Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕг хорз цард Хуыцауы ног дунейы

Ӕцӕг хорз цард Хуыцауы ног дунейы

Ӕцӕг хорз цард Хуыцауы ног дунейы

ИУ ЧЫРЫСТОН, Давид *, зӕгъгӕ, ацыд Америкӕмӕ, ӕмӕ дызӕрдыг дӕр нӕ кодта, раст кӕй кӕны, ууыл: йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты уадзын ӕй нӕ фӕндыд, фӕлӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕм фылдӕр ӕхца куы ӕфта, уӕд сӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. Гъе уый тыххӕй ацыд Америкӕмӕ, Нью-Йорчы йын цы хӕстӕджытӕ уыди, уыдон ӕй куы фӕхуыдтой, уӕд. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дзы куыст дӕр ссардта.

Фӕлӕ рӕстӕг цыд, ӕмӕ Давиды рӕсугъд фӕндтӕ митын мӕсгуытау тайын райдыдтой. Йӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕн ын хӕрз гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ нал баззад. Иу афон та йӕ уымӕ дӕр бирӕ нал хъуыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау мауал уырныдтаид. Цалынмӕ хъуыддаг уӕззау тӕригъӕдмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ йӕ нӕ бамбӕрста, цы уавӕры уыдис, уый. Йӕ сӕйраг мӕт хъӕздыгдзинад кӕй сси, уый аххосӕй цадӕггай ферох кодта, царды йын ахсджиагдӕр цы уыдис, уыдӕттӕ. Ӕнӕмӕнг ӕй цыдӕр фӕивын хъуыди.

Давидау алы аз дӕр бирӕтӕ сӕ мӕгуыр бӕстӕтӕй алидзынц хъӕздыг бӕстӕтӕм, сӕ царды уавӕртӕ кӕй фӕхуыздӕр кӕндзысты, уый ныфсӕй. Фӕлӕ арӕх афтӕмӕй се ’гъдау, сӕ уырнындзинад кӕуинаг уавӕрмӕ ӕрцӕуы. Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг мулкмӕ дӕр тырна, ӕмӕ йын Хуыцауы раз дӕр хорз ном уа? Зынгӕ фысджытӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, о, гӕнӕн ис. Фӕлӕ Давид ӕмӕ ма ноджы ӕндӕртӕ дӕр сӕхицӕй зонынц: иу дзы дӕ къухы бафта, ӕмӕ иннӕ ма фесафай, уый тынг зын у (Лукайы 18:24).

Ӕхцайы ӕвзӕрӕй ницы ис

Ӕхца, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг ӕрымысыди. Адӕймаг ма бирӕ цыдӕртӕ ӕрымысыд, ӕмӕ се ’ппӕт ӕвзӕр не сты. Ӕхцайы дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис. Раст зӕгъгӕйӕ, ӕхца у ӕрмӕстдӕр, ӕндӕр цӕуылдӕр цы ис баивӕн, ахӕм дзаума. Уӕдӕ дзы раст куы пайда кӕнӕм, уӕд ӕхца хорз ӕххуыс у. Библи дӕр ӕргом дзуры, «ӕхца у хъахъхъӕнӕг», зӕгъгӕ, уӕлдайдӕр та, мӕгуырдзинад цы зындзинӕдтӕм ӕркӕны, уыдонӕй (Екклесиаст 7:12). Ӕмӕ кӕд алкӕмӕ нӕ, уӕддӕр кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ «ӕхца у алцӕмӕндӕр хос» (Екклесиаст 10:19, «New International Version»).

Фыстад магусайӕн уайдзӕф кӕны, ӕмӕ нын дзуры, кусын кӕй хъӕуы. Мах хъуамӕ дарӕм нӕ бинонты, ӕмӕ нӕм фагӕй фылдӕр куы уа, уӕд та, «хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсӕм» (Ефесӕгтӕм 4:28, НТ; 1 Тимофеймӕ 5:8). Стӕй нын Библи афтӕ дӕр нӕ дзуры, ӕмӕ нӕ цӕст нӕхицӕн мацы уарза, фӕлӕ цӕмӕй нӕ фыдӕбонӕй «нӕ хай исӕм» ӕмӕ нӕ къухты фӕллойӕ нӕхӕдӕг дӕр исты уынӕм (Екклесиаст 5:18–20). Библийы фыст ис, хъӕздыг чи уыд, цалдӕр ахӕм иузӕрдион адӕймаджы тыххӕй.

Хъӕздыг, фӕлӕ иузӕрдион

Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕн уыди тынг бирӕ лыстӕг ӕмӕ стурвос, бирӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, стӕй цалдӕр сӕдӕ фӕсдзӕуины дӕр (Уӕвынад 12:5; 13:2, 6, 7). Афтӕ рӕстгӕнӕг Иов дӕр уыдис стыр мулчы хицау. Фосӕй зӕгъай, фӕсдзӕуинтӕй, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй – ницӕмӕй цух уыд (Иов 1:3; 42:11, 12). Ацы лӕгтӕ абоны барӕнтӕм гӕсгӕ дӕр уыдысты тынг хъӕздыг, фӕлӕ сын уыимӕ Хуыцауы раз дӕр уыд хорз ном.

Апостол Павел Авраамы схуыдта «ӕппӕт... уырнджытӕн... сӕ фыдӕл». Авраам мулкылмард нӕ уыд, тынг рӕдау адӕймаг уыди (Ромӕгтӕм 4:11, НТ; Уӕвынад 13:9; 18:1–8). Афтӕ Иовы тыххӕй дӕр Хуыцау йӕхӕдӕг загъта, «ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг» у, зӕгъгӕ (Иов 1:8). Иов алкӕддӕр цӕттӕ уыд мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн баххуыс кӕнынмӕ (Иов 29:12–16). Авраам дӕр ӕмӕ Иов дӕр сӕ зӕрдӕ сӕ мулкыл нӕ дардтой, фӕлӕ Хуыцауыл (Уӕвынад 14:22–24; Иов 1:21, 22; Ромӕгтӕм 4:9–12).

Ӕндӕр цӕвиттон – паддзах Соломон. Соломон Иерусалимы Хуыцауы паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уӕд ын Иегъовӕ бахай кодта йе стыр зондӕй. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ – кад ӕмӕ йын хъӕздыгдзинад дӕр радта (3 Паддзахӕдты 3:4–14). Йӕ царды фылдӕр рӕстӕг Соломон уыд иузӕрдион. Фӕлӕ зӕрондырдӕм «йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй нал уыди Иегъовӕимӕ» (3 Паддзахӕдты 11:1–8). Соломон ахӕм кӕуинаг уавӕрмӕ куыд ӕрцыд, уымӕй бӕрӕг сты хъӕздыгдзинады къӕппӕджытӕй иуӕй-иутӕ. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

Хъӕздыгдзинады къӕппӕджытӕ

Ӕппӕты тӕссагдӕр у, адӕймаг ӕхца ӕмӕ дзы цы самалгӕнӕн ис, уый куы бауарза. Иуӕй-иутӕ куы схъӕздыг вӕййынц, уӕд ӕфсис нал фӕзонынц. Соломон ма ӕрыгон куы уыд, уӕд бафиппайдта уыцы хъуыддаг ӕмӕ ныффыста: «Ӕвзист чи уарзы, уый нӕ бафсӕддзӕн ӕвзистӕй, ӕмӕ мулк чи уарзы, уый – йӕ ӕфтиагӕй. Дыууӕ дӕр сты дзӕгъӕлы» (Екклесиаст 5:10). Йесо дӕр ӕмӕ Павел дӕр чырыстӕтты фӕдзӕхстой уыцы тӕссаг хъуыддагӕй – ӕхца уарзынӕй (Маркы 4:18, 19; 2 Тимофеймӕ 3:2).

Адӕймагӕн ӕхца ӕнӕуи царды фӕрӕз куы нал уа, фӕлӕ йе стырдӕр бӕллиц куы суа, уӕд ын тӕссаг у, йе ’фсарм, йе ’гъдау куы фесафа: ахӕм адӕймагмӕ фӕсайын, адавын, искӕуыл гадзрахатӕй рацӕуын дӕр ницыуал фӕкӕсдзӕн. Чырыстийы апостолтӕй иу, Иудӕ Искариот, йӕ ахуыргӕнӕджы ауӕй кодта 30 ӕвзист ӕхцайыл (Маркы 14:11; Иоанны 12:6). Иуӕй-иутӕ ӕхца афтӕ бауарзынц, ӕмӕ Хуыцауы дӕр ферох кӕнынц – ӕхца свӕййы сӕ хуыцау (1 Тимофеймӕ 6:10). Уӕдӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ алкӕддӕр арф кӕсой сӕ зӕрдӕтӕм ӕмӕ бӕлвырд кӕной: ӕцӕгӕй сӕ цӕй тыххӕй фӕнды фылдӕр ӕхца бакусын? (Дзуттытӕм 13:5).

Мулкмӕ бӕллын ма тӕссаг у ӕндӕр хъуыддаджы дӕр, ӕмӕ уыцы къӕппӕг ноджы зындӕр фенӕн у. Фыццаг уый, ӕмӕ хъӕздыг адӕймаг йӕ ныфс йӕхиуыл дарын райдайы. Уый тыххӕй дзырдта Йесо, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, адӕймаджы «хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл асайы» (Матфейы 13:22, НД). Афтӕ ма Библийы фысджытӕй иу, Иаков, фӕдзӕхста чырыстӕтты, цӕмӕй ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгтӕ пълан кӕнгӕйӕ дӕр Хуыцауы ма рох кӕной (Иаковы 4:13–16). Ӕхцайы руаджы адӕймагӕн фылдӕр гӕнӕнтӕ кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ йын кӕддӕриддӕр тӕссаг у, йӕ ныфс Хуыцауыл куы нал ӕвӕра, фӕлӕ ӕхцайыл (Ӕмбисӕндтӕ 30:7–9; Куыстытӕ 8:18–24).

Дыккаг та уый, ӕмӕ, райдианы цы Давиды кой цыд, уый хабарӕй бӕрӕг у: адӕймаг ӕхцайы фӕдыл куы ацӕуы, уӕд дзы уый афтӕ бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ фӕисы, ӕмӕ цадӕггай йӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕй фӕиппӕрд вӕййы (Лукайы 12:13–21). Хъӕздыг адӕймагӕн ма тӕссаг у, цы йӕм ис, уый ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл йе та ирхӕфсӕнтыл куы хардз кӕна.

Соломон Иегъовӕйыл иузӕрдион цӕуылнӕуал уыд? Чи зоны йӕ йӕ хъӕздыг цард бакуырм кодта (Лукайы 21:34). Соломон зыдта, Хуыцау комкоммӕ кӕй загъта, цӕмӕй израилӕгтӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй устытӕ ма кӕной ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр ма дӕттой. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхицӕн дуне устытӕ ’ркодта – иу мины бӕрц (Дыккаг закъон 7:3). Йе ’ндӕрбӕстаг устыты зӕрдӕ ссарыны тыххӕй Соломон раст дин мӕнг динтимӕ схӕццӕ кодта. Ӕмӕ куыд загътам, афтӕмӕй Соломоны зӕрдӕ цадӕггай Иегъовӕйӕ адард ис.

Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Йесо раст кӕй дзырдта, зӕгъгӕ, «уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн ӕмӕ мулкӕн кусын» (Матфейы 6:24, НТ). Уӕдӕ абон цардамӕлттӕ кӕнгӕйӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр цы зындзинӕдтӕ ’взарынц, уыдон чырыстон куыд хъуамӕ лыг кӕна? Ӕмӕ адӕймаджы ноджы тынгдӕр цы фӕнды базонын – искуы цард фӕхуыздӕр уыдзӕн?

Тагъд – ӕцӕг хорз цард

Авраам ӕмӕ Иовӕй уӕлдай, стӕй Израилы адӕмӕй уӕлдай, Йесойы фӕдылдзӕуджытыл ис хӕс – «цӕттӕ кӕнын ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй» (Матфейы 28:19, 20, НД). Ацы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн адӕймаджы хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ,– йӕ бон ӕндӕр хъуыддӕгтӕн раттын кӕй уаид, уыдон. Уӕдӕ йӕ цӕмӕй сӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзысты ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр» (Матфейы 6:33, НТ).

Давиды уавӕр уыйонг ӕрцыд, ӕмӕ гыццыл ма бахъӕуа, йӕ бинонты цард дӕр фехӕла ӕмӕ йӕ уырнындзинад дӕр фесафа. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон баци йӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнын ӕмӕ йӕ цард ӕрнывыл кӕнын. Давид раздӕрау фыццаг бынаты сӕвӕрдта Библи ахуыр кӕнын, кувын ӕмӕ хъусын кӕнын, ӕмӕ уӕд, Йесо зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ дӕр цадӕггай сӕ гаччы сбадтысты. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ та йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ иу бинонтау фӕрнӕй цӕрын райдыдтой. Давид та кӕддӕры цин ӕмӕ удӕнцой ссардта. Раст зӕгъгӕйӕ, ныр дӕр хидкалгӕ кусы. Куыд ӕнхъӕл уыд, афтӕ не схъӕздыг. Фӕлӕ цы бавзӕрста, уый йын хорз зондзонӕн фӕци.

Давид ныр афтӕ нал хъуыды кӕны, ӕмӕ Америкӕмӕ ацӕуын зондджын ми уыд. Йӕхицӕн фидарӕй загъта, цардмӕ мулчы цӕстӕй кӕй никуыуал кӕсдзӕн. Ныр зоны: адӕймагӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у,– амондджын бинонтӕ, хорз ӕмбӕлттӕ ӕмӕ Хуыцауимӕ хӕлардзинад – уый ӕхцайӕ балхӕнӕн нӕй (Ӕмбисӕндтӕ 17:17; 24:27; Исай 55:1, 2). Ӕцӕгдӕр, иузӕрдиондзинад мулкӕй зынаргъдӕр у (Ӕмбисӕндтӕ 19:1; 22:1). Давид ӕмӕ йӕ бинонты фидар фӕнд у сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын, сӕйрагдӕр цы у, уый (Филиппӕгтӕм 1:10).

Бирӕтӕ архайдтой, цӕмӕй адӕм хъӕздыг дӕр суой ӕмӕ се ’фсарм дӕр ма фесафой, фӕлӕ-иу сын ницы рауад. Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ Паддзахад нын ӕцӕг хорз цард кӕй ӕрхӕсдзӕн – адӕм ӕнӕуи дӕр цух ницӕмӕй уыдзысты, стӕй иууылдӕр уыдзысты Хуыцаумӕ ӕнгом ӕмӕ ӕгъдауыл хӕст (Псалом 71:16; Исай 65:21–23). Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг ӕцӕг амондджын уа, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъуамӕ Хуыцаумӕ ӕввахс уа (Матфейы 5:3). Уӕдӕ хъӕздыг стӕм ӕви мӕгуыр – сӕйрагдӕр нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ куы уой, уӕд нӕхи иууыл хуыздӕр бацӕттӕ кӕндзыстӕм, тагъд Хуыцау цы ног дуне ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ (1 Тимофеймӕ 6:17–19). Уыцы дунейы цӕрдзӕн ӕцӕг амондджын адӕм – хъӕздыг ӕмӕ уыимӕ ӕфсармджын, Хуыцауӕн коммӕгӕс.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Ном ивд у.