Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕй коммӕ кӕсыс ды – Хуыцауы ӕви адӕмы?

Кӕй коммӕ кӕсыс ды – Хуыцауы ӕви адӕмы?

Кӕй коммӕ кӕсыс ды – Хуыцауы ӕви адӕмы?

«Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм» (КУЫСТЫТӔ 5:29, НТ).

1. а) Ацы статьяйы сӕйраг стих цавӕр у? ӕ) Апостолты цӕй тыххӕй ӕрцахстой?

ИУДЕЙТЫ сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ фырмӕстӕй фыхтысты. Ахӕст лӕгтӕ цыдӕр фесты. Уыдон уыдысты Йесо Чырыстийы, цалдӕр къуыри раздӕр уӕлдӕр тӕрхондон мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахаста, уый апостолтӕ. Ныр та тӕрхондон бавнӕлдта йе ’ввахс фӕдылдзӕуджытӕм. Фӕлӕ сӕм хъахъхъӕнджытӕ куы бацыдысты, уӕд сӕ бынат разынд афтид, кӕд сӕ дуӕрттӕ ӕхгӕд уыдысты, уӕддӕр. Уыцы рӕстӕг апостолтӕ Иерусалимы кувӕндоны адӕмӕн уӕндонӕй дзырдтой Йесо Чырыстийы тыххӕй – цӕй тыххӕй сӕ ӕрцахстой, фӕстӕмӕ та уыцы куыст кодтой! Хабар уайтагъд хъахъхъӕнджыты хъустыл ӕрцыд. Уыдон атындзыдтой кувӕндонмӕ, апостолты ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ сӕ тӕрхондонмӕ бакодтой (Куыстытӕ 5:17–27).

2. Зӕд апостолтӕн цы загъта?

2 Апостолты ахӕстонӕй ракодта зӕд. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ никуыуал бафхӕрдтой? Куыннӕ ма! Фӕлӕ сӕ уый уымӕн ссӕрибар кодта, ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ хъуамӕ фехъуыстаиккой хорз хабар Йесо Чырыстийы тыххӕй. Зӕд апостолтӕн загъта, цӕмӕй «дзурой адӕмӕн ацы царды дзырдтӕ иууылдӕр» (Куыстытӕ 5:19, 20). Ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ кувӕндонмӕ куы бацыдысты, уӕд апостолты раст уыцы куыст кӕнгӕйӕ баййӕфтой – зӕды ныхас коммӕгӕсӕй ӕххӕст кодтой.

3, 4. а) Петр ӕмӕ Иоаннӕн куы загътой, цӕмӕй мауал хъусын кӕной, уӕд сын цавӕр дзуапп радтой? ӕ) Цавӕр дзуапп радтой иннӕ апостолтӕ?

3 Уыцы хъӕбатыр хъусынгӕнджытӕй дыууӕ, апостол Петр ӕмӕ Иоанн, уый размӕ дӕр уыдысты тӕрхондоны. Уӕд сын сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Иосиф Каиафӕ фидарӕй загъта: «Нӕ уын загътам мах сымахӕн фидарӕй, [Йесойы] номӕй ма ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Ӕмӕ мӕнӕ сымах байдзаг кодтат уыцы ахуырадӕй Иерусалимы» (Куыстытӕ 5:28). Каиафӕ хъуамӕ ма бадис кодтаид, Петр ӕмӕ Иоанны ногӕй тӕрхондоны кӕй федта, ууыл. Уыцы дыууӕ апостолӕн фыццаг хатт куы загътой, цӕмӕй мауал хъусын кӕной, уӕд ахӕм дзуапп радтой: «Ахъуыды кӕнут, раст у мыййаг Хуыцауы раз – Хуыцауӕй сымахмӕ тынгдӕр байхъусын? Махӕн нӕ бон нӕу цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдон нӕ дзурын». Рагзаманты цӕрӕг пехуымпар Иеремийау, Петр ӕмӕ Иоаннӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд, цы хъуыддаг сын бахӕсчындӕуыд, уый ныууадзын ӕмӕ мауал хъусын кӕнын (Куыстытӕ 4:18–20; Иереми 20:9).

4 Ныр та, ӕрмӕст Петр ӕмӕ Иоанн нӕ, фӕлӕ апостолтӕн се ’ппӕтӕн дӕр – ногӕвзӕрст Матфийы онг – уыдис фадат тӕрхондоны ӕргом сӕ хъуыды зӕгъын (Куыстытӕ 1:21–26). Бардзырд сын куы радтой, цӕмӕй мауал хъусын кӕной, уӕд уыдон дӕр фидарӕй загътой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм» (Куыстытӕ 5:29, НТ).

Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕви адӕймаджы

5, 6. Апостолтӕн тӕрхондоны бардзырд сӕ бон сӕххӕст кӕнын цӕуылнӕ уыд?

5 Апостолтӕ коммӕгӕсӕй закъӕттӕ ӕххӕст кодтой ӕмӕ ӕнӕуи афтӕ никуы бакодтаиккой, цӕмӕй тӕрхондоны бардзырд ма сӕххӕст кӕной. Фӕлӕ иунӕг адӕймагӕн дӕр, цыфӕнды хъомысджын ма уа, уый бар нӕй, ӕмӕ иннӕмӕн Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй иу дӕр фехалын кӕна. Иегъовӕ у «Ӕппӕтбӕрзонд ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ» (Псалом 82:19). Уый ӕрмӕст «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» нӕу, фӕлӕ ма Сӕйраг Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ ӕнусты Паддзах дӕр. Уӕдӕ тӕрхондоны уынаффӕтӕй искӕцы Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй иуы ныхмӕ дӕр куы уа, уӕд ын йӕ цӕсты ӕппындӕр ницы тых ис (Уӕвынад 18:25; Исай 33:22).

6 Ацы хъуыддаг ӕмбӕрстой зындгонддӕр юристтӕй иуӕй-иутӕ. Зӕгъӕм, XVIII ӕнусы хъуыстгонд англисаг тӕрхонгӕнӕг Уильям Блэкстон фыста, зӕгъгӕ, адӕмы закъӕттӕ хъуамӕ ма уой, Библийы цы «раргомады закъон» ис, уый ныхмӕ. Фӕлӕ Синедрион йӕхимӕ ӕгӕр бирӕ бартӕ райста, апостолты хъусын кӕнын куы нал уагъта, уӕд. Апостолтӕн уыцы бардзырд сӕххӕст кӕнын сӕ бон нӕ уыд.

7. Апостолты хъусын кӕныны хъуыддагмӕ хистӕр сауджынтӕ цӕмӕн мӕсты кодтой?

7 Апостолтӕм сӕ хъусын кӕныны хъуыддаг уадзыны фӕнд кӕй нӕ уыд, ууыл хистӕр сауджынтӕ тынг смӕсты сты. Кӕцыдӕртӕ сӕ, уыдонимӕ Каиафӕ йӕхӕдӕг дӕр, уыдысты саддукейтӕ ӕмӕ райгасдзинадыл не ’ууӕндыдысты (Куыстытӕ 4:1, 2; 5:17). Апостолтӕ та фидарӕй дзырдтой, Йесо мӕрдтӕй кӕй райгас. Уымӕй уӕлдай ма хистӕр сауджынтӕй иуӕй-иутӕ сӕ уд хъардтой Ромы хицӕутты зӕрдӕ балхӕныныл. Йесойыл куы тӕрхон кодтой, уӕд Пилат уыцы сауджынтӕн фадат радта, цӕмӕй йӕ сӕ паддзахыл банымадтаиккой, фӕлӕ уыдон афтӕ сызнӕт сты, ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Кесӕры йеддӕмӕ махӕн нӕй паддзах» (Иоанны 19:15) *. Апостолтӕ ӕрмӕст уый нӕ дзырдтой, Йесо райгас, зӕгъгӕ, фӕлӕ ма йӕ номы тыххӕй дӕр амыдтой, ома «нӕй арвы бын ӕндӕр ном, адӕймӕгтӕн лӕвӕрд, кӕцыйӕ ӕмбӕлдаид махӕн фервӕзын» (Куыстытӕ 2:36; 4:12). Сауджынтӕ тарстысты, адӕм райгасуӕвӕг Йесомӕ сӕ Разамонӕджы цӕстӕй кӕсын куы райдайой, уӕд ромӕгтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ иудейты разамонджытӕ ӕнӕхай фӕуыдзысты сӕ бынатӕй дӕр ӕмӕ сӕ адӕмӕй дӕр (Иоанны 11:48).

8. Цавӕр хорз уынаффӕ радта Гамалиил Синедрионӕн?

8 Хъуыддӕгтӕ куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолтӕм разӕй хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ сӕ сфӕнд кодтой амарын (Куыстытӕ 5:33). Фӕлӕ хабӕрттӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цӕхгӕр фӕивтой. Гамалиил, Закъоны дӕсны, сыстад ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн загъта, цӕмӕй ма тагъд кӕной. Уый сын бамбарын кодта: «Кӕд сӕ хъуыддаг адӕймагӕй аразгӕ у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн. Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын». Стӕй загъта иу ахсджиаг хъуыды: «Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй ма суат Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ» (Куыстытӕ 5:34, 38, 39, НТ).

9. Апостолты куыст Хуыцауӕй кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

9 Диссаг, фӕлӕ Синедрион Гамалиилы ныхасыл сразы. Ӕмӕ «фӕдзургӕйӕ Апостолтӕм, фӕнадтой уыдоны, бафӕдзӕхстой уыдонӕн цӕмӕй ма дзурой Йесойы номы тыххӕй, ӕмӕ сӕ ауагътой». Фӕлӕ апостолтӕ ӕппындӕр нӕ фӕтарстысты, фӕндфидар уыдысты дарддӕр дӕр кӕй ӕххӕст кӕндзысты, зӕд сын цы бафӕдзӕхста, уый – хъусын кӕндзысты. Уӕдӕ сӕ куы суӕгъд кодтой, уӕд «алыбон кувӕндоны ӕмӕ хӕдзӕртты ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:40, 42). Иегъовӕ сын сӕ архайдӕн раарфӕ кодта. Куыд? «Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Иерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл». Уымӕй уӕлдай ма «сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл» (Куыстытӕ 6:7, НТ). Хистӕр сауджынтӕ дисы куыннӕ бахаудаиккой! Тынгӕй-тынгдӕр бӕрӕг кодта, апостолты куыст ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй кӕй уыд!

Хуыцауы ныхмӕ цӕуджытӕ ӕнтыстджын нӕ уыдзысты

10. Каиафӕ йӕ бынатӕн цӕуылнӕ тарсти, фӕлӕ йӕ ныфс дзӕгъӕлы цӕмӕн уыди?

10 Фыццаг ӕнусы иудейты хистӕр сауджынты нысан кодтой Ромы хицӕуттӕ. Иосиф Каиафӕйы, бонджын лӕджы, хистӕр сауджынӕй сӕвӕрдта Валерий Грат, ӕмӕ уыцы бынаты уымӕй фылдӕр ничи фӕци. Каиафӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕлдта, ӕмӕ уый йӕ къухы Хуыцауы фӕндӕй нӕ, фӕлӕ йӕ дзырдарӕхстдзинады ӕмӕ, Пилатимӕ лымӕн кӕй уыдис, уый фӕрцы бафтыд. Куыд фӕнды ма уыдаид, уӕддӕр рабӕрӕг, адӕймӕгтыл йӕ ныфс дзӕгъӕлы кӕй дардта. Апостолтӕ Синедрионы раз куы ӕрлӕууыдысты, уымӕй ӕртӕ азы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ Каиафӕйӕ Ромы хицӕуттӕ разы нал уыдысты, ӕмӕ йӕ хистӕр сауджыны бынатӕй систой.

11. Понтий Пилатӕн ӕмӕ иудейаг цардӕвӕрдӕн сӕ кӕрон цӕмӕ ’рцыд ӕмӕ уымӕй цавӕр хатдзӕг скодтай?

11 Луций Вителлий, Сирийы хицау ӕмӕ Пилат кӕй дӕлбар уыд, уый бардзырд радта, цӕмӕй Каиафӕйы йӕ бынатӕй сисой, ӕмӕ йын йе ’ввахс хӕлар Пилаты бон дӕр нал сси баххуыс кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма, Каиафӕйы куы раппӕрстой, уымӕй иу аз фӕстӕдӕр Пилатӕн йӕхи дӕр систой ӕмӕ йӕм Роммӕ фӕсидтысты, цӕмӕй йӕ цы стыр хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдоны тыххӕй дзуапп радтаид. Иудейты разамонджытӕн, сӕ ныфс кесӕрыл чи дардта, уыдонӕн та ромӕгтӕ байстой сӕ бынат дӕр ӕмӕ сӕ адӕмы дӕр. Уыцы хабар ӕрцыд н. э. 70 азы, Ромы ӕфсад Иерусалим йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ Синедрионы галуанимӕ куы ныппырх кодта, уӕд. Куыд раст сты ацы ран псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Ма ӕвӕрут уӕ ныфс ӕлдӕрттыл, адӕймаджы фыртыл, кӕцымӕ нӕй ирвӕзындзинад»! (Иоанны 11:48; Псалом 145:3).

12. Йесойы хабарӕй куыд зыны, Хуыцауы коммӕ кӕсын зонды нысан кӕй у, уый?

12 Уыдонӕй уӕлдай, райгасуӕвӕг Йесо Чырыстийы та Хистӕр Сауджынӕй стыр уӕларвон кувӕндоны снысанкодтаХуыцау. Иунӕг адӕймагӕн дӕр ӕй йӕ бон нӕу йӕ бынатӕй сисын. Ӕцӕгдӕр, Йесомӕ «ис... ӕнӕивгъуыйгӕ сауджынад дӕр» (Дзуттытӕм 2:9; 7:17, 24; 9:11). Хуыцау ма Йесойы сӕвӕрдта Тӕрхонгӕнӕгӕй дӕр ӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн (1 Петры 4:5). Ахӕм бынат ын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Йесо скъуыддзаг кӕндзӕн, Иосиф Каиафӕ ӕмӕ Понтий Пилат цӕрдзысты ӕви нӕ, уый (Матфейы 23:33; Куыстытӕ 24:15).

Хуыцауы Паддзахады хъӕбатыр хъусынгӕнджытӕ абон

13. Нӕ рӕстӕджы куыд рабӕрӕг, цавӕр хъуыддаг у адӕмӕй, цавӕр та Хуыцауӕй? Кӕцӕй йӕ зоныс?

13 Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ нӕ рӕстӕджы дӕр гыццыл не сты «Хуыцауы ныхмӕ цӕуджытӕ» (Куыстытӕ 5:39). Зӕгъӕм, Германы Адольф Гитлер ард бахордта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй скуынӕг кӕндзӕн, сӕ фӕтӕгыл ӕй кӕй нӕ нымадтой, уый тыххӕй (Матфейы 23:10). Адӕмы цӕгъдынӕн цытӕ ӕрымысыди, уый фӕрцы йын уыцы хъуыддаг бакӕнынӕн бирӕ нӕ хъуыди. Нацисттӕ мингай Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ концлагертӕм арвыстой. Бирӕты дзы маргӕ дӕр акодтой. Фӕлӕ нацисттӕ нӕ басастой Ӕвдисӕнты фӕнд – ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн табу кӕнын. Стӕй сын нӕ бантыст Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕмткӕй райсгӕй фесафын. Уыцы чырыстӕттӕн сӕ хъуыддаг адӕймагӕй нӕ фӕлӕ, Хуыцауӕй уыд, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддагӕн та бауромӕн нӕй. Ӕхсай азы фӕстӕ дӕр ма, иузӕрдионӕй чи баззад ӕмӕ Гитлеры концлагертӕй удӕгасӕй чи рацыд, уыдон Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй. Гитлер ӕмӕ йӕ нацистон партийӕн та баззад ӕрмӕст йе ’гады кой (Матфейы 22:37).

14. а) Ныхмӕдзӕуджытӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл цъыф куыд калдтой ӕмӕ сын цы бантыст? ӕ) Хуыцауы адӕмы ныхмӕ афтӕ кӕй цӕуынц, уый сын ахӕм зиан ӕрхӕсдзӕн, ӕмӕ йын хос ссарӕн ма уа? (Дзуттытӕм 13:5, 6).

14 Нацистты рӕстӕджытӕй фӕстӕмӕ ма, Иегъовӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ чи тох кодта, уыдонӕн дӕр сӕ хъуыддагӕй ницы рауад. Европӕйы бӕстӕтӕй бирӕты дины ӕмӕ политикӕйы хинӕйдзаг кусджытӕ архайдтой, цӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл «тӕссаг сектӕйы» ном сбадын кӕной – раст уыцы хъуыддаджы аххосджын кодтой фыццаг ӕнусы чырыстӕтты дӕр (Куыстытӕ 28:22, НТ). Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты банымадта сектӕйыл нӕ, фӕлӕ диныл. Ныхмӕдзӕуджытӕ уый тынг хорз зонынц ӕмӕ уӕддӕр Ӕвдисӕнтыл цъыфкалӕн кӕнынц. Ахӕм мӕнг ныхӕсты тыххӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иуты сӕ куыстӕй рарвыстой, сӕ сывӕллӕтты сын скъолаты хъыгдардтой. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ азты дӕргъы кӕм ӕмбырд кодтой, уыцы бӕстыхӕйтты хицӕуттӕ старстысты ӕмӕ семӕ сӕ бадзырдтӕ фехӕлдтой. Афтӕ дӕр-иу уыдис, ӕмӕ-иу Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕмӕндӕрты ӕмбӕстаджы ӕвдисӕндартӕ нӕ радтой ӕрмӕстдӕр сӕ дины тыххӕй! Фӕлӕ Ӕвдисӕнтӕ ницӕмӕй тӕрсынц.

15, 16. Францы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый сыл куыд фӕзынд ӕмӕ сӕ хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуылнӕ уадзынц?

15 Зӕгъӕм, Францы адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ сты ӕмбаргӕ ӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй никӕмӕ кӕсынц. Фӕлӕ нӕ ныхмӕдзӕуджытӕй кӕйдӕрты дзыхӕй ахӕм закъӕттӕ рауагътой, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг фӕкъуылымпы уыдаид. Куыд фӕзынд уый Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл? Уыдон райдыдтой фылдӕр хъусын кӕнын ӕмӕ сын гыццыл нӕ бантыст (Иаковы 4:7). Ӕцӕгдӕр, ӕрмӕст ӕхсӕз мӕймӕ ацы бӕстӕйы Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдон фӕфылдӕр сты 33 проценты! Хӕйрӕг фырмӕстӕй куыннӕ хъуамӕ хӕла, Францы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хорз хабармӕ кӕй хъусынц, уый уынгӕйӕ (Раргомад 12:17). Не ’мчырыстӕтты Францы фидарӕй уырны, пехуымпар Исайы ныхӕстӕ уыдоныл дӕр кӕй ӕххӕст кӕнынц: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чи дзура, уымӕн йӕхи фӕазымджын кӕндзынӕ» (Исай 54:17).

16 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй ӕфхӕрынц, ууыл цин нӕ кӕнынц. Фӕлӕ ӕппӕт чырыстӕттӕ дӕр Хуыцауы ныхасы коммӕ кӕй кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕу, ӕмӕ афтӕ дӕр никуы бакӕндзысты, цӕмӕй цы фехъуыстой, уыдӕтты тыххӕй мауал дзурой. Уыдон архайынц сӕхи алцӕмӕй дӕр фӕзминагӕй ӕвдисыныл. Фӕлӕ Хуыцауы закъон ӕмӕ адӕймаджы закъон кӕрӕдзи ныхмӕ кӕм уой, уым хъуамӕ Хуыцауы коммӕ кӕсой.

Ма сӕ тӕрсут

17. а) Не знӕгтӕй нӕ тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы? ӕ) Цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм не ’фхӕрджытӕм?

17 Не знӕгтӕ сты тынг тӕссаг уавӕры. Уыдон тох кӕнынц Хуыцауы ныхмӕ. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, не ’фхӕрджытӕй тӕрсгӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ кувӕм уыдоны тыххӕй (Матфейы 5:44). Кӕд исчи Савлау Хуыцауы ныхмӕ у кӕй йӕ нӕ зоны, уый тыххӕй, уӕд кувӕм, цӕмӕй йын Иегъовӕ йӕ цӕстытӕ рӕстдзинадмӕ байгом кӕна (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Савл сси чырыстон апостол Павел ӕмӕ бирӕ бавзӕрста уӕды хицӕутты къухӕй. Фӕлӕ йе ’муырнджыты зӕрдыл лӕууын кодта «коммӕ кӕсын ӕмӕ сӕттын сӕргълӕуджытӕн ӕмӕ хицауадӕн, цӕттӕ уӕвын алы хорз хъуыддагмӕ, искӕйы фыдкой нӕ кӕнын [суанг се ’ппӕты карздӕр ӕфхӕрджыты фыдкой дӕр], зӕгъдӕргом нӕ уӕвын, фӕлӕ сабыр, ӕмӕ кӕнын алы фӕлмасдзинад ӕппӕт адӕймӕгтӕн» (Титмӕ 3:1, 2). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Францы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр архайынц ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ.

18. а) Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны? ӕ) Хъуыддаг цӕуыл фӕуыдзӕн?

18 Иегъовӕ пехуымпар Иеремийӕн загъта: «Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон» (Иереми 1:8). Иегъовӕ нӕ абон фӕдылзылдӕй куыд ирвӕзын кӕны? Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын радта Гамалиилы хуызӕн рӕстаг тӕрхонгӕнӕг. Кӕнӕ, чи зоны, афтӕ бакӕна, ӕмӕ гӕртамхор кӕнӕ Ӕвдисӕнты ныхмӕ чи у, ахӕм хицауы ӕнӕнхъӕлӕджы баивой ӕндӕрӕй, ӕмбаргӕдӕр адӕймагӕй. Фӕлӕ хатт Иегъовӕ йӕ адӕмы ӕфхӕрын дӕр бауадзы (2 Тимофеймӕ 3:12). Ӕмӕ нӕ кӕд ӕфхӕрын бауадзы, уӕддӕр нын алкӕддӕр тых ратты фидар фӕлӕууынӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Уӕдӕ цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, хъуыддаг цӕуыл фӕуыдзӕн, уый: Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи тох кӕны, уый тох кӕны Хуыцауы ныхмӕ, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ та никуы фӕуӕлахиз уыдзысты.

19. 2006 азы стих цавӕр у ӕмӕ абон ахсджиаг цӕмӕн у?

19 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзардзысты (Иоанны 16:33). Уымӕ гӕсгӕ, Куыстыты 5:29 (НТ) цы ныхӕстӕ ис, уыдон абоны хуызӕн ахсджиаг никуы уыдысты: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм». Уымӕн равзӕрстой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ 2006 азы стихӕн. Цӕй уӕдӕ ӕрцӕугӕ азы ӕмӕ ӕнусты дӕргъы дӕр цыфӕндыйӕ дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсӕм!

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Хистӕр сауджынтӕ цы «кесӕры» фарс рахӕцыдысты, уый уыд Ромы император Тиберий – ӕлгъаг, цӕстмӕхъус ӕмӕ лӕгмар адӕймаг. Тиберий ма хъуыстгонд уыд йе ’нӕгъдау митӕй дӕр (Данелы 11:15, 21).

Дӕ бон дзуапп раттын у?

• Апостолтӕ ныхмӕлӕудыл сӕмбӕлгӕйӕ сӕхи куыд равдыстой, уымӕй нын ныфсы хос куыд сты?

• Алкӕддӕр адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

• Нӕ ныхмӕдзӕуджытӕ ӕцӕгӕй кӕй ныхмӕ тох кӕнынц?

• Ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 15 фарсыл]

2006 азы стих уыдзӕн: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм» (Куыстытӕ 5:29, НТ).

[Ныв 13 фарсыл]

«Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм».