Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауимӕ цӕут ӕмӕ хорздзинад кӕрдут

Хуыцауимӕ цӕут ӕмӕ хорздзинад кӕрдут

Хуыцауимӕ цӕут ӕмӕ хорздзинад кӕрдут

«Дымгӕ кӕй тауынц, уымӕ гӕсгӕ ӕркӕрддзысты уад» (ОСИ 8:7).

1. Куыд у нӕ бон Иегъовӕимӕ цӕуын?

ТӔССАГ ран цӕугӕйӕ демӕ фӕлтӕрд фӕндагамонӕг куы уа, уӕд дӕхи бирӕ ӕдасдӕр хатдзынӕ. Иунӕгӕй цӕуыны бӕсты, афтӕ бирӕ хуыздӕр куыннӕ уыдзӕн! Ацы цӕвиттонӕй зыны, мах дӕр цӕмӕйдӕрты ахӕм уавӕры кӕй стӕм. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын Иегъовӕ дзуры, цӕмӕй нын фӕндаг амона ацы фыддунейы «ӕдзӕрӕг быдыры». Хорз уыдзӕн, нӕхицӕн фӕндаг нӕхӕдӕг куы нӕ гӕрдӕм, фӕлӕ йемӕ куы цӕуӕм. Куыд у нӕ бон Хуыцауимӕ цӕуын? Йӕ Ныхасы нын цы разамынд дӕтты, уымӕ хъусгӕйӕ.

2. Ацы статьяйы цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм?

2 Айразмӕйы статьяйы дзырд цыдис, Осийы чиныджы фыццаг фондз сӕры цы драмӕ ис, ууыл. Куыд федтам, афтӕмӕй дзы ис, Хуыцауимӕ цӕуынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм зондзонӕнтӕ. Ныр та ӕрныхас кӕндзыстӕм, 6–9 сӕрты цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй цалдӕрыл. Хорз уаид, фыццаг уал уыцы цыппар сӕрыл цыбыр афӕлгӕст куы скӕниккам.

Цыбыр афӕлгӕст

3. Цыбыртӕй радзур, Осийы 6–9 сӕрты цы фыст ис, уый.

3 Иегъовӕ Осийы арвыста сӕйраджыдӕр Израилы цӕгат дӕсмыггаг паддзахадмӕ. Уыцы адӕм – тыхджындӕр мыггаджы номӕй ма сӕ хуыдтой Ефрем дӕр – Хуыцауӕй аздӕхдысты. Осийы чиныджы 6–9 сӕрты дзырдӕуы, зӕгъгӕ адӕм Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ, йемӕ цы бадзырд скодтой, уый сӕрты ахызтысты ӕмӕ фыддзинадыл бафтыдысты (Оси 6:7). Уыдон сӕ ныфс Иегъовӕйыл не ’вӕрдтой, фӕлӕ ӕндӕр паддзахӕдтимӕ бадзырдтӕ арӕзтой. Ӕвзӕрдзинад кӕй тыдтой, уымӕ гӕсгӕ кӕрдгӕ дӕр ӕвзӕрдзинад ӕркодтаиккой. Ома сӕм ӕнхъӕлмӕ касти фыдтӕрхон. Фӕлӕ Осийы пехуымпарады ис ныфсы хабар дӕр. Адӕм зыдтой, сӕ бон кӕй у Иегъовӕмӕ раздӕхын ӕмӕ, зӕрдӕбынӕй куы ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты.

4. Осийы пехуымпарадӕй цавӕр зондзонӕнтыл ӕрныхас кӕндзыстӕм?

4 Осийы пехуымпарады ацы цыппар сӕры мах ссардзыстӕм, Хуыцауимӕ цӕуынӕн ма нын чи баххуыс кӕндзӕн, ӕндӕр ахӕм уынаффӕтӕ дӕр. Цӕй, ӕмӕ ӕркӕсӕм цыппар зондзонӕнмӕ: 1) ӕцӕг фӕсмон бӕрӕг вӕййы ӕрмӕст ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтӕй; 2) айдагъ нывӕндтӕй Хуыцауы зӕрдӕ ссарӕн нӕй; 3) Иегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ куы ныууадзынц, уӕд; ӕмӕ 4) цӕмӕй хорздзинад ӕркӕрдӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тауӕм хорздзинад.

Цӕмӕй бӕрӕг вӕййы ӕцӕг фӕсмон

5. Осийы 6:1–3 йӕ хъуыды цы у?

5 Осийы пехуымпарадӕй фӕсмон ӕмӕ хатырдзинады тыххӕй бирӕ базонӕн ис. Осийы 6:1–3 кӕсӕм: «Цом, аздӕхӕм Иегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уый ныскъуыдтӕ кодта, фӕлӕ нӕ дзӕбӕх дӕр скӕндзӕн. Уый нӕ цавта, фӕлӕ нӕ бӕтгӕ дӕр бакӕндзӕн. Уый нӕ дыууӕ боны фӕстӕ уд бауадздзӕн. Ӕртыккаг бон нӕ нӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн ӕмӕ удӕгас уыдзыстӕм йӕ разы. Ӕмӕ Иегъовӕйы зондзыстӕм, архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ ноджыдӕр базонӕм. Сӕуӕхсидау нӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн. Ӕрцӕудзӕн нӕм тӕрккъӕвдайау, зӕхх донӕй чи бафсады, ахӕм уалдзыгон уарынау».

6–8. Израилӕгты фӕсмон ӕнӕхъуаджы цӕмӕн уыд?

6 Ацы ныхӕстӕ чи дзуры? Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, мӕнгард израилӕгтӕ. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕгоммӕгӕс адӕм цӕстмӕ фӕсмон кодтой, стӕй Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый зыдтой ӕмӕ сӕ хивӕнд митӕ нӕ уагътой. Иннӕтӕ та дзурынц, зӕгъгӕ, ацы ныхӕстӕ загъта пехуымпар Оси. Уый адӕмӕн лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй Иегъовӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхой. Фӕлӕ сӕ чифӕнды ма загътаид, уӕддӕр сӕйраг у ахӕм фарст: Израилы дӕсмыггаджы адӕм зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ иууылдӕр Иегъовӕмӕ раздӕхдысты? Нӕ. Иегъовӕ Осийы уылты дзуры: «Цы дын кӕнон, о, Ефрем? Цы дын кӕнон, о, Иудӕ? Уымӕн ӕмӕ дӕ адӕмы ӕнувыд уарзт райсомы мигъӕй уӕлдай куы нӕу ӕмӕ, сӕумӕйӕ чи ӕрбайсӕфы, уыцы ӕртахӕй хъауджыдӕр» (Оси 6:4). Куыд мӕгуыр уавӕры уыд Хуыцауы адӕмы уырнындзинад! Ӕнувыд уарзтӕн сӕм, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ кой дӕр нал уыд – райсомы мигъ хуры скастӕй куыд ӕрбайсӕфы, афтӕ сын фесӕфт. Кӕд адӕм цӕстмӕ фӕсмон кодтой, уӕддӕр сын Иегъовӕ цӕй тыххӕй ныххатыр кодтаид, уый нӕ уыд. Цӕуылнӕ?

7 Израилӕгтӕ зӕрдӕйӕ нӕ фӕсмон кодтой. Иегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ йӕ адӕмӕй кӕй нӕ рухс кодта, уый фӕдыл Осийы 7:14 дзырдӕуы: «Ӕххуысмӕ мӕм зӕрдӕйӕ нӕ дзырдтой, кӕд сӕ хуыссӕнты хъӕрзыдтой, уӕддӕр». Дарддӕр 16 стихы кӕсӕм: «Уыдон-иу раздӕхтысты, фӕлӕ уӕлейӕ цы у, уымӕ нӕ». О, адӕмы, «уӕлейӕ цы у, уымӕ», ома Иегъовӕйы сыгъдӕг динмӕ здӕхын нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ сӕ уӕд хъуыди сӕ цард аивын, цӕмӕй сӕ ахастытӕ йемӕ фӕхуыздӕр уыдаиккой. Уӕдӕ сӕ ӕцӕг нӕ фӕндыд Хуыцауимӕ цӕуын.

8 Израилӕгтӕн ма сӕ фӕсмоны ноджыдӕр цыдӕр нӕ фаг кодта. Адӕм сӕ тӕригъӕдджын митӕ нӕ уагътой – цы нӕ кодтой, ахӕм нӕ уыд: сайдтой, мардтой, стыгътой, мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ ӕндӕр адӕмтимӕ бадзырдтӕ кодтой. Осийы 7:4 адӕм барст цӕуынц «пецимӕ», ӕвӕццӕгӕн, сӕ тӕригъӕдджын монцтӕ сӕ мидӕг пиллон артау кӕй сыгъдысты, уый тыххӕй. Сӕ уырнындзинад ахӕм мӕгуыр уавӕры кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хатыры аккаг уыдысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Оси мӕнгард адӕмӕн дзуры, Иегъовӕ сын кӕй «ӕрымысдзӕн сӕ рӕдыдтытӕ» ӕмӕ «йӕ хъус кӕй ӕрдардзӕн сӕ тӕригъӕдтӕм» (Оси 9:9). Уыдонӕн ныххатыргӕнӕн нӕ уыд!

9. Осийы ныхӕстӕ нӕ фӕсмон ӕмӕ хатырдзинады тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

9 Осийы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ, фӕсмон ӕмӕ хатырдзинады тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мӕнгард ӕнӕхуыцау израилӕгты цӕвиттон нӕ ахуыр кӕны иу хъуыддагыл: цӕмӕй нын Иегъовӕ ныххатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм. Ахӕм фӕсмондзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы? Иегъовӕйы зӕрдӕ цӕссыгтӕй кӕнӕ та ӕрмӕст ныхӕстӕй балхӕнӕн нӕй. Адӕймаг ӕцӕгдӕр кӕй фӕсмон кӕны, уый хъуамӕ бӕрӕг уа йӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕвзӕргӕнӕг цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ныууадза ӕмӕ йӕ цард аива Иегъовӕйы сыгъдӕг дины хӕрзӕгъдау уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.

Айдагъ нывӕндтӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарӕн нӕй

10, 11. Израилы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй айдагъ нывӕндтӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарӕн цӕуылнӕ ис?

10 Ныр та ӕрдзурӕм, Иегъовӕимӕ цӕуынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, уыцы зондзонӕнтӕй дыккагыл: айдагъ нывӕндтӕй Хуыцауы зӕрдӕ ссарӕн нӕй. Осийы 6:6 дзырдӕуы: «Нывӕндтӕй нӕ, фӕлӕ ӕнувыд уарзтӕй райы [Иегъовӕйы] зӕрдӕ; артыл мын ӕнӕхъӕнӕй кӕй судзут, уыцы кувинӕгтӕй мын ӕхсызгондӕр уыдзӕн, Хуыцауы куы зонат, уый». Дӕ хъус ма ӕрдар, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй цӕуынц, ӕнувыд уарзт – зӕрдӕйӕ цӕуӕг миниуӕг – ӕмӕ йӕ кӕй зонӕм, уый. Чи зоны дӕм дис фӕкӕса: «Ацы стихы афтӕ фыст цӕмӕн ис, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы зӕрдӕ нӕ райы «нывӕндтӕ» ӕмӕ «ӕнӕхъӕнӕй кӕй судзынц, уыцы кувинӕгтӕй»? Моисейы Закъон уыдӕттӕ нӕ домдта?»

11 Нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтӕ Закъонмӕ гӕсгӕ хӕссын хъуыди, фӕлӕ Осийы ӕмдуггӕгтӕ уыцы ахсджиаг хъуыддаг бынтон раст нӕ кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм кувинӕгтӕ израилӕгтӕй чидӕртӕ сӕхицӕн ӕрмӕст хӕсыл нымадтой ӕмӕ сӕ хастой адӕмы цӕстмӕ. Фӕлӕ сӕ тӕригъӕдджын митӕ дӕр нӕ уагътой. Афтӕмӕй бӕрӕг уыди, сӕ зӕрдӕты ӕнувыд уарзтӕн йӕ кой дӕр кӕй нӕй, уый. Стӕй ма сӕ цардӕй дӕр зынди, Хуыцауы кӕй нӕ зыдтой. Кӕд адӕм сыгъдӕгзӕрдӕ нӕ уыдысты ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард нӕ кодтой, уӕд цымӕ сӕ нывӕндтӕн исты аргъ уыди? Иегъовӕ Хуыцауӕн сӕ нывӕндтӕ уыдысты ӕлгъаг.

12. Абоны адӕмӕн Осийы 6:6 ныхӕстӕ зӕрдылдаринаг цӕмӕн сты?

12 Абон аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдонӕн Осийы ныхӕстӕ сты зӕрдылдаринаг. Уыдон Хуыцауӕн нывӕндтӕ хӕссынц сӕ динты кӕнонтӕм гӕсгӕ. Фӕлӕ сын сӕ дин сӕ цардыл ӕппындӕр не ’ндавы. Цымӕ ахӕм адӕм Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнынц, кӕд ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бӕлвырд базоной, уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ цӕрой ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй хизой? Афтӕ мачи хъуыды кӕнӕд, ӕмӕ ӕрмӕст дины хъуыддӕгтӕй ис Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕн. Иегъовӕ нӕ уарзы, йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ йын чи нӕ цӕры, фӕлӕ йын ӕрмӕст дины ӕгъдӕуттӕй йӕ зӕрдӕ балхӕнынмӕ чи хъавы, уыдоны (2 Тимофеймӕ 3:5).

13. Цавӕр нывӕндтӕ хӕссӕм, фӕлӕ сын цӕмӕй аргъ уа, уый тыххӕй нӕ нӕ зӕрдыл цы хъӕуы дарын?

13 Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: айдагъ нывӕндтӕй Хуыцауы зӕрдӕ ссарӕн нӕй. Раст у, абон Иегъовӕйӕн фосы нывӕндтӕ нӕ хӕссӕм. Фӕлӕ «ӕнӕрынцойӕ хӕссӕм Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд, ома Уый ном кадджынгӕнджыты дзыхы дыргъ» (Дзуттытӕм 13:15). Мах хъуамӕ, Осийы рӕстӕджы цы тӕригъӕдджын израилӕгтӕ цард, уыдоны хуызӕн ма суӕм, ӕмӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн ахӕм нывӕндтӕ куы хӕссӕм, уӕд нӕ рӕдыдтытӕ бамбӕрздзыстӕм. Мӕнӕ иу цӕвиттон. Иу ӕрыгон хо сусӕгӕй ӕнӕгъдау ми бакодта, ӕмӕ фӕстӕдӕр басаст: «Фылдӕр лӕггад кӕнын райдыдтон, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, афтӕмӕй мӕ тӕригъӕд исты хуызы сраст кӕндзынӕн, зӕгъгӕ». Афтӕ-иу кодтой хивӕнд израилӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ нын не ’ппӕлды нывонд Иегъовӕ ӕрмӕстдӕр уӕд исдзӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ хӕрзӕгъдау куы уӕм.

Иегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ куы ныууадзынц, уӕд

14. Осийы пехуымпарад нын Хуыцауы ӕнкъарӕнты тыххӕй цы дзуры?

14 Осийы чиныджы 6–9 сӕрты цы зондзонӕнтӕ ис, уыдонӕй ӕртыккаг у: Иегъовӕ цы фенкъары, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ куы ныууадзынц, уӕд. Хуыцау удыхъӕды ис куыд тыхджын, афтӕ фӕлмӕн ӕнкъарӕнтӕ дӕр. Уый фӕцин кӕны, тӕригъӕдджынтӕ сӕ рӕдыдтытыл куы ӕрфӕсмон кӕнынц, уӕд, ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кӕны. Фӕлӕ йӕ адӕм сӕ тӕригъӕдтыл куы нӕ фӕсӕттынц, уӕд сӕ карзӕй бафхӕры. Хуыцау ныл зӕрдӕбынӕй кӕй тыхсы, уымӕ гӕсгӕ йӕ цинӕн кӕрон нӕ вӕййы, йемӕ иузӕрдионӕй куы фӕцӕуӕм, уӕд. «Хӕрзаудӕн кӕны Хицау Йӕ адӕмыл» (Псалом 149:4). Фӕлӕ Хуыцау цы фӕхаты, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йыл сайдӕй куы рацӕуынц, уӕд?

15. Осийы 6:7 гӕсгӕ израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ цы ми кодтой?

15 Мӕнгард израилӕгтӕн Иегъовӕ дзуры: «Уыдон, зӕххӕй конд адӕймагау, бадзырды сӕрты ахызтысты. Уыдон мын уым ме ’ууӕнк басастой» (Оси 6:7). «Ӕууӕнк басӕттын»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд ноджы нысан кӕны «гадзрахатӕй, сайдӕй цӕуын». Уыцы дзуттаг дзырд ма ӕмбӕлы Малахийы 2:10–16, йе ’мкъайыл сайдӕй чи рацыд, уыцы израилӕгты ӕнӕууӕнк уагахаст равдисынӕн. Осийы 6:7 ацы дзырд кӕй ис, уый фӕдыл иу иртасӕн куысты дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «ӕмкъайадимӕ абарст амоны, дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дарынц, уымӕ... Дзырд цӕуы уарзондзинадыл гадзрахатӕй рацӕуыныл».

16, 17. а) Хуыцау израилӕгтимӕ цы бадзырд скодта, уымӕ цы цӕстӕй кастысты? ӕ) Нӕ зӕрдыл нӕ цы хъӕуы дарын?

16 Иегъовӕ Израилы нымадта йӕ «усыл», уыцы адӕмимӕ бадзырд кӕй скодта, уый тыххӕй. Йӕ адӕм-иу уыцы бадзырд куы фехӕлдтой, уӕд-иу цыма хӕтгӕ кодтой, афтӕ уад. Хуыцау уыди иузӕрдион мойы хуызӕн, фӕлӕ йӕ йӕ адӕм ныууагътой!

17 Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцау ныл ауды, йемӕ цӕуӕм ӕви нӕ, уӕддӕр. Хорз уаид нӕ зӕрдыл куы дариккам, «Хуыцау [кӕй] у уарзондзинад» ӕмӕ нын нӕ хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы (1 Иоанны 4:16). Рӕдыд фӕндагыл куы ацӕуӕм, уӕд Иегъовӕйы фӕхъыг кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ нал рухс кӕндзыстӕм. Уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕхи цыбӕлтӕй хизын.

Куыд у нӕ бон хорздзинад ӕркӕрдын

18, 19. Осийы 8:7 цавӕр уагӕвӕрд ис ӕмӕ уыцы уагӕвӕрд раст кӕй у, уый израилӕгтӕ сӕхиуыл куыд бавзӕрстой?

18 Ныр та ӕрныхас кӕнӕм Осийы пехуымпарады цыппӕрӕм зондзонӕныл: куыд у нӕ бон хорздзинад ӕркӕрдын. Израилӕгты ӕмӕ се ’нӕзонд, се ’нӕхъуаджы миты тыххӕй Оси фыссы: «Дымгӕ кӕй тауынц, уымӕ гӕсгӕ ӕркӕрддзысты уад» (Оси 8:7). Ам цы уагӕвӕрд ис, уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: фидӕны ныл цы ’рцӕудзӕн, уый ӕнгом баст у, абон цы аразӕм, ууыл. Ацы ныхӕсты рӕстдзинад мӕнгард израилӕгтӕ сӕхиуыл куыд бавзӕрстой?

19 Израилӕгтӕ тӕригъӕд куы арӕзтой, уӕд тыдтой ӕвзӕрдзинад. Цымӕ дарддӕр дӕр афтӕ куы кодтаиккой, уӕд ӕнӕфхӕрдӕй баззадаиккой? Уыдонӕн фыдтӕрхонӕй аирвӕзӕн нӕ уыд. Осийы 8:13 дзырдӕуы: «Уый [Иегъовӕ] сын ӕрымысдзӕн сӕ фыддзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп ӕрдомдзӕн». Осийы 9:17 кӕсӕм: «Мӕ Хуыцау сӕ йӕхицӕй аиуварс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕ хъусынц, ӕмӕ адӕмты ’хсӕн рахау-бахау кӕндзысты». Иегъовӕ израилӕгтӕй сӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп ӕрдомдзӕн. Ӕвзӕрдзинад кӕй тыдтой, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕркарстаиккой ӕвзӕрдзинад. Ӕмӕ сӕ н. э. агъоммӕ 740 азы Хуыцауы тӕрхон баййӕфта, ассирийӕгтӕ Израилы дӕсмыггаг паддзахад куы ныппырх кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты уацары куы акодтой, уӕд.

20. Израилӕгтыл цы ’рцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

20 Уыцы израилӕгтыл цы ’рцыд, уымӕй ахуыр кӕнӕм ахӕм хъуыддагыл: цы байтауӕм, уый ӕркӕрддзыстӕм. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕхи ма сайут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕ вӕййы. Цы байтауа адӕймаг, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7). Ӕвзӕрдзинад куы тауӕм, уӕд кӕрдгӕ дӕр ӕвзӕрдзинад ӕркӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, ӕнӕгъдау цард чи кӕны, уыдон кӕуинаг уавӕрмӕ ӕрцӕудзысты. Йӕ рӕдыдтытыл чи нӕ сӕтты, уыцы фыдгӕнджытӕ фӕсмойнаг фӕуыдзысты.

21. Куыд у нӕ бон хорздзинад ӕркӕрдын?

21 Уӕдӕ куыд у нӕ бон хорздзинад ӕркӕрдын? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм хуымӕтӕг цӕвиттонмӕ. Зӕхкусӕджы мӕнӕу ӕркӕрдын куы фӕнда, уӕд хъӕбӕрхор байтаудзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хъуамӕ байтауа, ӕркӕрдын ӕй цы фӕнды, уый. Афтӕ мах дӕр, хорздзинад ӕркӕрдын нӕ куы фӕнда, уӕд хъуамӕ тауӕм хорздзинад. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй хорздзинад кӕрдай: зӕрдӕзӕгъгӕ цард кӕнай абон ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм цӕрай Хуыцауы ног дунейы? Кӕд о, уӕд хъуамӕ Хуыцуаимӕ цӕугӕйӕ хорздзинад тауай ӕмӕ йын йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрай.

22. Цавӕр зондзонӕнтӕ ис Осийы чиныджы 6–9 сӕрты?

22 Осийы чиныджы 6–9 сӕртӕй мах базыдтам, Хуыцауимӕ цӕуынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, цыппар ахӕм зондзонӕны: 1) ӕцӕг фӕсмон бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй; 2) айдагъ нывӕндтӕй Хуыцауы зӕрдӕ ссарӕн нӕй; 3) Иегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ куы ныууадзынц, уӕд; ӕмӕ 4) цӕмӕй хорздзинад ӕркӕрдӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тауӕм хорздзинад. Ацы чиныджы фӕстаг фондз сӕры та нын куыд ӕххуыс кӕнынц Хуыцауимӕ цӕуынӕн?

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Зӕрдӕйӕ фӕсмон цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

• Айдагъ нывӕндтӕй нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ ссарӕн цӕуылнӕ ис?

• Хуыцау цы фенкъары, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ куы ныууадзынц, уӕд?

• Хорздзинад ӕркӕрдын нӕ куы фӕнда, уӕд цы хъуамӕ тауӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Израилы ӕнувыд уарзт райсомы мигъау ӕрбайсӕфт.

[Ныв 15 фарсыл]

Израилӕгтӕн сӕ тӕригъӕдджын монцтӕ сӕ мидӕг пиллон артау сыгъдысты.

[Ныв 16 фарсыл]

Иегъовӕ йӕ адӕмы нывӕндтӕ цӕуылнӕ иста?

[Ныв 17 фарсыл]

Цӕмӕй хорздзинад ӕркӕрдӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тауӕм хорздзинад.