Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйау фӕразон ут

Иегъовӕйау фӕразон ут

Иегъовӕйау фӕразон ут

«Хицау фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл, фӕлӕ... бирӕ быхсы [«фӕразы», НД]» (2 ПЕТРЫ 3:9, НТ).

1. Цавӕр диссаджы лӕвар дӕтты Иегъовӕ адӕмӕн?

ИЕГЪОВӔ нын ахӕм цыдӕр дӕтты, ӕмӕ нын ӕй ӕндӕр никӕй бон у раттын. Уый у тынг бӕллиццаг ӕмӕ зынаргъ, фӕлӕ уымӕн нӕдӕр балхӕнӕн ис, нӕдӕр ӕй бакусӕн ис. Иегъовӕ нын лӕвар кӕны ӕнусон цард – нӕ фылдӕрӕн уый у ӕнӕкӕрон цард зӕххыл дзӕнӕты (Иоанны 3:16). Цӕй диссаг уыдзӕн уыцы цард! Сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, афтӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ цӕй тыххӕй ӕвзарӕм, уыдонӕн – хыл, фыддзинад, мӕгуырдзинад, фыдракӕндтӕ, низтӕ ӕмӕ суанг мӕлӕтӕн дӕр. Хуыцауы Паддзахады уарзӕгой разамынды фӕрцы адӕмы ’хсӕн уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Куыд тынг бӕллӕм уыцы Дзӕнӕтмӕ! (Исай 9:6, 7; Раргомад 21:4, 5).

2. Иегъовӕ нырмӕ Сайтаны фыддуне цӕуылнӕ скуынӕг кодта?

2 Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, зӕххыл Дзӕнӕт кӕд скӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Уымӕн ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ уарзы рӕстдзинад (Псалом 32:5). Иегъовӕйӕн ӕхсызгон нӕу кӕсын, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ йын чи ницӕмӕ дары кӕнӕ сӕ ныхмӕ чи у, йӕ хицауыл ӕй чи нӕ нымайы ӕмӕ йын йӕ адӕмы чи ӕфхӕры, уыцы дунемӕ. Фӕлӕ Сайтаны фыддуне нырмӕ цӕуылнӕ скуынӕг кодта, уый баст у цалдӕр хъуыддагыл. Уыдонмӕ хауынц, Дун-дунейы хицауиуӕг кӕныны бар кӕмӕн ис, уыимӕ баст фарстатӕ. Уыцы фарстатӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ Иегъовӕ ӕвдисы, абон тынг стӕм чи у, ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ миниуӕг – фӕразондзинад.

3. а) Библийы «фӕразондзинад»-ӕй цы грекъаг ӕмӕ дзуттаг дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдонӕн сӕ хъуыды цы у? ӕ) Цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Библийы уыцы грекъаг дзырд комкоммӕ нысан кӕны «уды фидардзинад» ӕмӕ йӕ арӕхдӕр тӕлмац кӕнынц дзырдтӕй «бирӕфӕразондзинад» ӕмӕ «фӕразондзинад». Дзырд «фӕразондзинад»-ӕн грекъаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгты дӕр йӕ хъуыды у быхсын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕнын. Иегъовӕйы фӕразондзинад нын цы пайда у? Иегъовӕ ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕразондзинад ӕмӕ фидардзинадӕй нӕ бон базонын цы у? Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иегъовӕйы фӕразондзинад ӕгӕрон кӕй нӕу? Цӕй ӕмӕ ацы фарстытӕм ӕркӕсӕм.

Иегъовӕйы фӕразондзинад

4. Иегъовӕйы фӕразондзинады тыххӕй апостол Петр цы ныффысста?

4 Иегъовӕйы фӕразондзинады тыххӕй апостол Петр фыста: «Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Хицауӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та – иу боны хуызӕн. Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Хицау фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл, фӕлӕ уын бирӕ быхсы [«фӕразы», НД] – фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной» (2 Петры 3:8, 9, НТ). Дӕ хъус ма ӕрдар, ам цавӕр дыууӕ сӕйраг хъуыдыйы ис. Уыдоны фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм Иегъовӕйы фӕразондзинад.

5. Иегъовӕ рӕстӕгмӕ куыд кӕсы, уый йын йӕ хъуыддӕгтыл куыд ӕндавы?

5 Фыццаг уый у, ӕмӕ Иегъовӕ рӕстӕгмӕ мах куыд кӕсӕм, афтӕ нӕ кӕсы. Райдиан ӕмӕ кӕрон кӕмӕн нӕй, уымӕн мин азы иу боны хуызӕн у. Иегъовӕйӕн рӕстӕг алцӕмӕндӕр фаг ис, фӕлӕ уӕддӕр исты саразыныл фӕстиат нӕ кӕны. Ӕгӕрон зонды хицау, уый бӕлвырд зоны, исты хъуыддаг райдайын кӕд хъӕуы, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр фӕахъаз уа, ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы уыцы рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ мах хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ныр Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбӕттӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕны. Хуыцау у «тынг тӕригъӕдгӕнаг», ӕгасӕй дӕр у уарзондзинад (Лукайы 1:78, НД; 1 Иоанны 4:8). Рӕстӕгмӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй уадзы, уый фыдӕй цытӕ бавзарӕм, уыдон йӕ бон у фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнустӕм сраст кӕнын (Псалом 36:10).

6. Хуыцауы тыххӕй куыд ма хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕуылнӕ?

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг тынг цӕмӕ фӕбӕллы, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон нӕ вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 13:12). Уымӕ гӕсгӕ, исчи йӕ ныхас сӕххӕст кӕныныл куы нӕ фӕтагъд кӕны, уӕд иннӕтӕ, чи зоны, ӕмӕ ахъуыды кӕной, зӕгъгӕ йӕ нӕ фӕнды, ӕмӕ йӕ аразгӕ дӕр уымӕн нӕ кӕны. Фӕлӕ Хуыцауӕй афтӕ хъуыды кӕнын куыд ӕнӕзонд ми уаид! Хуыцауы фӕразондзинад фӕстиат кӕныныл куы нымайӕм, уӕд рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дызӕрдыг хъуыдыты ахӕсты бахаудзыстӕм, нӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ тӕссаг уыдзӕн, нӕ уырнындзинад куы ӕрлӕмӕгъ уа, уымӕй. Ноджы тӕссагдӕр та уый у, ӕмӕ нын, гӕнӕн ис, нӕ зонд сдзӕгъӕл кӕной, Петр раздӕр кӕмӕй фӕдзӕхста, уыдон – уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уыцы фауджытӕ. Ахӕм адӕм былысчъилӕй дзурынц: «Кӕм ис Йӕ ӕрцӕуыны [«адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй уыдзӕн, уыцы», НД] зӕрдӕвӕрд? Уымӕн ӕмӕ куы райдыдтой мӕлын фыдӕлтӕ, сфӕлдисыны райдайӕнӕй, уӕдӕй нырмӕ ӕппӕтдӕр афтӕ лӕууы» (2 Петры 3:4).

7. Иегъовӕ фӕразон кӕй у ӕмӕ адӕм ӕрфӕсмон кӕной, уый йӕ кӕй фӕнды, уыдон кӕрӕдзийыл куыд баст сты?

7 Петры ныхӕсты ма ис ахӕм сӕйраг хъуыды дӕр: Иегъовӕ уымӕн фӕразы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй иууылдӕр ӕрфӕсмон кӕной. Йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ уадзын кӕй нӕ фӕнды, уый Иегъовӕйы къухӕй ӕфхӕрд баййафдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон нӕу. Уый фӕнды, адӕм куы ӕрфӕсмон кӕниккой, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзиккой ӕмӕ куы цӕриккой (Иезекил 33:11). Уӕдӕ Хуыцау растдӕр уый тыххӕй фӕразы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр ӕгас зӕххыл хорз хабар хъусын кӕнынмӕ уый тыххӕй ӕрвиты, цӕмӕй адӕмӕн фадат уа цӕрынӕн.

8. Хуыцау Израилы адӕмӕн куыд уыд, уымӕй йӕ фӕразондзинады тыххӕй цы базыдтам?

8 Иегъовӕйы фӕразондзинад ма бӕрӕг у, рагон Израилы адӕмӕн куыд уыд, уымӕй. Ӕнусты дӕргъы сын се ’гоммӕгӕсдзинадӕн быхста. Йӕ пехуымпарты уылты сӕ цал ӕмӕ цал хатты бафӕдзӕхста: «Раздӕхут уӕ фыдвӕндӕгтӕй ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ, мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнут, уӕ рагфыдӕлтӕн кӕй бафӕдзӕхстон ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты уылты кӕй ӕрвыстон, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ». Адӕм сӕхи куыд равдыстой? Хъыгагӕн, уыдон «нӕ хъуыстой» (4 Паддзахӕдты 17:13, 14).

9. Йесо дӕр йӕ Фыдау фӕразон куыд уыд?

9 Фӕстагмӕ Иегъовӕ рарвыста йӕ Фырты. Уый йӕ уд хъардта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ фӕстӕмӕ Хуыцауимӕ бафидыдтаиккой. Йесо дӕр йӕ Фыдау уыд фӕразон. Йесо йӕ тынг хорз зыдта, цӕрынӕн ын бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад ӕмӕ сагъӕс кодта: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыди, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрӕмбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!» (Матфейы 23:37, НТ). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ, искӕй бафхӕрын ӕппындӕр кӕмӕ ницы кӕсы, ахӕм ӕгъатыр тӕрхонгӕнӕг нӕ загътаид, фӕлӕ адӕмимӕ фӕразон чи у, ахӕм уарзӕгой хӕлар. Йесойы дӕр йӕ уӕларвон Фыдау фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ фыдтӕрхонӕй фервӕзтаиккой. Чидӕртӕ дзы Йесойы фӕдзӕхстмӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи бахызтой, н. э. 70 азы Иерусалим цы фыдтӕрхон баййӕфта, уымӕй (Лукайы 21:20–22).

10. Хуыцауы фӕразондзинад нын куыд ӕххуыс кӕны?

10 Хуыцауы фӕразондзинад тынг диссаг у! Кӕд адӕм афтӕ ӕгоммӕгӕс сты, уӕддӕр Иегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр, ӕмӕ ма ноджы милуантӕн дӕр, бар радта, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ нын уа фервӕзыны ныфс. «Нӕ Хицауы бирӕ фӕразондзинад нымайут ирвӕзындзинадыл»,– фыста йе ’мчырыстӕттӕм Петр (2 Петры 3:15). Иегъовӕйы фӕразондзинады фӕрцы нын фервӕзыны фадат кӕй ис, уый тыххӕй бузныг ма хъуамӕ уӕм? Амӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕм Иегъовӕ фӕразон куыд уа, уый фӕдыл хъуамӕ ма кувӕм? (Матфейы 6:12).

11. Иегъовӕ фӕразон кӕй у, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

11 Иегъовӕ фӕразон цӕмӕн у, уый куы ӕмбарӕм, уӕд мах дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм ирвӕзындзинадмӕ ӕмӕ афтӕ никуы ахъуыды кӕндзыстӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны, зӕгъгӕ (Иеремийы хъарӕг 3:26). Дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй кувӕм, ӕмӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, Хуыцау кӕй зоны, уыцы курдиат сӕххӕст кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕнды, ӕмӕ Иегъовӕйау фӕразон уӕм не ’фсымӕртимӕ ӕмӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонимӕ. Мах дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ адӕм ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны ныфс уа (1 Тимофеймӕ 2:3, 4).

Пехуымпарты фӕразондзинад

12, 13. Иаковы 5:10 гӕсгӕ пехуымпар Исай фӕразондзинад куыд ӕвдыста?

12 Иегъовӕйы фӕразондзинад нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд уыцы миниуӕгӕн аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕныныл архайдзыстӕм. Ӕнӕххӕст адӕймагӕн уый ӕнцон нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис. Мах ууыл ахуыр кӕнӕм Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕй. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Ме ’фсымӕртӕ, Хицауы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр» (Иаковы 5:10, НТ). Мах цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, ахӕм зындзинӕдтӕ иннӕтӕ дӕр кӕй ӕвзӕрстой ӕмӕ сӕ сӕрты кӕй ахызтысты, уый нын нӕ зӕрдӕ кӕны сабыр, нӕ ныфс та – фидар.

13 Зӕгъӕм, пехуымпар Исайы йӕ хӕс сӕххӕст кӕнынӕн ӕнӕмӕнг хъуыд фӕразондзинад. Уый бӕрӕг у, Иегъовӕ йын цы загъта, уымӕй: «Ацу ӕмӕ зӕгъ уыцы адӕмӕн: „Ногӕй ӕмӕ ногӕй хъусут, мӕнӕ адӕм, фӕлӕ ма ӕмбарут; ногӕй ӕмӕ ногӕй кӕсут, фӕлӕ мацӕуыл ахуыр кӕнут“. Ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ схъӕбӕр кӕн, сӕ хъустӕ сын бакъуырма кӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕ сӕхгӕн, цӕмӕй ма уыной сӕ цӕстытӕй ӕмӕ ма хъусой сӕ хъустӕй, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ мацы ӕмбара ӕмӕ цӕмӕй ма раздӕхой фӕстӕмӕ ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой» (Исай 6:9, 10). Кӕд адӕм нӕ хъуыстой, уӕддӕр Исай Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ фӕразонӕй хъусын кодта, ӕппынкъаддӕр, 46 азы! Афтӕ мах дӕр, фӕразон куы уӕм, уӕд хорз хабар хъӕбатырӕй хъусын кӕндзыстӕм, кӕд бирӕтӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр.

14, 15. Иеремийӕн цы ’ххуыс кодта зындзинӕдты ӕмӕ-иу йӕ ныфс куы асаст, уӕд?

14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, пехуымпартӕн сӕ хӕс ӕххӕст кӕнын зын ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уыд, сӕ ныхӕстӕм сын кӕй нӕ хъуыстой, фӕлӕ ма сӕ кӕй ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Иеремийы хъадаманты бакодтой, ахӕстоны йӕ сбадын кодтой, цъайы йӕ ныппӕрстой (Иереми 20:2; 37:15; 38:6). Ӕмӕ йын ахӕм фыдмитӕ кодтой, баххуыс кӕнын ӕй кӕмӕн фӕндыд, уыцы адӕм. Фӕлӕ Иеремийӕн нӕдӕр йӕ зӕрдӕ фӕхъӕбӕр, нӕдӕр сӕ йӕ маст иста – фӕразонӕй быхста бирӕ азты дӕргъы.

15 Иеремийы кӕд ӕфхӕрдтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой, уӕддӕр йӕ хъуыддаг нӕ ныууагъта. Ӕмӕ мах дӕр уыдӕттӕ нӕ бауромдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт махӕн дӕр нӕ ныфс асӕтты. Иу хатт Иеремийӕн йӕ ныфс асаст. «Иегъовӕйы ныхасы тыххӕй мӕ бон-изӕрмӕ хынджылӕг кӕнынц ӕмӕ мыл худынц,– фыста уый.– Ӕмӕ загътон: „Нал кӕндзынӕн йӕ кой ӕмӕ нал дзурдзынӕн амӕй фӕстӕмӕ йӕ номӕй“». Ӕмӕ стӕй цы ’рцыд? Иереми нал хъусын кодта? Дарддӕр загъта: «Йӕ дзырд мӕ зӕрдӕйы уыд пиллон артау, ахызт ме стджыты, мӕхимидӕг ӕй кӕй дардтон, уымӕй бафӕлладтӕн, нал ӕй урӕдтон» (Иереми 20:8, 9). Ӕркӕс-ма, адӕмы ныхӕстӕм йе ’ргом куы аздӕхта, уӕд йӕхимӕ ныхъхъуыста. Фӕлӕ цы хабар хъусын кодта, уый куыд диссаг ӕмӕ куыд ахсджиаг уыд, ууыл фӕстӕмӕ хъуыды кӕнын куы райдыдта, уӕд та раздӕрау йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг. Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕ уыд Иеремиимӕ «растдӕр домбай лӕгау» ӕмӕ йын хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ ныхас зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кӕна (Иереми 20:11).

16. Цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ алкӕддӕр цин кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

16 Пехуымпар Иеремийӕн йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ рухс кодта? Дзырд дӕр ыл нӕй! Мӕнӕ цы загъта Иегъовӕйӕн: «Ссардӕуыд дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ ӕз бахордтон; ӕмӕ мын дӕ ныхас ӕрхаста циндзинад, мӕ зӕрдӕ дзы барухс; уымӕн ӕмӕ дын дӕ ном хӕссын, о... Хуыцау Иегъовӕ» (Иереми 15:16). Иереми цин кодта, ӕцӕг Хуыцауы номӕй кӕй дзуры ӕмӕ йын йӕ ныхас кӕй хъусын кӕны, уыцы кадыл. Уӕдӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм! Стӕй ма, зӕдтӕ уӕлӕрвты куыд цин кӕнынц, мах дӕр афтӕ цин кӕнӕм, ӕгас зӕххыл дӕр тынг бирӕтӕ Хуыцауы Паддзахады хабармӕ кӕй байхъусынц, кӕй ӕрфӕсмон кӕнынц ӕмӕ ӕнусон царды фӕндагыл кӕй слӕууынц, ууыл (Лукайы 15:10).

Иовы фидардзинад

17, 18. Куыд бафӕрӕзта Иов ӕмӕ хъуыддаг цӕуыл ахицӕн?

17 Ахуыргӕнинаг Иаков рагон пехуымпарты кой ракодта, ӕмӕ стӕй загъта: «Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынд ӕмӕ йӕ Хицау ӕппынфӕстаг кӕй схорзӕхджын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Хицау уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый» (Иаковы 5:10, 11, НТ). Ам «фӕразон»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый хицӕн кӕны, дӕсӕм стихы Иаков «фӕразон»-ӕн цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уымӕй. Цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый иу библииртасӕг афтӕ бамбарын кодта, зӕгъгӕ, дӕсӕм стихы уый нысан кӕны фӕразын, адӕм нӕ куы фефхӕрынц, уӕд; иуӕндӕсӕм стихы та йӕ хъуыды у зындзинӕдты кӕнӕ бӕллӕхты фидар лӕууын.

18 Иовыл цытӕ ’рцыд, уыдон ын йӕ зӕрдӕ скъахтой. Ӕнӕ фос, ӕнӕ мулкӕй баззад, йӕ сывӕллӕттӕ фӕмард сты, йӕхӕдӕг та хъизӕмайраг низӕй фӕрынчын. Стӕй ма йӕ быцӕу кӕнын дӕр бахъуыд, мӕнг ныхӕстӕ йын чи кодта, уыдонимӕ. Уымӕн ӕмӕ йын дзырдтой, уый дӕ Иегъовӕ ӕфхӕры, зӕгъгӕ. Иов йӕ хъизӕмӕрттӕн ӕдзӕмӕй нӕ быхста – додой кодта йӕ уавӕрыл ӕмӕ ма йӕм суанг афтӕ дӕр фӕкаст, Хуыцауӕй растдӕр кӕй у (Иов 35:2). Фӕлӕ уымӕн нӕдӕр йӕ уырнындзинад фӕцудыдта, нӕдӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивта. Ӕмӕ дзы Сайтан куыд дзырдта, Иов афтӕ нӕ бакодта – Хуыцауы нӕ ралгъыста (Иов 1:11, 21). Цӕуыл ахицӕн хъуыддаг? Иегъовӕ «Иовы йӕ царды фӕстаг бонты схайджын кодта йӕ царды фыццаг бонтӕй фылдӕр хорздзинӕдтӕй» (Иов 42:12). Иегъовӕ Иовы фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кодта, йӕ хъӕздыгдзинад ын дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодта ӕмӕ ма бирӕ азты дӕргъы амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй фӕцард, бирӕ кӕй уарзта, уыдонимӕ. Иов иузӕрдион ӕмӕ фӕразон кӕй уыд, уый фӕрцы Иегъовӕйы хуыздӕр базыдта.

19. Иовы иузӕрдиондзинад ӕмӕ фидардзинадӕй нӕ бон цы у базонын?

19 Иовы иузӕрдиондзинад ӕмӕ фидардзинадӕй нӕ бон базонын цы у? Иовау мах дӕр, чи зоны, хъӕрзӕм низӕй кӕнӕ тыхсӕм ӕндӕр истӕй тыххӕй. Чи зоны йӕ кӕронмӕ не ’мбарӕм, Иегъовӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы. Фӕлӕ иу хъуыддаг хъуамӕ ма рох кӕнӕм: нӕ зӕрдӕ йыл куы нӕ сивӕм, уӕд нын арфӕ кӕндзӕн. Иегъовӕ хорзӕхджын кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдоны (Дзуттытӕм 11:6). Йесо загъта: «Кӕронмӕ бафӕразӕг... фервӕздзӕн» (Матфейы 10:22; 24:13).

«Иегъовӕйы бон ӕрцӕудзӕн»

20. Иегъовӕйы бон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

20 Иегъовӕ кӕд фӕразон у, уӕддӕр у рӕстаг ӕмӕ фыддзинадмӕ ӕнустӕм ӕнцад нӕ кӕсдзӕн. Йӕ фӕразондзинад ӕгӕрон нӕу. Петр фыста: «[Хуыцау] фыццаг дунейӕн нӕ бахатыр кодта». Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ аирвӕзтысты, фӕлӕ уыцы ӕнӕхуыцау дуне доны бын фӕци. Иегъовӕ ма тӕрхон скодта Содом ӕмӕ Гоморры сахартӕн дӕр ӕмӕ сӕ фӕнык фестын кодта. Уыцы тӕрхӕттӕ ӕнӕрастгӕнджытӕн уыдысты, «фидӕны цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый дӕнцӕг» (НД). Уӕдӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна: «Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] бон ӕрцӕудзӕн» (2 Петры 2:5, 6; 3:10).

21. Куыд у нӕ бон фӕразондзинад ӕвдисын ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

21 Цӕй уӕдӕ, Иегъовӕ куыд фӕразон у, афтӕ фӕразон уӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ фервӕзой. Цӕй ӕмӕ, пехуымпартау мах дӕр, хорз хабар фӕразонӕй хъусын кӕнӕм, кӕд нӕм бирӕтӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай ма, нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Иовау фӕлварӕнты куы фӕразӕм ӕмӕ Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы нӕ ивӕм, уӕд алкӕддӕр йӕ хорзӕхтӕй хайджын уыдзыстӕм. Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм, кӕд ӕмӕ уынӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны, ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар зӕрдӕбынӕй кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй. Уымӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсдзыстӕм иннӕ статьяйы.

Бахъуыды кодтай?

• Иегъовӕ фӕразондзинад куыд ӕвдисы?

• Пехуымпарты фӕразондзинадӕй нӕ бон цы у базонын?

• Иов фидар куыд разынд ӕмӕ хъуыддаг цӕуыл ахицӕн?

• Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иегъовӕйы фӕразондзинад ӕгӕрон кӕй нӕу?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 22 фарсыл]

Иегъовӕ Иеремийы куыд схорзӕхджын кодта?