӕцыдтӕн сыл адӕймаджы бӕндӕнтӕй, уарзондзинады бӕндӕнтӕй. Ӕз сын сдӕн, се ’фсӕртӕй сын ӕфсондз чи айсы, уыдоны хуызӕн, ӕмӕ сӕ алкӕмӕдӕр хӕринаг рӕвдаугӕ хастон».

10 Израил ам барст цӕуы ӕнахъом сабиимӕ. Иегъовӕ израилӕгтӕм йӕ къухтӕ дардта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй уӕзданӕй цӕуын ахуыр кодта. Уый сӕ кодта «уарзондзинады бӕндӕнты» руаджы. Куыд тынг хъары ацы абарст зӕрдӕмӕ! Зӕгъӕм, ды дӕ ныййарӕг ӕмӕ дӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕныс йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ акӕнынӕн. Дӕ къухтӕ йӕм дарыс. Дӕ бон у бӕндӕнтӕ дӕр райсын, цӕмӕй сыл дӕ гыццыл хуры тын хӕца ӕмӕ ма ахауа. Иегъовӕйы уарзондзинад дӕр афтӕ фӕлмӕн у. Уымӕн ӕхсызгон у, «уарзондзинады бӕндӕнты» руаджы дӕ кӕй кӕны.

11. Хуыцау, ӕфсондз чи айсы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн куыд свӕййы?

11 Иегъовӕ израилӕгтӕн сси, «се ’фсӕртӕй сын ӕфсондз чи айсы, уыдоны хуызӕн, ӕмӕ сӕ алкӕмӕдӕр хӕринаг рӕвдаугӕ хаста». Хуыцау уыд ахӕм адӕймаджы хуызӕн, фосӕн-иу йе ’фсондз чи айста кӕнӕ-иу ын ӕй иуварс чи абырын кодта, цӕмӕй-иу ӕй хӕрынӕн ма хъыгдардтаид. Израилы адӕм-иу се знӕгты ӕгъатыр ӕфсондзы бын бахаудысты, Иегъовӕйы ӕфсондз-иу куы асастой, ома-иу йӕ коммӕ куы нал кастысты, ӕрмӕстдӕр уӕд (Дыккаг закъон 28:45, 48; Иереми 28:14). Уӕдӕ нӕ цыфыддӕр знаг Сайтаны къухтӕм макуы бахауӕм ӕмӕ йе ’гъатыр ӕфсондзы уӕз макуы бавзарӕм. Уый бӕсты дарддӕр дӕр нӕ уарзӕгой Хуыцауимӕ иузӕрдионӕй цӕуӕм.

Кӕддӕриддӕр дӕ ныфс Иегъовӕйыл дар

12. Осийы 12:6 гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм?

12 Цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм, уый тыххӕй йыл хъуамӕ кӕддӕриддӕр нӕ ныфс дарӕм. Израилӕгтӕн загъд уыд: «Раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, ӕнувыд уарзт ӕмӕ рӕстдзинад ма саф, афтӕмӕй, ӕмӕ кӕддӕриддӕр дӕ ныфс дар дӕ Хуыцауыл» (Оси 12:6). Израилы цӕрджыты Иегъовӕмӕ раздӕхынӕн хъуыд ӕцӕгдӕр ӕрфӕсмон кӕнын. Уый хъуамӕ бӕрӕг уыдаид се ’нувыд уарзтӕй, сӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕй, ӕмӕ кӕддӕриддӕр Хуыцауыл сӕ ныфс кӕй дардтаиккой, уымӕй. Хуыцауимӕ цасфӕнды ма цӕуӕм, уӕддӕр хъуамӕ иннӕты ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм, рӕстӕй архайӕм ӕмӕ йыл кӕддӕриддӕр нӕ ныфс дарӕм (Псалом 26:14).

13, 14. Иегъовӕйыл ма нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй Павел Осийы 13:14 куыд спайда кодта?

13 Оси йӕ пехуымпарады израилӕгтӕн цы дзырдта, уыдонӕй нын иу хъуыддаг тынг ӕххуыс кӕны Хуыцауыл нӕ ныфс дарынӕн. «Шеолы къухӕй сӕ ӕз балхӕндзынӕн,– загъта Иегъовӕ,– мӕлӕтӕй сӕ раздахдзынӕн. Мӕлӕт, кӕм сты дӕ фаттӕ? Шеол, кӕм ис дӕ сафӕг тых?» (Оси 13:14). Уыцы рӕстӕг Иегъовӕ израилӕгты мӕлӕтӕй нӕ ирвӕзын кодта, фӕлӕ ӕппынфӕстаг мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн ӕмӕ йын йӕ уӕлахиз йӕ къухӕй байсдзӕн.

14 Павел йӕ сӕрст ӕмчырыстӕттӕм фысгӕйӕ ӕрхаста Осийы пехуымпарады ныхӕстӕ: «Ацы ӕмбийгӕ та куы сфӕлында ӕнӕмбийгӕйы, ӕмӕ ацы мӕлӕтон куы сфӕлында ӕнӕмӕлӕтоны, уӕд сӕххӕст уыдзӕн фыст дзырд: „мӕлӕт ныхъуырд ӕрцыд уӕлахиздзинадӕй“. „Мӕлӕт! кӕм ис дӕ фат? Зындон! кӕм ис дӕ уӕлахиздзинад“. Мӕлӕты фат та – тӕригъӕд; тӕригъӕды тых та – закъон. Арфӕдзинад Хуыцауӕн, махӕн уӕлахиздзинад раттӕгӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ!» (1 Коринфӕгтӕм 15:54–57). Иегъовӕ Йесойы райгас кодта, ӕмӕ уымӕй адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн (Иоанны 5:28, 29). Уӕдӕ Иегъовӕйыл нӕ ныфс куыннӕ хъуамӕ дарӕм?! Фӕлӕ ма нӕ райгасы ныфсӕй уӕлдай ноджы ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй фӕнды Хуыцауимӕ цӕуын.

Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст

15, 16. Самарийы тыххӕй цы уыд загъд ӕмӕ уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст?

15 Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ раст кӕй сты, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уый нын ӕххуыс кӕны дарддӕр дӕр Хуыцауимӕ цӕуынӕн. Самарийы цӕрджытӕ Хуыцауы раст фӕндӕгтыл нал цыдысты. Уӕдӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ Иегъовӕйыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп радтаиккой. Загъд уыд: «Самари дзуапп ратдзӕн, йӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй. Сӕ мӕлӕт ссардзысты кардӕй. Сӕ сывӕллӕтты сын ныкъкъуыхтӕ кӕндзысты ӕмӕ сывӕрджын устыты гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты» (Оси 13:16). Историйы хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй Самари чи бацахста, уыцы Ассири ахӕм ӕгъатыр хъуыддӕгтӕм ӕмхиц уыд.

16 Самари уыд Израилы дӕсмыггаг паддзахады сӕйраг сахар. Фӕлӕ ам Самари, зӕгъгӕ, ӕмбарын хъӕуы ӕнӕхъӕн паддзахадмӕ (3 Паддзахӕдты 21:1). Ассирийы паддзах Салманассар V Самарийыл ӕрхъула кодта н. э. агъоммӕ 742 азы. Н. э. агъоммӕ 740 азы сахар куы басаст, уӕд ын йӕ дзырддзӕугӕ цӕрджытӕй бирӕты уацары акодтой Месопотами ӕмӕ Мидимӕ. Абоны онг дӕр бӕрӕг нӕу, Самари Салманассар V бацахста ӕви йӕ фӕстӕ чи уыд, уыцы паддзах Саргон II (4 Паддзахӕдты 17:1–6, 22, 23; 18:9–12). Фӕлӕ Саргоны азфыстытӕм гӕсгӕ Израилы цӕрджытӕй 27 290 адӕймаджы акодтой Евфраты цӕугӕдоны сӕрмӕ ӕмӕ Мидимӕ.

17. Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ халыны бӕсты цы хъуамӕ аразӕм?

17 Самарийы цӕрджытӕ стыр аргъ бафыстой, Иегъовӕйы раст фӕндӕгтыл кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй. Мах Хуыцауӕн нӕхи снывонд кодтам, фӕлӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы аразӕм ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ куы халӕм, уӕд мах дӕр додойаг фӕуыдзыстӕм. Ахӕм фыдвӕндагыл макуы ацӕуӕм! Уый бӕсты апостол Петры уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм: «Марыны, кӕнӕ давыны, кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды, кӕнӕ искӕй хъуыддӕгты хи нытъыссыны тыххӕй уӕ ӕфхӕрд макӕмӕ ӕрхауӕд. Фӕлӕ чырыстон кӕй у, кӕд уый тыххӕй исчи тухӕны ӕфты, уӕд ӕм худинаг ма кӕсӕд, фӕлӕ стауӕд Хуыцауы, цы ном хӕссы, уый тыххӕй» (1 Петры 4:15, 16, НТ).

18. Куыд у нӕ бон «стауын Хуыцауы»?

18 Мах «стауӕм Хуыцауы», йӕ раст фӕндӕгтыл куы цӕуӕм ӕмӕ нӕхи фӕнд куы нӕ тӕрӕм, уӕд. Каин лӕгмар сси, уымӕн ӕмӕ йӕхи куыд фӕндыд, афтӕ бакодта, ӕмӕ Иегъовӕйы ныхӕстӕ, тӕригъӕд дӕм гӕппӕввонгӕй лӕууы, зӕгъгӕ, ницӕмӕ ӕрдардта (Уӕвынад 4:1–8). Валаам моавитаг паддзахӕй лӕвӕрттӕ райста, цӕмӕй Израилы ралгъыстаид, фӕлӕ йын дзы ницы рауад (Нымӕцтӕ 24:10). Хуыцау Корейы ӕмӕ йе ’мбӕлтты амардта, Моисей ӕмӕ Аароны бартӕ кӕй сдзырддаг кодтой, уый тыххӕй (Нымӕцтӕ 16:1–3, 31–33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Каины фӕндагыл ацӕуӕм, ӕмӕ лӕгмартӕ суӕм, Валаамау фӕсайды уӕм кӕнӕ Корейау змӕнтӕм ӕмӕ фесӕфӕм (Иудӕйы 11). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр исчи куы фӕрӕдийа, уӕд ын Осийы пехуымпарад ныфсы хос уыдзӕн.

Тӕригъӕдгӕнджытӕн сӕ бон у Иегъовӕмӕ раздӕхын

19, 20. Фӕсмон чи ӕркодта, уыцы израилӕгтӕн сӕ бон цавӕр нывӕндтӕ уыд хӕссын?

19 Суанг чи фӕрӕдыд, ӕмӕ стыр тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн дӕр сӕ бон у Иегъовӕмӕ раздӕхын. Осийы 14:1, 2 Хуыцау лӕгъстӕ кӕны: «Раздӕх, Израил, дӕ Хуыцау Иегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды фӕкалдтӕ дӕхи рӕдыды тыххӕй. Райсут уемӕ ныхӕстӕ ӕмӕ раздӕхут Иегъовӕмӕ. Уе ’ппӕт дӕр ын зӕгъут: „Ныххатыр нын кӕн нӕ рӕдыд; ӕмӕ нӕм хорзӕй цы ис, уый айс, ӕмӕ та дын мах нывондӕн хӕсдзыстӕм нӕ дзыхы уӕнгуытӕ“».

20 Фӕсмон чи ӕркодта, уыцы израилӕгтӕн сӕ бон уыди Хуыцауӕн хӕссын «сӕ дзыхы уӕнгуытӕ», ома йӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кадджын кӕнын. Павел ацы пехуымпарады кой кодта, чырыстӕттӕн куы загъта, цӕмӕй хӕссой «Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд, ома Уый ном кадджынгӕнджыты дзыхы дыргъ» (Дзуттытӕм 13:15). Цӕй стыр кад нын у Хуыцауимӕ цӕуын ӕмӕ йын ахӕм нывӕндтӕ хӕссын!

21, 22. Фӕсмон чи ӕркодта, уыцы израилӕгтӕ ногӕй сӕ къахыл куыд хъуамӕ слӕууыдаиккой?

21 Израилӕгтӕй йӕ хивӕнд митӕ чи ныууагъта ӕмӕ Хуыцаумӕ чи раздӕхт, уыдон ын нывондӕн хастой «сӕ дзыхы уӕнгуытӕ». Иегъовӕ Хуыцау сын куыд загъта, афтӕмӕй сӕ уырнындзинад ногӕй сфидар. Осийы 14:4–7 дзырдӕуы: «Ӕз сӕ сӕ мӕнгарддзинадӕй сдзӕбӕх кӕндзынӕн. Мӕн фӕнды, ӕмӕ сӕ уарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын. Ӕз Израилӕн суыдзынӕн ӕртӕхы хуызӕн. Уый лилийау дидин ракалдзӕн ӕмӕ Ливаны бӕласау уидӕгтӕ ауадздзӕн. Уый талатӕ суадздзӕн ӕмӕ йӕ кад оливӕ бӕласы кадӕй къаддӕр нӕ уыдзӕн, ӕмӕ йӕ хӕрздӕф та уыдзӕн Ливаны хӕрздӕфау. Уыдон та ногӕй йӕ аууоны цӕрдзысты. Уыдон садздзысты хор ӕмӕ сӕнӕфсиры талайау къуыбыр рафтаудзысты. Ливаны сӕны кой куыд кӕнынц, афтӕ уый кой дӕр кӕндзысты».

22 Фӕсмон чи ӕркодта, уыцы израилӕгты уырнындзинад хъуамӕ ногӕй сфидар уыдаид ӕмӕ та Хуыцауы уарзондзинадӕй хайджын уыдаиккой. Иегъовӕ сын райсомы ӕртӕхау уыцы хуызы уыдаид, ӕмӕ сыл кӕлгӕуӕлдайӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕруагътаид. Ногӕй йӕ къахыл чи слӕууыд, уыцы адӕмы кад уыдаид «оливӕ бӕласы» кадау, ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕгтыл цыдаиккой. Иегъовӕ Хуыцауимӕ цӕуын нӕхӕдӕг кӕй аскъуыдздзаг кодтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ цы домдӕуы?

Иегъовӕйы раст фӕндӕгтыл цӕуӕм

23, 24. Осийы чиныг цавӕр ныфсы ныхӕстӕй фӕуд кӕны ӕмӕ ныл уый куыд зыны?

23 Цӕмӕй Хуыцауимӕ дарддӕр дӕр цӕуӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй архайӕм (Иаковы 3:17, 18). Осийы пехуымпарады фӕстаг стихы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Чи у зондджын, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕ бамбара? Чи у ӕмбаргӕ, цӕмӕй сӕ зона? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст, ӕмӕ сыл рӕстаг адӕм цӕудзысты, закъон халджытӕ та сыл кӕлгӕ кӕндзысты» (Оси 14:9).

24 Ацы дунейы зонд ӕмӕ ӕгъдӕутты фӕдыл ма цӕуӕм, фӕлӕ Хуыцауы раст фӕндӕгтыл цӕуӕм (Дыккаг закъон 32:4). Оси уыцы фӕндагыл цыди 59 азы йе та фылдӕр. Уый иузӕрдионӕй хъусын кодта Хуыцауы ныхас ӕмӕ зыдта, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у, уыдон ын йӕ ныхӕстӕ кӕй бамбардзысты. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Цалынмӕ нын Иегъовӕ хъусын кӕнынӕн фадат дӕтты, уӕдмӕ агурдзыстӕм, зондджын чи разына ӕмӕ йын йе стыр хорзӕхӕн чи саргъ кӕна, ахӕм адӕмы. Ӕмӕ мах амондджын стӕм, ацы хъуыддаг «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъаримӕ» ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй ӕххӕст кӕнӕм (Матфейы 24:45–47).

25. Осийы пехуымпарад кӕй равзӕрстам, уый нын цӕмӕн хъуамӕ баххуыс кӕна?

25 Осийы пехуымпарад кӕй равзӕрстам, уый нын хъуамӕ баххуыс кӕна, цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕнусон цардмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд ног дунейы (2 Петры 3:13; Иудӕйы 20, 21). Цӕй диссаджы ныфс нын ис! Уыцы цард нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг куы уой, ӕмӕ «Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ сты раст».

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцауӕн раст куы кувӕм, уӕд нӕм цы цӕстӕй кӕсдзӕн?

• Кӕддӕриддӕр нӕ ныфс Иегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

• Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ раст кӕй сты, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

• Куыд у нӕ бон Иегъовӕйы раст фӕндӕгтыл дарддӕр дӕр цӕуын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Осийы пехуымпарады фӕрцы нӕ ныфс фидар кӕны, Иегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл.

[Ныв 20 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс ис.

[Ныв 21 фарсыл]

Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ, дӕ зӕрдыл дар ӕнусон царды ныфс.