Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Осийы пехуымпарад нын ӕххуыс кӕны Хуыцауимӕ цӕуынӕн

Осийы пехуымпарад нын ӕххуыс кӕны Хуыцауимӕ цӕуынӕн

Осийы пехуымпарад нын ӕххуыс кӕны Хуыцауимӕ цӕуынӕн

«Уыдон ацӕудзысты Иегъовӕйы фӕдыл» (ОСИ 11:10).

1. Осийы чиныджы цавӕр драмӕйы кой цӕуы?

ДӔ ЗӔРДӔМӔ нӕ цӕуы, йӕ архайджытӕ дӕр ӕмӕ йӕ хъуыды дӕр цымыдисаг кӕмӕн сты, ахӕм драмӕ? Осийы чиныджы цы фыст ис, уый дӕр у драмӕ, ӕрмӕст ын ис ахӕсгӕ нысаниуӕг *. Уым дзырд цӕуы Хуыцауы пехуымпар Осийы бинонты царды тыххӕй ӕмӕ барст цӕуы, Иегъовӕ Моисейы Закъоны бадзырды фӕрцы рагон Израилимӕ ахӕсгӕ хуызы цы ӕмкъайады цӕдис скодта, уыимӕ.

2. Осийы тыххӕй цы зонӕм?

2 Ацы драмӕ кӕд ӕмӕ кӕм райдыдта, уый бакӕсӕн ис Осийы чиныджы фыццаг сӕры. Оси, ӕвӕццӕгӕн, цард Израилы дӕсмыггаг паддзахады (хуыдтой ма йӕ Ефрем дӕр, ӕппӕты тыхджындӕр мыггаг кӕй уыд, уый тыххӕй). Уый пехуымпар уыд Израилы фӕстаг авд паддзахы рӕстӕджы ӕмӕ Иудӕйы та паддзӕхтӕ Ози, Иоафам, Ахаз ӕмӕ Езеки куы уыдысты, уӕд (Оси 1:1). Уӕдӕ Оси пехуымпариуӕг кодта, ӕппын къаддӕр, 59 азы. Осийы чиныг фыст ӕрцыд н. э. агъоммӕ 745 азы. Фӕлӕ ахады абон дӕр, уымӕн ӕмӕ пехуымпар кӕй кой кодта, уыцы фӕндагыл цӕуынц милуангай адӕймӕгтӕ: «Уыдон ацӕудзысты Иегъовӕйы фӕдыл» (Оси 11:10).

Афӕлгӕстӕй цы базонӕн ис

3, 4. Цыбыртӕй бамбарын кӕн, Осийы чиныджы 1–5 сӕрты цӕуыл цӕуы дзырд, уый.

3 Осийы чиныджы 1–5 сӕртыл цыбыр афӕлгӕст куы скӕнӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Хуыцауимӕ цӕуын фидар уырнындзинадимӕ ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ. Кӕд Израилы паддзахады цӕрджытӕ сӕ Хуыцауы ныууагътой ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕм аздӕхтысты, уӕддӕр сын уый ныххатыр кодтаид, куы ӕрфӕсмон кодтаиккой, уӕд. Уый рабӕрӕг, Оси йӕ ус Гомерӕн куыд уыд, уымӕй. Гомер Осийӕн иу сывӕллон куы ныййардта, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ ӕндӕр кӕмӕйдӕр райгуырд дыууӕ сывӕллоны. Фӕлӕ йӕ Оси фӕстӕмӕ ӕрбакодта – Иегъовӕ ӕрфӕсмонгӕнӕг израилӕгтӕн ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ куыд уыд, раст афтӕ (Оси 1:1–3:5).

4 Иегъовӕ тӕрхон кодта Израилӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нӕ уыд рӕстдзинад, ӕнувыд уарзт ӕмӕ Хуыцауы нӕ зыдтой. Уый хъуамӕ дзуапп ӕрдомдтаид мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг Израилӕй ӕмӕ хивӕнд Иудӕйы паддзахадӕй. Фӕлӕ-иу Иегъовӕйы адӕм «ӕгӕр куы стыхстысты», уӕд-иу ӕй агурын райдыдтой (Оси 4:1–5:15).

Драмӕ райдайы

5, 6. а) Израилы дӕсмыггаг паддзахад куыд хӕлд уыд, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис? ӕ) Иегъовӕ рагон Израилы цӕмӕй фӕдзӕхста, уый мах дӕр нӕ зӕрдыл дарын цӕмӕн хъӕуы?

5 «Ацу,– загъта Хуыцау Осийӕн,– ӕркӕн дӕхицӕн, хӕтгӕ чи кӕна, ахӕм ус ӕмӕ, хӕтынӕй чи райгуыра, ахӕм сывӕллӕттӕ, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх хӕты ӕмӕ Иегъовӕйы фӕдыл нӕ цӕуы» (Оси 1:2). Израилы адӕм тынг хӕлд уыдысты? Уый тыххӕй мӕнӕ цы фыст ис: «[Дӕсмыггаг паддзахады адӕмы] хӕтыны зӕрдӕ адзӕгъӕл кодта сӕ фӕндагӕй, ӕмӕ хӕтындзинады тыххӕй сӕ Хуыцауы коммӕ нал кӕсынц. [...] Уӕ чызджытӕ хӕтынц ӕмӕ уӕ чындзытӕ сайдӕй цӕуынц сӕ лӕгтыл. [...] Нӕлгоймӕгтӕ дӕр фӕхибар вӕййынц хӕтаг сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ кувӕндоны хъахбай сылгоймӕгтимӕ нывӕндтӕ хӕссынц» (Оси 4:12–14).

6 Израилы ахӕм бынат нӕ уыд, ӕнӕуи дӕр ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы дӕр кӕм нӕ хӕтыдысты. Уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕ израилӕгтӕй «дзуапп ӕрдомдтаид» (Оси 1:4; 4:9). Ацы хъуыддаг мах дӕр хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ дзуапп ӕрдомдзӕн, абон дӕр хӕлд митӕ чи кӕны ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕй. Фӕлӕ Хуыцауимӕ чи цӕуы, уыдон алцӕмӕй дӕр сӕхи сыгъдӕг дарынц ӕмӕ зонынц, иу «хӕтагӕн... [дӕр кӕй] нӕй бынтӕ Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы паддзахады» (Ефесӕгтӕм 5:5; Иаковы 1:27).

7. Оси Гомеры кӕй ракуырдта, уымӕй цы ӕвдыст цыдис?

7 Оси Гомеры куы ракуырдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыд ӕнӕвнӕлд чызг, ӕмӕ йын «фырт... [куы] ныййардта», уӕд нырма йӕ лӕгыл уыд иузӕрдион (Оси 1:3). Ахӕсгӕ нысаниуӕг кӕмӕн ис, уыцы драмӕмӕ гӕсгӕ, н. э. агъоммӕ 1513 азы израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уӕд гыццыл фӕстӕдӕр Хуыцау семӕ бадзырд скодта. Уыцы бадзырд уыдис сыгъдӕг ӕмкъайады бадзырды хуызӕн. Израил ыл сразы ӕмӕ дзырд радта, Иегъовӕйыл, «йӕ мой ӕмӕ йӕ хицауыл», иузӕрдион кӕй уыдзӕн (Исай 54:5). О, Израил ӕмӕ Хуыцауы «ӕмкъайад» ахӕсгӕ хуызы ӕвдыст цыдис Осийы ӕмӕ Гомеры сыгъдӕг ӕмкъайадӕй. Фӕлӕ хъуыддаг куыд тынг фӕивта!

8. Израилы дӕсмыггаг паддзахад куыд фӕзынд ӕмӕ йын йӕ дины тыххӕй цы зӕгъдзынӕ?

8 Осийы ус «ногӕй басывӕрджын, ӕмӕ ныййардта чызг». Ацы чызг ӕмӕ ма йын уый фӕстӕ цы сывӕллон райгуырд, уыдоны Гомер, ӕвӕццӕгӕн, ныййардта хӕтгӕ куы кодта, уӕд (Оси 1:6, 8). Гомер Израилы кӕй ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Израилӕй хъахбай куыд рауад?» Н. э. агъоммӕ 997 азы Израилы мыггӕгтӕй дӕс ахицӕн хуссары цӕрӕг Иудӕ ӕмӕ Вениамины мыггӕгтӕй. Израилы цӕгат дӕсмыггаг паддзахады адӕм кувын райдыдтой родӕн ӕмӕ Иудӕмӕ Иерусалимы кувӕндонмӕ Иегъовӕйӕн кувынмӕ нал цыдысты. Израилы арф уидӕгтӕ ауагъта мӕнг хуыцау Ваалӕн кувыны хъуыддаг йӕ хӕлд митимӕ.

9. Осийы 1:6 куыд загъд уыд, афтӕмӕй Израилыл цы ’рцыд?

9 Гомерӕн, ӕвӕццӕгӕн, дыккаг дзӕгъӕлзад куы райгуырд, уӕд Хуыцау Осийӕн загъта: «Схон ӕй Ло-Рухама [ома, «нал ын тӕригъӕд кӕндзынӕн»], уымӕн ӕмӕ ӕз Израилы хӕдзарӕн нал тӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ атӕрдзынӕн» (Оси 1:6). Иегъовӕ сӕ «атардта», н. э. агъоммӕ 740 азы ассирийӕгтӕ израилӕгты уацары куы акодтой, уӕд. Фӕлӕ Хуыцау фӕтӕригъӕд кодта Иудӕйы дыууӕмыггаг паддзахадӕн, ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕдта. Уымӕн ӕй ӕрдын, кард, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджытӕ нӕ бахъуыд (Оси 1:7). Н. э. агъоммӕ 732 азы ӕрмӕстдӕр иу зӕд иунӕг ӕхсӕвмӕ ныццагъта, Иудӕйы сӕйраг сахар Иерусалим бацахсынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы 185 мин ассирийаг хӕстоны (4 Паддзахӕдты 19:35).

Иегъовӕ тӕрхон кӕны Израилимӕ

10. Гомер кӕй хӕтыд, уый цы ӕвдисы?

10 Гомер ныууагъта Осийы, сси «хъахбай ус» ӕмӕ ӕндӕр лӕгимӕ бацард. Амӕй бӕрӕг кӕны, Израилы паддзахад мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтимӕ цӕдистӕ куыд сарӕзта ӕмӕ йӕ ныфс уыдоныл дарын куыд райдыдта. Израил йӕ хорз цардӕй Иегъовӕйӕ бузныг нӕ уыд, фӕлӕ уыцы адӕмы хуыцӕуттӕй ӕмӕ сын кувын кӕй райдыдта, уымӕй Хуыцауимӕ йе ’мкъайады бадзырд фехӕлдта. Уӕдӕ диссаг нӕу, Иегъовӕ кӕй тӕрхон кӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи сивта ӕмӕ мӕнгхуыцӕутты фӕдыл цӕуын чи райдыдта, уыцы адӕмимӕ! (Оси 1:2; 2:2, 12, 13).

11. Цы ’рцыд Закъоны бадзырдыл, Иегъовӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы уацары акӕнын куы бауагъта, уӕд?

11 Цавӕр ӕфхӕрд баййӕфта Израил, йӕ Мой ӕмӕ йӕ Хицауы кӕй ныууагъта, уый тыххӕй? Хуыцау ӕй акодта «ӕдзӕрӕг быдырмӕ», Вавилонмӕ. Уыцы паддзахад басаста Ассирийы – израилӕгтӕ н. э. агъоммӕ 740 азӕй уацары кӕм уыдысты, уыцы бӕстӕйы (Оси 2:14). Иегъовӕ дӕсмыггаг паддзахад куы фесӕфта, уӕд Израилы дыууадӕс мыггагимӕ раздӕр цы ӕмкъайады бадзырд скодта, уый нӕ аивта. Суанг ма, н. э. агъоммӕ 607 азы Хуыцау вавилойнӕгты куы бауагъта, цӕмӕй Иерусалим ныппырх кӕной ӕмӕ Иудӕйы адӕмы та уацары акӕной, уӕд дӕр нӕ аивта Моисейы Закъоны бадзырд – Израилы дыууадӕс мыггаг йемӕ «ӕмкъайады» цы бадзырды фӕрцы бацыд, уый. Уыцы ахастытӕн кӕрон ӕрцыд, иудейаг разамонджытӕ Йесо Чырыстийыл куы нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ йӕ н. э. 33 азы куы амардтой, ӕрмӕстдӕр уӕд (Колоссӕгтӕм 2:14).

Иегъовӕ фӕдзӕхсы Израилы

12, 13. Осийы 2:6–8 йӕ хъуыды цы у, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ Израилмӕ куыд хаудтой?

12 Хуыцау Израилы фӕдзӕхсы, цӕмӕй «мауал хӕта», фӕлӕ уый фӕнды цӕуын, судзгӕ уарзтӕй йӕ чи уарзы, уыдоны фӕдыл (Оси 2:2, 5). «Уый тыххӕй йын ӕз,– загъта Иегъовӕ,– йӕ фӕндагыл сӕвӕрдзынӕн сындзытӕ, йӕ размӕ йын дурӕй самайдзынӕн сис, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ нал ссардзӕн. Ӕмӕ алидздзӕн, судзгӕ уарзт ӕй чи кӕны, йӕ уыцы хӕзгулты фӕдыл, фӕлӕ сӕ нӕ баййафдзӕн; агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Уӕд зӕгъдзӕн: „Цом, аздӕхон мӕ фыццаг лӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ мын уӕд хуыздӕр уыд“. Фӕлӕ уый нӕ ахъуыды кодта, ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хор, адджын сӕн ӕмӕ зети, ӕмӕ йын не ’вгъау кодтон ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, ӕмӕ йӕ Ваалӕн хардз кодтой» кӕнӕ дзы Ваалы гуымиры сарӕзтой (Оси 2:6–8).

13 Кӕд Израил, «судзгӕ уарзт ӕй чи кодта, йӕ уыцы хӕзгултӕй» – адӕмтӕй – ӕххуыс агуырдта, уӕд дӕр ын баххуыс кӕнын никӕй бон уыд. Цыма йӕ алыварс, ахизӕн кӕуылты нӕй, ахӕм тар хъӕд уыд, уыйау ӕм ӕххуысмӕ никӕй бон уыд бацӕуын. Ассирийӕгтӕ йын йӕ сӕйраг сахар Самарийыл куы ӕрхъула кодтой, уымӕй ӕртӕ азы куы рацыд, уӕд н. э. агъоммӕ 740 азы басаст ӕмӕ дӕсмыггаг паддзахад йӕ къахыл никуыуал слӕууыд. Уацайраг израилӕгтӕй ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ бамбӕрстой, куыд хорз цардысты, сӕ фыдӕлтӕ Иегъовӕйӕн куы лӕггад кодтой, уӕд. Уыдон хъуамӕ Ваалӕн мауал куывтаиккой, фӕлӕ архайдтаиккой Иегъовӕимӕ ногӕй хӕлардзинады бадзырд саразыныл.

Ӕндӕр цӕстӕнгас драмӕмӕ

14. Оси Гомеримӕ ногӕй цӕмӕн бацард?

14 Цӕмӕй ноджы хуыздӕр бамбарӕм, Осийы бинонты хабӕрттӕ ӕмӕ Израилӕн Иегъовӕимӕ цы ахастытӕ уыд, уыдоны ’хсӕн иумӕйагӕй цы ис, уый тыххӕй ӕркӕсӕм мӕнӕ ацы ныхӕстӕм: «Иегъовӕ мын загъта: „Ацу та, ӕмӕ йӕ лымӕн кӕй уарзы, фӕлӕ хӕтгӕ чи кӕны, ахӕм сылгоймаджы дӕ зӕрдӕйӕн садджын кӕн“» (Оси 3:1). Оси йын йӕ ныхасмӕ байхъуыста, ӕмӕ Гомеры балхӕдта, кӕимӕ цард, уыцы лӕгӕй. Уый фӕстӕ Оси йӕ усы фидарӕй бафӕдзӕхста: «Бирӕ бонты дӕргъы цӕрдзынӕ мемӕ. Ма хӕт ӕмӕ ӕндӕр нӕлӕгоймагмӕ ма цу» (Оси 3:2, 3). Гомер йӕ рӕдыдыл басаст, ӕмӕ та Оси ногӕй йемӕ бацард. Уый куыд уыд ахӕссӕн, Хуыцау Израилӕн ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн куыд уыд, уымӕ?

15, 16. а) Хуыцау кӕй бафхӕрдта, уыцы адӕмӕн цӕмӕй ныххатыр кодтаид, уый тыххӕй сӕ цы кӕнын хъуыд? ӕ) Осийы 2:18 куыд сӕххӕст ис?

15 Израил ӕмӕ Иудӕ Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд сын Иегъовӕ «сӕ зӕрдӕмӕ дзурын» райдыдта йӕ пехуымпарты уылты. Цӕмӕй сын Хуыцау ныххатыр кодтаид, уый тыххӕй йӕ адӕмы хъуыди ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ Мой ӕмӕ сӕ Хицаумӕ аздӕхын, Гомер йӕ лӕгмӕ куыд аздӕхт, афтӕ. Стӕй Иегъовӕ хъуамӕ, ӕфхӕрд усимӕ абарӕн кӕй ис, уыцы адӕмы Вавилоны «ӕдзӕрӕг быдырӕй» ракодтаид ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркодтаид (Оси 2:14, 15). Иегъовӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта н. э. агъоммӕ 537 азы.

16 Хуыцау ма сӕххӕст кодта ацы зӕрдӕвӕрд дӕр: «Ӕз уыцы бон уыдоны тыххӕй скӕндзынӕн бадзырд быдираг сырдтимӕ, арвы тӕхӕг сфӕлдисондтимӕ ӕмӕ зӕххон хилджытимӕ, ӕрдын, кард ӕмӕ хӕст та уыцы зӕххӕй фесафдзынӕн. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ сӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ хуысдзысты» (Оси 2:18). Иудейтӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон ӕдасӕй цардысты, нӕ тарстысты сырдтӕй дӕр. Ацы пехуымпарад ма сӕххӕст 1919 азы, Хуыцауы Израил «Стыр Вавилонӕй», мӕнг дины дунеон империйӕ куы ссӕрибар, уӕд. Уыдон ныр сты ӕдас ӕмӕ, зӕгъӕн ис, цӕрынц дзӕнӕты се ’мбӕлттимӕ, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонимӕ. Уыцы ӕцӕг чырыстӕттӕй сырды хуызӕн йӕхи ничи дары (Раргомад 14:8; Исай 11:6–9; Галатӕгтӕм 6:16).

Дӕ зӕрдӕмӕ айс зондзонӕнтӕ

17–19. а) Ацы абзацтӕм гӕсгӕ нӕ Хуыцауы миниуджытӕй кӕцытӕ хъӕуы фӕзмын? ӕ) Иегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый ныл куыд хъуамӕ зына?

17 Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ уӕм. Уый у Осийы чиныджы фыццаг сӕртӕй иу зондзонӕн (Оси 1:6, 7; 2:23). Хуыцау, чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы израилӕгтӕн ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уыцы хъуыды ис ӕмбисӕндты дӕр: «Йӕ рӕдыдтытӕ чи ӕмбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн, чи сыл сӕтты ӕмӕ сӕ чи нал кӕны, уый та хатыргонд уыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 28:13). Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн ма ноджыдӕр ныфсы хос уыдзысты псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Хуыцауӕн нывонд у саст уд; саст ӕмӕ сабыр зӕрдӕйыл Ды ӕлгъ нӕ бакӕндзынӕ, Хуыцау» (Псалом 50:19).

18 Осийы пехуымпарады ирдӕй зыны, цы Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, уый куыд тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у. Йӕ раст фӕндагӕй йын чи ахиза, уыдонӕн дӕр сӕ бон у ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхын. Иегъовӕйӕн се ’рбаздӕхт вӕййы ӕхсызгон. Уый ныххатыр кодта, израилӕгтӕй – «ӕмкъайады» кӕимӕ бацыд, уыцы адӕмӕй – чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонӕн. Кӕд Иегъовӕйы коммӕ нӕ кастысты ӕмӕ Израилы Сыгъдӕджы ӕфхӕрдтой, уӕддӕр сӕм фӕлмӕн зӕрдӕ дардта ӕмӕ нӕ рох кодта, буар кӕй сты (Псалом 77:38–41). Иегъовӕ ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ фӕнда дарддӕр дӕр йемӕ цӕуын.

19 Кӕд Израилы лӕгмард, давд ӕмӕ хӕтындзинад стӕм хъуыддӕгтӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр ын Иегъовӕ йӕ зӕрдӕмӕ дзырдта (Оси 2:14; 4:2). Нӕ зӕрдӕтӕ алцыдӕр арф ӕнкъардзысты ӕмӕ Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, мах дӕр уыйау фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнӕм: «Мӕнӕн та мӕ бон куыд у, цӕмӕй ӕз дӕр Иегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг уон? Ме ’мчырыстӕттӕй мӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, ӕмӕ мӕ хатыр куы кура, уӕд, Хуыцау куыд хатыр кӕны, ӕз дӕр ын афтӕ ныххатыр кӕндзынӕн?» (Псалом 85:5).

20. Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, ууыл кӕй хъуамӕ ӕууӕндӕм, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

20 Хуыцау фидар ныфс дӕтты. Зӕгъӕм, уый зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз ын ратдзынӕн... Ахоры дӕлвӕз ныфсы бындурӕн» (Оси 2:15). Рагзаманты Иегъовӕйы организацийы, йӕ «усы», фидар ныфс уыд, йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ – «Ахоры дӕлвӕз» кӕм уыд, уырдӕм – кӕй ӕрыздӕхдзӕн. Ацы зӕрдӕвӕрд н. э. агъоммӕ 537 азы кӕй сӕххӕст, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цин кӕнын у, Иегъовӕ нын цы фидар ныфс дӕтты, ууыл.

21. Хуыцауимӕ цӕуынӕн зонындзинӕдтӕ цас ахсджиаг сты?

21 Цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы тыххӕй фылдӕрӕй-фылдӕр зонын ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Израилы адӕм Иегъовӕйы ӕппындӕр нал зыдтой (Оси 4:1, 6). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ Хуыцауы амындтӕн тынг аргъ кодтой, сӕ цард уыцы амындтӕм гӕсгӕ арӕзтой, ӕмӕ стыр хорзӕхтӕ райстой. Уыдонӕй иу уыд Оси. Афтӕ ма, Илиайы бонты Ваалы раз чи не ’рзоныгуыл кодта, уыцы 7 мин адӕймаджы дӕр (3 Паддзахӕдты 19:18; Ромӕгтӕм 11:1–4). Хуыцауы амындтӕй бузныг куы уӕм, уӕд дарддӕр дӕр йемӕ цӕудзыстӕм (Псалом 118:66; Исай 30:20, 21).

22. Динафӕливыны хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

22 Иегъовӕйы ныфс ис, йӕ адӕмӕн ын разамынд чи дӕтты, уыдон динафӕливджыты ныхмӕ кӕй лӕудзысты. Фӕлӕ Осийы 5:1 дзырдӕуы: «Хъусут, сауджынтӕ, ӕмӕ лӕмбынӕг ут, Израилы хӕдзар, ӕмӕ сымах, паддзахы хӕдзар, уӕ хъус дарут, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгонд ӕрцӕудзыстут, Мицпӕйӕн къӕппӕг ӕмӕ Фаворы сӕрмӕ ауыгъд хыз кӕй систут, уый тыххӕй». Динафӕливджыты разамонджытӕ израилӕгтӕн уыдысты къӕппӕг ӕмӕ хыз, уымӕн ӕмӕ сӕ кувын кодтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Фаворы хох ӕмӕ Мицпӕ кӕй хуыдтой, уыцы бынат, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыны артдзӕстытӕ.

23. Осийы чиныджы 1–5 сӕртӕ дын цы пайда фесты?

23 Осийы пехуымпарадӕй куыд федтам, афтӕмӕй Иегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау. Уый ныфс дӕтты ӕмӕ арфӕ кӕны, йӕ амындтӕ йын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ динафӕливджытӕм чи нӕ хъусы, уыдонӕн. Уӕдӕ рагон израилӕгтӕй чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонау мах дӕр Иегъовӕйы агурӕм ӕмӕ йын алы хатт дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Оси 5:15). Афтӕмӕй мах хорздзинад ӕркӕрддзыстӕм ӕмӕ, иузӕрдионӕй Хуыцауимӕ чи цӕуы, уыдонимӕ цин кӕндзыстӕм ӕмӕ фарнӕфсӕст уыдзыстӕм (Псалом 99:2; Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Галатӕгтӕм 4:21–26 фыст ис, ахӕсгӕ нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм драмӕ. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис чиныджы «Исайы пехуымпарад» II т., 218, 219 фф., уыр.; рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Оси Гомеры кӕй ракуырдта, уый цы ӕвдыста?

• Иегъовӕ Израилимӕ цӕмӕн тӕрхон кодта?

Осийы чиныджы 1–5 сӕрты цы зондзонӕнтӕ ис, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы фӕцыд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 10 фарсыл]

Зоныс ӕй, Осийы ус кӕй ӕвдисы?

[Ныв 11 фарсыл]

Самарийы цӕрджыты н. э. агъоммӕ 740 азы басастой ассирийӕгтӕ.

[Ныв 12 фарсыл]

Адӕм цингӕнгӕйӕ здӕхынц сӕ райгуырӕн бӕстӕм.