Уӕнгрог чи кӕны, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ
Уӕнгрог чи кӕны, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ
«Хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕтдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 КОРИНФӔГТӔМ 10:31, НТ).
1, 2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг райгонд цы хъуыддӕгтӕй вӕййы, уыдон «Хуыцауы лӕвар» сты, фӕлӕ ма нӕ уыимӕ Библи цӕмӕй фӕдзӕхсы?
МАХ афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нын циндзинад цы хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын нӕ фӕнды. Нӕ амондджын Хуыцау Иегъовӕйы зӕрдӕ нын зӕгъы, цӕмӕй мах дӕр цинӕфсӕст уӕм, ӕмӕ нын уый тыххӕй бирӕ фӕрӕзтӕ дӕтты (1 Тимофеймӕ 1:11; 6:17). Зондджын паддзах Соломон фыста: «Ӕз базыдтон, уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ цин кӕнай... алы адӕймаг дӕр хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ фыдӕбонӕй циндзинад иса. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Екклесиаст 3:12, 13).
2 Нӕ фыдӕбоны руаджы нын цы бантыст, ууыл хъуыды кӕнын нын зӕрдӕрухсы хос у, уӕлдайдӕр та нӕ бинонтӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ куы вӕййӕм, уӕд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый у «Хуыцауы лӕвар». Фӕлӕ нын Сфӕлдисӕг ахӕм лӕвар кӕй радта, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын бар ис, ӕгъдау ӕмӕ фӕтк кӕм нӕ уа, ахӕм ирхӕфсӕнтыл нӕ рӕстӕг ӕрвитын. Библи фыднозт, фырхӕрд ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинады ныхмӕ у ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтыл хӕст чи у, уыдоны фӕдзӕхсы «Хуыцауы Паддзахадмӕ [кӕй] нӕ бацӕудзысты», уымӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Ӕмбисӕндтӕ 23:20, 21; 1 Петры 4:1–4).
3. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм ӕмӕ Иегъовӕйы стыр бон нӕ зӕрдыл дарӕм?
3 Ацы уӕззау фӕстаг бонты чырыстӕттӕ цы стыр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, афтӕ никуы ӕмӕ хъуамӕ цырддзаст уой, цӕмӕй ацы ӕнӕгъдау дунейы хъуыддӕгтыл ма бафтой (Иоанны 17:15, 16). Библийы загъд уыд, абон цы адӕм цӕрынц, уыдон «Хуыцауы уарзыны бӕсты фылдӕр [кӕй] уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» ӕмӕ ӕппындӕр сӕ хъус кӕй нӕ дардзысты, тагъд цы «стыр бӕллӕх» уыдзӕн, уымӕ (2 Тимофеймӕ 3:4, 5, НТ; Матфейы 24:21, 37–39). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста: «Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма ӕруӕззау уой фырхӕрдӕй ӕмӕ расыг кӕнынӕй ӕмӕ царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ цӕмӕй уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕвиппайды: уымӕн ӕмӕ уый, куыд хыз ӕрцӕудзӕн» (Лукайы 21:34, 35). Мах, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, зӕрдиагӕй хъусӕм Йесойы фӕдзӕхстмӕ. Цы ӕнӕхуыцау дунейы цӕрӕм, уымӕй хъауджыдӕр, мах архайӕм, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Иегъовӕйы стыр бон (Софони 3:8; Лукайы 21:36).
4. а) Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарын зын хъуыддаг цӕмӕн у? ӕ) Ефесӕгтӕм 5:15, 16 цы уынаффӕ ис, уый ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
4 Ацы ӕнӕгъдау дунейы хъуыддӕгтӕй хи хизын ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ Хӕйрӕг скодта зӕрдӕйӕн адджын ӕмӕ ӕнцон арӕн. Уый уӕлдай зын вӕййы, нӕхи аирхӕфсын нӕ куы фӕфӕнды, уӕд. Ацы дуне цы хъары, уымӕн йӕ фылдӕр здӕхт у «буары цыбӕлтӕм» (1 Петры 2:11, НФ). Дзаг у зианхӕссӕг ирхӕфсӕнтӕй, фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ сыл адӕймаг йӕхи хӕдзары дӕр ӕмбӕла. Зӕгъӕм: чингуытӕ, телеуынынад, Интернет ӕмӕ видеойы. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Ныхас чырыстӕттӕн дӕтты зондджын уынаффӕ: «Кӕсут уӕ цардмӕ; уӕхи дарут ӕнӕзӕндтау нӕ, фӕлӕ зондджынтау. Пайда кӕнут алы фадатӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕвзӕр у» (Ефесӕгтӕм 5:15, 16, НТ). Ацы уынаффӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр нӕ уӕд уыдзӕни ныфс, уыцы зианхӕссӕг ирхӕфсӕнтӕ нӕ кӕй не ’сцыбӕл кӕндзысты ӕмӕ нын нӕ рӕстӕг кӕй нӕ исдзысты. Стӕй иууыл тӕссагдӕр та – сӕ бон у, Иегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый фехалын. Уымӕй бӕллӕхдӕр ма цы уа! (Иаковы 1:14, 15).
5. Стыр удӕнцой нын цы дӕтты?
Екклесиасты 3:4 фыст ис, зӕгъгӕ, ис «рӕстӕг худынӕн» ӕмӕ «рӕстӕг кафынӕн». Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Библи нӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, кӕд дӕхи ирхӕфсыс, уӕд дӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафыс. Фӕлӕ нӕ ирхӕфсӕнтӕ хъуамӕ уӕнгрог кӕной, нӕ уырнындзинад нын фидар кӕной кӕнӕ нӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ аразын ма къуылымпы кӕной. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ сӕхицӕй зонынц, дӕттынӕй амондджындӕр хъуыддаг кӕй нӕй. Сӕ царды сын Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Ӕмӕ сын ӕцӕг удӕнцой дӕтты, Чырыстийы ӕнцонхӕссӕн ӕфсондз кӕй райсынц, уый (Матфейы 11:29, 30; Куыстытӕ 20:35).
5 Чырыстӕттӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ хорз ӕмбарынц, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ кӕй хъӕуы сӕ фӕллад уадзын, хи ирхӕфсын.Чырыстонӕн чи фидауы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзар
6, 7. Ирхӕфсӕнтӕ чырыстӕттӕн фидауынц ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
6 Куыд ис базонӕн, цавӕрдӕр ирхӕфсӕнтӕ чырыстонӕн фидауынц ӕви нӕ? Уыцы хъуыддаджы фӕдыл ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕттынц разамынд ӕмӕ куы бахъӕуы, уӕд сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр баххуыс кӕнынц. Уӕвгӕ, уый ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ нын исчи дзура, зӕгъгӕ, мӕнӕ ацы чиныг, кино, хъазт, кафт кӕнӕ зарӕг аив не сты. Апостол Павел загъта: «Чи бахъомыл, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ фыдӕх хицӕн кӕнынмӕ чи арӕхсы, хъӕбӕр хойраг уыдонӕн у» (Дзуттытӕм 5:14, НТ; 1 Коринфӕгтӕм 14:20). Библи нын дӕтты уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ нӕм Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдӕ цы дзура, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн (1 Тимофеймӕ 1:19).
7 Йесо загъта, зӕгъгӕ, «бӕлас йӕ дыргъӕй бӕрӕг» вӕййы (Матфейы 12:33, НТ). Кӕд ирхӕфсӕнтӕ, тыхми, ӕнӕгъдаудзинад, кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕм чи ардауы, ахӕм ӕмбыд дыргъ хӕссынц, уӕд сын хъуамӕ нӕ царды бынат ма уа. Ирхӕфсӕнтӕ ма раст не сты, кӕд адӕймаджы цард кӕнӕ ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг сты, кӕд сӕ аххосӕй цард уӕззаудӕр кӕны, ныфс сӕттынц кӕнӕ кӕд иннӕтӕн къуылымпыйы хос сты, уӕд. Апостол Павел нӕ фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, кӕд не ’фсымӕры ӕфсармӕн къуылымпыйы хос стӕм, уӕд тӕригъӕд аразӕм: «Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се ’фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ аразыныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы. Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры» (1 Коринфӕгтӕм 8:12, 13, НТ).
8. Компьютерон хъӕзтытӕ ӕмӕ видеофильмтӕ тӕссаг цӕмӕй сты?
8 Дуканитӕ дзаг сты алыхуызон компьютерон хъӕзтытӕй ӕмӕ видеофильмтӕй. Иуӕй-иуты дзы ӕвзӕрӕй ницы ис, фӕлӕ уыцы ирхӕфсӕнты куыдфӕстагмӕ тынгдӕр бӕрӕг вӕййынц, Библи цы хъуыддӕгты ныхмӕ дзуры, уыдон. Кӕд ахӕм хъазты хъӕуы искӕй фӕсахъат кӕнын ӕмӕ амарын кӕнӕ ӕнӕгъдау ми саразын, уӕд уыцы хъазтӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, Псалом 10:5; Ӕмбисӕндтӕ 3:31; Колоссӕгтӕм 3:5, 6). Цы хъазтӕй хъазыс, уый дӕ кӕд зыд ӕмӕ кӕрӕфмӕ кӕнӕ тыхмимӕ ардауы, де ’уӕнг дын мары, кӕнӕ дын дӕ зынаргъ рӕстӕг хӕры, уӕд ахсджиаг у бамбарын, дӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕй у ӕмӕ дӕ ӕвӕстиатӕй исты фӕивын кӕй хъӕуы (Матфейы 18:8, 9).
ӕмӕ уый ӕрмӕст хъазт у, зӕгъгӕ. Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты «тыхдзинад уарзӕг» адӕм (Уӕнгроггӕнӕн ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм
9, 10. Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ цӕуыл хъӕуы хъуыды кӕнын?
9 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ чырыстӕттӕ бафӕрсынц: «Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ сты аив? Ацы дуне цы ирхӕфсӕнтӕ хъары, уыдонӕн сӕ фылдӕр Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы сты». Ныфс дӕ уӕд, чырыстонӕн чи фидауы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ссарӕн ис, ӕрмӕст ууыл хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Уый тыххӕй хъӕуы рагацау пълан кӕнын, ӕмӕ уый уӕлдай тынгдӕр хауы ныййарджытӕм. Бирӕтӕ хорз баулӕфынц сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мбырдимӕ. Зӕгъӕм, хӕрды рӕстӕг фӕдзурынц, боны дӕргъы сыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдӕттыл, кӕнӕ Библийӕ цавӕрдӕр фарстатыл. Уый сын хӕссы циндзинад ӕмӕ сӕ уырнындзинад дӕр бафидар вӕййы. Спълан кӕнӕн ис ӕрдзы хъӕбысмӕ ацӕуын, хорз хъӕзтытӕй ахъазын кӕнӕ искуыдӕм экскурсийы ацӕуын. Ахӕм уӕнгроггӕнӕн ирхӕфсӕнтӕ хӕссынц циндзинад ӕмӕ удӕнцой.
10 Иу хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ бинойнагӕн ис ӕртӕ сывӕллоны. Уыдон зӕгъынц: «Нӕ сывӕллӕттӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ немӕ иумӕ ӕвзӕрстой, улӕфынмӕ кӕдӕм цӕудзыстӕм, уый. Хатт-иу сын бар раттам, цӕмӕй дзы алчидӕр йӕ хорз хӕлары фӕхуыдтаид, ӕмӕ-иу уӕд нӕ улӕфты рӕстӕг ноджы хъӕлдзӕгдӕрӕй арвыстам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ сывӕллӕттӕн ахсджиаг цы уыдаид, уый дӕр нӕ рох кодтам. Нӕхимӕ-иу ӕмбырдӕй ӕрбахуыдтам ӕндӕр бинонты ӕмӕ не ’мбӕлтты. Кӕрты-иу исты ахордтам ӕмӕ-иу фӕхъазыдыстӕм. Ацыдыстӕм-иу хӕхтӕм, цӕмӕй сывӕллӕттӕ хуыздӕр базыдтаиккой Иегъовӕйы сфӕлдыстад».
11, 12. а) Уӕ рӕстӕг куыд ӕрвитдзыстут, уый пълан кӕнгӕйӕ, цы саразӕн ис, цӕмӕй ма уемӕ исчи баулӕфа? ӕ) Бирӕтӕ сӕ зӕрдыл тынгдӕр цавӕр фембӕлдтӕ бадарынц?
11 Уӕ рӕстӕг куыд ӕрвитдзыстут, уый пълан кӕнгӕйӕ, уӕ бон нӕ уаид уӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ саразын, цӕмӕй ма ӕндӕр исчи уемӕ баулӕфа? Чи зоны идӕдзты, иунӕгӕй чи цӕры, кӕнӕ сывӕллон ӕнӕ цардӕмбалӕй чи хъомыл кӕны, уыдоны хъӕуы бафидар кӕнын (Лукайы 14:12–14). Дӕ бон ма у фӕхонын, ӕмбырдмӕ ӕрӕджы чи ӕрбацыд, уыдонӕй искӕй. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, ӕмӕ ныл ӕвзӕрырдӕм чи фӕзына, ахӕмтӕй нӕхи хизӕм (2 Тимофеймӕ 2:20, 21). Кӕд, чидӕр ацӕргӕ кӕнӕ рынчын у, ӕмӕ йӕ бон хӕдзарӕй рацӕуын нӕу, уӕд хорз уаид, немӕ хӕринаг куы ӕрбахӕссиккам ӕмӕ йемӕ куы абадиккам (Дзуттытӕм 13:1, 2).
12 Бирӕтӕ сӕ зӕрдыл тынгдӕр бадарынц, иугыццыл минас кӕм вӕййы ӕмӕ, чырыстон фӕндагыл чи куыд слӕууыд ӕмӕ сын Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн цы ӕххуыс кӕны, уыдӕттӕ кӕм фӕдзурынц, ахӕм фембӕлдтӕ. Сывӕллӕттӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй
Библийӕ цавӕрдӕр фарстатӕ иумӕ куы ӕвзарат, уӕд уый ныфсы хос уыдзӕн алкӕмӕндӕр. Ахӕм фембӕлдтӕ алкӕмӕндӕр уыдзысты пайда, ӕмӕ йӕхи къӕмдзӕстыг ничи хатдзӕн.13. Йесо ӕмӕ Павел уазӕгуарзондзинадмӕ цы цӕстӕй кастысты, уымӕй фӕзминаг куыд сты?
13 Йесо уазӕгуарзон кӕй уыд ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр уазӕгуаты кӕй цыд, уымӕй нын у фӕзминаг. Иннӕты уырнындзинад бафидар кӕныны фадат-иу никуы ауагъта (Лукайы 5:27–39; 10:42; 19:1–10; 24:28–32). Уыцы хъуыддаджы йӕ йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр фӕзмыдтой (Куыстытӕ 2:46, 47). Апостол Павел фыста: «Уӕ фенынмӕ тынг бӕллын, Сыгъдӕг Уд мын цы ралӕвар кодта, уымӕй уын куыд бахай кӕнон ӕмӕ куыд сфидар уат. Ома, кӕрӕдзи сфидар кӕнӕм иумӕйаг уырнындзинадӕй, уӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ мӕ уырнындзинадӕй» (Ромӕгтӕм 1:11, 12, НТ). Афтӕ мах дӕр, куы ӕрӕмбырд вӕййӕм, уӕд хъуамӕ нӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм (Ромӕгтӕм 12:13; 15:1, 2).
Цы хъӕуы зӕрдыл дарын
14. Стыр хъазтизӕртӕ аразын зондджын ми цӕуылнӕ уаид?
14 Стыр хъазтизӕртӕ аразын зондджын ми нӕ уаид, уымӕн ӕмӕ йӕм хъус дарын зын вӕййы. Иуӕй-иу хатт, ӕмбырды хъуыддӕгтӕй сӕрибар рӕстӕг, иу-цалдӕр бинонтӕн сӕ бон у саразын хъазтизӕр кӕнӕ, ерыс кӕнын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм хъӕзтытӕй ахъазын. Ахӕм хъазтизӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстӕттӕ куы вӕййынц, уӕд уыцы фембӕлдтӕ хорзырдӕм фӕзынынц ӕмӕ уӕнгрог кӕнынц.
15. Хӕдзары хицау хъазтизӕры йӕхимӕ разамынд цӕмӕн хъуамӕ иса?
15 Стыр хъазтизӕр чи аразы, уый хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, чидӕр дзы йӕхимӕ разамынд кӕй хъуамӕ иса. Уазджыты фӕхонын ӕхсызгон хабар у. Фӕлӕ дын тынг хъыг нӕ уаид, дӕ хъус цӕмӕдӕр кӕй не ’рдардтай, уый аххосӕй дӕ хӕдзары хъазтизӕры рӕстӕг цыдӕр хабар дӕ уазджытӕй кӕмӕндӕр къуылымпыйы хос кӕй фӕци? Ӕркӕсӕм ма Дыккаг закъоны 22:8 цы уагӕвӕрд ис, уымӕ. Израилаг-иу ног хӕдзар куы арӕзта, уӕд хъуамӕ йӕ уӕлхӕдзарӕн сис самадтаид, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ уазджытимӕ уым бадтысты. Цӕмӕн хъуыди сис амайын? «Цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ дӕ хӕдзар тугкалды аххосджын ма фӕуа». Афтӕ мах дӕр, ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд, нӕ уазджытыл кӕй тыхсӕм, ома хъазтизӕр ӕгъдауыл куыд ацӕуа, уымӕ нӕ хъус кӕй дарӕм, уый се ’нӕниздзинад ӕмӕ уырнындзинадыл хорзырдӕм фӕзындзӕн.
16. Хъазтизӕры нуӕзт куы уа, уӕд уӕлдай лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
16 Хъазтизӕры нуӕзт куы уа, уӕд хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг уӕм. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ Ефесӕгтӕм 5:18, 19). Чи зоны, уазджытӕй чидӕр цӕйдӕр тыххӕй йӕхи нуӕзтӕй хизы. Бирӕ рӕтты закъонмӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕн нуазыны бар нӕй, ӕмӕ йӕ чырыстӕттӕ ӕххӕст кӕнынц, кӕд ӕй чидӕр ӕгӕр карз домӕныл нымайы, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 13:5).
нуӕзт ӕрмӕст уӕд ӕрӕвӕрынц, ӕмӕ сӕ бон куы вӕййы хъус дарын, сӕ уазджытӕ цы ӕмӕ цас нуаздзысты, уымӕ. Хъуамӕ ӕгӕр бирӕ нуӕзт къуылымпыйы хос кӕнӕ фылдӕр баназыны ’фсон макӕмӕн уа (17. а) Хъазтизӕры цы музыкӕ уыдзӕн, уый хӕдзары хицау лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ӕвзара? ӕ) Хъазтизӕры кӕфтытӕ куы уа, уӕд ӕфсармджын кӕд уыдзысты?
17 Хӕдзары хицау хъуамӕ фидарӕй зона, хъазтизӕры цы музыкӕ, кӕфтытӕ кӕнӕ ӕндӕр ирхӕфсӕнтӕ уыдзӕн, уыдон чырыстӕттӕн кӕй фидауынц. Алкӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕмӕ алыхуызон музыкӕ цӕуы, ӕмӕ хъусӕн кӕмӕ ис, ахӕм музыкӕ тынг бирӕ ис. Фӕлӕ абон музыкӕйӕн йӕ фылдӕр ардауы хивӕнд зондахаст, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ фыддзинадыл. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уыцы хъуыддаджы ӕвзарын зонӕм. Чырыстӕттӕн чи фидауы, уыцы музыкӕ ӕрмӕст сабыр хъуамӕ ма уа. Фӕлӕ хъуамӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ ма ардауа, йе та ӕгӕр хъӕр ӕмӕ гуыпп-гуыпп ма кӕна. Музыкӕмӕ цас хъӕрӕй хъусӕн ис, уый ӕххӕст чи не ’мбары, ахӕм адӕймагӕн ӕй ма бахӕс кӕн. Ӕнӕфсарм ӕмӕ, буары уӕнгты змӕлдӕй адӕймаджы чи цыбӕл кӕны, ахӕм кӕфтытӕ чырыстонӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’мбӕлынц (1 Тимофеймӕ 2:8–10).
18. Сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитынц, уымӕ ныййарджытӕ сӕ хъус кӕй дарынц, уымӕй сӕ фыдбылызӕй куыд хизынц?
18 Чырыстон ныййарджытӕ хъуамӕ зоной, сӕ сывӕллӕттӕ цавӕр хъазтизӕрмӕ цӕудзысты, уый. Стӕй хорз уаид, сӕхӕдӕг дӕр-иу семӕ куы ацӕуиккой. Хъыгагӕн, иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ауагътой, хъусдард кӕм нӕ уыд, ахӕм хъазтизӕртӕм ӕмӕ уым сывӕллӕттӕй кӕйдӕрты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм сцыбӕл кодтой (Ефесӕгтӕм 6:1–4). Кӕд сывӕллӕттӕ гыццылтӕ нал сты ӕмӕ сӕхи афтӕ дарынц, ӕмӕ сӕ бон у сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын, уӕддӕр сын амонын хъӕуы, цӕмӕй сӕхи хизой «лӕппуйы монцтӕй» (2 Тимофеймӕ 2:22, НТ).
19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, фыццаджыдӕр агурын цы хъӕуы, уымӕ нӕ зӕрдӕ саразӕм?
19 Аив ӕмӕ уӕнгроггӕнӕн ирхӕфсӕнты руаджы царды фылдӕр циндзинад вӕййы. Ӕмӕ нӕ Иегъовӕ уыцы цинӕй ӕнӕхай нӕ кӕны. Фӕлӕ, раст зӕгъгӕйӕ, мах зонӕм: ирхӕфсӕнтӕ нын уӕлӕрвты хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнынӕн ницы ахъаз сты (Матфейы 6:19–21). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кодта, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у «фыццаджыдӕр агурын Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ рӕстдзинад»; цы хӕрӕм, цы нуазӕм кӕнӕ цы дарӕм, «ӕппӕт уыдӕттӕ [та] муртаттӕ агурынц» (Матфейы 6:31–34, НТ).
20. Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цавӕр хорздзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ Дарӕгӕй?
20 Уӕдӕ «хӕргӕ кӕнӕм ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразӕм», «ӕппӕтдӕр кӕнӕм Хуыцауы кадӕн», ӕмӕ бузныг уӕм нӕ Дарӕгӕй, цины хос нын цы у, уыцы хорздзинӕдтӕ нын чи дӕтты, уымӕй (1 Коринфӕгтӕм 10:31, НТ). Тагъд Иегъовӕ зӕххӕй Дзӕнӕт куы сараза, уӕд нын бирӕ фадӕттӕ уыдзӕн йӕ рӕдаудзинадыл цин кӕнынӕн ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонимӕ зӕрдӕбын ныхас кӕнынӕн (Псалом 144:16; Исай 25:6; 2 Коринфӕгтӕм 7:1).
Бахъуыды кодтай?
• Чырыстӕттӕн чи фидауы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ссарын абон зын цӕмӕн у?
• Чырыстон бинонтӕн се уӕнг чи рог кӕна, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?
• Цӕмӕй нын ирхӕфсӕнтӕ цины хос уой, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 24 фарсыл]
Хорз дыргъ чи хӕссы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзар
[Нывтӕ 25 фарсыл]
Чырыстӕттӕн цавӕр ирхӕфсӕнтӕ нӕ фидауынц?