Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон ӕрӕмбырд кӕнын

Уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон ӕрӕмбырд кӕнын

Уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон ӕрӕмбырд кӕнын

«Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ... уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр [хъуамӕ] Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна» (ЕФЕСӔГТӔМ 1:9, 10, НД).

1. Иегъовӕмӕ арв ӕмӕ зӕххы тыххӕй цавӕр фӕндон ис?

ФАРН ӕгас Дун-дунейы! Уый у «фарны Хуыцау» Иегъовӕйы стыр фӕнд (Дзуттытӕм 13:20). Иегъовӕ апостол Павелӕн ныффыссын кодта, йӕ фӕндон кӕй у, цӕмӕй «уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна» (Ефесӕгтӕм 1:9, 10, НД). Ацы стихы «фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕнын»-ӕй цы мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый цы нысан кӕны? Библииртасӕг Дж. Б. Лайтфут зӕгъы: «Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ Дун-дунейы алцыдӕр уыдзӕн ӕмзӕл. Нал дзы уыдзӕн, ӕцӕгӕлон кӕнӕ кӕрӕдзиимӕ чи нӕ фидауа, ахӕм хӕйттӕ, фӕлӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон ӕрбамбырд уыдзысты Чырыстийы алыварс. Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт, маст, фыдӕнхъӕлдзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн».

«Уӕларвыл цы ис»

2. Чи сты, «уӕларвыл цы ис» ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕнын кӕй хъӕуы, уыдон?

2 Ӕцӕг чырыстӕттӕн цы диссаджы ныфс ис, уый тыххӕй апостол Петр скодта ахӕм хатдзӕг: «Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ, кӕцытыл цӕры рӕстдзинад» (2 Петры 3:13). Ам зӕрдӕ цы «ног арвӕй» ӕвӕрдӕуы, уый у ног хицауад, Мессиайы Паддзахад. Павел йӕ фыстӕджы Ефесӕгтӕм фыста, зӕгъгӕ, «уӕларвыл цы ис», уыдон хъуамӕ ӕмбырдгонд ӕрцӕуой «Чырыстийы фӕрцы». Уыдон сты, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ хицауиуӕг кӕнынӕн адӕмӕй кӕй равзӕрстӕуыд, уыцы гыццыл къорд (1 Петры 1:3, 4). Уыцы 144 000 сӕрст чырыстоны сты «зӕххӕй ӕлхӕдтытӕ», «ӕлхӕд ӕрцыдысты адӕмӕй», цӕмӕй уӕларвон Паддзахады Чырыстийы ӕмбындартӕ суой (Раргомад 5:9, 10; 14:3, 4; 2 Коринфӕгтӕм 1:21; Ефесӕгтӕм 1:11; 3:6).

3. Зӕххыл ма сӕрстытӕй чи ис, уыдонӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕ Хуыцау уӕлӕрвты ӕрбадын кодта?

3 Сӕрст чырыстӕттӕ сыгъдӕг удӕй ногӕй райгуырынц ӕмӕ свӕййынц Иегъовӕйы уӕларвон фырттӕ (Иоанны 1:12, 13; 3:5–7). Иегъовӕ сӕ йӕхицӕн «фырттӕ» фӕзӕгъы ӕмӕ свӕййынц Йесойы ӕфсымӕртӕ (Ромӕгтӕм 8:15; Ефесӕгтӕм 1:5). Уымӕ гӕсгӕ ма сӕрстытӕй зӕххыл чи ис, уыдоны тыххӕй загъд у, зӕгъгӕ сӕ Хуыцау «райгас кодта ӕмӕ сӕ уӕлӕрвты [Йесо Чырыстиимӕ] иумӕ ӕрбадын кодта» (Ефесӕгтӕм 1:3; 2:6, НД). Ахӕм стыр кад сӕм уымӕн ӕрхауд, ӕмӕ сыл «сӕвӕрдӕуыд мыхуыр зӕрдӕвӕрд сыгъдӕг удӕй,– уый у, Хуыцау [сын] цы бынтӕ скодта, уыдон кӕй райсдзысты, уымӕн ӕвдисӕн» ӕмӕ сын уыцы бынтӕ ӕфснайд сты уӕлӕрвты (Ефесӕгтӕм 1:13, 14, НД; Колоссӕгтӕм 1:5). Уӕдӕ адон сты, «уӕларвыл цы ис»,– Иегъовӕ сӕ нымӕц рагагъоммӕ кӕмӕн сбӕлвырд кодта ӕмӕ ӕмбырдгонд чи хъуамӕ ӕрцӕуа,– уыдон.

Ӕмбырд кӕнын сӕ райдыдтой

4. «Уӕларвыл цы ис», уыдоны ӕмбырд кӕнын кӕд ӕмӕ куыд райдыдтой?

4 Иегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, «уӕларвыл цы ис», уыдоны хъуамӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтаиккой, «ӕмгъуыды афон йӕ кӕронмӕ куы» ахӕццӕ уыдаид, уӕд (Ефесӕгтӕм 1:10, НД). Уыцы рӕстӕг ӕрцыд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Уӕд сыгъдӕг уд ӕрцыд апостолтӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтыл, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтыл (Куыстытӕ 1:13–15; 2:1–4). Уымӕй рабӕрӕг, ног бадзырд йӕ тыхы кӕй бацыд, кӕй райгуырд чырыстон ӕмбырд ӕмӕ ног адӕм, монон Израил, «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16; Дзуттытӕм 9:15; 12:23, 24).

5. Зӕххон Израилы бӕсты Иегъовӕ ног «адӕм» цӕмӕн скодта?

5 Закъоны бадзырды руаджы зӕххон Израилы бон нӕ баци, цӕмӕй суыдаиккой, ӕнустӕм уӕлӕрвты чи лӕггад кодтаид, ахӕм «сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рацыд 19:5, 6). Йесо иудейты динразамонджытӕн загъта: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдонӕн» (Матфейы 21:43, НД). Уыцы адӕммӕ, монон Израилмӕ, хауынц, ног бадзырд кӕимӕ ’рцыд арӕзт, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдонмӕ апостол Петр фыста: «Сымах... стут „ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн [«паддзах-сауджынтӕ», НД], Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм“, талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат. Кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та Йӕ адӕм стут» (1 Петры 2:9, 10, НТ). Зӕххон Израил Иегъовӕимӕ бадзырды нал уыдысты (Дзуттытӕм 8:7–13). Йесойы рагзагъдмӕ гӕсгӕ, уыцы диссаджы кад – Мессиайы Паддзахады паддзах-сауджынтӕй лӕггад кӕнын – уыдонӕй байстӕуыд ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд, монон Израилмӕ цы 144 000 адӕймаджы хауы, уыдонӕн (Раргомад 7:4–8).

Бадзырд Паддзахады тыххӕй

6, 7. Йесо сыгъдӕг удӕй гуырд ӕфсымӕртимӕ цавӕр сӕрмагонд бадзырд скодта ӕмӕ сын уый цӕуыл дзурӕг у?

6 Йесо йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд йӕ иузӕрдион апостолтӕн загъта: «Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ. Ӕмӕ ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд, афтӕ, цӕмӕй мӕ паддзахады мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат, ӕмӕ цӕмӕй паддзахбадӕнтыл ӕрбадат ӕмӕ Израилы дыууадӕс мыггагӕн тӕрхон кӕнат» (Лукайы 22:28–30, НД). Йесо дзырдта, 144 000 сыгъдӕг удӕй гуырд ӕфсымӕримӕ кӕй сарӕзта, уыцы сӕрмагонд бадзырды тыххӕй. Уыдон хъуамӕ «мӕлӕты онг» иузӕрдионӕй баззадаиккой ӕмӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой (Раргомад 2:10; 3:21).

7 Уыцы гыццыл къорд ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсӕй «нӕ» загътой. Уыдон Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕндзысты ӕмӕ сбаддзысты паддзахбадӕнтыл адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ (Раргомад 20:4, 6). Ӕркӕсӕм ма, ӕрмӕст сӕрстытӕм чи хауы, ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй цӕуылнӕ аходынц, уый чи ӕмбарын кӕны, ӕндӕр ахӕм бынӕттӕм Библийӕ (Иоанны 10:16).

8. Сӕрстытӕ дзулӕй кӕй аходынц, уымӕй цы ӕвдисынц? (Кӕс фӕлгӕты 13 фарсыл.)

8 Сӕрстытӕ дӕр Чырыстийау хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц ӕмӕ цӕттӕ сты, уый куыд амарди, афтӕ амӕлынмӕ. Уыцы къордӕй иу, Павел, загъта, зӕгъгӕ, цӕуылфӕнды дӕр йӕ къух сисдзӕн, цӕмӕй «ссара Чырыстийы... базона Уый, ӕмӕ Йӕ райгасдзинады хъару, ӕмӕ Йӕ зындзинӕдты хайджын уа». О, Павел цӕттӕ уыд, «уый куыд амарди, афтӕ амӕлынмӕ» (Филиппӕгтӕм 3:8, 10, НТ). Бирӕ сӕрст чырыстӕттӕ сӕхиуыл бавзӕрстой, «Йесо цы мӕлӕтдзаг хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста», ахӕмтӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:10, НД).

9. Ӕрымысӕн изӕры дзулӕй цавӕр буар цӕуы ӕвдыст?

9 Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур ӕвӕргӕйӕ, Йесо загъта: «Уый у Мӕ Буар» (Маркы 14:22). Уый кодта, тагъд фыднад чи хъуамӕ баййӕфтаид ӕмӕ йӕ туг лӕсӕнтӕ кӕмӕн кодтаид, йӕ уыцы буары кой. Уыцы буарӕн хорз нысан уыд ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй конд дзул. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библийы ӕнхъизӕн ӕвдисы тӕригъӕд кӕнӕ фыддзинад (Матфейы 16:4, 11, 12; 1 Коринфӕгтӕм 5:6–8). Йесо уыди ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ тӕригъӕдхъӕстӕ нӕ уыд. Уый хъуамӕ йе ’ххӕст буар радтаид фидауынгӕнӕг нывондӕн (Дзуттытӕм 7:26; 1 Иоанны 2:2). Уыцы нывонд хъуамӕ стыр ахъаз фӕуыдаид ӕппӕт иузӕрдион чырыстӕттӕн дӕр, фӕнды сын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уӕд, фӕнды – ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты (Иоанны 6:51).

10. Ӕрымысӕн изӕры сӕрстытӕ сӕнӕй кӕй саходынц, уый сӕ Чырыстийы тугимӕ куыд иу кӕны?

10 Сӕрст чырыстӕттӕ Ӕрымысӕн изӕры цы сӕнӕй саходынц, уый тыххӕй Павел фыста: «Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви?» (1 Коринфӕгтӕм 10:16, НТ). Сӕнӕй кӕй саходынц, уый сӕ Чырыстийы тугимӕ куыд иу кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдонӕн сӕ бон нӕу сӕ цард ӕлхӕнӕг нывондӕн раттын, уымӕн ӕмӕ сын сӕхи дӕр тӕригъӕдӕй ӕлхӕнын хъӕуы. Чырыстийы тугӕн сӕ йӕ бон балхӕнын кӕй у, ууыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц ӕмӕ сӕ схуындӕуыд рӕстгӕнджытӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн (Ромӕгтӕм 5:8, 9; Титмӕ 3:4–7). Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы йӕ 144 000 ӕмбындары «сыгъдӕг», хибаргонд ӕмӕ ӕхсад ӕрцыдысты тӕригъӕдӕй, цӕмӕй суой «сыгъдӕджытӕ» (Дзуттытӕм 10:29; Данелы 7:18, 27; Ефесӕгтӕм 2:19). О, Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы сӕ «балхӕдта... Хуыцауӕн алы фӕлтӕртӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ мыггӕгтӕй, ӕмӕ [сӕ] скодта... паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ нӕ Хуыцауӕн; ӕмӕ... паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл» уӕларвӕй (Раргомад 5:9, 10).

11. Сӕрстытӕ Ӕрымысӕн изӕры сӕнӕй кӕй фӕнуазынц, уый цы амоны?

11 Йесо йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд йӕ иузӕрдион апостолтӕм сӕны къус радта ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут. Ацы сӕн мын ӕвдисы мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой» (Матфейы 26:27, 28, НД). Хуыцау ӕмӕ Израилы адӕмы ’хсӕн цы Закъоны бадзырд уыд, уымӕн родтӕ ӕмӕ сӕгъты туджы фӕрцы тых куыд уыд, афтӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Иегъовӕ монон Израилимӕ цы ног бадзырд скодта, уый йӕ тыхы бацыд Йесо Чырыстийы туджы руаджы (Рацыд 24:5–8; Лукайы 22:20; Дзуттытӕм 9:14, 15). «Бадзырды тугмӕ» цы сӕн амоны, сӕрстытӕ уымӕй куы фӕнуазынц, уӕд февдисынц, ног бадзырд семӕ конд кӕй ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ хорзӕхтӕй хайджын кӕй сты.

12. Сӕрстытӕ Чырыстийы мӕлӕтмӕ куыд саргъауынц?

12 Сӕрстытӕн ма ноджы загъдӕуыд иу хъуыддаджы тыххӕй. Йесо йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз цы къусӕй нуазын, уымӕй сымах дӕр бануаздзыстут, ӕмӕ ӕз цы аргъуыд исын, уый сымах дӕр райсдзыстут» (Маркы 10:38, 39, НД). Фӕстӕдӕр апостол Павел дзырдта, чырыстӕттӕ Чырыстийы «мӕлӕтмӕ кӕй саргъуыдтой» (Ромӕгтӕм 6:3). Сӕрстытӕ сӕ цард хӕссынц нывондӕн. Сӕ мӕлӕт та нывонд уыцы хуызы у, ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсӕй «нӕ» зӕгъынц. Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ Чырыстийы мӕлӕтмӕ кӕй саргъауынц, уый кӕронмӕ уӕд сӕххӕст вӕййы, иузӕрдионӕй куы амӕлынц ӕмӕ уӕларвон удгоймӕгты хуызы удӕгасгонд куы ’рцӕуынц, цӕмӕй Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кӕной уӕлӕрвты (2 Тимофеймӕ 2:10–12; Ромӕгтӕм 6:5; 1 Коринфӕгтӕм 15:42–44, 50).

Нысӕнттӕй аходын

13. Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй цӕуылнӕ аходынц, фӕлӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуынц?

13 Уӕлдӕр дзырд цӕуыл цыд, уыдӕттӕ хауынц Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй аходынмӕ. Ӕмӕ бӕрӕг у, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн дзы аходын кӕй не ’мбӕлы. Уыдон зонынц, Чырыстийы буары сӕрст уӕнгтӕ кӕй не сты ӕмӕ, Иегъовӕ Чырыстийы ӕмпаддзӕхтимӕ цы ног бадзырд скодта, уый семӕ арӕзт кӕй не ’рцыд. «Къус» ног бадзырд кӕй ӕвдисы, уымӕ гӕсгӕ нысӕнттӕй аходынц, ӕрмӕстдӕр уыцы бадзырды чи ис, уыдон. Хуыцауы Паддзахады разамындӕй ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕй суыдзысты, уымӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы чырыстӕттӕ нӕдӕр Йесойы мӕлӕтмӕ саргъуыдтой, нӕдӕр йемӕ уӕлӕрвты паддзахиуӕг кӕнынмӕ хуынд сты. Нысӕнттӕй куы аходой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ сын цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц. Уӕдӕ кӕд Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй нӕ фӕаходынц, уӕддӕр стыр аргъ кӕнынц, уырдӕм ӕрбацӕуынӕн сын фадат кӕй ис, уымӕн. Уыдон бузныг сты, Иегъовӕ сын йӕ Фырты уылты цыдӕриддӕр скодта,– уыимӕ ма Чырыстийы тугныккалды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц,– уый тыххӕй.

14. Сӕрстытӕ дзул ӕмӕ сӕнӕй кӕй саходынц, уый сын сӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?

14 Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзахиуӕг кӕнынмӕ хуынд чи у, уыцы чырыстӕтты гыццыл къордӕй фӕстӕгтыл тагъд мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн. Сӕ къух кӕуыл систой, уыцы зӕххон царды кӕронмӕ сӕрстытӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕны, Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй кӕй аходынц, уый руаджы. Афтӕмӕй фӕхатынц иннӕ сӕрст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ фидар баст кӕй сты, куыд Чырыстийы буары уӕнгтӕ, афтӕ. Дзул ӕмӕ сӕнӕй кӕй саходынц, уый сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, мӕлӕты онг иузӕрдион кӕй хъуамӕ уой (2 Петры 1:10, 11).

«Зӕххыл цы ис», уыдон ӕрӕмбырд кӕнын

15. Сӕрст чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмбырдгонд чи ӕрцыд?

15 1930 азты дыккаг ӕмбисӕй сӕрстыты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын райдыдтой, фылдӕрӕй-фылдӕр чи кодта, уыцы «ӕндӕр фыстӕ». Уыдон «гыццыл дзугмӕ» нӕ хауынц ӕмӕ сын ис зӕххыл цӕрыны ныфс (Иоанны 10:16; Лукайы 12:32; Захари 8:23). «Ӕндӕр фыстӕ» систы Чырыстийы ӕфсымӕрты иузӕрдион цӕдисӕмбӕлттӕ ӕмӕ се ’ххуыс стыр ахъаз у, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр «паддзахады тыххӕй хорз хабар» фехъусой (Матфейы 24:14, НД; 25:40). Афтӕмӕй сын фадат ис, цӕмӕй, Чырысти адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд сӕ йӕ «фыстыл» банымайа ӕмӕ сӕ «рахизырдыгӕй» сӕвӕра (Матфейы 25:33–36, 46).Чырыстийы тугныккалдыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы хауынц, «стыр бӕллӕхы» чи фервӕздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ» (Раргомад 7:9–14).

16. «Зӕххыл цы ис», уыдонмӕ чи хаудзӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фадат куыд уыдзӕн, цӕмӕй «Хуыцауы сывӕллӕттӕ» суой?

16 144 000 фӕстагыл мыхуыр ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕд тыхджын «дымгӕтӕ» феуӕгъд уыдзысты, цӕмӕй Сайтаны фыддуне фесафой (Раргомад 7:1–4). Чырыстийы ӕмӕ йӕ паддзах-сауджынты Миназон хицаудзинады рӕстӕджы тынг бирӕ адӕммӕ ӕрбаиу уыдзысты, чи райгас уа, уыцы ӕнӕнымӕц адӕм (Раргомад 20:12, 13). Уыдонӕн фадат уыдзӕн, цӕмӕй Йесо Чырыстийы, Мессиа-Паддзахы дӕлбар ӕнустӕм цӕрой. Миназон хицаудзинады кӕрон «зӕххыл цы ис», уыдон иууылдӕр фӕстаг хатт фӕлвӕрд ӕрцӕудзысты. Иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон нымад ӕрцӕудзысты «Хуыцауы [зӕххон] сывӕллӕттыл» (Ефесӕгтӕм 1:10; Ромӕгтӕм 8:21; Раргомад 20:7, 8).

17. Иегъовӕйы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн?

17 Иегъовӕ йӕ ӕгӕрон зондӕй «хъуыддӕгтӕм [кӕй] кӕсы», уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ, «уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн». Хуыцауы сконд хъуыдыхъом удгоймӕгтӕ – уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл – иууылдӕр ӕмбырдгонд ӕрцӕудзысты, фарнӕфсӕст дун-дунейы ӕнустӕм цӕрдзысты ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй Иегъовӕйы рӕстаг хицаудзинады коммӕ кӕсдзысты – йӕ фӕндтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы Хуыцауы коммӕ.

18. Сӕрстытӕ ӕмӕ сӕ цӕдисӕмбӕлттӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ӕрбацӕуой, уӕд сын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн?

18 2006 азы 12 апрелы сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд ӕмӕ ӕндӕр фыстӕй милуантӕ иумӕ куы ӕрӕмбырд уой, уӕд сӕ уырнындзинад куыд тынг бафидар уыдзӕн! Уыдон Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзысты, йӕхӕдӕг сын куыд бафӕдзӕхста, растдӕр афтӕ: «Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн» (Лукайы 22:19, НТ). Ӕрбацӕуджытӕ иууылдӕр хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, Иегъовӕ сын йӕ уарзон Фырт Йесо Чырыстийы уылты цы сарӕзта, уый.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдоны тыххӕй Иегъовӕмӕ цы фӕнд ис?

• «Уӕларвыл цы ис», уыдон чи сты ӕмӕ ӕмбырдгонд куыд ӕрцыдысты?

• «Зӕххыл цы ис», уыдон чи сты ӕмӕ сын цавӕр ныфс ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 13 фарсыл]

«Чырыстийы Буар»

Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн дзул цы нысан кӕны, уый Павел куы ӕмбарын кодта, уӕд «буары» кой кодта сӕрмагонд хуызы. Уый загъта: «Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах, бирӕ адӕм, иу буар стӕм» (1 Коринфӕгтӕм 10:16, 17, НТ). Сӕрст чырыстӕттӕ Ӕрымысӕн изӕры дзулӕй куы фӕаходынц, уӕд уымӕй февдисынц, сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды, иу буарау, иудзинад кӕй ис ӕмӕ уыцы буарӕн йӕ сӕр Чырысти кӕй у (Матфейы 23:10; 1 Коринфӕгтӕм 12:12, 13, 18).

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Дзул ӕмӕ сӕнӕй ӕрмӕст сӕрстытӕ цӕмӕн аходынц?

[Ныв 15 фарсыл]

Иегъовӕ хъуыддӕгтӕм кӕй кӕсы, уый фӕрцы уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл чи ис, уыдоны ’хсӕн иудзинад уыдзӕн