Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ног азы бӕрӕгбӕттӕ. Цӕмӕн сӕ кӕнынц?

Ног азы бӕрӕгбӕттӕ. Цӕмӕн сӕ кӕнынц?

Ног азы бӕрӕгбӕттӕ. Цӕмӕн сӕ кӕнынц?

БИРӔТӔ ног азы бӕрӕгбӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ, сӕ хӕлӕрттимӕ сӕ рӕстӕг адджынӕн арвитой ӕмӕ афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ фенгомдӕр уой. Бирӕ ис ахӕмтӕ дӕр, уыцы рӕстӕг Йесо Чырыстийы райгуырдыл ӕмӕ, адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы сарӕзта, ууыл чи фӕхъуыды кӕны. Иннӕ бӕстӕтӕй уӕлдай, Уӕрӕсейы адӕмӕн алкӕд сӕ бон нӕ уыд Цыппурс сӕрибарӕй бӕрӕг кӕнын. Ӕнусты дӕргъы йӕ православон аргъуан бӕрӕг кодта, фӕлӕ XX ӕнусы уый бар алкӕд нӕ уыд. Афтӕ цӕмӕн рауад?

1917 азы Октябры революцийы фӕстӕ Советон хицауад ӕппӕт Уӕрӕсейы дӕр райдыдта атеизм фидар кӕнын. Хицауад «тохы бацыд» Ног азы бӕрӕгбӕтты ныхмӕ, уыимӕ Цыппурсы ныхмӕ дӕр,– сӕ кой дӕр куыд мауал уыдаид, ууыл архайдта. Бӕрӕгбӕтты фидауц – зазбӕлас ӕмӕ Митын Дада фестадысты ӕгады бынаты.

Фӕлӕ 1935 азы уавӕр цӕхгӕр фӕивта. Советон хицауад фӕстӕмӕ сфидар кодта Ног азы бӕрӕгбон, ӕмӕ та зазбӕлас ӕмӕ Митын Дада дӕр фӕзындысты – ӕцӕг, ныр алцы ӕндӕрхуызон уыд. Митын Дада та раздӕрау уӕрста лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст ныр Цыппурсмӕ нӕ, фӕлӕ Ног азмӕ. Цыппурсы зазбӕлас та фестади Ног азы зазбӕлас! Бӕрӕгбӕттӕ сӕ хуыз фӕивтой. Цыппурсы бынат Ног аз бацахста.

Ног азы бӕрӕгбӕттӕ систы ӕнӕуи бӕрӕгбӕттӕ, дины тӕваг дзы ӕппындӕр нал уыд. Ног азы зазбӕлас раздӕрау хъазӕнтӕй фӕлыстой, фӕлӕ уыцы хъазӕнтӕ динимӕ баст нал уыдысты. Ныр уыдон ӕвдыстой Советон Цӕдисы райрӕзт. Журнал «Вокруг света» фыста: «Зазбӕлас фӕлындынӕн советон дуджы алы азты цы хъазӕнтӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ фенӕн ис, коммунистон ӕхсӕнад куыд арӕзт цыдис, уый. Хуымӕтӕг тӕрхъустӕ, тӕдзынӕджы ихтӕ ӕмӕ тыппыронтӕй дарддӕр ма райдыдтой уадзын ӕндӕр хъазӕнтӕ дӕр, зӕгъӕм, ӕхснырф ӕмӕ дзӕбуг, трактортӕ. Фӕстӕдӕр та сӕ баивтой ӕндӕртӕй: шахтӕты кусджытӕ ӕмӕ космонавттӕй, нефтцъирӕнтӕ, ракетӕтӕ ӕмӕ мӕйылдзӕуджытӕй».

Цыппурсы бӕрӕгбон та цы баци? Фӕстӕмӕ йӕ сфидар кӕной, ууыл дзырд дӕр нӕ уыди. Уый нӕ, фӕлӕ дзы советон хицауад хуымӕтӕг кусгӕ бон сарӕзта. Цыппурс бӕрӕг кӕнын кӕй фӕндыд, уыдоны уый хъуыдис сусӕгӕй аразын, ӕмӕ сын тӕссаг уыди, хицауад сӕ куы базона ӕмӕ сӕ куы бафхӕра, уымӕй. Афтӕ, XX ӕнусы Уӕрӕсейы Ног азы бӕрӕгбӕттӕм динӕй ницыуал хӕццӕ кодта, ӕнӕуи бӕрӕгбӕттӕ сӕ рауад.

Ӕрӕджы цы фӕивта

1991 азы Советон Цӕдис фехӕлд. Фӕзынди фылдӕр сӕрибардзинад. Атеизм куы хъардтой, уыцы дуг аивгъуыдта. Цы ног хӕдбар бӕстӕтӕ фӕзынд, уым хицауад дин ӕмӕ аргъуанимӕ баст нал уыд. Уырнӕг адӕмӕн сӕ бон уыди сӕрибарӕй кувын. Ӕмӕ цин кодтой, Цыппурс бӕрӕг кӕныны фадат сын кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы бирӕтӕн сӕ цин бамынӕг ис. Цӕмӕн?

Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ бӕрӕгбонӕй скодтой ӕхца аразыны мадзал. Фӕсарӕнты куыд у, афтӕ Уӕрӕсейы дӕр Цыппурс амалгӕнджытӕн ӕмӕ базаргӕнджытӕн сси диссаджы фадат ӕхца бакусынӕн. Дуканиты рудзгуытӕ фӕлындынц бӕрӕгбоны хъазӕнтӕй, дуканитӕй та хъуысынц Цыппурсы номыл фӕсарӕйнаг зарджытӕ. Электричкӕты ӕмӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон бынӕтты рацу-бацу кӕнынц уӕйгӕнджытӕ се ’стыр хызынтимӕ ӕмӕ адӕмӕн хъарынц бӕрӕгбоны хъазӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр лыстӕг дзаумӕттӕ. Гъе уый дын абоны Цыппурс.

Бӕрӕгбӕттӕй базар кӕй саразынц, уый кӕд кӕмӕдӕрты ӕвзӕр нӕ кӕсы, уӕддӕр чи зоны, ӕмӕ уыдонӕн дӕр иу хабар сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы – уыцы афон бирӕтӕ фыднозт кӕй фӕкӕнынц ӕмӕ уый алыхуызон бӕллӕхтӕ кӕй расайы. Мӕскуыйы иу рынчындоны тагъд ӕххуысы кусӕг дохтыр зӕгъы: «Ног азы афон нӕм куыст къубалмӕ вӕййы: бӕрӕгбӕттӕ афтӕ никуы ацӕуынц, ӕмӕ дзы цӕфтӕ, хылтӕ, нӕдтытӕ, стӕй кардӕй цӕфтӕ ӕмӕ нӕмыгдзӕфтӕ дӕр ма уа. Уыцы хабӕрттӕн сӕ фылдӕр уый тыххӕй вӕййы, ӕмӕ бинонтӕ фӕбыцӕу вӕййынц, расыг адӕм фӕхыл вӕййынц, йе та фӕндагыл бӕллӕх ӕрцӕуы». Уӕрӕсейы зонӕдты академийы институттӕй иуы кусӕг загъта: «Ног азы афон дзӕвгар фӕфылдӕр вӕййы, нозты аххосӕй чи амӕлы, уыдоны нымӕц. Уыцы нымӕц уӕлдай стырдӕр уыд 2000 азы. Афтӕ ма фӕфылдӕр сты лӕгмӕрдтӕ ӕмӕ, йӕхи чи амардта, ахӕмтӕ дӕр».

Хъыгагӕн, Уӕрӕсейы ма уыцы хабар фыддӕр кӕны ноджы иу хъуыддаджы тыххӕй. Цӕвиттон, газет «Известия»-йы уыд статья, «Зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы дӕсӕм уӕрӕсейаг дӕр Цыппурс бӕрӕг кӕны дыууӕ хатты», зӕгъгӕ. Уым фыст уыд: «Центр „РОМИР-Мониторинг“-ы ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, 8 % ӕргом загътой, Цыппурс католикон къӕлиндармӕ гӕсгӕ дӕр кӕй бӕрӕг кӕнынц, ома 25 декабры, ӕмӕ православон къӕлиндармӕ гӕсгӕ дӕр, ома 7 январы. [...] Ӕвӕццӕгӕн, кӕмӕндӕрты ахсджиагдӕр у, сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвитыны фадат сын кӕй ис, уый, дины бӕрӕгбон нӕ, фӕлӕ» *.

Бӕрӕгбӕттӕ куыд кӕнынц, уый Чырыстийӕн кад хӕссы?

Куыд федтам, афтӕмӕй Ног азы (йе та Цыппурсы) бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы бирӕтӕ ӕнаккаг митӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕ фӕнды бӕрӕгбӕттӕ афтӕ арвитын, цӕмӕй уымӕй Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы скадджын кӕной. Адӕймаджы Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уый хорз у. Фӕлӕ Цыппурсы бӕрӕгбӕттӕ Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы зӕрдӕмӕ ӕцӕгдӕр цӕуынц? Ӕркӕсӕм ма, куыд равзӕрдысты, уымӕ.

Советон хицауад Цыппурсмӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй адӕймаг цыфӕнды ма хъуыды кӕна, уӕддӕр, «Большая советская энциклопедия» цы бӕлвырд хабӕртты кой кӕны, уыдоны ныхмӕ дзурын зын у. Уым фыст ис: «[Цыппурсы] бӕрӕгбон равзӕрд муртаттаг ӕгъдауӕй – „чи амӕлы ӕмӕ стӕй чи райгас вӕййы“, уыцы хуыцӕуттӕн табу кӕныны ӕгъдауӕй. Уӕлдай ӕнувыддӕр ыл уыдысты зӕхкусӕг адӕмтӕ, уыдон ӕрвылаз дӕр, зымӕгон хурхӕтӕны афон (21–25 декабры) бӕрӕг кодтой, ӕрдз ног цардмӕ чи хъал кодта, уыцы ирвӕзынгӕнӕг хуыцауы „райгуырд“».

Дарддӕр уыцы энциклопедийы ӕргом ӕмӕ бӕлвырдӕй дзырдӕуы: «Рагон чырыстӕттӕ Цыппурс нӕ бӕрӕг кодтой. [...] 4-ӕм ӕнусы астӕу чырыстон аргъуан архайдта Митрӕйӕн табу кӕныны ӕгъдау фесафыныл ӕмӕ уыцы дауӕгӕн табу кӕныныл баст бӕрӕгбонӕй, „ӕнӕбасӕтгӕ хуыцау-Хуры гуырӕнбонӕй“, скодта Чырыстийы райгуырды бӕрӕгбон. Цыппурс бӕрӕг кӕнын фыццаг райдыдта Ромы чырыстон ӕмбырд. Бӕрӕгбоны кой кӕм цӕуы, уыцы хабӕрттӕй ӕппӕты рагондӕр хауы 354 азмӕ. [...] 10-ӕм ӕнусы Уырысы чырыстон дин куыд парахат кодта, афтӕ парахат кодта Цыппурс дӕр, ӕмӕ сиу ис рагон славяйнаг бӕрӕгбонимӕ, фыдӕлты удтӕн табу кӕныны бонимӕ (святкӕтӕ)».

Фӕлӕ, чи зоны, бафӕрсай: «Ӕмӕ Библийӕн йӕхи мидӕг нӕй фыст, Йесо 25 декабры/​7 январы кӕй райгуырди?» Раст зӕгъгӕйӕ, нӕй. Библийы нӕй фыст, Йесо кӕд райгуырд, уый. Чырысти йӕхӕдӕг дӕр нӕ дзырдта йӕ райгуырӕн боны тыххӕй, уӕлдайдӕр та, бӕрӕг кӕнын ӕй кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Библийы руаджы ис базонӕн, Йесо афӕдзы кӕцы афон райгуырди, уый.

Матфейы Евангелийы 26 ӕмӕ 27 сӕртӕм гӕсгӕ, Йесо Чырыстийы амардтой 14 нисаны, иудейты Куадзӕны бон (н. э. 33 азы уыцы бон ӕрхауд 31 мартъимӕ). Лукайы Евангелийы та кӕсӕм, Йесо аргъуыд куы райста ӕмӕ лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл 30 азы бӕрц кӕй цыдис (Лукайы 3:21–23). Чырысти лӕггад кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг. Уымӕ гӕсгӕ, куы амарди, уӕд ыл цыди иу-33 азы ӕмӕ ӕрдӕг. 34 азы йыл сӕххӕст уыдаид н. э. 33 азы 1 октябрмӕ ’ввахс. Лука фыссы, зӕгъгӕ, Йесо куы райгуырд, уыцы афон фыййӕуттӕ «быдыры уыдысты» ӕмӕ «ӕхсӕвы хъахъхъӕдтой сӕ дзуг» (Лукайы 2:8). Фыййӕуттӕ декабры уазӕлтты сӕ дзуг ӕхсӕв быдыры нӕ дардтаиккой, уымӕй дӕр уыцы афон Вифлеемы алфамбылӕйтты мит дӕр ӕруары. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн уыди 1 октябрмӕ ’ввахс, Йесойы райгуырды бон цы афонмӕ ис ахӕссӕн, уыцы афон.

О, фӕлӕ Ног азы хабар та куыд у? Бӕлвырд у, ацы бӕрӕгбон сабырӕй кӕй нӕ ацӕуы, бирӕтӕ алы ӕнӕгъдау митӕ кӕй фӕкӕнынц. Стӕй, кӕд хицауад архайдта, цӕмӕй динимӕ баст мауал уа, уӕддӕр йӕ равзӕрд гуырысхойаг у.

Уӕдӕ, цы базыдтам, уымӕй бӕрӕг у, Цыппурс Чырыстийы тыххӕй бӕрӕг кӕнӕм, зӕгъгӕ, ахӕм ныхӕстӕ ӕппындӕр кӕй нӕ ахадынц. Ацы бӕрӕгбӕттӕ ӕхца аразыны мадзал кӕй систы ӕмӕ дзы адӕм сӕхи тынг ӕвзӕр кӕй фӕдарынц, стӕй муртаттаг чъизи ӕгъдӕуттӕй кӕй равзӕрдысты, уый дын кӕд ӕнцой нӕ дӕтты, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Цӕмӕй Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы кадджын кӕнай, уыимӕ цӕмӕй дӕ бинонтӕ ӕнгомдӕр бауой, уымӕн ис ӕндӕр, хорз амал.

Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы куыд кадджын кӕнын хъӕуы

Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, Чырысти ӕрцыд, «цӕмӕй балӕггад кӕна ӕмӕ ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Уый йӕхиуыл нӕ бацауӕрста ӕмӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи мӕлӕтмӕ радта. Уымӕ гӕсгӕ бирӕты фӕфӕнды Чырыстийы скадджын кӕнын ӕмӕ ӕнхъӕлынц, уымӕн хорз фадат кӕй сты Цыппурсы бӕрӕгбӕттӕ. Фӕлӕ куыд федтам, афтӕмӕй Цыппурс ӕмӕ Ног аз муртаттаг бӕрӕгбӕттӕй равзӕрдысты ӕмӕ Чырыстиимӕ ӕппындӕр баст не сты. Афтӕ ма, кӕд бӕрӕгбӕтты афон рӕсугъд вӕййы, уӕддӕр уыцы рӕсугъддзинадыл чидӕр йӕхицӕн ӕхца аразы. Стӕй ма бирӕтӕ, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕнаккаг митӕ дӕр фӕкӕнынц.

Уӕдӕ Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уымӕн куыд кӕнгӕ у? Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг, адӕм кӕй ӕрымысыдысты ӕмӕ Библийы ныхмӕ чи у, ахӕм ӕгъдӕуттыл нӕ хӕцдзӕн (кӕд ӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, цыма йӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнынц), фӕлӕ архайдзӕн, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы кадджын кӕнын куыд растдӕр у, уый базоныныл. Ӕмӕ цы аразын хъӕуы уый тыххӕй?

Чырысти нын йӕхӕдӕг дзуры: «Уый та у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). О, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг архайы бӕлвырд базонын, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы куыд кадджын кӕнӕн ис, уый. Стӕй, цы базоны, уымӕ гӕсгӕ цӕры афӕдз иу кӕцыдӕр афон нӕ, фӕлӕ ӕрвылбон дӕр. Ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнынц ӕмӕ сын ис ӕнусон царды ныфс.

Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕ бинонтӕ дӕр, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы Библимӕ гӕсгӕ чи кадджын кӕны, уыдонимӕ уой? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейыл милуангай бинонтӕн баххуыс кодтой Библийӕ ахсджиаг зонындзинӕдтӕ ссарынӕн. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй сымахӕн дӕр баххуыс кӕной, уӕд сӕ ӕрцагур кӕнӕ сӕм ныффысс, ацы журналы 2-аг фарсыл цы адристӕ ис, уыдонӕй иуыл.

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Кӕд бирӕ бӕстӕтӕ рагӕй рахызтысты, Григорийы къӕлиндар кӕй хонынц, уымӕ, уӕд Уӕрӕсейы та Октябры революцийы онг дӕр рӕстӕг нымадтой, Юлийы къӕлиндар кӕй хонынц, уымӕ гӕсгӕ. 1917 азы Юлийы къӕлиндар ӕмӕ Григорийы къӕлиндары ’хсӕн уыд 13 боны. 1918 азы февралы Советон хицауад дӕр рахызт Григорийы къӕлиндармӕ ӕмӕ иннӕ бӕстӕтӕ баййӕфта. Фӕлӕ православон аргъуан йӕ бӕрӕгбӕттӕ уӕддӕр нымадта Юлийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ ӕмӕ уыцы нымад схуыдта «зӕронд нымад». Уымӕ гӕсгӕ, чырыстон Цыппурс Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц 7 январы. Фӕлӕ ног нымадмӕ гӕсгӕ уый у 25 декабрь. Афтӕмӕй Уӕрӕсейы иуӕй-иутӕн сӕ бӕрӕгбӕттӕ райдайынц 25 декабры (католикон Цыппурс), адарддӕр сӕ кӕнынц 1 январы (Ног аз), уый фӕстӕ бӕрӕг кӕнынц 7 январь (православон Цыппурс) ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, 14 январь (Зӕронд Ног аз).

[Рамкӕ/Ныв 7 фарсыл]

Куыд фӕзынд Ног азы бӕрӕгбон

Гуырдзиаг православон сауджыны ныхӕстӕ

«Ног азы бӕрӕгбон равзӕрд рагон Ромы муртаттаг бӕрӕгбӕттӕй. 1 январь уыди муртаттаг хуыцау Янусы номыл бӕрӕгбон, мӕйы ном дӕр уый номӕй равзӕрд. Уыцы гуымирыйӕн уыд дыууӕ цӕсгомы, иу дзы каст размӕ, иннӕ та фӕстӕмӕ. Уый та амыдта, ивгъуыд ӕмӕ фидӕн дӕр кӕй уыны. Адӕмы уырныдта, зӕгъгӕ, кӕд 1 январыл хъазгӕ-худгӕйӕ, дзаг фынгтимӕ сӕмбӕлай, уӕд дыл ӕнӕхъӕн аз дӕр ацӕудзӕн хъӕлдзӕгӕй, амондджынӕй. Ног азы тыххӕй дӕр не ’мбӕстӕгтӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц. [...] Иуӕй-иу муртаттаг бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы адӕмы нывондӕн хастой мӕнг хуыцӕуттӕн. Иннӕты та кодтой алы цъаммар митӕ ӕмӕ дзы хӕтыдысты. Янусы бӕрӕгбоны та фырхӕрд ӕмӕ фыднозт кодтой, ныррасыг-иу сты ӕмӕ-иу чъизи митыл бафтыдысты. Ног аз куыд бӕрӕг кодтам, уый куы ’рхъуыды кӕнӕм, уӕд хъуамӕ басӕттӕм, не ’ппӕт дӕр уыцы муртаттаг бӕрӕгбон кӕй кодтам, ууыл» (Гуырдзиаг газетӕй).

[Ныв 6 фарсыл]

Митрӕйӕн табу кӕныны ӕгъдау чырыстон аргъуан йӕхирдыгонау фӕивта.

[Барлӕвӕрдӕй]

Museum Wiesbaden

[Ныв 7 фарсыл]

Фыййӕуттӕ декабры уазӕлтты сӕ дзуг ӕхсӕв быдыры нӕ дардтаиккой.