Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ ныфс Хуыцауыл фидарӕй дарыс?

Дӕ ныфс Хуыцауыл фидарӕй дарыс?

Дӕ ныфс Хуыцауыл фидарӕй дарыс?

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад» (МАТФЕЙЫ 6:33, НТ).

1, 2. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр куыд бакодта ӕмӕ цӕмӕн?

ИУ ӔРЫГОН ӕфсымӕры фӕндыд, цӕмӕй ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайдтаид. Фӕлӕ йӕ куысты тыххӕй фембӕлдтӕ арӕх цухтӕ кодта. Цымӕ цы бакодта? Уый йӕ куыст ныууагъта ӕмӕ йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодта. Фӕстӕдӕр ссардта, ӕмбырды хъуыддӕгты архайын ӕй чи нӕ хъыгдардта, ахӕм куыст. Кӕд раздӕр цас ӕхца иста, ныр уыйбӕрц нал исы, уӕддӕр йӕ бинонты дарынхъом у ӕмӕ ӕмбырдӕн фылдӕр ӕххуыс кӕны.

2 Уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр цымӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Уый уавӕры ды дӕр афтӕ бакодтаис? Раппӕлинаг у, ахӕм чырыстӕттӕ бирӕ кӕй ис. Уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц Йесойы ныхӕстыл: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзысты ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр» (Матфейы 6:33, НТ). Уыцы чырыстӕттӕ сӕ ныфс дарынц ацы дунейыл нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйыл (Ӕмбисӕндтӕ 3:23, 26).

3. Исчи чи зоны цӕмӕ гӕсгӕ фӕдызӕрдыг уа, абон Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрын раст у ӕви нӕ, ууыл?

3 Уӕззау рӕстӕджыты кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, чи зоны, фӕдызӕрдыг уой, уыцы ӕфсымӕр раст бакодта ӕви нӕ, ууыл. Абон адӕмӕн сӕ иутӕ сӕ фырмӕгуырӕй цы фӕуой, уый нӕ зонынц, иннӕтӕ та сты фырхъӕздыг. Мӕгуыр бӕстӕты цӕрджытӕн сӕ фылдӕр цавӕрфӕнды куыстыл дӕр сразы уаиккой, ӕрмӕст сын цӕрын гыццыл фенцондӕр уӕд. Хъӕздыг бӕстӕты дӕр адӕм ӕппӕт амӕлттӕй архайынц, цӕмӕй иннӕтӕй фӕстейӕ мацӕмӕй баззайой, уымӕн ӕмӕ ӕргътӕ ӕмӕ ӕхца бакусыны фадӕттӕ алы хатт иухуызон нӕ вӕййынц, иу бон цы дӕсныйад хъӕуы, уый иннӕ бон нал фӕхъӕуы, хицӕуттӕ кусджытӕй фылдӕр домынц. Цӕрын афтӕ зын кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, фӕдызӕрдыг уой: «Ныр дӕр ма раст у фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын?» Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй ма ахъуыды кӕнӕм, Йесо ацы ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдта.

«Мауал мӕт кӕнут»

4, 5. Хуыцауы адӕмы ӕрвылбоны сагъӕстыл ӕгӕр мӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый Йесо куыд равдыста?

4 Йесо Галилейы ныхас кодта, уырдӕм алы рӕттӕй цы бирӕ адӕм ӕрцыд, уыдонимӕ (Матфейы 4:25). Уыцы адӕмӕй ӕрмӕст стӕмтӕ уыдысты хъӕздыг. Сӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты мӕгуыр. Фӕлӕ сӕ Йесо фӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕйраг хъӕздыгдзинад ӕмбырд кӕнын ма уа, фӕлӕ уымӕй бирӕ зынаргъдӕр цы у, уый – монон хӕзнатӕ (Матфейы 6:19–21, 24). Уый загъта: «Ма [«мауал», НД] мӕт кӕнут уӕ удыл, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, нӕдӕр уӕ буарыл, дзаума цы скӕнат. Уд стырдӕр нӕу хӕринагӕй, ӕмӕ буар – дзаумайӕ?» (Матфейы 6:25).

5 Йесойы ныхӕстӕ бирӕтӕм, чи зоны, зынӕххӕстгӕнӕн фӕкастысты. Уыдон зыдтой, ӕнӕ фыдӕбонӕй сӕ бинонты кӕй нӕ фӕдардзысты. Фӕлӕ сын Йесо сӕ хъус ӕрдардта мӕргътӕм. Мӕргъты алы бон дӕр хъӕуы хӕринаг ӕмӕ бынат, фӕлӕ сыл Иегъовӕ тыхсы. Йесо ма бацамыдта, Иегъовӕ быдырон дидинджытыл куыд тыхсы, уымӕ дӕр – уыдон афтӕ рӕсугъд сты, ӕмӕ Соломон йӕ ӕппӕт кады дӕр афтӕ хӕрзарӕзт нӕ уыд. Кӕд Иегъовӕ мӕргътыл ӕмӕ дидинджытыл афтӕ тыхсы, уӕд махыл та цас тынгдӕр тыхсдзӕн? (Матфейы 6:26–30). Йесо куыд загъта, афтӕмӕй нӕ цард (нӕ удтӕ) ӕмӕ нӕ буар бирӕ ахсджиагдӕр сты, цӕрынӕн цы хӕринаг амал кӕнӕм, ӕмӕ нӕ уӕлӕ скӕнынӕн цы дарӕс ӕлхӕнӕм, уыдӕттӕй. Не ’ппӕт хъарутӕ дӕр, нӕхи хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй ифтонг кӕныныл куы хардз кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Иегъовӕйы хъуыддӕгтӕм куы нал ӕвдӕла, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй цӕрӕм, уый ферох кодтам (Екклесиаст 12:13).

Раст цӕстӕнгас

6. а) Чырыстӕттыл цавӕр хӕс ис? ӕ) Чырыстӕттӕ сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр кӕуыл хъуамӕ дарой?

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо йӕ хъусджытӕн афтӕ нӕ дзырдта, цӕмӕй мауал кусой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой, Хуыцау сын сӕ бинонты кӕй дардзӕн, уымӕ. Суанг ма мӕргъты дӕр хъӕуы сӕхицӕн ӕмӕ сӕ цъиутӕн хӕринаг агурын. Уӕдӕ кӕд чырыстӕтты хӕрын фӕндыд, уӕд сӕ хъуыд кусын дӕр. Уыдон хъуамӕ тыхстаиккой сӕ бинонтыл. Чырыстӕттӕй лӕггадгӕнӕгӕй чи куыста кӕнӕ цагъар чи уыд, уыдон хъуамӕ зӕрдӕбынӕй куыстаиккой сӕ хицӕуттӕн (2 Фессалоникӕгтӕм 3:10–12; 1 Тимофеймӕ 5:8; 1 Петры 2:18). Апостол Павел йӕхи дарыны тыххӕй арӕх кодта цатырхуыйӕджы куыст (Куыстытӕ 18:1–4; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:9). Фӕлӕ уыцы чырыстӕттӕ сӕ ныфс сӕ куыстыл нӕ дардтой, фӕлӕ Иегъовӕйыл. Афтӕмӕй сӕ зӕрдӕты уыд, иннӕтӕн сӕ бон бамбарын кӕй нӕ уыд, ахӕм фарн. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Хицауӕй ныфсджын чи у, уый Сионы хохау нӕ сызмӕлдзӕн ӕмӕ уыдзӕн мыггагмӕ» (Псалом 124:1, МГТ).

7. Иегъовӕйыл йӕ ныфс фидарӕй чи нӕ дары, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ куыд фӕхъуыды кӕнынц?

7 Иегъовӕйыл йӕ ныфс фидарӕй чи нӕ дары, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕндӕрхуызон хъуыды кӕной. Адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕ ныфс сӕйраджыдӕр сӕ исбоныл дарынц. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уыцы зондыл аразынц, цӕмӕй се ’рыгонӕй фылдӕр тырной уӕлдӕр ахуырад райсынмӕ, зӕгъгӕ, уый фӕрцы стӕй хорз куыст ссардзысты ӕмӕ стыр мызд исдзысты. Хъыгагӕн, иуӕй-иу чырыстӕттӕн уый тынг зынаргъ слӕууыд, уымӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ айрох кодтой ӕмӕ ӕхцайы ’рдӕм фесты.

8. Чырыстӕттӕ цавӕр раст цӕстӕнгасыл хӕцынц?

8 Уӕдӕ ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ зонынц, Йесойы уынаффӕ фыццаг ӕнусӕй абон ноджы тынгдӕр кӕй хъӕуы, ӕмӕ архайынц, цардмӕ раст цӕстӕй куыд кӕсой, ууыл. Фыстадмӕ гӕсгӕ сыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныны тыххӕй сӕ кӕд бирӕ кусын хъӕуы, уӕддӕр ӕхцайы мӕтӕн сӕхи куырм кӕнын нӕ уадзынц, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ (уыдон та сӕйрагдӕр сты) нӕ рох кӕнынц (Екклесиаст 7:12).

«Мӕт макуы кӕнут»

9. Йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл чи дары, уыдоны Йесо куыд бафидар кодта?

9 Уӕлхох уацамынды Йесо адӕмы бафӕдзӕхста: «Мӕт ма [«макуы», НД] кӕнут ӕмӕ ма дзурут: „Цы хӕрӕм?“, „Цы нуазӕм?“, „Нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм?“ Ӕппӕт уыдӕттӕ муртаттӕ агурынц [«ӕппӕт тыхтӕй», НД]; сымахӕн уӕ Уӕларвон Фыд зоны, ӕппӕт уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц, уый» (Матфейы 6:31, 32, НТ). Цас ныфс нӕ уадзынц ацы ныхӕстӕ! Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ нын Йесойы ныхӕстӕ хъуыдыйаг сты. Уыдон нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц: кӕд «ӕппӕт тыхтӕй» исбон ӕмбырд кӕнӕм, уӕд нӕ зонд дӕр у «муртатты», ӕцӕг чырыстӕттимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, уыцы адӕмы зонды хуызӕн.

10. Хъӕздыг лӕг фылдӕр цы уарзта, уый йын Йесо куыд равдыста?

10 Иухатт иу тынг хъӕздыг лӕг Йесойы бафарста, зӕгъгӕ мӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрон. Йесо йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, нырма йӕ тыхы чи уыди, уыцы Закъоны домӕнтӕ. Уыцы лӕг Йесойӕн дзуапп радта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст кодтон. Ноджы ма мӕ цы бакӕнын хъӕуы?» Йесо цы загъта, уый бирӕтӕм, чи зоны, зынӕххӕстгӕнӕн фӕкаст. Зӕгъгӕ та кодта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕнаипп уай, уӕд ацу, ауӕй кӕн дӕ мулк, ратт ӕй мӕгуыртӕн, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл» (Матфейы 19:16–21, НТ). Лӕг ӕнкъардӕй фӕстӕмӕ аздӕхт, уымӕн ӕмӕ йын йӕ цард ӕнӕ йӕ хъӕздыгдзинадӕй ад дӕр нӕ кодта. Иегъовӕйы цыфӕнды тынг ма уарзтаид, уӕддӕр йӕ мулк уарзта фылдӕр.

11, 12. а) Цавӕр хъуыдыйаг ныхӕстӕ загъта Йесо хъӕздыгдзинады тыххӕй? ӕ) Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ адӕймагӕн мулчы фыдӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фӕзын уа?

11 Уыцы хабары фӕдыл Йесо ӕнӕхъӕлӕджы афтӕ бакодта: «Зын у хъӕздыгӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын... хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины иннӕрдӕм ахизын ӕнцондӕр у» (Матфейы 19:23, 24, НТ). Цымӕ Йесо уый зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ хъӕздыг адӕймаг Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бахаудзӕн? Нӕ, уымӕн ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуыцауӕн Йӕ бон ӕппӕт дӕр у» (Матфейы 19:25, 26, НТ). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕйы ӕххуысӕй уӕды рӕстӕджы хъӕздыг адӕмӕй чидӕртӕ сӕрст чырыстӕттӕ систы (1 Тимофеймӕ 6:17). Фӕлӕ Йесо уыцы диссаджы ныхӕстӕ дзӕгъӕлы нӕ загъта: фӕдзӕхсгӕ сӕ кодта.

12 Уыцы хъӕздыг лӕгау адӕймаг йӕ мулчы цӕсты кӕсын куы райдайа, уӕд ын, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕзын уа Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Уый зӕгъӕн ис, куыд хъӕздгуытӕй, афтӕ «схъӕздыг уӕвын кӕй фӕнды», уыдонӕй дӕр (1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Адӕймаг йӕ ныфс тынгдӕр йӕ исбоныл куы фӕдары, уӕд нал фембары, «ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй», уый (Матфейы 5:3, НД). Нал фӕхаты, Хуыцауы ӕххуыс дӕр ӕй кӕй хъӕуы (Дыккаг закъон 6:10–12). Чи зоны, ӕмбырды уӕлдай хъусдард домын дӕр райдайы (Иаковы 2:1–4). Фылдӕр рӕстӕг ын фӕцӕуы, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл нӕ, фӕлӕ йын йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы цы гӕнӕнтӕ ис, уыдоныл.

Архай, цӕмӕй цардмӕ раст цӕстӕй кӕсай

13. Лаодикийӕгтӕ цардмӕ цавӕр цӕстӕй кастысты?

13 Мулкмӕ раст цӕстӕй чи нӕ каст, ахӕм адӕмы къорд уыд фыццаг ӕнусы Лаодикийы ӕмбырды. Йесо сын загъта: «Ды зӕгъыс: ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын. Фӕлӕ нӕ зоныс, ды мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый». Сӕ уырнындзинад сын ахӕм тӕригъӕддаг уавӕрмӕ сӕ хъӕздыгдзинад не ’ркодта. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ сӕ ныфс дардтой Иегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ сӕ хъӕздыгдзинадыл. Уымӕ гӕсгӕ сӕ уырнындзинад уыд хъӕрмуст, гыццыл ма, ӕмӕ сӕ Йесо «сӕппӕрстаид йӕ дзыхӕй» (Раргомад 3:14–17, НТ).

14. Павел дзуттаг чырыстӕттӕй цӕй тыххӕй ӕппӕлыд?

14 Фӕлӕ ма ӕркӕсӕм ӕндӕр цӕвиттонмӕ. Павел дзуттаг чырыстӕттӕй ӕппӕлыд, фыццаг рӕстӕг сӕ куы ӕфхӕрдтой, уӕд сӕхи куыд равдыстой, уый тыххӕй. Уый загъта: «Уымӕн ӕмӕ тухӕн кодтат ахӕстытимӕ дӕр, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнӕфӕугӕ мулк кӕй ис, уый зонгӕйӕ» (Дзуттытӕм 10:34, НТ). Уыцы чырыстӕттӕ, кӕд сӕ мулкӕй ӕнӕхай фесты, уӕддӕр сӕхимӕ нӕ ныхъхъуыстой. Уӕддӕр цин кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс дардтой сӕ зынагъдӕр мулкыл, сӕ «хуыздӕр ӕмӕ... ӕнӕфӕугӕ мулкыл». Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой кодта, уый иу зынаргъ налхъуыты тыххӕй алцыдӕр куыд радта, афтӕ адон дӕр Хуыцауы Паддзахады ныфсыл фидар хӕцыдысты, цыфӕнды зынаргъ сын ма лӕууыдаид, уӕддӕр (Матфейы 13:45, 46). Цы диссаджы зондахаст сын уыд!

15. Либерийы иу хо Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты куыд сӕвӕрдта?

15 Абон дӕр бирӕтӕ кусынц ахӕм раппӕлинаг зондахастыл. Зӕгъӕм, Либерийы иу ӕрыгон хойӕн фӕзынд фадат университеты ахуыр кӕнынӕн. Уыцы бӕстӕйы уӕлдӕр ахуырмӕ чи бацӕуы, уыдонӕй фӕдзурынц, зӕгъгӕ уымӕн йӕ фидӕн арӕзт у. Фӕлӕ уыцы хо лӕггад кодта пионерӕй, ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕгӕй, ӕмӕ йӕ фӕхуыдтой рӕстӕгмӕ сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ. Уый равзӕрста «фыццаджыдӕр агурын Хуыцауы Паддзахад» ӕмӕ дарддӕр пионерӕй лӕггад кодта. Кӕдӕм ӕй снысан кодтой, уырдӕм ацыд ӕмӕ ӕртӕ мӕймӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта 21 адӕймагимӕ. Уыцы ӕрыгон хо ӕмӕ ма мингай Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фыццаджыдӕр агурынц Хуыцауы Паддзахад, кӕд сӕ бон у, ӕмӕ хорз ӕхца кусой, уӕддӕр. Ацы мулкылмард дунейы сын ахӕм зӕрдӕйы уаг цӕй фӕрцы ис? Уыдон сӕ удыхъӕды сфидар кодтой бирӕ хорз миниуджытӕ. Уӕдӕ дзы иу цалдӕрыл аныхас кӕнӕм.

16, 17. а) Цӕмӕй нӕ ныфс Иегъовӕйыл дарӕм, уый тыххӕй бонзонгӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? ӕ) Цӕмӕн нӕ хъӕуы ахуыр кӕнын Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндын?

16 Бонзонгӕдзинад. Библи дзуры: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ фӕндӕгтӕй дӕ иуыл дӕр рох ма уӕд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ къахвӕндӕгтӕ. Дӕхи цӕсты зондджын ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5–7). Иуӕй-иу хатт цыдӕр хъуыддаг саразын адӕймагмӕ раст фӕкӕсы дунейы цӕстӕй кӕсгӕйӕ (Иереми 17:9). Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстон разамынд агуры Иегъовӕйӕ (Псалом 47:15). Йе ’ппӕт фӕндӕгтыл дӕр уый бонзонгӕйӕ фӕагуры Иегъовӕйы уынаффӕ – ӕмбырды хъуыддӕгтӕ уой, ахуыры ӕви куысты, хиирхӕфсӕнтӕ уой кӕнӕ ӕндӕр исты хъуыддӕгтӕ (Псалом 72:24).

17 Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндын. Павел загъта: «Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл» (Дзуттытӕм 11:6, НТ). Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нӕм чи зоны раст кӕса ацы дунейы хорзӕхтӕй ӕххӕстӕй пайда кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Фӕлӕ нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд фыццаджыдӕр агурдзыстӕм Хуыцауы Паддзахад. Цӕй фӕрцы ис уырнындзинад фидар кӕнӕн? Иегъовӕмӕ куы ӕввахс кӕнӕм, уый фӕрцы. Уый тыххӕй та хъӕуы ӕдзухдӕр зӕрдӕбынӕй кувын ӕмӕ иудадзыг Библи ахуыр кӕнын (Псалом 1:1–3; Филиппӕгтӕм 4:6, 7; Иаковы 4:8). Паддзах Давидау махӕн дӕр нӕ бон у кувын: «Фӕлӕ ӕз Дӕуӕй ныфсджын дӕн, ӕмӕ дзурын: „Ды мӕ Хуыцау дӕ“. Цӕй бирӕ сты Дӕуӕн Дӕ хорздзинӕдтӕ» (Псалом 30:15, 20, МГТ).

18, 19. а) Ӕнувыд куы уӕм, уӕд нын уый нӕ ныфс Иегъовӕйыл куыд фидар кӕндзӕн? ӕ) Чырыстон йӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?

18 Зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм Иегъовӕйӕн. Павел Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндын сбаста ӕнувыддзинадимӕ: «Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый» (Дзуттытӕм 6:11, НТ). Иегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн. Уыцы ӕххуыс цас арӕхдӕр ӕнкъарӕм, уыйас ыл нӕ ныфс тынгдӕр дарӕм, кӕнӕм «фидар, ӕнӕфӕцудгӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ ныфс фидарӕй-фидардӕр кӕнынц (Ефесӕгтӕм 3:16–19).

19 Цӕттӕ у дӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ. Павел, цӕмӕй Йесойы фӕдыл цыдаид, уый тыххӕй йӕ къух систа, йӕ бон йӕхицӕн цы ном скӕнын уыд, ууыл. Ӕнӕмӕнгӕй, уый раст фӕндаг равзӕрста, кӕд-иу хатт хъуӕгтӕ ӕййӕфта, уӕддӕр (1 Коринфӕгтӕм 4:11–13). Иегъовӕ ӕнӕмӕт цардӕй зӕрдӕ не ’вӕры, ӕмӕ хатт йӕ лӕггадгӕнджытӕ зын уавӕрты дӕр фӕцӕрынц. Нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнынмӕ ӕмӕ нӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм, уымӕй бӕрӕг у, тынг нӕ кӕй фӕнды Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (1 Тимофеймӕ 6:6–8).

20. Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты чи ӕвӕры, уый фӕразон цӕмӕн хъуамӕ уа?

20 Фӕразондзинад. Ахуыргӕнинаг Иаков йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхста: «Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Хицауы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй» (Иаковы 5:7, НТ). Ацы тыхст дунейы фӕразон уӕм, уый тынг зын у. Мах фӕнды, цӕмӕй алцыдӕр тагъд уа. Фӕлӕ нын Павел дзуры, кӕй хъуамӕ фӕзмӕм «уырнындзинад ӕмӕ бирӕ фӕразондзинады фӕрцы зӕрдӕвӕрдӕй хайджын» чи у, уыдоны (Дзуттытӕм 6:12). Уӕдӕ Иегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Ӕнусон цард зӕххыл Дзӕнӕты ӕнхъӕлмӕ кӕсыны аккаг у!

21. а) Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд уымӕй цы ӕвдисӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

21 О, Йесойы уынаффӕ, зӕгъгӕ, фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад, царды ахады. Кӕд афтӕ кӕнӕм, уӕд ӕвдисӕм, ӕцӕгдӕр Иегъовӕйыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, ӕмӕ кӕй ӕвзарӕм, чырыстонӕн иунӕг ӕдас фӕндаг чи у, уый. Фӕлӕ ма Йесо радта ӕндӕр уынаффӕ дӕр, зӕгъгӕ, «фыццаджыдӕр агурут... [Хуыцауы] рӕстдзинад». Иннӕ статьяйӕ мах фендзыстӕм, уый уӕлдай тынгдӕр абон цӕмӕн хъӕуы.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йесо нӕ куыд разӕнгард кӕны, цӕмӕй исбонмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?

• Йесо теуа ӕмӕ судзины тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

• Цӕмӕй фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурӕм, уый тыххӕй нын цавӕр чырыстон миниуджытӕ ӕххуыс кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Йесомӕ чи хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты мӕгуыр.

[Ныв 26 фарсыл]

Хъӕздыг лӕг йӕ мулк уарзта Хуыцауӕй фылдӕр.

[Ныв 26 фарсыл]

Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой кодта, уый ӕппӕт дӕр радта иу зынаргъ налхъуытыл.

[Ныв 27 фарсыл]

Иегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн.