Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Неемийы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Неемийы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ЕЗДРӔЙЫ чиныджы кӕрон цы хабӕртты тыххӕй ис фыст, уыдонӕй рацыд дыууадӕс азы. Тагъд «Иерусалим ногӕй саразыны дзырд... рацӕудзӕн». Уыцы хабарӕй райдайдзысты 70-азон къуырийы – Мессиайы ӕрцыдмӕ цы рӕстӕг хъӕуы, уый (Данелы 9:24–27). Неемийы чиныджы кӕсӕм, Хуыцауы адӕм Иерусалимы систӕ ногӕй куыд сарӕзтой, уый тыххӕй. Чиныджы дзырд цӕуы, 12 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй,– н. э. агъоммӕ 456 азӕй н. э. агъоммӕ 443 азы онг ӕмӕ ма иуцасдӕр уый фӕстӕ.

Ацы чиныг ныффыста разамонӕг Нееми. Чиныджы фыст хабӕрттӕ зӕрдӕ агайынц, уымӕн ӕмӕ ӕвдисынц, адӕймаг фӕндфидарӕй куы фӕархайы ӕмӕ уыимӕ йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Иегъовӕ Хуыцауыл куы фӕдары, уӕд раст дин кӕй сбӕрзонд вӕййы. Ацы чиныгӕй ма бӕрӕг у, Иегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у хъуыддӕгтӕ афтӕ саразын, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа. Дзуры ма нын фидар ӕмӕ ныфсджын разамонӕджы тыххӕй. Абон Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон Неемийы чиныгӕй бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы дзырд ӕгас ӕмӕ архайӕг» у (Дзуттытӕм 4:12).

«СИС АМАД ФӔЦИ»

(Нееми 1:1–6:19)

Нееми ис Сузӕйы, лӕггад кӕны паддзах Артаксеркс Даргъцонгӕн. Паддзахы галуаны ахсы стыр бынат. Нееми куы фехъуыста, ӕмӕ йӕ адӕм «тынг уӕззау уавӕры сты, ӕфхӕрынц сӕ, ӕмӕ Иерусалимы сис пырх у, йӕ кулдуар та – сыгъд», уӕд тынг фӕмаст кодта. Зӕрдӕбынӕй фӕкуывта Хуыцаумӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдта (Нееми 1:3, 4). Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ паддзах бафиппайдта, Нееми ӕнкъард кӕй у, уый, ӕмӕ йын бар радта Иерусалиммӕ ацӕуын.

Нееми Иерусалиммӕ куы ӕрцыд, уӕд, ӕхсӕвы тары, ацыд сахары систӕ бӕрӕг кӕнынмӕ ӕмӕ стӕй иудейтӕн радзырдта, сис ногӕй саразыны фӕнд ӕм кӕй ис, уый тыххӕй. Иудейтӕ куыстмӕ бавнӕлдтой. Фӕлӕ сын ныхмӕдзӕуджытӕ дӕр разынд. Уӕддӕр, Неемийы фидар разамынды руаджы, «сис амад фӕци» (Нееми 6:15).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:1; 2:1 – Ацы дыууӕ стихы цы «ссӕдзӕм азы» кой ис, уый уыцы иу азӕй нымад цӕуы? О, уый у паддзах Артаксерксы хицаудзинады 20-ӕм аз. Фӕлӕ дыууӕ стихы рӕстӕг иухуызон нымад нӕу. Историон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Артаксеркс паддзах сси н. э. агъоммӕ 475 азы. Вавилойнаг писыртӕ персайнаг паддзӕхты хицаудзинады азтӕ нымадтой нисанӕй нисанмӕ (мартъи–апрель). Уымӕ гӕсгӕ Артаксерксы хицаудзинады фыццаг аз райдыдта н. э. агъоммӕ 474 азы. Уӕдӕ Неемийы 2:1 цы 20-ӕм азы кой ис, уый райдыдта н. э. агъоммӕ 455 азы нисаны. Раст уыдзӕн зӕгъын, Нееми 1:1 стихы кӕй кой ис, уыцы мӕй,– кислев, зӕгъгӕ, (ноябрь–декабрь), уыцы азмӕ кӕй нӕ хауы, фӕлӕ уый размӕйы азмӕ – н. э. агъоммӕ 456 азмӕ. Нееми уыцы мӕйӕ дӕр зӕгъы, Артаксерксы хицаудзинады 20-ӕм азмӕ кӕй хауы. Ӕвӕццӕгӕн, ацы ран Нееми азтӕ нымайы, Артаксеркс паддзах кӕд сси, уыцы бонӕй. Афтӕ ма гӕнӕн ис, ӕмӕ Нееми рӕстӕг нымадта, дзуттӕгтӕ абон къӕлиндарон аз кӕй хонынц, уымӕ гӕсгӕ. Уый райдайы тишрийы мӕйӕ (сентябрь–октябрь). Куыдфӕнды ма уа, Иерусалим ногӕй саразыны тыххӕй бардзырд цы аз рацыд, уый уыди н. э. агъоммӕ 455 аз.

4:17, 18 – Сис иу къухӕй амайӕн куыд уыди? Уаргъхӕсджытӕн уый зын нӕ уыд. Сӕ уаргъ сӕ сӕрыл кӕнӕ се уӕхсчытыл куы сӕвӕрдтаиккой, уӕд сӕ бон уыд иу къухӕй уаргъыл хӕцын, «иннӕ къухы та арц хӕссын». Аразджыты дыууӕ къухӕй дӕр хъуыди кусын, фӕлӕ сӕ «алкӕмӕн дӕр йӕ астӕуыл уыд йӕ хъама, ӕмӕ афтӕмӕй куыста». Знаг сӕм куы ’рбалӕбурдтаид, уӕд цӕттӕ уыдысты йӕ ныхмӕ фӕлӕууынмӕ.

5:7 – Нееми уӕздӕттӕ ӕмӕ хицӕуттӕм кӕй «фӕхыл кодта», уый куыд ӕмбаргӕ у? Ацы лӕгтӕ се ’фсымӕртӕн, дзуттӕгтӕн, ӕфстау проценттыл лӕвӕрдтой ӕмӕ афтӕмӕй хӕлдтой Моисейы Закъон (Левит 25:36; Дыккаг закъон 23:19). Уымӕй уӕлдай сӕ стыр процент домдтой. Уыцы процент, ома «сӕдӕйӕм хай» кӕд ӕрвылмӕй истой, уӕд се ’фтиаг уыди афӕдзы мидӕг 12 проценты (Нееми 5:11). Адӕмыл ахӕм уаргъ сӕвӕрын уыд тынг ӕгъатыр хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕнӕуи дӕр стыр хъалон фидын хъуыд, стӕй ма уӕд ӕххормаг рӕстӕг дӕр уыд. Нееми хъӕздгуытӕм фӕхыл кодта, ома сын Хуыцауы Закъоны руаджы сӕ рӕдыдмӕ бацамыдта ӕмӕ сын карзӕй бауайдзӕф кодта.

6:5 – Кӕд сӕрмагондӕй кӕмӕдӕр фыст фыстӕджытӕ тыхтӕй ӕрвыстой, уӕд Санаваллат Неемимӕ «гом фыстӕг» цӕмӕн арвыста? Ӕвӕццӕгӕн, Санаваллаты фӕндыд, цӕмӕй, уыцы фыстӕджы Неемийы ныхмӕ цы мӕнг ныхӕстӕ фыст уыд, уыдон иннӕтӕ дӕр базыдтаиккой. Чи зоны, ӕмӕ ӕнхъӕлдта, Нееми афтӕ кӕй стӕрсдзӕн, ӕмӕ арӕзтад ныууадздзӕн, цӕмӕй рацӕуа ӕмӕ йӕхи сӕрыл исты зӕгъа. Йе та, чи зоны, Санаваллат афтӕ дӕр хъуыды кодта, зӕгъгӕ, уыцы фыстӕг иудейты ахӕм тас бауадздзӕн, ӕмӕ сӕ куыст бынтондӕр ныууадздзысты. Фӕлӕ Нееми нӕ фӕтарст ӕмӕ йын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый дарддӕр фидарзӕрдӕйӕ арӕзта.

Зондзонӕн махӕн:

1:4; 2:4; 4:4, 5. Зын уавӕры куы бахауӕм йе та нӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд хъуамӕ «ӕппынӕдзух кувӕм», ӕмӕ нын Хуыцау йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы амоны, уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Ромӕгтӕм 12:12, НТ).

1:11–2:8; 4:4, 5, 15, 16; 6:16. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты зӕрдӕбын куывдтытӕ хъусы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны (Псалом 85:6, 7).

1:4; 4:19, 20; 6:3, 15. Нееми уыди тынг фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, фӕлӕ ма уыимӕ фӕзминаг уымӕй у, ӕмӕ фӕндфидарӕй архайдта ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл ныфсджынӕй хӕцыд.

1:11–2:3. Нееми ууыл нӕ цин кодта, ӕмӕ йын стыр бынат уыд, ома паддзахы сӕндар кӕй уыд, ууыл. Йе стырдӕр цин уыди, раст дин фидарӕй-фидардӕр кӕй кодта, уый. Махӕн дӕр нӕ сӕйраг мӕт ӕмӕ стырдӕр цин хъуамӕ уа Иегъовӕйӕн кувын ӕмӕ йӕ хъуыддагӕн ахъаз кӕнын.

2:4–8. Иегъовӕ Артаксерксы сразӕнгард кодта, цӕмӕй Неемийӕн бар радтаид Иерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ йын йӕ сис ногӕй самайын. «Паддзахы зӕрдӕ Иегъовӕйы къухы у цӕугӕдонау,– дзуры Ӕмбисӕндты 21:1,– кӕцырдӕм ӕй бафӕнды, уыцырдӕм ӕй саразы».

3:5, 27. Раст дины тыххӕй нӕм лӕгдыхӕй кусын хъуамӕ ӕгад ма кӕса, фекойӕгты «уӕздӕттӕм» куыд каст, афтӕ. Мах хъуамӕ фӕзмӕм хуымӕтӕг фекойӕгты, ӕнӕзивӕгӕй чи куыста, уыдоны.

3:10, 23, 28–30. Иуӕй-иу чырыстӕттӕн ис фадат, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ цӕрынмӕ алидзын. Фӕлӕ бирӕтӕ раст динӕн ахъаз кӕнынц, кӕм цӕрынц, уым дӕр. Зӕгъӕм, Паддзахады Залтӕ аразынц, ӕрдзон бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнынц ӕмӕ, сӕйрагдӕр цы у, уый та – хорз хабар хъусын кӕнынц.

4:14. Исчи нӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд хъуамӕ ма рох кӕнӕм не «стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцауы».

5:14–19. Чырыстон цӕстдарджытӕн разамонӕг Нееми у тынг хорз цӕвиттон: уыди сӕрныллӕг, йӕхи пайдайыл нӕ хъуыды кодта ӕмӕ уыди ӕмбаргӕ. Нееми кӕд йӕ уд хъардта, цӕмӕй Хуыцауы Закъон ӕххӕст цыдаид, уӕддӕр иннӕтыл ӕлдариуӕг нӕ кодта ӕмӕ йӕхицӕн ницы агуырдта, фӕлӕ ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн ӕххуыс кодта. Йӕ рӕдаудзинадӕй та Нееми Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр у фӕзминаг.

«УӔ, МӔ ХУЫЦАУ, МА МӔ ФЕРОХ КӔН, ХОРЗДЗИНАДӔЙ МӔ ЦУХ МА НЫУУАДЗ!»

(Нееми 7:1–13:31)

Иерусалимы сис куыддӕр амад фӕци, афтӕ Нееми сӕвӕрдта кулдуар ӕмӕ сахары ӕдасдзинадыл батыхстис. Уый фӕстӕ бавнӕлдта адӕмы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ скӕнынмӕ. Адӕм се ’ппӕт дӕр, «доны сӕрмӕ цы кулдуӕрттӕ ис, уый раз фӕзы» ӕрӕмбырд сты. Сауджын Ездрӕ кастис Моисейы Закъоны чиныгӕй, Нееми ӕмӕ левиттӕ та Закъон адӕмӕн ӕмбарын кодтой (Нееми 8:1). Закъоны Халагъудты бӕрӕгбоны тыххӕй куы бакастысты, уӕд ӕй зӕрдӕрухсӕй сбӕрӕг кодтой.

Уый фӕстӕ та адӕм ноджы иу хатт ӕрӕмбырд сты. «Израилы мыггаг» ӕрфӕсмон кодтой сӕ тӕригъӕдтыл, левиттӕ та сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Хуыцау Израилы тыххӕй цы сарӕзта, уыдӕттӕ, ӕмӕ адӕм ард бахордтой, «ӕцӕг Хуыцауы закъон кӕй ӕххӕст кӕндзысты» (Нееми 9:1, 2; 10:29). Иерусалимы нырмӕ дӕр бирӕ цӕрджытӕ нӕй, ӕмӕ адӕм хӕлттӕ ӕппарынц, цӕмӕй иннӕ рӕттӕй алы дӕс адӕймагӕй иу Иерусалиммӕ цӕрынмӕ ралидза. Уый фӕстӕ сис нывонд кӕнынц Иегъовӕйӕн, ӕмӕ «Иерусалимы цин дардмӕ хъуысы» (Нееми 12:43). Нееми Иерусалимы фӕци дыууадӕс азы, стӕй та аздӕхт Артаксерксмӕ, йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ та иудейтӕ Хуыцауы закъоныл сӕ зӕрдӕ сивтой. Нееми Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕвӕстиатӕй бавнӕлдта хъуыддаг сраст кӕнынмӕ. Йӕхи тыххӕй та сӕрныллӕгӕй куры: «Уӕ, мӕ Хуыцау, ма мӕ ферох кӕн, хорздзинадӕй мӕ цух ма ныууадз» (Нееми 13:31).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

7:6–67 – Иерусалиммӕ Зоровавелимӕ чи ӕрыздӕхт, уыдоны номхыгъдты Нееми ӕмӕ Ездрӕ иуӕй-иу хӕдзарвӕндӕгты алыхуызон нымӕцтӕ цӕмӕн фыссынц? (Ездрӕ 2:1–65). Ӕвӕццӕгӕн, Ездрӕ ӕмӕ Нееми сӕ номхыгъдтӕ алыхуызон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ фыстой. Гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕцыдӕр хӕдзарвӕндагӕй Иерусалиммӕ цас адӕм уыд ӕрыздӕхинаг, ӕцӕгӕй уыйбӕрц не ’рцыд. Дыууӕ номхыгъды ма, чи зоны, уый тыххӕй дӕр хицӕн кӕнынц, ӕмӕ иуӕй-иу иудейтӕн райдианы сӕ бон нӕ уыд сӕ хӕдзарвӕндаг сбӕрӕг кӕнын, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр сбӕрӕг кодтой. Фӕлӕ дыууӕ номхыгъды дӕр, фыццаг хатт чи ӕрыздӕхт, уыдоны иумӕйаг нымӕц иу у – 42 360, цагъартӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕй уӕлдай.

10:34 – Адӕмы суг хӕссын цӕмӕн хъуыди? Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ адӕмы кувӕндонмӕ суг хӕссын нӕ хъуыди. Фӕлӕ уӕд ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд. Нывондхӕссӕныл нывӕндтӕ судзынӕн хъуыди тынг бирӕ суг. Ӕвӕццӕгӕн, нефинейтӕ дӕр (кувӕндоны цагъартӕ, ӕндӕр адӕмыхаттӕй) нӕ фаг кодтой. Уымӕ гӕсгӕ сӕппӕрстой хӕлттӕ, цӕмӕй кувӕндонмӕ ӕдзухдӕр суг хаст цыдаид.

13:6 – Нееми Иерусалимы цас рӕстӕг нӕ уыди? Библийы ацы ран цы фыст ис, уый комкоммӕ куы ратӕлмац кӕнӕм, уӕд уыдзӕн «бонты кӕрон», ома «цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ»,– уӕд та Нееми паддзахӕй ногӕй ракуырдта йӕхи, цӕмӕй Иерусалиммӕ ацӕуа. Уымӕ гӕсгӕ, бӕлвырдӕй цас нӕ уыд Иерусалимы, уый сбӕрӕг кӕнӕн нӕй. Фӕлӕ Нееми Иерусалиммӕ куы ’рцыд, уӕд базыдта, адӕм кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕн кӕй не ’ххуыс кӕнынц, стӕй сабатбоны закъон кӕй халынц. Иудейтӕй бирӕтӕ сӕхицӕн ӕркодтой устытӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй, ӕмӕ сӕ цот дзуттаг ӕвзагыл дӕр нӕ дзырдтой. Афтӕ ӕвзӕр уавӕрмӕ кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Нееми Иерусалимы дзӕвгар рӕстӕг нӕ уыд.

13:25, 28 – Хуыцауы Закъонӕй чи аздӕхт, уыцы иудейты сраст кӕныны тыххӕй Нееми, кӕй сӕм «фӕхыл кодта», уымӕй дарддӕр цы сарӕзта? Нееми сӕ «ралгъыста», ома сын комкоммӕ загъта, Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ сын цы тӕрхон ӕмбӕлди, уый. «Кӕйдӕрты сӕ фӕнадта» – ӕвӕццӕгӕн сӕ, Закъоны куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ фӕнӕмын кодта. Куыд тынг смӕсты, уый бӕрӕг уыди, «сӕ хъуынтӕ сын [кӕй] ныттыдта», уымӕй. Стӕй ма Нееми хистӕр сауджын Елиашивы фыртыфырты дӕр атардта, уымӕн ӕмӕ уый йӕхицӕн усӕн ӕрхаста Санаваллаты, хорониты, чызджы.

Зондзонӕн махӕн:

8:8. Мах Хуыцауы Ныхасы ахуыргӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йын-иу хъуамӕ «йӕ хъуыды райхалӕм». Уый тыххӕй та хъӕуы дзырдтӕ сыгъдӕг дзурын, хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын, Библийы стихтӕ раст ӕмбарын кӕнын ӕмӕ нӕ цардмӕ куыд хауынц, уый ӕвдисын.

8:10. Адӕймаг «Иегъовӕйыл цин кӕндзӕн», Хуыцауы разамынд ӕй кӕй хъӕуы, уый куы ӕмбара ӕмӕ йӕ куы агура, стӕй Хуыцау йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы амоны, уый куы ӕххӕст кӕна, уӕд. Куыд ахсджиаг у, уӕдӕ, Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын, чырыстон ӕмбырдтӕм ӕдзух цӕуын, стӕй зынгзӕрдӕйӕ хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын!

11:2. Адӕймаг, бынӕн ын цы зӕхх уыд, уый ныууадза ӕмӕ Иерусалиммӕ ралидза цӕрынмӕ, уый тыххӕй йӕ хъуыди цыдӕр хӕрдзтӕ скӕнын, йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Ууыл чи сразы ис, уыдон равдыстой удуӕлдайдзинад. Махӕн дӕр нӕ бон у ахӕм удуӕлдай зӕрдӕйы уаг равдисын, конгрессты йе та нын ӕндӕр кӕмдӕр иннӕтӕн балӕггад кӕныны фадат куы фӕзына, уӕд.

12:31, 38, 40–42. Иегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ йын бузныг дзурынӕн диссаджы хорз мадзал у зарын. Мах хъуамӕ зӕрдӕбынӕй зарӕм чырыстон ӕмбырдты.

13:4–31. Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм мулк уарзынӕй, ӕнӕгъдаудзинадӕй ӕмӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, раст динӕй куыд ма аздӕхӕм.

13:22. Нееми хорз ӕмбӕрста, Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕтты, уый. Мах дӕр хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын, Иегъовӕйы раз дзуапп кӕй дӕттӕм.

Хуыцауы арфӕдзинад ӕнӕмӕнг у!

«Хицау куы нӕ сараза хӕдзар, дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнынц уый аразджытӕ»,– зарыд псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 126:1). Куыд хорз ӕвдисы Неемийы чиныг, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый!

Бӕрӕг у, ацы чиныджы махӕн цы зондзонӕн ис, уый: кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ цавӕрфӕнды хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын уӕм, уӕд нӕ хъуамӕ уа Иегъовӕйы арфӕдзинад. Ӕмӕ нын Иегъовӕ та кӕд арфӕ кӕндзӕн? Раст дины хъуыддӕгтӕ нӕ царды фыццаг бынаты куы ’вӕрӕм, уӕд. Цӕй уӕдӕ нын Неемийау царды сӕйрагдӕр уӕд Иегъовӕйӕн кувын ӕмӕ йӕ хъуыддагӕн ахъаз кӕнын.

[Ныв 16 фарсыл]

«Паддзахы зӕрдӕ Иегъовӕйы къухы у цӕугӕдонау»

[Ныв 17 фарсыл]

Нееми, фӕндфидар ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, фӕцӕуы Иерусалиммӕ

[Нывтӕ 18, 19 фарсыл]

Зоныс, куыд ис Хуыцауы Ныхасы «хъуыды райхалӕн»?