Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ездрӕйы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Ездрӕйы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ЕЗДРӔЙЫ чиныджы райдиан баст у Дыккаг Паралипоменоны чиныджы кӕронимӕ. Чиныджы фыссӕг, сауджын Ездрӕ, йӕ ныхас райдыдта, Персы паддзах Кир цы бардзырд радта, уымӕй: Вавилоны уацары чи уыд, уыцы иудейтӕн сӕ райгуырӕн зӕхмӕ аздӕхыны бар ис. Чиныг фӕуд кӕны уымӕй, ӕмӕ Ездрӕйы разамындӕй, ӕндӕр адӕмыхӕттытимӕ чи схӕццӕ, уыцы иудейтӕ сӕхи сыгъдӕг кӕнынц. Ӕдӕппӕтӕй чиныджы дзырд цӕуы, 70 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл – н. э. агъоммӕ 537–467 азтыл.

Ацы чиныг Ездрӕ фыссы бӕлвырд нысаны тыххӕй: цӕмӕй равдиса, Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кодта – йӕ адӕмы Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ Иерусалимы раст дин йӕ къахыл слӕууын кодта. Уымӕ гӕсгӕ, Ездрӕ фыссы сӕйраджыдӕр уыцы хъуыддагмӕ цы хауы, уыдӕттыл. Ездрӕйы чиныджы мах кӕсӕм, Хуыцауы адӕмӕн кӕд знӕгтӕ сӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр кувӕндон ногӕй кӕй сарӕзтой ӕмӕ Иегъовӕйы раст дин йӕ къахыл кӕй слӕууын кодтой. Ацы чиныджы фыст хабӕрттӕ махӕн дӕр тынг цымыдисаг сты, уымӕн ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр раст дин фидарӕй-фидардӕр кӕны. Адӕм цӕуынц ӕмӕ цӕуынц Иегъовӕйы «хохмӕ», ӕмӕ тагъд рӕстӕджы ӕгас зӕхх дӕр «байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы кады тыххӕй зонындзинӕдтӕй» (Исай 2:2, 3; Аввакум 2:14).

КУВӔНДОН НОГӔЙ АРӔЗТ ӔРЦЫД

(Ездрӕ 1:1–6:22)

Киры бардзырды фӕстӕ 50 мины бӕрц иудейы здӕхынц Иерусалиммӕ, сӕ разамонӕг – Зоровавел, кӕнӕ Шешбацар, афтӕмӕй. Ӕмӕ фыццаг цы аразынц, уый – нывондхӕссӕн йӕ раздӕры бынаты ӕвӕрынц ӕмӕ Иегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссынц.

Уый фӕстӕ аз израилӕгтӕ бындур ӕвӕрынц Иегъовӕйы хӕдзарӕн. Знӕгтӕ ӕдзухдӕр архайынц, сӕ куыст сын куыд бакъуылымпы кӕной, ууыл, ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бакодта – паддзах бардзырд радта, цӕмӕй арӕзтад ӕрлӕууын кӕной. Пехуымпартӕ Аггей ӕмӕ Захари адӕмы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй кувӕндон аразыны куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕной, кӕд сын хицӕуттӕ уый бар нал дӕттынц, уӕддӕр. Се знӕгтӕ тӕрсынц паддзах Киры ӕнӕаивгӕ бардзырды ныхмӕ ӕргом рацӕуын, ӕмӕ иудейты куыст ныкъкъуылымпы кӕныныл хинӕй архайынц. Паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ хъуыддаг сбӕрӕг кодтой ӕмӕ ссардтой «Иерусалимы Хуыцауы хӕдзары тыххӕй» Киры бардзырд (Ездрӕ 6:3). Кувӕндон аразыны куыст адарддӕр кодтой ӕмӕ хъуыддаг ӕнӕкъуылымпыйӕ кӕронмӕ ахӕццӕ.

Фарстытӕн дзуапп:

1:3–6 – Израилӕгтӕй сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхын кӕй нӕ бафӕндыд, уыдонӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ уыди? Иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, Иерусалиммӕ уымӕн нӕ раздӕхтысты, ӕмӕ цардмӕ мулчы цӕстӕй кастысты кӕнӕ та сын Иегъовӕйӕн кувыны фадат кӕй уыдис, уымӕн нӕ аргъ кодтой. Фӕлӕ уый се ’ппӕтӕй зӕгъӕн нӕ уыди. Хъуыддаг афтӕ уыд, ӕмӕ Иерусалиммӕ цӕуын хъуыди 1 600 километры, цыппар-фондз мӕйы бӕрц. Уымӕй дарддӕр, 70 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг чи уыд, уыцы зӕххы ӕрцӕрынӕн ӕмӕ дзы ногӕй хӕдзӕрттӕ аразынӕн хъуыдис бирӕ фыдӕбон. Уымӕ гӕсгӕ, кӕмӕндӕрты сӕ бон нӕ баци Иерусалиммӕ аздӕхын, се ’нӕниздзинадӕй тыхст кӕй уыдысты, ацӕргӕ кӕй уыдысты, йе та сӕ бинонты тыххӕй.

2:43 – Чи уыдысты нефинейтӕ? Нефинейтӕ израилӕгтӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй. Уыдысты цагъартӕ йе та ӕнӕуи лӕггадгӕнджытӕ кувӕндоны. Нефинейтӕм хаудысты, Йесо Навины рӕстӕджы чи цард, уыцы гаваойнӕгты байзӕддӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ, «Давид ӕмӕ кънйазтӕ левиттӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй радтой, уыдон» (Ездрӕ 8:20).

2:55 – Чи уыдысты Соломоны лӕггадгӕнджыты фырттӕ? Уыдон израилӕгтӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ лӕггад кодтой Иегъовӕйӕн, лӕвӕрд сын уыдис сӕрмагонд хӕстӕ. Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ уыдысты писыртӕ,– кувӕндоны йе та ӕндӕр ран.

2:61–63 – Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдонмӕ ма, Иегъовӕйы дзуапп базоныны тыххӕй кӕмӕй пайда кодтой, уыцы Урим ӕмӕ Туммим уыдысты? Афтӕ чи дзырдта, ӕмӕ сауджынты байзӕддӕгтӕ сты, фӕлӕ сӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъдтӕ чи не ссардта, уыдон сӕ ныхӕсты рӕстдзинад хъуамӕ сбӕлвырд кодтаиккой Урим ӕмӕ Туммимы руаджы. Ездрӕ уый тыххӕй зӕгъы куыд, гӕнӕн кӕмӕн уыд, ахӕм хабары тыххӕй. Урим ӕмӕ Туммимӕй ма уӕд кӕнӕ уый фӕстӕ кӕй пайда кодтой, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Дзуттаг таурӕгътӕм гӕсгӕ, Урим ӕмӕ Туммим фесӕфтысты, н. э. агъоммӕ 607 азы кувӕндон куы ныппырх кодтой, уӕд.

3:1 – Иегъовӕйы «раздӕры хӕдзар чи федта, уыцы зӕронд лӕгтӕ» цӕмӕн куыдтой? Уыцы нӕлгоймӕгтӕ нӕ ферох кодтой, Соломоны арӕзт кувӕндон куыд кадджын уыдис, уый. Уыимӕ абаргӕйӕ ног кувӕндоны бындур «сӕ цӕстыты ницы уыди» (Аггей 2:2, 3). Цымӕ сын бантысдзӕн кувӕндоны раздӕры кад раздахын? Сӕ зӕрдӕтӕ куыннӕ уыдаиккой саст, ӕмӕ кӕугӕ дӕр уый тыххӕй кодтой.

3:8–10; 4:23, 24; 6:15, 16 – Цал азы бахъуыди кувӕндон ногӕй саразынӕн? Кувӕндоны бындур ӕвӕрд ӕрцыд н. э. агъоммӕ 536 азы,– уый уыд, иудейтӕ Иерусалиммӕ «куы ӕрыздӕхтысты, уӕдӕй дыккаг аз». Хъуыддаг ныллӕууыд паддзах Артаксерксы рӕстӕджы, н. э. агъоммӕ 522 азы. Кувӕндон аразыны бар сын нӕ уыд н. э. агъоммӕ 520 азы онг, паддзах Дарийы хицаудзинады дыккаг азы онг. Кувӕндон арӕзт фӕци Дарийы хицаудзинады ӕхсӕзӕм азы – н. э. агъоммӕ 515 азы (Кӕс фӕлгӕт «Персы паддзӕхтӕ н. э. агъ. 537 азӕй н. э. агъ. 468 азмӕ»). Уӕдӕ кувӕндон ногӕй саразыныл бахъуыд 20 азы бӕрц.

4:8–6:18 – Ацы скъуыддзаг фыст у арамейаг ӕвзагыл. Цӕмӕн? Ацы скъуыддзаджы ис бирӕ фыстӕджытӕ – хицӕуттӕ паддзӕхтӕм кӕй фыстой, ӕмӕ сын уыдон дзуаппӕн кӕй ӕрвыстой, уыцы фыстӕджытӕ. Ездрӕ сӕ рафыста Персаг паддзахады хъуыддаджы гӕххӕттытӕй. Уыдон та фыст уыдысты арамейаг ӕвзагыл – уыцы дуджы базарадон ӕмӕ паддзахадон ӕвзагыл. Ацы рагон семитаг ӕвзагыл ма фыст сты Библийы ӕндӕр хӕйттӕ дӕр: Ездрӕ 7:12–26, Иереми 10:11 ӕмӕ Данелы 2:4–7:28.

Зондзонӕн махӕн:

1:2. Исай иу-200 азы раздӕр цы загъта, уый сӕххӕст ис (Исай 44:28). Иегъовӕйы пехуымпарӕдтӕ ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ никуы баззайынц.

1:3–6. Вавилоны чи баззад, уыцы иудейтӕй иуӕй-иутау, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн сӕ бон нӕу ӕххӕстрӕстӕг йе та, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр, йӕ бон кӕмӕн у, уыдонмӕ се ’ххуысы къух бадарынц ӕмӕ сӕ фидар кӕнынц. Стӕй ма мысайнӕгтӕ дӕр дӕттынц хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн.

3:1–6. Н. э. агъоммӕ 537 азы ӕвдӕм мӕйы (Тишри, ома сентябрь–октябрь) уацарӕй ӕрыздӕхӕг иудейтӕ сӕ фыццаг нывӕндтӕ ӕрхастой. Паддзах Навуходоносор Иерусалиммӕ бацыд н. э. агъоммӕ 607 азы фӕндзӕм мӕйы (Ав, ома июль–август) ӕмӕ сахарыл арт бафтыдта (4 Паддзахӕдты 25:8–17). Рагзагъд куыд уыд, афтӕ Иерусалимы 70-азон заууаты рӕстӕг фӕцис растдӕр йӕ афоныл (Иереми 25:11; 29:10). Иегъовӕйы Ныхас кӕддӕриддӕр сӕххӕст вӕййы.

4:1–3. Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы иузӕрдион иудейтӕ не сразы сты ӕцӕг Хуыцауы хъуыддаджы мӕнг хуыцӕуттӕн кувджытимӕ иумӕ архайын (Рацыд 20:5; 34:12). Абон дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн иннӕ динтимӕ ницавӕр иумӕйаг хъуыддӕгтӕ ис.

5:1–7; 6:1–12. Иегъовӕйӕн йӕ бон у хъуыддӕгтӕ афтӕ саразын, йӕ адӕмы пайдайӕн куыд фӕуой.

6:14, 22. Иегъовӕйы хъуыддаг зынгзӕрдӕйӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынц ӕмӕ сын арфӕ кӕны.

6:21. Уӕды рӕстӕджы иудейӕгты зӕххы чи цард, уыцы самариӕгтӕ ӕмӕ, уацарӕй чи ӕрыздӕхт ӕмӕ муртаттаг ӕгъдӕуттыл чи фӕхӕст, уыдон сӕхи цӕстӕй уыдтой, Иегъовӕйы хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый, ӕмӕ сӕ уый сразӕнгард кодта сӕ царды, цы хъуыдис, уый фӕивынмӕ. Ӕмӕ мах дӕр, Хуыцау нын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдон, зӕгъӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг, зӕрдиагӕй хъуамӕ ма ӕххӕст кӕнӕм?

ЕЗДРӔ ӔРЦЫД ИЕРУСАЛИММӔ

(Ездрӕ 7:1–10:44)

Иегъовӕйы хӕдзар ногӕй куы сарӕзтой ӕмӕ йын ӕй куы снывонд кодтой, уӕдӕй рацыд 50 азы. Нӕ эрӕйы агъоммӕ 468 аз. Ездрӕ цӕуы Вавилонӕй Иерусалиммӕ. Йемӕ кӕны, Хуыцауы адӕмӕй ма Вавилонӕй рацӕуыныл чи сразы, уыдоны, ӕмӕ хӕссы, мысайнагӕн сын цы радтой, уый. Ӕмӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд цы ’рыййӕфта Иерусалимы?

Кънйӕзтӕ дзурынц Ездрӕйӕн: «Израилы адӕм ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ нӕ рахицӕн сты ацы зӕххы адӕмтӕй ӕмӕ сӕ цъаммардзинӕдтӕй». Уый ма цы, фӕлӕ «уыцы мӕнгард хъуыддаджы адӕмы разӕй уыдысты кънйӕзтӕ ӕмӕ хицӕуттӕ сӕхӕдӕг» (Ездрӕ 9:1, 2). Ездрӕ арвы цӕфау фӕци. Фӕлӕ йӕ кънйӕзтӕ фидар кӕнынц: «Дӕхи фӕфидар кӕн ӕмӕ – архайгӕ». Ездрӕ хъуыддаг сраст кӕнынмӕ бавнӕлдта, ӕмӕ йӕм адӕм дӕр хъусынц.

Фарстытӕн дзуапп:

7:1, 7, 11 – Ацы стихты се ’ппӕты дӕр, кувӕндон аразыны куыст чи ныллӕууын кодта, уыцы Артаксерксы тыххӕй цӕуы дзырд? Нӕ. Артаксеркс у йе ӕнӕуи ном, йе та кады ном, ӕмӕ афтӕ хуынд цӕуынц Персы дыууӕ паддзахы. Сӕ иу у Барди кӕнӕ Гауматӕ, н. э. агъоммӕ 522 азы кувӕндон аразыны куыст чи ныллӕууын кодта, уый. Ездрӕ Иерусалиммӕ куы ӕрцыд, уӕды рӕстӕджы Артаксеркс та у, Даргъцонг Артаксеркс кӕй хуыдтой, уый.

7:28–8:20 – Иудейтӕй бирӕты Вавилонӕй рацӕуын ӕмӕ Ездрӕимӕ Иерусалиммӕ ацӕуын цӕуылнӕ фӕндыд? Дзуттӕгтӕй фыццаг къорд куы ӕрыздӕхт сӕ райгуырӕн зӕхмӕ, уӕдӕй кӕд 60 азӕй фылдӕр рацыд, уӕддӕр Иерусалимы бирӕ цӕрджытӕ нӕ уыд. Иерусалиммӕ ӕрыздӕхын нысан кодта зын ӕмӕ тӕссаг уавӕрты ног цард райдайын. Вавилоны хорз цард чи кодта, уыцы иудейтӕн уӕд Иерусалимы амал кӕныны фадӕттӕ нӕ уыдаид. Стӕй ма уый дӕр нӕ хъӕуы рох кӕнын, ӕмӕ Иерусалиммӕ балц тӕссаг кӕй уыд. Иерусалиммӕ ӕрыздӕхынӕн адӕймаг хъуамӕ Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндыдаид, раст диныл ӕнувыд уыдаид ӕмӕ йӕм хъуамӕ уыдаид ныфс алцыдӕр ныууадзын ӕмӕ рацӕуын. Ездрӕ дӕр ма Иегъовӕйы ныфсӕй ныфсджын кодта йӕхи. Ездрӕ адӕмы сразӕнгард кодта Иерусалиммӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ 1 500 хӕдзары,– ӕвӕццӕгӕн, 6 000 адӕймаджы,– сразы сты ууыл. Уый фӕстӕ ногӕй фӕсидтис адӕммӕ, ӕмӕ ма 38 левиты ӕмӕ 220 нефинейы дӕр сразы сты ацӕуыныл.

9:1, 2 – Иудейтӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй устытӕ кӕй кодтой, уый тӕссаг цӕмӕн уыд? Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтӕ хъуамӕ хъахъхъӕдтаиккой Иегъовӕйы раст дин, цалынмӕ Мессиа не ’рцыдаид, уӕдмӕ. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй, мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмӕй, устытӕ кӕй кодтой, уый раст динӕн ӕцӕгдӕр тӕссаг уыд – афтӕмӕй гӕнӕн уыди, ӕмӕ цадӕггай ӕппӕт Израил дӕр схӕццӕ уыдаид муртаттаг адӕмтимӕ. Сыгъдӕг дин зӕххы цъарӕй фесӕфтаид. Ӕмӕ ма уӕд Мессиа кӕмӕ ’рцыдаид? Диссаг нӕу уӕдӕ, Ездрӕ ахӕм хабар куы федта, уӕд арвыцӕфау кӕй фӕци!

10:3, 44 – Устытимӕ сывӕллӕтты дӕр цӕмӕн арвыстой? Сӕ устыты куы арвыстаиккой, ӕмӕ сывӕллӕтты та куы ныууагътаиккой, уӕд гӕнӕн уыдаид, ӕмӕ устытӕ уыдоны тыххӕй ӕрбаздӕхтаиккой. Уымӕй дарддӕр, гыццыл сабиты мады рӕвдыд фӕхъӕуы.

Зондзонӕн махӕн:

7:10. Ездрӕ лӕмбынӕг ахуыр кодта Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр арӕхстджынӕй амыдта. Уымӕй Ездрӕ махӕн фӕзминаг у. Уый-иу скуывта ӕмӕ-иу афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ сарӕзта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ. Ездрӕ тынг лӕмбынӕг хъуыста, Иегъовӕ цы дзырдта, уымӕ. Цы-иу базыдта, уымӕ гӕсгӕ-иу архайдта ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй ахуыр кодта.

7:13. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын барвӕндӕй лӕггад кӕной.

7:27, 28; 8:21–23. Иерусалиммӕ уыцы дӕргъвӕтин ӕмӕ тӕссаг балцы ацӕуыны размӕ Ездрӕ Иегъовӕйы ном ссардта, зӕрдӕбынӕй йӕм фӕкуывта. Ӕмӕ йӕхи удыл дӕр нӕ ауӕрста, Хуыцауы ном сбӕрзонд уыдаид, уый йеддӕмӕ. Уымӕй нын Ездрӕ ныууагъта диссаджы дӕнцӕг.

9:2. «Ӕрмӕст Хицауы мидӕг» агурын цардӕмбал – ацы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:39).

9:14, 15. Ӕвзӕр ӕмбӕлтты тыххӕй нӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ Иегъовӕ райгонд мауал уа.

10:2–12, 44. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи ’ркодта устытӕ, уыдон сӕрныллӕгӕй ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сӕ рӕдыд сраст кодтой. Уымӕй уыдысты фӕзминаг.

Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕны

Куыд ахсджиаг нын у Ездрӕйы чиныг! Растдӕр йӕ афоныл Иегъовӕ сӕххӕст кодта, зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕрдта, уыцы хъуыддаг: йӕ адӕмы Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ Иерусалимы раст дин йӕ къахыл слӕууын кодта. Уый нын нӕ уырнындзинад куыннӕ фидар кӕны, Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл тынгдӕр куыннӕ ӕууӕндӕм!

Цас хорз цӕвиттонтӕ ис Ездрӕйы чиныджы! Ездрӕ ӕмӕ, Иерусалиммӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕныны тыххӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд уыдысты, уымӕй фӕзминаг сты. Ацы чиныг ма ӕвдисы, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдоны уырнындзинад ӕмӕ, йӕ рӕдыдыл чи ’рфӕсмон кодта, уыдоны сӕрныллӕгдзинад. Дзырд дӕр ыл нӕй, Ездрӕ Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон бӕлвырд кӕнынц, «Хуыцауы дзырд ӕгас ӕмӕ архайӕг» кӕй у, уый (Дзуттытӕм 4:12).

[Рамкӕ/Ныв 10 фарсыл]

ПЕРСЫ ПАДДЗӔХТӔ Н. Э. АГЪ. 573 АЗӔЙ Н. Э. АГЪ. 468 АЗМӔ

Номдзыд Кир (Ездрӕ 1:1) амард н. э. агъ. 530 азы

Камбис, кӕнӕ Ахашверош (Ездрӕ 4:6) н. э. агъ. 530–522 азтӕ

Артаксеркс – Барди, кӕнӕ Гауматӕ (Ездрӕ 4:7) н. э. агъ. 522 аз* (Паддзахиуӕг кодта ӕрмӕстдӕр авд мӕйы, стӕй йӕ амардтой)

Дари I (Ездрӕ 4:24) н. э. агъ. 522–486 азтӕ

Ксеркс, кӕнӕ Ахашверош * н. э. агъ. 486–475 азтӕ (Н. э. агъ. 496–486 азты хицауиуӕг кодта Дари I иумӕ)

Даргъцонг Артаксеркс (Ездрӕ 7:1) н. э. агъ. 475–424 азтӕ

[Фиппаинаг]

^ 50 абз. Ксерксы кой Ездрӕйы чиныджы нӕй. Йӕ кой ис Есфиры чиныджы, уым хуындӕуы Ахашверош (кӕс «Сыгъдӕг Фыстад», архимандрит Макарийы тӕлмац, уыр.)

[Ныв]

Ахашверош

[Ныв 9 фарсыл]

Кир

[Ныв 9 фарсыл]

Киры цилиндрыл фыстытӕй бӕрӕг у, Кир-иу уацайрӕгты кӕй ауагъта.

[Барлӕвӕрдӕй]

Cylinder: Photograph taken by courtesy of the British Museum

[Ныв 12 фарсыл]

Ездрӕ дӕсны ахуыргӕнӕг цӕй фӕрцы сси, уый зоныс?