Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Слӕуут Сайтаны ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн!

Слӕуут Сайтаны ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн!

Слӕуут Сайтаны ныхмӕ ӕмӕ уӕ алидздзӕн!

«Басӕттут Хуыцауӕн; Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн» (ИАКОВЫ 4:7).

1, 2. а) Исайы чиныджы 14 сӕры Хӕйрӕгӕн йӕ миниуджытӕй кӕцыйы тыххӕй ис фыст? ӕ) Цавӕр фарстытыл ӕрныхас кӕндзыстӕм?

ХӔЙРӔГ у ӕнӕрвӕссон. Йӕ сӕрбӕрзонддзинад хорз зыны Хуыцауы пехуымпар Исайы фыст ныхӕстӕй. Вавилони сӕйраг дунеон паддзахад куы сси, уымӕй сӕдӕ азы раздӕр Исай йӕ пехуымпарады ныффыста, «Вавилоны паддзахы» тыххӕй Иегъовӕйы адӕм цы загътой, уый: «Ды дӕ зӕрдӕйы мидӕг дзырдтай: „Уӕлӕрвтӕм ссӕудзынӕн. Хуыцауы стъалытӕй [паддзӕхтӕй Давиды мыггагӕй] уӕлдӕр сӕвӕрдзынӕн мӕ паддзахбадӕн... суыдзынӕн Ӕппӕтбӕрзонды хуызӕн“» (Исай 14:3, 4, 12–15; Нымӕцтӕ 24:17). «Вавилоны паддзах» куыд сӕрбӕрзонд уыд, афтӕ сӕрбӕрзонд у «ацы дуджы хуыцау» Сайтан дӕр (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Фӕлӕ Вавилоны паддзӕхты мыггаг куыд ӕгады сӕфт фӕкодта, раст афтӕ фесӕфдзӕн Сайтан дӕр йе ’нӕрвӕссондзинадимӕ.

2 Фӕлӕ цалынмӕ Хӕйрӕг ис, уӕдмӕ нӕ чи зоны тыхсын кӕной ахӕм фарстытӕ: Сайтанӕй нӕ тӕрсын хъӕуы? Иннӕты чырыстӕттыл цӕмӕн ардауы? Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нын Хӕйрӕг мацы зиан ӕрхӕсса?

Хӕйрӕгӕй нӕ тӕрсын хъӕуы?

3, 4. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ Хӕйрӕгӕй цӕуылнӕ тӕрсынц?

3 Сӕрст чырыстӕттӕн стыр ныфсы хос сты Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард» (Раргомад 2:10, НТ). Сӕрстытӕ ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, сӕ уыцы ӕмбӕлттӕ Хӕйрӕгӕй нӕ тӕрсынц. Фӕлӕ уыцы хъӕбатырдзинад сӕ туджы нӕ рахастой. Уыдон тӕрсынц Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ «базырты аууон сты ӕнцойады» (Псалом 33:10; 35:8).

4 Йесо Чырыстийы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ хъизӕмӕрттӕн хъӕбатырӕй фӕрӕзтой ӕмӕ иузӕрдион уыдысты мӕлӕты онг дӕр. Уыдон нӕ тарстысты Сайтан Хӕйрӕджы митӕй, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Иегъовӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны. Нӕ рӕстӕджы дӕр, карз ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ фӕндфидарӕй аскъуыддзаг кодтой, Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзысты. Фӕлӕ апостол Павел загъта, Хӕйрӕджы бон кӕй у адӕмы марын. Уымӕй тӕрсын хъӕуы?

5. Дзуттытӕм 2:14, 15 нӕ бон базонын цы у?

5 Павел загъта, зӕгъгӕ, Йесо сси туг ӕмӕ стӕг, цӕмӕй «Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары – хӕйрӕджы – ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ, ӕмӕ ссӕрибар кӕна, сӕ цӕргӕбонты мӕлӕты тасӕй цагъар чи уыд, уыдоны» (Дзуттытӕм 2:14, 15, НТ). «Мӕлӕты ӕлдар», Сайтан, Иудӕ Искариоты йӕхирдӕм аздӕхта ӕмӕ дзуттӕгты разамонджыты ӕмӕ ромӕгты уыцы зондыл сарӕзта, цӕмӕй Йесойы амардтаиккой (Лукайы 22:3; Иоанны 13:26, 27). Фӕлӕ Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уымӕй тӕригъӕдджын адӕмы Сайтаны къухтӕй сӕрибар кӕны ӕмӕ нын дӕтты фадат ӕнустӕм цӕрынӕн (Иоанны 3:16).

6, 7. Сайтанӕн йӕ бон алкӕй амарын дӕр у?

6 Хӕйрӕгӕн йӕ бон алкӕй амарын дӕр у? Сайтан тӕригъӕдджын фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд йӕ мӕнг ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ митӕй адӕмы мӕлӕты дзыхы баппӕрста. Адамӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт ахызтысты ӕппӕт адӕммӕ дӕр (Ромӕгтӕм 5:12). Уымӕй уӕлдай ма-иу Сайтаны адӕм Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕдыл зылдысты ӕмӕ-иу дзы хатт кӕйдӕрты маргӕ дӕр акодтой. Афтӕ бакодтой Йесо Чырыстийӕн дӕр.

7 Фӕлӕ цымӕ Хӕйрӕгӕн йӕ бон кӕйфӕнды амарын дӕр у? Хуыцау хъахъхъӕны, йӕхи чи сты, уыдоны, ӕмӕ Сайтанӕн уый бар никуы ратдзӕн, цӕмӕй сӕ зӕххы цъарӕй фесафа (Ромӕгтӕм 14:8). Ӕцӕг, Иегъовӕ уадзы йӕ адӕмы ӕфхӕрын ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ Сайтаны къухӕй мӕлгӕ дӕр акодтой. Фӕлӕ Фыстады дзырдӕуы, Хуыцауы «зӕрдылдарӕн чиныджы» фыст чи ис, уыдон иууылдӕр кӕй райгас уыдзысты. Ӕмӕ Сайтаны бон уыцы хъуыддаг бакъуылымпы кӕнын нӕу! (Малахи 3:16; Иоанны 5:28, 29; Куыстытӕ 24:15).

Сайтан нӕ цӕмӕн ӕфхӕры?

8. Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты цӕмӕн ӕфхӕры?

8 Хӕйрӕг нӕ сӕйраджыдӕр уымӕн ӕфхӕры, ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фӕцуда. Нӕ уӕларвон Фыдимӕ хорз хӕлӕрттӕ стӕм ӕмӕ Сайтан архайы, цӕмӕй нӕ йемӕ сызнаг кӕна. Уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Едемы цӕхӕрадоны Иегъовӕ загъта, «усы» ӕмӕ «калмы» ’хсӕн ӕмӕ сӕ мыггӕгты ’хсӕн хӕрамдзинад кӕй уыдзӕн (Уӕвынад 3:14, 15). Фыстад Хӕйрӕджы хоны «рагон калм». Дзуры, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад ӕмӕ тынг мӕсты кӕй у (Раргомад 12:9, 12). Абоны онг дӕр «усы» мыггаг ӕмӕ «калмы» мыггаджы ’хсӕн хӕрамдзинад кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой, кӕй сӕ ӕфхӕрдзысты, уымӕ (2 Тимофеймӕ 3:12). Зоныс ӕй, Сӕйтанӕн афтӕ ӕнӕуынон цӕмӕн стӕм?

9, 10. Хӕйрӕг цы сдзырддаг кодта ӕмӕ уый адӕммӕ куыд хауы?

9 Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, Дун-дунейы хицауиуӕг кӕныны бар кӕмӕн ис, уый. Уыимӕ ма сдзырддаг кодта, адӕм се Сфӕлдисӕгыл иузӕрдион уыдзысты, уый дӕр. Сайтан фыдӕвзарӕнты баппӕрста иузӕрдион Иовы. Цӕмӕн? Цӕмӕй Иов Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивтаид. Иовӕн йӕ ус ӕмӕ йе ’ртӕ «ӕфсоны ныфсӕвӕрӕджы» уыцы рӕстӕг Сайтаны къухы хъазӕнхъултӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Иовы чиныгӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хӕйрӕг Хуыцауӕн загъта, зӕгъгӕ дыл иунӕг адӕймаг дӕр иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн, ӕрмӕст мын бар ратт, ӕмӕ йӕ бафӕлварон. Фӕлӕ Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта, ӕмӕ афтӕмӕй сбӕрӕг, Сайтан сайӕгой кӕй у (Иов 1:8–2:9; 16:2; 27:5; 31:6). Абон Хӕйрӕг архайы, йӕ ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый сбӕлвырд кӕныныл ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕфхӕры, цӕмӕй сын сӕ иузӕрдиондзинад фӕцудын кӕна.

10 Хӕйрӕг нӕ цӕмӕн ӕфхӕры, уый кӕй зонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ фидар уӕм (Дыккаг закъон 31:6). Нӕ Хуыцау у Дунедарӕг ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм, уымӕн нын ӕххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ алкӕддӕр Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, ӕмӕ йын фадат дӕттӕм, цӕмӕй дзуапп дӕтта, фидистӕ йын чи кӕны, уымӕн – Сайтан Хӕйрӕгӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

«Фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй»

11. Куыд ӕмбарын хъӕуы, «ма бакӕн мах фыдӕвзарӕны», зӕгъгӕ?

11 Иегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм, уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Уый тыххӕй ӕдзух хъӕуы кувын. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм дӕнцон куывдмӕ. Уым Йесо загъта: «Ма бакӕн мах фыдӕвзарӕны, фӕлӕ фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй» (Матфейы 6:13). Иегъовӕ нӕ тӕригъӕдӕй нӕ фӕлвары (Иаковы 1:13). Фӕлӕ Фыстады иуӕй-иу рӕтты бакӕсӕн ис, цыдӕр хъуыддӕгтӕ Иегъовӕ кӕй аразы, афтӕмӕй та сӕ уый ӕрмӕст уадзгӕ бакӕны (Руф 1:20, 21). Йесо куыд амыдта, афтӕ куы кувӕм, уӕд Иегъовӕйӕ курдзыстӕм, цӕмӕй нӕ фыдӕвзарӕны бахауын ма бауадза. Ӕмӕ нӕ хъусгӕ дӕр фӕкӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ нын Фыстад дӕтты мӕнӕ ахӕм ныфс: «Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм фӕлварӕны. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ уыл не ’руадздзӕн, тых уӕм кӕй фаг нӕ разына, ахӕм фӕлварӕн, фӕлӕ уын уӕ фӕлварӕны баххуыс кӕндзӕн, куыд ын бафӕразат, афтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:13, НТ).

12. Цӕмӕн фӕкувӕм, «фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй», зӕгъгӕ?

12 Йесо дӕнцон куывды фыдӕвзарӕны кой куы скодта, уӕд дарддӕр загъта: «Фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй». Иуӕй-иу тӕлмацты та ацы ран фыст ис «фервӕзын кӕн фыдбылызӕй» кӕнӕ «фыдбылызӕй нӕ бахиз». Фӕлӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ, Фыстады сӕйраджыдӕр ӕмбӕлы, дзырд адӕмыл куы фӕцӕуы, уӕд. Уымӕй уӕлдай ма Матфейы Евангелийы Хӕйрӕджы схуындӕуыд «цыбӕлгӕнӕг», ома у удгоймаг (Матфейы 4:3, 11). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у кувын, цӕмӕй фервӕзӕм «хинӕйдзагӕй», Сайтан Хӕйрӕгӕй. Уый нӕ Хуыцауы раз рӕдийын кӕны (1 Фессалоникӕгтӕм 3:5). Нӕ уӕларвон Фыдмӕ куы фӕкувӕм, «фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй», зӕгъгӕ, уӕд дзы фӕкурӕм разамынд ӕмӕ ӕххуыс, цӕмӕй нын Хӕйрӕг зиан ма ӕрхӕсса.

Хӕйрӕг уын зиан ма ӕрхӕссӕд

13, 14. Коринфӕгты, ӕнӕгъдау митӕ чи кодта, уыцы нӕлгоймагмӕ сӕ ахаст аивын цӕмӕн хъуыд?

13 Павел Коринфы чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй хатыргӕнаг уой: «Кӕмӕн хатыр кӕнут, уымӕн ӕз дӕр хатыр кӕнын. Ӕз цы ныббарстон, кӕд уӕвгӕ исты ныббарстон, уӕд ӕй Чырыстийы раз уӕ сӕраппонд ныббарстон, цӕмӕй нын хӕйрӕг зиан ма ӕрхӕсса – йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты» (2 Коринфӕгтӕм 2:10, 11, НТ). Хӕйрӕджы бон нын «зиан ӕрхӕссын», кӕнӕ ныл хинӕй рацӕуын цынӕ хуызы у, ахӕм нӕй, фӕлӕ Павел уый кой цӕмӕн кодта?

14 Павел коринфӕгтӕн бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ се ’мбырды ӕнӕгъдау адӕймаг кӕй уыд, уый ницӕмӕ дардтой. Сайтанӕн уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъуамӕ уыдаид – коринфӕгтӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, суанг муртаттӕй дӕр чи никуы райхъуыст, «ахӕм хъахбай мимӕ» (НТ), ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырды ном чъизи кодта. Ӕппын фӕстагмӕ уыцы лӕгыл хъоды бакодтой (1 Коринфӕгтӕм 5:1–5, 11–13). Фӕстӕдӕр уый йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодта. Коринфӕгтӕ йын куы нӕ ныххатыр кодтаиккой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ куы нӕ айстаиккой, уӕд сыл Хӕйрӕг хинӕй рацыдаид ӕндӕр хуызы. Куыд? Уӕд уыдаиккой Сайтанау дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр. Уыцы лӕджы «ӕгӕрон хъизӕмар йӕ быны [куы] фӕкодтаид», ӕмӕ йӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕппындӕр куы нал бафӕндыдаид, уӕд уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр аххосджын уыдаиккой фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Иегъовӕйы раз (2 Коринфӕгтӕм 2:7, НФ; Иаковы 2:13; 3:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг чырыстӕттӕй иуы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй Сайтаны хуызӕн тӕригъӕднӕзонӕг, дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр уа.

Хъахъхъӕд стӕм Хуыцауы хотыхтӕй

15. Цавӕр хӕсты тох кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕй кӕнгӕ у нӕ уӕлахиздзинад?

15 Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ Хӕйрӕгӕй фервӕзӕм, уӕд хъуамӕ тох кӕнӕм фыдӕххӕссӕг удты ӕндӕвдады ныхмӕ. Цӕмӕй ахӕм тыхджын знӕгтыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи «сифтонг кӕнӕм Хуыцауы [«ӕппӕт», НД] хотыхтӕй» (Ефесӕгтӕм 6:11–18, НТ). Уыцы хотыхтӕм хауы «рӕстады згъӕрхӕдон» (Ефесӕгтӕм 6:14, НТ). Рагон Израилы паддзах Саул Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст ӕмӕ йӕ сыгъдӕг удӕй ӕнӕхай фӕци (1 Паддзахӕдты 15:22, 23). Фӕлӕ нӕ удыхъӕды рӕстдзинад куы фидар кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕн йе ’ппӕт хотыхтӕй ифтонг куы уӕм, уӕд нӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕндзӕн ӕмӕ нӕм Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ лӕууынӕн фаг тыхтӕ уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 18:10).

16. Фыдӕххӕссӕг удтӕй хъахъхъӕд кӕд уыдзыстӕм?

16 Цӕмӕй фыдӕххӕссӕг удтӕй хъахъхъӕд уӕм, уый тыххӕй ма хъуамӕ иудадзыг Хуыцауы Ныхас ӕмӕ «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕджы» уагъд литературӕ кӕсӕм ӕмӕ иртасӕм (Лукайы 12:42). Афтӕмӕй нӕ зонд дзаг кӕндзыстӕм пайда, уырнындзинад фидаргӕнӕн хъуыдытӕй. Павел дӕр чырыстӕтты уымӕ разӕнгард кодта: «Ӕппын фӕстаг, мӕ ӕфсымӕртӕ, цы у ӕрмӕст ӕцӕг, цы у намысджын, цы у рӕстдзинад, цы у сыгъдӕг, цы у ӕгъдауджын, цы у кады аккаг, цы у ӕрмӕст хорз миниуӕг ӕмӕ ӕппӕлинаг, ууыл хъуыды кӕнут» (Филиппӕгтӕм 4:8).

17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнынӕн?

17 Иегъовӕ нын фадат дӕтты, цӕмӕй фарны тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны «къахы дарӕс скӕнӕм» (Ефесӕгтӕм 6:15). Ӕдзух ӕмбырдмӕ кӕй цӕуӕм, уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм. Куыд фӕцин кӕнӕм, иннӕтӕн Хуыцауы ӕцӕгад базонынӕн куы баххуыс кӕнӕм ӕмӕ мӕнг динӕй куы ссӕрибар вӕййынц! (Иоанны 8:32). Цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм ӕмӕ «тыхджын фидӕрттӕ халӕм», уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы «Уды лӕвӕрд цирхъ – Хуыцауы ныхас» (Ефесӕгтӕм 6:17, НТ; 2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5). Хуыцауы Ныхасӕй, Библийӕ, арӕхстджынӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд адӕмӕн ӕцӕгад хуыздӕр амондзыстӕм ӕмӕ нӕхи Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй хъахъхъӕндзыстӕм.

18. Нӕ бон куыд у Хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ фидар лӕууын?

18 Павел йӕ ныхас Хуыцауы хотыхты тыххӕй райдыдта афтӕ: «Ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут, Хицауимӕ кӕй стут, уымӕй, ӕмӕ Йӕ домбай хъаруйӕ уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы [«ӕппӕт», НД] хотыхтӕй, уӕ бон хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ [«фидар», НД] лӕууын куыд уа, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 6:10, 11, НТ). «Фидар лӕууын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амоны, тохы рӕстӕджы ӕфсӕддон йӕ бынат куыд фӕхъахъхъӕны, уымӕ. Мах фидарӕй тох кӕнӕм, кӕд Сайтан алыхуызон хин миты руаджы архайы, цӕмӕй нын нӕ иудзинад фехала, нӕ ахуырӕдтӕ нын сзыгъуыммӕ кӕна ӕмӕ нын Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивын кӕна, уӕддӕр. Фӕлӕ йын уый нырмӕ дӕр нӕ бантыст ӕмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн! *

Хӕйрӕджы ныхмӕ слӕуут ӕмӕ алидздзӕн

19. Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар куыд фӕлӕудзыстӕм?

19 Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ цы тохы бацыдыстӕм, уым нӕ бон уӕлахиз кӕнын у. Хӕйрӕгӕй нӕ ӕмризӕджы ризын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Басӕттут Хуыцауӕн; хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн» (Иаковы 4:7). Цӕмӕй Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ чи кӕны, уыдонӕй. Фыстад ӕргом дзуры, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ мӕнгуырнындзинӕдтыл ма ӕууӕндой, астрологийыл хӕст ма уой, дӕсны ма фӕрсой ӕмӕ сау тыхтимӕ сӕхи ма бӕттой. Нӕ чырыстон хӕстӕ ӕнӕзивӕгӕй куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд искӕй хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕй нӕ тӕрсдзыстӕм (Нымӕцтӕ 23:23; Дыккаг закъон 18:10–12; Исай 47:12–15; Куыстытӕ 19:18–20).

20. Куыд у нӕ бон Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууын?

20 Мах ма Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ фӕлӕудзыстӕм, Библийы уагӕвӕрдтыл фидар куы хӕцӕм ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм. Ацы дуне цӕуы Сайтаны зондыл, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ хуыцау (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Уымӕ гӕсгӕ мах нӕхи хизӕм, цӕмӕй ацы дунейы адӕмау сӕрбӕрзонд, хиуарзон, ӕнӕгъдау, фыдгӕнӕг ӕмӕ мулкылмард ма уӕм. Ӕдзӕрӕг быдыры Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын йӕ ныхмӕ фӕлӕууынӕн баххуыс кодта Фыстад, ӕмӕ дзы Хӕйрӕг алыгъд (Матфейы 4:4, 7, 10, 11). Уӕдӕ Сайтан махӕй дӕр алидздзӕн, алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, куы йӕм кувӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд (Ефесӕгтӕм 6:18). Иегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ нын йӕ уарзон Фырты ӕххуысӕй, сраст кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм зиан ничи ӕрхӕсдзӕн – суанг Хӕйрӕг дӕр! (Псалом 90:9–11).

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Хуыцауы хотыхты тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис 1992 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 21–23 фф. (уыр.).

Цавӕр дзуапп раттис?

• Сайтан Хӕйрӕгӕй нӕ тӕрсын хъӕуы?

• Сайтан чырыстӕтты цӕмӕн ӕфхӕры?

• Цӕмӕн фӕкувӕм, «фервӕзын кӕн мах хинӕйдзагӕй», зӕгъгӕ?

• Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ цы тохы бацыдыстӕм, уым нӕ бон куыд у уӕлахиз кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Иегъовӕ, йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдоны куы ӕгас кӕна, уӕд ӕй Хӕйрӕгӕн йӕ бон бакъуылымпы кӕнын нӕ бауыдзӕн