Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕхца ӕмӕ ӕгъдау. Зондзонӕн рагон цардӕй

Ӕхца ӕмӕ ӕгъдау. Зондзонӕн рагон цардӕй

Ӕхца ӕмӕ ӕгъдау. Зондзонӕн рагон цардӕй

УЫЙ уыд 1630 азы 7 апрелы. Англисӕй цыппар науыл иу-400 адӕймаджы аленк кодтой Америкӕмӕ. Бирӕтӕ дзы уыдысты ахуыргонд. Иннӕтӕ та – йӕ хъуыддӕгтӕ хорз кӕмӕн цыдысты, ахӕм амалхъом адӕм. Чидӕртӕ та сӕ парламенты уӕнгтӕ дӕр уыдысты. Сӕ бӕстӕйы, Англисы, царды уавӕртӕ фӕуӕззау сты, ӕмӕ Европӕйы цы Ӕртыназон хӕст цыд (1618–1648 азты), уый аххосӕй ноджы фыддӕр кодтой. Ӕмӕ уыдон дӕр загътой, цы уа, уый уӕд, зӕгъгӕ, ӕмӕ ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ куыстытӕ, сӕ хӕстӕджыты ӕмӕ ацыдысты хуыздӕр цард агурӕг.

Фӕлӕ уыцы адӕм ӕхцамондаг сӕудӕджергӕнджытӕ нӕ уыдысты. Уыдон уыдысты зынгзӕрдӕ пуритантӕ, сӕ дины тыххӕй сӕ ныхмӕ кӕмӕн цыдысты ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бӕстӕйӕ чи алыгъд *. Сӕ фӕнд уыд ахӕм ӕхсӕнад саразын, сӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ цот дӕр хъӕздыг куыд уыдаиккой ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдты сӕрты дӕр куыд нӕ хызтаиккой. Сейлеммӕ (Массачусетсы) куы ӕрцыдысты, уӕд бар райстой доныбыл ӕрцӕрынӕн. Ӕмӕ сӕ ног цӕрӕнбынат схуыдтой Бостон.

Зын сӕххӕстгӕнӕн хъуыддаг

Джон Уинтроп, сӕ разамонӕг ӕмӕ ног колонийы хицау, йӕ бон цы уыд, уымӕй тыхстис, цӕмӕй адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ дӕр ӕмӕ алы адӕймаг хицӕнӕй дӕр хорз цӕрой. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй адӕммӕ ӕхца дӕр уыдаид ӕмӕ ӕгъдауыл хӕст дӕр уыдаиккой. Фӕлӕ уый зын сӕххӕстгӕнӕн хъуыддаг разынд. Уый ӕмбаргӕйӕ Уинтроп йе ’мбӕстӕгтӕн дзырдта, Хуыцауы ’фсарм цы адӕммӕ ис, уыдонӕн хъӕздыгдзинад цы бынаты хъуамӕ уа.

Пуританты ӕндӕр разамонджытау, Уинтропы дӕр уырныдта, хъӕздыгдзинадмӕ бӕллай, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис. Дзырдта, зӕгъгӕ, хъӕздыгдзинад сӕйрагдӕр уымӕн хъӕуы, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнай. Ӕмӕ уӕд адӕймаг цас хъӕздыгдӕр уа, уыйас йӕ бон фылдӕр хорздзинад аразын у. Историк Патриция О’Тул фыссы: «Пуритантӕ хъӕздыгдзинадыл куыд мӕт кодтой, афтӕ – стӕм хъуыддӕгтыл. Хъӕздыгдзинад нымадтой Хуыцауы арфӕдзинадыл дӕр ӕмӕ, адӕймаг кӕмӕй схъал вӕййы... ӕмӕ буары тӕригъӕдтӕм чи ӕркӕны, ахӕм стыр фӕлварӕныл дӕр».

Хъӕздыгдзинад арӕх цы тӕригъӕдтӕм ӕркӕны, уыдонӕй йе ’мбӕстӕгты бахизыны тыххӕй Уинтроп сидтис, зӕгъгӕ, ут хиуылхӕцгӕ ӕмӕ алцӕмӕй бӕрц зонут. Дзырдта сын, цӕмӕй сӕм Хуыцауы ӕфсарм уа ӕмӕ кӕрӕдзи уарзой. Фӕлӕ йе ’мбӕстӕгты ӕхца бакусыны мӕт йеддӕмӕ ницы уыд, гъемӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ ныхмӕ систы. Йемӕ разы чи нӕ уыд, уыдон дзырдтой, Уинтроп йӕхи нӕ хъуыддӕгты тъыссы, зӕгъгӕ. Иуӕй-иутӕ сидын райдыдтой, цӕмӕй равзарой Ныхас ӕмӕ уынаффӕтӕ уый хӕсса. Иннӕтӕ та сыстадысты ӕмӕ ацыдысты сыхаг Коннектикутмӕ, цӕмӕй сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цардаиккой.

«Фадӕттӕ, хъӕздыгдзинад, бартӕ адӕмы къухы – уыдӕттӕй тынгдӕр ницы ахадыдта Массачусетсы пуританты царды. Ӕмӕ сӕ Уинтроп цы иумӕйаг хорз цард саразынмӕ разӕнгард кодта, ууыл архайыны бӕсты сӕ алчи йӕхи мӕт кодта»,– фыссы О’Тул. 1649 азы Уинтроп 61-аздзыдӕй амард хӕрз мӕгуырӕй. Кӕд уыцы колони бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр нӕ фехӕлдис. Фӕлӕ Уинтропы бӕллиц бӕллицӕй баззад.

Ныронг дӕр агурынц

Джон Уинтропмӕ цы бӕллиц уыд – хуыздӕр дуне саразын – уый ныр дӕр бирӕтӕм ис. Алы аз дӕр сӕдӕгай милуантӕ Африкӕйӕ, Хуссар-Скӕсӕн Азийӕ, Скӕсӕн Европӕйӕ ӕмӕ Латинаг Америкӕйӕ алидзынц хорз цардагур. Иуӕй-иуты уымӕ баразӕнгард кӕнынц, фылдӕр ӕхца бакусӕн куыд ис, уый фӕдыл алы аз дӕр цы сӕдӕгай ног чингуытӕ уадзынц, цы семинартӕ ӕмӕ веб-сайттӕ аразынц, уыдон. Бӕрӕг у, абоны онг дӕр бирӕтӕ хъӕздыгдзинадмӕ бӕллынц, ӕмӕ сӕ уыимӕ ныфс ис, се ’гъдау, се ’фсарм кӕй нӕ фесафдзысты.

Раст зӕгъгӕйӕ, ахӕм адӕм фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц. Хъӕздыгдзинадмӕ чи тырны, уыдон арӕх се ’фсармы сӕрты ахизынц ӕмӕ хатт та суанг сӕ дин дӕр хъӕздыгдзинадыл баивынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарстатӕ: «Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауыл дӕр уа иузӕрдион ӕмӕ хъӕздыг дӕр уа? Искуы зӕххыл ахӕм адӕм цӕрдзӕн, хъӕздыг дӕр чи уа ӕмӕ уыимӕ Хуыцауы ’фсарм дӕр кӕмӕ уа?» Иннӕ статьяйы фендзыстӕм, ацы фарстатӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уый.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Пуритантӕ (латинаг дзырдӕй purus – «сыгъдӕг») схуыдтой, сӕхи «сыгъдӕг» диныл хӕцӕг адӕмыл чи нымадта, уыцы протестантты. Уыдон XVI ӕнусы архайдтой, цӕмӕй Англисаг аргъуан Ромаг католикон аргъуаны ӕгъдӕуттӕй ссыгъдӕг уыдаид.

[Барлӕвӕрдӕй]

Boats: The Complete Encyclopedia of Illustration/J. G. Heck; Winthrop: Brown Brothers