Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныр у фӕндфидарӕй архайыны рӕстӕг

Ныр у фӕндфидарӕй архайыны рӕстӕг

Ныр у фӕндфидарӕй архайыны рӕстӕг

«Уӕ дывӕндтӕй кӕдмӕ къуылых цӕудзыстут?» (3 ПАДДЗАХӔДТЫ 18:21).

1. Нӕ рӕстӕг ивгъуыд замантӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

УЫРНЫ дӕ, Иегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у? Ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библийы пехуымпарӕдтӕ Сайтаны фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонтӕ» кӕй хонынц, уый та? (2 Тимофеймӕ 3:1). Кӕд, о, уӕд ӕнӕмӕнгӕй сразы уыдзынӕ, фӕндфидарӕй архайын абон куыд хъӕуы, афтӕ кӕй никуы ма хъуыд. Никуы ма уыд, ӕмӕ уыйбӕрц адӕмы цард тӕссаг уавӕры уыдаид.

2. Паддзах Ахавы рӕстӕджы Израилы дӕсмыггаг паддзахады цы ’рцыд?

2 Н. э. агъоммӕ X ӕнусы Израилы адӕмы хъуыди тынг ахсджиаг хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын. Кӕмӕн лӕггад кӕндзысты? Паддзах Ахав йӕ муртатт ус Иезавелы зондӕй Израилы дӕсмыггаг паддзахад Ваалӕн кувыныл бафтыдта. Ваалы нымадтой тыллӕджы бардуагыл, къӕвда ӕмӕ хъӕздыг тыллӕджы тыххӕй уымӕй уыдысты бузныг. Йӕ кувджытӕй йын бирӕтӕ йӕ цыртӕн пъатӕ кодтой кӕнӕ йӕм сӕ зонгуытыл лӕугӕйӕ куывтой. Цӕмӕй сын сӕ тыллӕгӕн ӕмӕ фосы куыстӕн арфӕ кӕна, уый тыххӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ кувӕндоны хъахбӕйттимӕ ӕнӕгъдау митӕ кодтой. Уыдис ма сӕм ахӕм ӕгъдау дӕр, ӕмӕ-иу сӕ буар ныллыгтӕ кодтой (3 Паддзахӕдты 18:28).

3. Ваалӕн кувын Хуыцауы адӕмыл куыд фӕзынд?

3 Израилӕгтӕй 7 мин адӕймаджы нӕ табу кодтой уыцы мӕнг хуыцауӕн ӕмӕ нӕ бафтыдысты ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕгъатыр митыл (3 Паддзахӕдты 19:18). Иегъовӕимӕ цы бадзырд скодтой, ууыл сӕ зӕрдӕ не сивтой ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ӕфхӕрдтой. Зӕгъӕм, ус-паддзах Иезавел Иегъовӕйы пехуымпартӕй бирӕты амардта (3 Паддзахӕдты 18:4, 13). Уыцы уӕззау уавӕрты израилӕгтӕн сӕ фылдӕр раст дин мӕнг динимӕ схӕццӕ кодтой ӕмӕ сӕ фӕндыд Иегъовӕйы зӕрдӕ дӕр балхӕнын ӕмӕ Ваалы зӕрдӕ дӕр. Фӕлӕ израилӕгтӕн Иегъовӕйӕ аздӕхын ӕмӕ мӕнг хуыцауӕн лӕггад кӕнын нысан кодта раст дин ныууадзын. Иегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ уын арфӕ кӕндзынӕн, куы мӕ уарзат ӕмӕ мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд. Фӕлӕ ма сӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, зӕгъгӕ, «ӕрмӕстдӕр мӕныл иузӕрдион» куы нӕ уат, уӕд уӕ фесафдзынӕн (Дыккаг закъон 5:6–10; 28:15, 63).

4. Чырыстӕтты тыххӕй Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ цы загътой ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

4 Абон чырыстон дунейы уавӕр дӕр ахӕм у. Аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдон сӕхи чырыстӕттӕ хонынц, фӕлӕ сӕ бӕрӕгбӕттӕ, се ’гъдау ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уыдӕттӕн Библиийы ахуырӕдтимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Иезавелау, чырыстон динты кусджытӕ дӕр адӕмы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ ардауынц. Уыдон ма рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ахъаз кӕнынц хӕстытӕн ӕмӕ сты аххосджын аргъуанмӕ цӕуджытӕй бирӕ милуанты мӕлӕты. Динтӕ дунейы хицӕуттӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый Библи хоны хӕтындзинад (Раргомад 18:2, 3). Уымӕй уӕлдай чырыстон динтӕ ӕппындӕр ницӕмӕ уал дарынц ӕнӕуи хӕтындзинад дӕр, суанг ма аргъуанты кусджытӕ дӕр кӕй хӕтынц, уый дӕр. Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ апостолтӕ рагацау загътой, тынг бирӕтӕ раст динӕй кӕй аздӕхдзысты (Матфейы 13:36–43; Куыстытӕ 20:29, 30; 2 Петры 2:1, 2). Уӕдӕ миллиардӕй фылдӕр чи сты, уыцы чырыстӕттӕн сӕ кӕрон цӕмӕ ӕрцӕудзӕн? Иегъовӕйы ӕцӕг лӕггадгӕнджытыл цавӕр хӕс ис, мӕнг дин кӕй зонд дзӕгъӕл кӕны, уыцы чырыстӕтты ӕмӕ, ӕндӕр динтыл хӕст чи у, уыдоны раз? Ацы фарстытӕн бӕлвырд дзуапп ссардзыстӕм, Израилӕй Ваалы скуынӕг кӕнынмӕ цы ӕвирхъау цаутӕ ӕркодтой, уыдонмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд (4 Паддзахӕдты 10:28).

Хуыцау уарзы йӕ хивӕнд адӕмы

5. Иегъовӕ йӕ хивӕнд адӕмы кӕй уарзы, уый куыд равдыста?

5 Иегъовӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон нӕ вӕййы, гадзрахатӕй йыл чи рацӕуы, уыдоны ӕфхӕрын. Уарзӕгой фыдау ӕй фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнджытӕ ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ раздӕхой (Иезекил 18:32; 2 Петры 3:9). Уый бӕрӕг у, Иегъовӕ Ахав ӕмӕ Иезавелы рӕстӕджы йӕ адӕмы бирӕ пехуымпарты уылты кӕй фӕдзӕхста, Ваалӕн кувын сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уымӕй. Уыцы пехуымпартӕй иу уыд Илиа. Рагагъоммӕ цы хус заманы тыххӕй загъд уыд, уый куы фӕцис, уӕд Илиа паддзах Ахавӕн загъта, цӕмӕй израилӕгты ӕмӕ Ваалы пехуымпарты иумӕ ӕрӕмбырд кӕна Кармилы хохыл (3 Паддзахӕдты 18:1, 19).

6, 7. а) Израилӕгтӕ Хуыцауӕй цӕмӕн аздӕхтысты, уый аххосагмӕ Илиа куыд бацамыдта? ӕ) Цы сарӕзтой Ваалы пехуымпартӕ? б) Цы сарӕзта Илиа?

6 Ӕрӕмбырд сты Иегъовӕйы пырх нывондхӕссӕны фарсмӕ – ӕвӕццӕгӕн, ӕй ныппырх кодтой Иезавелы зӕрдӕ балхӕнынӕн (3 Паддзахӕдты 18:30). Хъыгагӕн, уырдӕм цы израилӕгтӕ ӕрцыд, уыдон нӕ зыдтой, рагӕй кӕмӕ бӕллыдысты, уыцы къӕвда рауадзын Иегъовӕйы бон у ӕви Ваалы. Ваалы номӕй дзы уыд 450 пехуымпары, Иегъовӕйы номӕй та – иунӕг Илиа. Адӕмӕн цӕмӕй сӕ бӕллӕхты аххосагмӕ бацамыдтаид, уый тыххӕй сӕ Илиа бафарста: «Уӕ дывӕндтӕй кӕдмӕ къуылых цӕудзыстут?» Стӕй сын ӕргом загъта: «Кӕд Иегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд уый фӕдыл цӕут, кӕд Ваал у, уӕд та – уый фӕдыл». Цӕмӕй ӕнӕныфсхаст израилӕгты Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ дарынмӕ сразӕнгард кодтаид, уый тыххӕй сын, загъта, зӕгъгӕ, сбӕрӕг кӕнӕм, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый. Дыууӕ галы акусарт кодтой, иу Иегъовӕйӕн, иннӕ та Ваалӕн. Ӕцӕг Хуыцау хъуамӕ йӕ нывонд арты хай фӕкодтаид. Ваалы пехуымпартӕ сӕ кусӕрттаг ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ йӕм стӕй цалдӕр сахаты дӕргъы сидтысты: «О, Ваал, фехъус нӕ!». Илиа сыл худын куы райдыдта, уӕд сӕхи хуынчъытӕ кӕнынмӕ фесты, цалынмӕ сӕ туг лӕсӕнтӕ кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ, ӕмӕ сӕ хъӕлӕсы дзаг хъӕр кодтой. Фӕлӕ сын дзуапдӕттӕг нӕ уыд (3 Паддзахӕдты 18:21, 26–29).

7 Ныр ӕрлӕууыд Илаийы рад. Фыццаг уал Иегъовӕйы нывондхӕссӕн бацалцӕг кодта, уӕныджы ныууӕнгтӕ кодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл сӕвӕрдта. Стӕй загъта, цӕмӕй цыппар стыр донгарзы йедзагӕй ӕрбахӕссой ӕмӕ дон нывондыл ныккалой. Афтӕ бакодтой ӕртӕ хатты, цалынмӕ нывондхӕссӕны алыварс цы къанау скъахтой, уый донӕй нӕ байдзаг. Уый фӕстӕ Илиа скуывта: «О, Иегъовӕ, Авраамы, Исахъы ӕмӕ Израилы Хуыцау, уадз, ӕмӕ абон иууылдӕр базоной, ды кӕй дӕ Израилы Хуыцау ӕмӕ ӕз та – дӕ лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй сарӕзтон ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ. Фехъус мӕ, о, Иегъовӕ, фехъус, цӕмӕй ацы адӕм базоной, ды, Иегъовӕ, кӕй дӕ ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ сын ды дӕхӕдӕг кӕй здахыс сӕ зӕрдӕ фӕстӕмӕ» (3 Паддзахӕдты 18:30–37).

8. Хуыцау Илиайы куывд кӕй фехъуыста, уый цӕмӕй рабӕрӕг ӕмӕ пехуымпар цы сарӕзта?

8 Ӕцӕг Хуыцауӕй уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ нывондхӕссӕн ӕд нывонд ӕныхъуырдта. Уыцы арт ма аныхъуырдта суанг къанауы дон дӕр! Ахъуыды ма кӕн, израилӕгтӕ куыд фӕуыдаиккой. «Уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ загътой: „Иегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау! Иегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!“» Илиа дарддӕр дӕр фӕндфидарӕй архайдта, ӕмӕ израилӕгтӕн бардзырд радта: «Ӕрцахсут Ваалы пехуымпарты! Иу дӕр дзы ма алидзӕд!» Ваалы 450 пехуымпары амардтой Кармилы хохрӕбын (3 Паддзахӕдты 18:38–40).

9. Ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ дарддӕр дӕр фӕлвӕрд куыд цыдысты?

9 Уыцы зӕрдылдарӕн бон, ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ, Иегъовӕ фыццаг хатт радта къӕвда (Иаковы 5:17, 18). Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, израилӕгтӕ сӕхимӕ аздӕхгӕйӕ цытӕ дзырдтаиккой. Иегъовӕ равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый! Фӕлӕ Ваалӕн кувджытӕ нӕ басастысты. Иезавел уӕддӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ӕнцад цӕрын нӕ уагъта – сӕ фӕдыл зылд (3 Паддзахӕдты 19:1, 2; 21:11–16). Уӕдӕ та Хуыцауы адӕмы иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд цыд. Цымӕ Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивдзысты, Ваалы лӕггадгӕнджытыл тӕрхоны бон куы ралӕууа, уӕд?

Фӕндфидарӕй архай

10. а) Нӕ рӕстӕджы сӕрст чырыстӕттӕ цавӕр куыст кӕнынц? ӕ) Раргомады 18:4 фыст уынаффӕмӕ байхъусын цы нысан кӕны?

10 Нӕ рӕстӕджы сӕрст чырыстӕттӕ кӕнынц, Илиа цы куыст кодта, ахӕм куыст. Дзыхы ныхасӕй ӕмӕ мыхуыр ӕрмӕджы фӕрцы, уыдон ӕппӕт адӕмты – чырыстӕтты дӕр ӕмӕ ӕндӕр дины минӕвӕртты дӕр – фӕдзӕхсынц, мӕнг дин тӕссаг кӕй у, уымӕй. Афтӕмӕй милуантӕ фӕндфидарӕй архайдтой, ӕмӕ мӕнг дин ныууагътой. Уыдон сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодтой, донаргъуыд райстой ӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ систы. О, уыцы адӕм байхъуыстой, Хуыцау мӕнг дины тыххӕй цы дзуры, уымӕ: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын куыд нӕ уат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд куыд нӕ баййафат, афтӕ» (Раргомад 18:4, НТ).

11. Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарынӕн цы хъӕуы саразын?

11 Иннӕ милуантӕн та кӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц, уӕддӕр нырма нӕ зонынц, цы аразын сӕ хъӕуы, уый. Уыдонӕй бирӕтӕ искуы иу хатт ӕрбацӕуынц чырыстон фембӕлдтӕм, зӕгъӕм, Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ кӕнӕ облӕстон конгрессы кӕцыдӕр хӕйттӕм. Уыцы адӕмӕн дзурӕм, цӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕной Илиайы ныхӕстыл: «Кӕдмӕ баддзыстут ӕмбондыл?» (3 Паддзахӕдты 18:21, «Ног англисаг Библи»). Хъуамӕ фӕстӕ ма кӕной, фӕлӕ фӕндфидарӕй архайой, цӕмӕй сӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой. Ӕнусон цардӕй ӕнӕхай куы фӕуой, уымӕй тынг тӕссаг у! (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9).

12. Цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудтой иуӕй-иу донаргъуыд чырыстӕттӕ ӕмӕ цы хъуамӕ аразой?

12 Хъыгагӕн, донаргъуыд чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой ӕмбырдтӕ цух кӕнын ӕмӕ сӕ лӕггадмӕ уазал цӕстӕй кӕсын (Дзуттытӕм 10:23–25; 13:15, 16). Кӕмӕндӕрты сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, уымӕн ӕмӕ тӕрсынц, куы сӕ бафхӕрой, уымӕй, фесты царды сагъӕстыл, бафтыдысты мулкыл кӕнӕ та адзӕгъӕл сты сӕ монцты фӕдыл. Йесо фӕдзӕхста, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй кӕйдӕрты кӕй бакъуылымпы кӕндзысты, сӕ быны сӕ кӕй фӕкӕндзысты ӕмӕ сӕ къӕппӕгау кӕй ӕрцахсдзысты (Матфейы 10:28–33; 13:20–22; Лукайы 12:22–31; 21:34–36). Уыдон хъуамӕ дывӕндтӕй къуылых ма цӕуой, фӕлӕ «ӕнувыд уой ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕной» ӕмӕ фӕндфидарӕй архайой, цӕмӕй Хуыцауӕн цы нывонддзырд радтой, уый ӕххӕст кӕной (Раргомад 3:15–19).

Мӕнг дины ӕваст сӕфт

13. Ииуй паддзахӕй сӕрст куы ӕрцыд, уӕд Израилы цы уавӕр уыд?

13 Адӕмы ныр ӕвӕстиатӕй хъӕуы фӕндфидарӕй архайын. Цӕмӕн? Уый зыны, Кармилы хохыл ӕцӕг Хуыцау чи у, уый куы рабӕрӕг, уымӕй 18 азы фӕстӕдӕр Израилы цы ӕрцыд, уыцы хабарӕй. Ваалы лӕггадгӕнджытыл Иегъовӕйы тӕрхоны бон ӕрцыд ӕваст ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы, Илиайы чи раивта, уыцы пехуымпар Елисейы заманы. Паддзах Ахавы фырт Иорам паддзахиуӕг кодта Израилы, йӕ мад Иезавел дӕр нырма уыд ӕгас. Елисей йӕ лӕггадгӕнӕджы сусӕгӕй арвыста, цӕмӕй Израилы ӕфсады сӕргълӕууӕг Ииуйы ног паддзахӕй байсӕрстаид. Уыцы рӕстӕг Ииуй хӕцыд Израилы знӕгтимӕ Галаады Рамофы, Иорданы хурӕскӕсӕн фарс. Паддзах Иорам та Изреелы Меггидойы цур дӕлвӕзы дзӕбӕх кодта йӕ хӕстон цӕфтӕ (4 Паддзахӕдты 8:29–9:4).

14, 15. Ииуйӕн цы бахӕсчындӕуыд ӕмӕ йӕ хӕсмӕ цы зӕрдӕйӕ ӕрӕвнӕлдта?

14 Иегъовӕ Ииуйӕн мӕнӕ цы загъта: «Ды хъуамӕ скуынӕг кӕнай дӕ хицау Ахавы хӕдзарвӕндаг, ӕмӕ Ӕз райсдзынӕн, Иезавелы къухӕй мард чи ӕрцыд, мӕ уыцы лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты туг ӕмӕ Иегъовӕйы ӕппӕт лӕггадгӕнджыты туг. Ахавы хӕдзарвӕндаг хъуамӕ быныскъуыд суа [...] Иезавелы та бахӕрдзысты куыйтӕ Изреелы зӕххыл ӕмӕ йӕ ныгӕнӕг нӕ уыдзӕн» (4 Паддзахӕдты 9:7–10).

15 Ииуй уыд фӕндфидар адӕймаг. Ӕнӕ айтӕ-уыйтӕй, йӕ уӕрдоны абадт ӕмӕ Изреелмӕ атындзыдта. Изреелы хъахъхъӕнӕг ӕй йӕ цыдӕй базыдта ӕмӕ паддзах Иораммӕ фӕхабар кодта. Иорам дӕр йӕ уӕрдоны абадт ӕмӕ йе ’фсады сӕргълӕууӕджы размӕ рацыд. Куы фембӕлдысты, уӕд ӕй Иорам афарста: «Фарнимӕ ӕрбацыдтӕ, Ииуй?» Ииуй йын дзуапп радта: «Цавӕр фарн хъуамӕ уа дӕ мад Иезавелы хӕтындзинадимӕ ӕмӕ йӕ бирӕ кӕлӕнтимӕ?» Паддзах Иорамӕн йӕ бон алидзын дӕр нал баци: Ииуй йӕм йӕ ӕрдын фӕцарӕзта ӕмӕ фат йӕ зӕрдӕйы ахызт (4 Паддзахӕдты 9:20–24).

16. а) Иезавелы хъахъхъӕнджытӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕр уавӕры бахаудысты? ӕ) Иегъовӕ Иезавелы тыххӕй цы загъта, уый куыд сӕххӕст?

16 Ӕвӕстиатӕй Ииуй йӕ фӕндаг сахармӕ сарӕзта. Иезавел тынг ахуырстӕй рудзынгӕй каст ӕмӕ Ииуйӕн хылкъахӕгау салам радта. Ииуй йӕ цымӕ хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодта, афтӕ ӕххуысмӕ фӕсидт: «Чи ис мемӕ? Чи?» Иезавелы ӕххуырстытӕ ныр фӕндфидарӕй архайдтой. Дыууӕ ӕви ӕртӕ хъахъхъӕнӕджы сӕ сӕртӕ рудзынгӕй радардтой. Уыцы сахат фӕлвӕрд цыд сӕ иузӕрдиондзинад. «Раппарут ӕй!»– сдзырдта сӕм Ииуй. Уыдон Иезавелыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ йӕ фӕндагмӕ раппӕрстой. Уым Ииуйы бӕхты къӕхты бын ӕмӕ уӕрдоны цӕлхыты бын йӕ мӕлӕт ссардта. Афтӕмӕй израилӕгты Ваалӕн чи кувын кодта, уый цы аккаг уыд, ахӕм мардӕй амард. Цалынмӕ йӕм ныгӕнынмӕ цыдысты, уӕдмӕ йын куыйтӕ йӕ фыдтӕ бахордтой – растдӕр развӕлгъау загъд куыд уыд, афтӕ (4 Паддзахӕдты 9:30–37).

17. Хуыцау Иезавелыл куыд стӕрхон кодта, уый нын нӕ уырнындзинад сомбоны хабӕрттыл куыд хъуамӕ фидар кӕна?

17 Ахӕм ӕвирхъау кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕндӕр хъахбаймӕ дӕр, йӕ ном – «Стыр Вавилон». Уыцы хъахбайӕ ӕвдыст цӕуынц Сайтаны дунейы мӕнг динтӕ. Уыдон равзӕрдысты рагон сахар Вавилоны. Мӕнг динӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд Иегъовӕ Хуыцау йе ’ргом аздахдзӕн, Сайтаны дунейӕ ма чи баззайа, ӕппӕт уыцы адӕмтӕм. Уыдон дӕр куынӕггонд ӕрцӕудзысты ӕмӕ райдайдзӕн рӕстаг ног дуне (Раргомад 17:3–6; 19:19–21; 21:1–4).

18. Израилӕгтӕй Ваалӕн чи лӕггад кодта, уыдоныл Иезавелы мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцыд?

18 Иезавелы мӕлӕты фӕстӕ паддзах Ииуй ӕздӕхт Ахавы байзӕддӕгтӕм, стӕй йӕ фарс чи уыд, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ ныццагъта (4 Паддзахӕдты 10:11). Фӕлӕ ма израилӕгтӕй Ваалӕн нырма бирӕтӕ куывтой. Уыдоны ныхмӕ дӕр Ииуй фӕндфидарӕй архайын райдыдта, цӕмӕй «Иегъовӕйыл куыд ӕнувыд» уыд, уый равдыстаид (4 Паддзахӕдты 10:16). Ииуй йӕхи схуыдта Ваалы лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ стыр бӕрӕгбон скодта, Ахав Ваалӕн Самарийы цы кувӕндон сарӕзта, уым. Израилы Ваалӕн чидӕриддӕр куывта, уыдон бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты. Ииуйы адӕм кувӕндоны бамбӕхстысты ӕмӕ сӕ бындзагъд фӕкодтой. Библийы ацы хабар фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Афтӕмӕй Ииуй Израилӕй Ваалы скуынӕг кодта» (4 Паддзахӕдты 10:18–28).

19. Цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм, «тынг бирӕ адӕммӕ»?

19 Ваалӕн кувыны хъуыддаг Израилы зӕххӕй ӕдуидаг срӕдывдӕуыд. Ацы дунейы мӕнг динтӕ дӕр, ӕнӕмӕнгӕй, ӕваст ӕвирхъау сӕфт фӕкӕндзысты. Кӕй фарс уыдзынӕ ды уыцы стыр тӕрхоны боны рӕстӕджы? Фӕндфидарӕй архай, ӕмӕ ды дӕр уыдзынӕ, «стыр бӕллӕхы» чи фервӕздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн. Уӕд ды дӕр фӕстӕмӕ цингӕнгӕйӕ кӕсдзынӕ ӕмӕ Иегъовӕйы кадджын кӕндзынӕ, кӕй стӕрхон кодта, «йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайыл». Иннӕ ӕцӕг лӕггадгӕнджытимӕ разы уыдзынӕ уӕларвон зарӕггӕнджыты зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕджы ныхӕстимӕ: «Аллилуйа! Дунедарӕг Хицау Хуыцау сси паддзах!» (Раргомад 7:9, 10, 14; 19:1, 2, 6, НТ).

Фарстытӕ ахъуыды кӕнынӕн

• Рагон Израил Ваалӕн кувын куыд райдыдта?

• Тынг бирӕтӕ раст динӕй кӕй аздӕхдзысты, уый тыххӕй Библийы рагацау цы загъд уыд ӕмӕ уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст?

• Ииуй Ваалӕн кувыны хъуыддаг ӕдуидаг куыд срӕдывта?

• Цӕмӕй Хуыцауы тӕрхоны бон фервӕзӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ 18 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Сохо

Афек

Хелкаф

Иокниам

Мегиддо

Фаанах

Дофан

САМАРИ

Ен-Дор

Сонам

Офра

Изреел

Ивлеам (Гаф-Риммон)

Фирца

Вефсамис

Беф-Сан

Галлады Иавис?

Авелмехола

Бет-Арбел

Галаады Рамоф

Хӕхтӕ

Кармилы хох

Фаворы хох

Море

Гелвуйы хох

[Дӕттӕ]

Зӕххастӕу денджыз

Галилейы денджыз

[Цӕугӕдон]

Иорданы цӕугӕдон

[Суадон ӕмӕ цъай]

Цъай Харод

[Барлӕвӕрдӕй]

Based on maps copyrighted by Pictorial Archive (Near Eastern History) Est. and Survey of Israel

[Ныв 20 фарсыл]

Раст дины минӕвӕрттӕ иудадзыг Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕуынц.