Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты»

«Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты»

«Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты»

«Уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕронмӕ» (КУЫСТЫТӔ 1:8).

1. Матфейы 24:14 цы пехуымпарад фыст ис, уый Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг хатт кӕд ӕмӕ кӕм фехъуыстой?

ЙЕСО Матфейы 24:14 цы ныхӕстӕ загъта, уыдон махӕй бирӕтӕ ӕнӕ кӕсгӕйӕ дӕр зонынц. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы пехуымпарад у! Ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ фыццаг хатт куы фехъуыстой, уӕд сӕм цавӕр хъуыдытӕ хъуамӕ сӕвзӕрдаид! Уыдис н. э. 33 аз. Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йемӕ уыдысты ӕртӕ азы бӕрц, ӕмӕ ныр дӕр иумӕ ӕрцыдысты Иерусалиммӕ. Уыдон уыдтой, цы диссӕгтӕ арӕзта ӕмӕ хъуыстой, куыд ахуыр кодта. Цы ӕцӕгдзинӕдтӕ сын амыдта, уыдон сын ӕхсызгон бӕргӕ уыдысты, фӕлӕ йӕ хорз зыдтой, алкӕй зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц. Йесойӕн уыд тыхджын ӕмӕ хъомысджын знӕгтӕ.

2. Ахуыргӕнинӕгтӕ цавӕр зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтыл хъуамӕ сӕмбӕлдаиккой?

2 Елеоны хохыл Йесоимӕ бадтысты йӕ цыппар ахуыргӕнинаджы ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг хъуыстой. Уый сын дзырдта зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзысты. Уымӕй размӕ сын Йесо загъта, зӕгъгӕ мӕ амардзысты (Матфейы 16:21). Ныр та сын раргом кодта, уыдоны дӕр карзӕй кӕй ӕфхӕрдзысты. «Сымах дӕтдзысты хъизӕмар кӕнынмӕ ӕмӕ уӕ мардзысты,– загъта сын уый.– Ӕмӕ сымах ӕнӕуынон уыдзыстут ӕппӕт адӕмӕн Мӕ номы тыххӕй». Фӕлӕ ма сӕм ӕнхъӕлмӕ каст ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр. Мӕнг пехуымпартӕ бирӕты фӕсайдзысты. Иннӕтӕ та фӕрӕдийдзысты, кӕрӕдзийы уӕй кӕндзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон уыдзысты. Бирӕтӕн та ӕруазал уыдзӕн сӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ Ныхасмӕ (Матфейы 24:9–12).

3. Матфейы 24:14 фыст Йесойы ныхӕстӕй зӕрдӕ цӕмӕн райы?

3 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ахӕм зындзинӕдты кой куы ракодта, уӕд сӕ стӕй йӕ ныхӕстӕй дисы бафтыдта. Уый сын загъта: «Ацы фарны уац фӕхӕццӕ уыдзӕни дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон» (Матфейы 24:14, НТ). О, Йесо Израилы цы куыст райдыдта, «ӕцӕгады тыххӕй» кӕй дзырдта, уый хъуамӕ дарддӕр ӕххӕстгонд цыдаид ӕмӕ анхъӕвзтаид ӕгас зӕххыл (Иоанны 18:37). Куыннӕ хъуамӕ райа зӕрдӕ ахӕм пехуымпарадӕй! «Ӕппӕт адӕмтыл» аххӕссын ӕнцон нӕу. Уымӕй дӕр ма сӕм ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ӕнӕуынон цӕстӕй куы кӕсой, уӕд уыцы хъуыддаг бакӕнын диссагӕй хъауджыдӕр нӕу. Уыцы стыр хъуыддаг ӕххӕст кӕнынӕй ӕрмӕст Иегъовӕйы хицаудзинад ӕмӕ тых не сбӕрзонд уыдзысты, фӕлӕ ма йӕ уарзондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ йӕ фӕразондзинад дӕр. Уымӕй уӕлдай ма йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй равдисой сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ иузӕрдиондзинад.

4. Кӕмӕн бахӕсчындӕуыд, цӕмӕй ӕвдисӕнтӕ уыдаиккой ӕмӕ Йесо цавӕр ӕхсызгон хабар загъта?

4 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бӕлвырд-бӕрӕг бамбарын кодта, сӕ бӕрны стыр хъуыддаг кӕй ис. Уӕларвмӕ ссӕуыны размӕ сӕм фӕзынд ӕмӕ сын загъта: «Сымах райсдзыстут тых, Сыгъдӕг Уд уыл куы ӕрцӕуа, ӕмӕ уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тагъд хъуамӕ фӕфылдӕр уыдаиккой. Фӕлӕ нырма уыдысты тынг гыццыл. Куыд ӕхсызгон сын уыдаид фехъусын, ацы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн Хуыцауы хъомысджын сыгъдӕг уд!

5. Ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй цы нӕ зыдтой?

5 Ахуыргӕнинӕгтӕ зыдтой, хорз хабар кӕй хъуамӕ хъусын кӕной ӕмӕ кӕй хъуамӕ «цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй» (Матфейы 28:19, НД, 20). Фӕлӕ нӕ зыдтой, цас хъуамӕ хъусын кодтаиккой ӕмӕ кӕрон кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид. Мах дӕр ӕй нӕ зонӕм. Уыдӕттӕ скъуыддзаг кӕны иунӕг Иегъовӕ (Матфейы 24:36). Иегъовӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ цас хъӕуы, уыйбӕрц куы фӕхъусын кӕной хорз хабар, уӕд ацы фыддунейӕн кӕрон скӕндзӕн. Чырыстӕттӕ ӕрмӕстдӕр уӕд бамбардзысты, хъусын кӕныны хъуыддаг, Иегъовӕйы куыд фӕндыд, афтӕ кӕй сӕххӕст. Уыцы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр никуы акодтаиккой, ацы рӕстӕджы кӕроны хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй онг анхъӕвздзӕн.

Хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг ӕнусы

6. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ӕмӕ уый хӕдфӕстӕ цы ’рцыд?

6 Фыццаг ӕнусы Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг афтӕ апарахат, ӕмӕ дисы ӕфтыдта. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны 120 ахуыргӕнинаджы бӕрц ӕрӕмбырд сты Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты. Уыдоныл ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг уд. Апостол Петр зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхас ракодта ӕмӕ бамбарын кодта, уыцы диссаг цы нысан кӕны, ӕмӕ иу-3 мин адӕймаджы баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой. Фӕлӕ хъуыддӕгтӕ нырма уӕд райдыдтой. Кӕд дины разамонджытӕ сӕ уд хъардтой, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар мауал хъусын кӕной, уӕддӕр сӕм «Иегъовӕ... алы бон дӕр ӕфтыдта, чи хъуамӕ фервӕзтаид, ахӕмты» (НД). Тагъд рӕстӕджы «ахӕм адӕмы нымӕц уыд фондз минмӕ ’ввахс». Уый фӕстӕ «фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Хицауыл ӕууӕндджытӕ – сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ» (НТ) (Куыстытӕ 2:1–4, 8, 14, 41, 47; 4:4; 5:14).

7. Корнилий чырыстон дин кӕй райста, уый ахсджиаг цау цӕмӕн уыд?

7 Н. э. 36 азы ӕрцыд ӕндӕр ахсджиаг цау – муртатт Корнилий чырыстон динмӕ раздӕхт ӕмӕ донаргъуыд райста. Иегъовӕ апостол Петры Корнилимӕ (Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, уыцы нӕлгоймагмӕ) кӕй арвыста, уымӕй бамбарын кодта, Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», уӕд ӕрмӕст алы рӕтты цӕрӕг иудейты кой кӕй нӕ кодта (Куыстытӕ 10:44, 45). Бӕрнон ӕфсымӕртӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй ракастысты? Иудейы цы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдон куы бамбӕрстой, хорз хабар ӕндӕр адӕмтӕ дӕр – муртаттӕ дӕр – кӕй хъуамӕ фехъусой, уӕд скад кодтой Хуыцауӕн (Куыстытӕ 11:1, 18). Уыцы рӕстӕг хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы иудейтӕй бирӕтӕ райстой чырыстон дин. Цасдӕры фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн н. э. 58 азы, муртаттӕй уырнджытӕ чи сси, уыдонмӕ ма бафтыд бирӕ минтӕ иудейтӕй (Куыстытӕ 21:20).

8. Хорз хабар адӕмыл куыд фӕзыны?

8 Стыр диссаг куыннӕ у, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты нымӕц кӕй фылдӕр кодта, уый. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ ма рох кӕна, алы нымӕцы фӕстӕ дӕр адӕймаг кӕй лӕууыд. Библийы хабар у тынг хъомысджын (Дзуттытӕм 4:12). Уый-иу цӕхгӕр фӕивта, чи-иу ӕм байхъуыста, уыдоны цард: се ’взӕр хъуыддӕгтӕ-иу ныууагътой, сӕ удыхъӕд-иу аивтой ӕмӕ-иу Хуыцауимӕ бафидыдтой (Ефесӕгтӕм 4:22, 23). Афтӕ у абон дӕр. Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи исы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоанны 3:16).

Хуыцауы ӕмкусджытӕ

9. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм цавӕр кад ӕрхауд ӕмӕ сыл цавӕр бӕрндзинад уыд?

9 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ се ’нтыстытӕй сӕхицӕй бузныг нӕ уыдысты. Уыдон ӕй ӕмбӕрстой, сӕ куыст «Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ» кӕй кодтой (Ромӕгтӕм 15:13, 19). Чырыстӕтты нымӕц кӕй рӕзыд, уый уыд ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы фӕрцы. Фӕлӕ ма уыцы чырыстӕттӕ зыдтой, «Хуыцауимӕ иу хъуыддаг [кӕй] аразынц», уый сын кад дӕр кӕй у ӕмӕ сыл стыр бӕрндзинад дӕр кӕй ӕвӕры (1 Коринфӕгтӕм 3:6–9). Уӕдӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыдон сӕхиуыл нӕ ауӕрзтой, цӕмӕй сын цы бахӕсчындӕуыд, уый сарӕзтаиккой (Лукайы 13:24).

10. Фыццаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ куыд архайдтой, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хорз хабар хъусын кодтаиккой?

10 Павел, «муртатты апостол», мингай километртӕ фӕцыд зӕхх ӕмӕ денджызыл ӕмӕ бирӕ ӕмбырдтӕ сарӕзта Ромы империйы провинци Азийы ӕмӕ Грекъы (Ромӕгтӕм 11:13). Уый ма уыд Ромы ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, суанг Испанийы дӕр. Уыцы рӕстӕг та апостол Петр, «хорз уацхъуыд... сунӕтгӕндтӕн» хъусын кӕнын кӕмӕн бахӕсчындӕуыд, ацыд Вавилонмӕ. Уӕды заманы уым цард бирӕ иудейтӕ (Галатӕгтӕм 2:7–9; 1 Петры 5:13). Хицауы куысты ма зӕрдиагӕй чи архайдта, уыдоны ’хсӕн уыдысты Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕ. Иу сылгоймаджы тыххӕй та, йӕ ном Персидӕ, дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «бирӕ бакуыста Хицауӕн» (Ромӕгтӕм 16:12).

11. Иегъовӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгты фыдӕбонӕн куыд раарфӕ кодта?

11 Иегъовӕ стыр арфӕ ракодта уыдоны ӕмӕ иннӕ зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбонӕн. Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕй 30 азы дӕр нӕма рацыд, афтӕ Павел ныффыста, уый «хъуыстгонд [кӕй] ӕрцыди дунейы ӕппӕт адӕмӕн» (Колоссӕгтӕм 1:23, НТ). Ӕмӕ уӕд кӕрон ӕрцыд? Зӕгъӕн ис, о. Н. э. 70 азы ӕрцыд иудейаг цардӕвӕрды кӕрон, ромӕгты ӕфсад Иерусалим ӕд кувӕндон куы ныппырх кодта, уӕд. Фӕлӕ Иегъовӕ цалынмӕ Сайтаны цардӕвӕрдӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕрон не скӕна, уӕдмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ хорз хабар хъуамӕ фехъусой ноджы фылдӕр адӕм.

Хъусын кӕныны хъуыддаг абон

12. Фыццаг Библииртасджытӕ куыд ӕмбӕрстой, хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый?

12 XIX ӕнусы кӕрон раст дин ногӕй йӕ къахыл слӕууыд – уӕдмӕ мӕнг динтӕ бирӕ рӕстӕг дидин калдтой. Библииртасджытӕ – афтӕ хуыдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты раздӕр – хорз ӕмбӕрстой фӕдзӕхст, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт зӕххыл дӕр, зӕгъгӕ (Матфейы 28:19, 20). 1914 азмӕ 5 100 адӕймаджы бӕрц зӕрдӕбынӕй хорз хабар хъусын кодтой иу-68 бӕстӕйы. Фӕлӕ уыдон кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Матфейы 24:14 цы нысан кӕны, уый. XIX ӕнусы фӕуды Библийы ӕхсӕнӕдтӕ Библи, ӕмӕ дзы цы хорз хабар, кӕнӕ евангели ис, уый бирӕ ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кодтой, мыхуыры йӕ рауагътой ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн дунейы апарахат кодтой. Афтӕмӕй цалдӕр дӕсазы дӕргъы Библииртасджытӕ хъуыды кодтой, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хорз хабар кӕй фехъуыстой.

13, 14. Хуыцауы фӕндон ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй хуыздӕр цы бамбӕрстӕуыд ӕмӕ уый фӕдыл 1928 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы цы фыст уыдис?

13 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Иегъовӕ йӕ адӕмӕн хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарын кодта йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ фӕндтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 4:18). 1928 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фыст уыд: «Цымӕ нӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Библитӕ кӕй парахат кӕнынц, уымӕй, паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕдыл цы рагзагъд уыд, уый сӕххӕст ис? Ницы хуызы! Кӕд Библи афтӕ парахат кӕнынц, уӕддӕр нырма Хуыцауы ӕвдисӕнты гыццыл къорды хъӕуы мыхуыр кӕнын, Хуыцауы [фӕндон] чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ ӕмӕ цӕуын, уыцы Библитӕ кӕм ныууагътой, уыцы хӕдзӕрттӕм. Кӕннод адӕм нӕ базондзысты, Мессиайы Паддзахад нӕ рӕстӕджы кӕй райдыдта хицауиуӕг кӕнын».

14 Ацы журналы дарддӕр дзырдӕуы: «1920 азы... Библииртасджытӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой Матфейы 24:14 фыст Хицауы пехуымпарад. Уыдон бамбӕрстой, ӕппӕт зӕххыл ӕвдисӕнӕн муртаттӕн, кӕнӕ ӕппӕт адӕмтӕн, хъуыстгонд чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы хорз хабар ӕрцӕуинаг паддзахады тыххӕй нӕ уыд, фӕлӕ, Паддзах-Мессиа уӕларвӕй зӕххыл паддзахиуӕг кӕнын кӕй райдыдта, уый тыххӕй».

15. Хъусын кӕныны хъуыддаг 1920 азтӕй фӕстӕмӕ куыд апарахат ис?

15 Уыцы «ӕвдисӕнты гыццыл къорд» 1920 азты гыццыл нал уыд. Иннӕ дӕсазты дӕргъы рабӕрӕг, чи сты «тынг бирӕ адӕм», «ӕндӕр фыстӕ», уый, ӕмӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16). Абон хорз хабар хъусын кӕнынц 6 613 829 адӕймаджы 235 бӕстӕйы. Куыд диссаджы хуызы ӕххӕст кӕны пехуымпарад! Афтӕ нырма никуы хъусын кодтой «ацы Паддзахады Евангели». Иегъовӕйӕн зӕххыл уыйас иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ никуы ма уыд.

16. Ивгъуыд лӕггады азы нын цы бантыст? (Кӕс хыгъды 27–30 фф.)

16 Уыцы бирӕ Ӕвдисӕнтӕ бирӕ бафыдӕбон кодтой 2005 лӕггады азы. Хорз хабар миллиард сахатӕй фылдӕр хъусын кодтой 235 бӕстӕйы. Милуангай адӕммӕ-иу ногӕй бацыдысты ӕмӕ милуангай адӕймӕгтимӕ Библи ахуыр кодтой. Уыцы куыст бакодтой, Хуыцауы Ныхас иннӕтӕн хъусын кӕныны тыххӕй йӕ уӕгъд рӕстӕг ӕмӕ йӕ фӕрӕзтыл чи нӕ ауӕрзта, уыцы Ӕвдисӕнтӕ (Матфейы 10:8). Йӕ хъомысджын сыгъдӕг уды руаджы Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хъару дӕтты, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной (Захари 4:6).

Зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм

17. Иегъовӕйы адӕм Йесойы ныхӕстӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй куыд ӕххӕст кӕнынц?

17 Йесо афтӕ куы загъта, хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ, уымӕй кӕд 2 мин азы бӕрц рацыд, уӕддӕр Хуыцауы адӕмӕн уыцы хъуыддаджы сӕ зӕрдӕйы зынг не ’рмынӕг. Хорз хъуыддӕгтӕ аразынӕй кӕй нӕ фӕллайӕм, уымӕй ӕвдисӕм Иегъовӕйы миниуджытӕ: уарзондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕразондзинад. Уыйау мах дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй адӕм ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Иегъовӕимӕ бафидауой (2 Коринфӕгтӕм 5:18–20; 2 Петры 3:9). Хуыцауы сыгъдӕг уд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты цырен кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕной зӕххы кӕрӕтты онг (Ромӕгтӕм 12:11). Ӕмӕ адӕм алы рӕтты дӕр сӕ зӕрдӕмӕ исынц ӕцӕгад ӕмӕ Иегъовӕйы уарзӕгой разамындмӕ гӕсгӕ ивынц сӕ цард. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

18, 19. Радзур, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдоны тыххӕй.

18 Чарльз цӕры ныгуылӕн Кенийы. Уый раздӕр уыд фермер. 1998 азы Чарльз ауӕй кодта 8 тоннӕй фылдӕр тамако ӕмӕ йын радтой кады гӕххӕт, ӕппӕты хуыздӕр тамакогуыстгӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг уый райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕмӕй бамбӕрста, тамакойы куыст чи кӕны, уый Йесойы фӕдзӕхст, бауарз дӕ хӕстӕджы, зӕгъгӕ, кӕй халы (Матфейы 22:39). Чарльз ахӕм хатдзӕгмӕ куы ’рцыд, ӕмӕ «ӕппӕты хуыздӕр тамакогуыстгӕнӕг» у «ӕппӕты хуыздӕр лӕгмар», уӕд йӕ быдыртыл марг ныппырх кодта. Уымӕн йӕ уырнындзинад фидар кодта, йӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд райста. Ныр у пионер ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.

19 Ӕнӕмӕнгӕй, ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕрцы Иегъовӕ адӕмты змӕлын кӕны ӕмӕ йӕм хӕзнатӕ – адӕм – цӕуынц (Аггей 2:7). Педро у Португалийӕ. 13 азы йыл куы цыд, уӕд бацыд дины семинаримӕ. Уый фӕндыд, цӕмӕй миссионер суыдаид ӕмӕ иннӕтӕн Библи амыдтаид. Фӕлӕ йӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ дзы Библи стӕм хатт йеддӕмӕ никуы ахуыр кодтой. Ӕхсӕз азы фӕстӕ бацыд Лиссабоны университеты психологийы факультетмӕ. Цӕргӕ та кодта йӕ мадыхомӕ. Уый уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ йын дзырдта, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдайа. Фӕлӕ уӕдмӕ Педро Хуыцау ис, ууыл гуырысхо кӕнын райдыдта ӕмӕ Библи ахуыр кӕна ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнын дӕр йӕ бон нӕ уыд. Ахӕм дызӕрдыг хъуыдыты бын кӕй фӕци, уый тыххӕй йӕ профессоримӕ аныхас кодта. Профессор ын загъта, зӕгъгӕ, психологийы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, исты фарстытӕ скъуыддзаг кӕнын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уый у йӕ уды знаг. Ӕмӕ уӕд Педро фидарӕй загъта, Библи кӕй ахуыр кӕндзӕн. Ӕрӕджы уый донаргъуыд райста ӕмӕ ныр йӕхӕдӕг Библи иннӕтимӕ ахуыр кӕны.

20. Хъусын кӕныны хъуыддаг дӕрдтыл кӕй анхъӕвзт, ууыл цӕмӕн цин кӕнӕм?

20 Мах ӕй нырма нӕ зонӕм, ӕппӕт адӕмтӕн хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг ноджыдӕр кӕй онг хъуамӕ аххӕсса. Нӕ зонӕм, кӕрон цы бон ӕмӕ цы сахат ӕрцӕудзӕн, уый дӕр. Ӕрмӕстдӕр зонӕм, уый тагъд кӕй уыдзӕн. Мах цин кӕнӕм, хорз хабар дӕрдтыл кӕй ӕнхъӕвзы, ууыл, ӕмӕ уый та у, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы зӕххон хицауӕдты кӕй баивдзӕн, уымӕн йӕ бирӕ бӕрӕггӕнӕнтӕй сӕ иу (Данелы 2:44). Алы аз дӕр милуангай адӕймӕгтӕн фадат вӕййы хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн, ӕмӕ уымӕй кадджын кӕны нӕ Хуыцау Иегъовӕ. Уӕдӕ алкӕддӕр иузӕрдион уӕм ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕгас дунейы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕхи дӕр фервӕзын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдоны дӕр (1 Тимофеймӕ 4:16).

Бахъуыды кодтай?

Матфейы 24:14 пехуымпарад диссаг цӕмӕн у?

• Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй цы арӕзтой ӕмӕ сын цы бантыст?

• Библииртасджытӕ куыд бамбӕрстой, ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый?

• Ивгъуыд азы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд балӕггад кодтой, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 27–30 фарсыл]

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2005 ЛӔГГАДЫ АЗӔН

(Кӕс публикацимӕ)

[Картӕ/Нывтӕ 31 фарсыл]

Павел хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй мингай километртӕ фӕцыд зӕхх ӕмӕ денджызыл