Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ног азы бӕрӕгбӕттӕ. Райгондӕй сӕ баззайдзынӕ?

Ног азы бӕрӕгбӕттӕ. Райгондӕй сӕ баззайдзынӕ?

Ног азы бӕрӕгбӕттӕ. Райгондӕй сӕ баззайдзынӕ?

«Амӕй фӕстӕмӕ, Чырыстийы райгуырдӕй [1700 азӕй], аз нымайын хъӕуы... январы фыццӕгӕмӕй. ...Паддзахы сахар Мӕскуыйы аргъуанты хъӕуы Хуыцаумӕ кувын, зарын ын, уый фӕстӕ... хӕдзӕртты раз... къулдуӕрты раз сфӕлындын нӕзыбӕлӕстӕй, зазбӕлӕстӕй, ӕхсӕлыйӕ ӕмӕ сӕ къалиутӕй... Январы фыццаг бон та, цины нысанӕн,– кӕрӕдзийӕн Ног азы арфӕтӕ кӕнын» (Паддзах Петр Фыццаджы бардзырдӕй «Ног аз бӕрӕг кӕныны тыххӕй»).

НОГ АЗЫ бӕрӕгбӕттӕм ды та цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Дунейы алы бӕстӕты уыцы бӕрӕгбӕттӕ райдайынц, Чырыстийы райгуырӕн боныл кӕй нымайынц, уыцы бонӕй, Цыппурс, зӕгъгӕ *. Уый фӕстӕ та – Ног азы бӕрӕгбон. Уыцы афон ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ куыстӕй ӕмӕ ахуырӕй сӕрибар кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ сын хорз фадат вӕййы сӕ рӕстӕг иумӕ арвитынӕн. Ацы бӕрӕгбӕттӕ ма хонынц «Цыппурсы бӕрӕгбӕттӕ» дӕр, уымӕн ӕмӕ уӕд бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, Чырысти адӕмы тыххӕй цы сарӕзта, ууыл ӕмӕ сӕ фӕфӕнды йӕ ном ссарын. Чи зоны, ды дӕр уыцы бӕрӕгбӕттӕ фылдӕр динимӕ бӕттыс.

Куыдфӕнды ма уа, ӕгас дунейы дӕр милуантӕ – лӕгтӕ, устытӕ, сывӕллӕттӕ – ӕнӕрхъӕцӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц уыцы рӕстӕгмӕ. Ацы аз та куыд уыдзӕн? Бӕрӕгбӕттӕй алы бинонтӕн дӕр сӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕн? Хуыцауы зӕрдӕ та? Чи зоны, уӕ бинонтӕ дӕр фӕнд кӕнынц уыцы бӕрӕгбӕттӕ иумӕ арвитын. Куыд хъуыды кӕныс, райгондӕй сӕ баззайдзыстут, ӕви фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстут?

Ацы бӕрӕгбӕттӕ динимӕ чи бӕтты, уыдонӕй бирӕтӕ уынынц, адӕм Цыппурс ӕмӕ Ногбон куыд фӕбӕрӕг кӕнынц, уым чырыстон ӕгъдауӕн йӕ кой дӕр кӕй нӕ вӕййы. Бӕрӕгбӕттӕ сын сты ӕрмӕстдӕр уый ӕфсон, ӕмӕ лӕвӕрттӕ исой, Чырыстийы чи ӕгад кӕны, ахӕм цӕлы фынгтыл бадой, йе та ӕнӕуи сӕ бинонтимӕ рӕстӕг ӕрвитой. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ бинонтӕй исчи хӕрдӕй-нозтӕй йӕхимӕ хорз фӕкӕсы, хылкъахӕн ныхас кӕнын райдайы ӕмӕ иннӕтӕм йӕ къух дӕр сисы. Чи зоны, ды дӕр уыдтӕ ӕвдисӕн ахӕм хабӕрттӕн.

Куыд зыны, афтӕмӕй паддзах Петры рӕстӕгӕй ардӕм бирӕ ницы фӕивта. Бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы цытӕ фӕкӕнынц, ууыл бирӕтӕ сагъӕс кӕнынц. Зӕгъынц, зӕгъгӕ, уыцы бонты адӕймаг хъуамӕ йе ’ргом Хуыцаумӕ здаха, стӕй йӕ бинонтӕм ӕнгомдӕр кӕна. Иуӕй-иутӕ бӕрӕгбӕтты ӕгъдӕуттӕ фӕивыныл дӕр архайынц ӕмӕ адӕммӕ сидынц, зӕгъгӕ, кӕд Цыппурс бӕрӕг кӕнӕм, уӕд – Чырыстийы ном ссарыны тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ исты фӕивӕн ис? Ӕмӕ адӕм уымӕй Чырыстийы ӕцӕг скадджын кӕндзысты? Цымӕ хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй акӕсын нӕ хъӕуы?

Нӕ фарстытӕн дзуапп ссарыны тыххӕй, цӕй, ӕмӕ ӕркӕсӕм, Уӕрӕсейы Ног азы бӕрӕгбӕттӕ афтӕ тынг цӕмӕн уарзынц, уымӕ.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Ацы статьяты дзырд Цыппурс амоны рагон ирон бӕрӕгбонмӕ нӕ, фӕлӕ православон бӕрӕгбонмӕ, Рождество, зӕгъгӕ, дзырдуӕттӕн ӕй сӕ фылдӕр куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ.