Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау хъуыддӕгтӕм кӕсы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй

Хуыцау хъуыддӕгтӕм кӕсы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй

Хуыцау хъуыддӕгтӕм кӕсы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй

«[Хуыцау] ӕппӕт дӕр йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ... аразы» (ЕФЕСӔГТӔМ 1:11, НД).

1. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕт ӕмбырдтӕ дӕр 2006 азы 12 апрелы цӕмӕн ӕрӕмбырд уыдзысты?

ӔРТЫЦЦӔДЖЫ изӕрӕй, 2006 азы 12 апрелы иу-16 милуан адӕймаджы бӕрӕг кӕндзысты Хицауы ӕхсӕвӕр. Кӕм ӕрӕмбырд уой, уым алы ран дӕр стъолыл уыдзӕн донгонд дзул (нысан кӕны Чырыстийы буар) ӕмӕ сырх сӕн (амоны йӕ тугныккалдмӕ). Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр цы нысан кӕны, уый фӕдыл уыдзӕн раныхас. Раныхасы кӕронмӕ ’ввахс уыцы нысӕнттӕ – фыццаг дзул, стӕй та сӕн – къухӕй-къухмӕ адӕтдзысты. Уыдонӕй ӕрмӕстдӕр стӕм ӕмбырдты ацаходдзӕн иу кӕнӕ цалдӕр адӕймаджы. Фӕлӕ сӕ фылдӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй ӕппындӕр ничи саходдзӕн. Нысӕнттӕй аходынц, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, ӕрмӕстдӕр уыцы чырыстӕттӕ. Фӕлӕ ӕрбацӕуджытӕн сӕ фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕнусон цардмӕ зӕххыл, ӕмӕ уыдон та нысӕнттӕй нӕ аходынц. Цӕмӕн афтӕ у?

2, 3. а) Иегъовӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ фӕлдисын куыд райдыдта? ӕ) Иегъовӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста?

2 Иегъовӕ у, бӕрӕг фӕнд кӕмӕ ис, ахӕм Хуыцау. Уый «ӕппӕт дӕр йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ... аразы», цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна (Ефесӕгтӕм 1:11, НД). Райдианы уый сфӕлдыста йӕ иунӕггуырд Фырты (Иоанны 1:1, 14; Раргомад 3:14). Уый фӕстӕ Иегъовӕ йӕ Фыртимӕ сфӕлдыста уӕларвон фыртты, ома зӕдты, фӕстагмӕ та дун-дуне, зӕхх ӕмӕ адӕймаджы (Иов 38:4, 7; Псалом 102:19–21; Иоанны 1:2, 3; Колоссӕгтӕм 1:15, 16).

3 Кӕд чырыстон аргъуантӕй бирӕты дзурынц, зӕгъгӕ, Хуыцау зӕхх уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕмы фӕлвара ӕмӕ сын стӕй сӕ хуыздӕрты йӕхимӕ уӕларвмӕ кӕна, уӕддӕр уый афтӕ нӕу. Уый йӕ сфӕлдыста бӕлвырд нысанӕн – «цӕрынӕн» (Исай 45:18). Иегъовӕ зӕхх скодта адӕймагӕн, адӕймаджы та – зӕххӕн (Псалом 113:24). Ӕгас зӕххы къори хъуамӕ суыдаид дзӕнӕт ӕмӕ байдзаг уыдаид рӕстаг адӕмӕй. Уыдон ӕй хъуамӕ куыстаиккой ӕмӕ йӕм зылдаиккой. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн никуы уыд загъд, искуы уӕларвмӕ ацӕудзыстут, зӕгъгӕ (Уӕвынад 1:26–28; 2:7, 8, 15).

Иегъовӕйы фӕнд дзырддаг сси

4. Зӕххыл дыууӕ адӕймаджы йеддӕмӕ куы нӕма уыд, уӕд Иегъовӕйы хицаудзинад дзырддаг куыд сси?

4 Хуыцауӕн йӕ уӕларвон фырттӕй иу йӕ ныхмӕ рацыд ӕмӕ сфӕнд кодта, цӕмӕй йӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын бахъыгдара. Афтӕмӕй йӕ Иегъовӕ цы сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, уымӕй, ома уынаффӕ хӕссыны барӕй, раст не спайда кодта. Уыцы фыдгӕнӕг фехӕлдта, Иегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдоны ’хсӕн цы фарн уыд, уый. Сайтан фыццаг лӕг ӕмӕ усы ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй Хуыцауы коммӕ мауал кастаиккой (Уӕвынад 3:1–6). Иегъовӕ тыхджын кӕй у, уый ныхмӕ йӕ бон зӕгъын ницы уыди, фӕлӕ сдзырддаг кодта, хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Иегъовӕйы хицаудзинады фӕдыл сӕйраг дзырддаг фарст сӕвзӕрд зӕххыл, нырма йыл дыууӕ адӕймаджы йеддӕмӕ куы нӕма уыд, уӕд.

5. Цавӕр фарст ма сӕвзӕрд ӕмӕ кӕмӕ хаудта?

5 Уыцы сӕйраг фарстӕй уӕлдай ма Сайтан Иовы бонты ӕрӕвӕрдта ӕндӕр фарст дӕр. Уый загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдон ын сыгъдӕг зӕрдӕйӕ нӕ лӕггад кӕнынц. Сайтаны уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц исты ӕнхъӕлцауӕй ӕмӕ фӕлварӕнты куы бахауой, уӕд ӕй ныууадздзысты (Иов 1:7–11; 2:4, 5). Кӕд Сайтан Иегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнӕджы кой кодта, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ хаудысты йӕ уӕларвон фырттӕм дӕр, ӕмӕ ма суанг йӕ иунӕггуырд Фыртмӕ дӕр.

6. Иегъовӕ йӕ фӕнд ӕмӕ йӕ ном кӕй нӕ рох кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

6 Иегъовӕ йӕ фӕнд ӕмӕ йӕ номы нысаниуӕг кӕй нӕ рох кӕны, уымӕ гӕсгӕ сси Пехуымпар ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг *. Уый Сайтанӕн загъта: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ усы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Уӕвынад 3:15). Йӕ «усы», кӕнӕ йӕ организацийы уӕларвон хайы Мыггаджы руаджы Иегъовӕ хъуамӕ дзуапп радтаид Сайтаны хахуыртӕн ӕмӕ Адамы байзӕддӕгтӕн уыдаид фервӕзыны ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Ромӕгтӕм 5:21; Галатӕгтӕм 4:26, 31).

Йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад

7. Иегъовӕ апостол Павелы уылты цавӕр фӕнд раргом кодта?

7 Апостол Павел Ефесы чырыстӕттӕн йӕ фыстӕджы хорз ӕмбарын кӕны, Иегъовӕ йӕ фӕнд ӕххӕст кӕныны тыххӕй хъуыддӕгтӕм куыд кӕсы, уый. Павел сӕм фыста: «Раргом нын кодта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад. Уыцы сусӕгдзинад у йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, афтӕ сфӕнд кодта йӕхӕдӕг йӕхимидӕг, цӕмӕй, ӕмгъуыды афон йӕ кӕронмӕ куы хӕццӕ кӕна, уӕд хъуыддӕгтӕм ӕркӕса, бӕлвырдӕй та: уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна» (Ефесӕгтӕм 1:9, 10, НД). Иегъовӕйы кадджын фӕнд уый мидӕг ис, цӕмӕй дун-дунейы цӕрой, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи лӕггад кӕны, уыдон (Раргомад 4:11). Сайтан сайӕг кӕй у, уый хъуамӕ сбӕрӕг уа, Хуыцауӕн йӕ ном срухс уа ӕмӕ йӕ фӕндон уа, «уӕларвы куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10, НТ).

8. «Хъуыддӕгтӕм ӕркӕсын»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уый цы нысан кӕны?

8 Иегъовӕйы фӕнд хъуамӕ сӕххӕст уа, «хъуыддӕгтӕм [кӕй] кӕсы», уый фӕрцы. Павел цы дзырдӕй спайда кодта, уый комкоммӕ нысан кӕны «хӕдзары хъуыддӕгтӕ кӕнын». Уый цавӕрдӕр хицауадмӕ, зӕгъӕм, Мессиайы Паддзахадмӕ, нӕ хауы *. Иегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй хъуыддӕгтӕ куыд аразы, уый баст у, ӕнусты дӕргъы кӕй ӕргом кодта, уыцы сусӕгдзинадимӕ (Ефесӕгтӕм 1:10; 3:9, фиппаинаг «Ног Дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ», англ.).

9. Иегъовӕ йӕ фӕндоны сусӕгдзинад сабыргай куыд ӕргом кодта?

9 Иегъовӕ бадзырдты фӕрцы сабыргай ӕргом кодта, Едемы зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мыггаджы тыххӕй йӕ фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый. Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕй бӕрӕг уыд, зӕрдӕвӕрд Мыггаг йӕ хӕдзарвӕндагӕй кӕй хъуамӕ фӕзындаид ӕмӕ уый уылты арфӕгонд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаиккой «зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр». Уыцы бадзырдӕй ма рабӕрӕг, ӕндӕртӕ дӕр кӕй хъуамӕ ӕрбаиу уыдаиккой мыггаджы сӕйраг хаймӕ (Уӕвынад 22:17, 18). Иегъовӕ Израилы адӕмимӕ Закъоны бадзырд кӕй скодта, уымӕй раргом, кӕй йӕм ис «сауджынты паддзахад» скӕныны фӕнд (Рацыд 19:5, 6). Давидимӕ бадзырд ӕргом дзырдта, Мыггаг Хуыцауы Паддзахады сӕргъы кӕй уыдзӕн ӕнустӕм (2 Паддзахӕдты 7:12, 13; Псалом 88:4, 5). Закъоны бадзырд йӕ нысан куы сӕххӕст кодта ӕмӕ иудейты Мессиамӕ куы ’ркодта, уӕд Иегъовӕ бамбарын кодта, дарддӕр йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый (Галатӕгтӕм 3:19, 24). Мыггаджы сӕйраг хаймӕ чи хауы, уыцы адӕм, рагзагъдмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ суыдаиккой «сауджынты паддзахад» ӕмӕ семӕ, ног, уӕларвон «Израилимӕ», хъуамӕ арӕзт ӕрцыдаид «ног бадзырд» (Иереми 31:31–34; Дзуттытӕм 8:7–9) *.

10, 11. а) Рагзагъд Мыггаг чи уыд, уый Иегъовӕ куыд раргом кодта? ӕ) Хуыцауы иунӕггуырд Фырт зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд?

10 Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй хъуыддӕгтӕм афтӕ ӕркаст, ӕмӕ ӕмгъуыд рӕстӕджы зӕххыл фӕзынд рагзагъд Мыггаг. Иегъовӕ арвыста зӕд Гавриилы, цӕмӕй Мариайӕн фехъусын кодтаид, кӕй йын райгуырдзӕн фырт ӕмӕ йӕ кӕй схондзысты Йесо. Зӕд ын загъта: «Уый уыдзӕн номдзыд ӕмӕ хуыйндзӕн Ӕппӕтбӕрзонды Фырт, ӕмӕ ратдзӕн Уымӕн Хицау Хуыцау Йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕн; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн Иаковы хӕдзарыл мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахдзинадӕн нӕ уыдзӕн кӕрон» (Лукайы 1:32, 33). Зӕрдӕвӕрд Мыггаг чи уыд, уый рабӕрӕг (Галатӕгтӕм 3:16; 4:4).

11 Иегъовӕ йӕ иунӕггуырд Фырты зӕхмӕ рарвыста ӕмӕ ам кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцыд. Сайтаны ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый сбӕлвырд кӕнын баст уыдис Йесо Чырыстийыл. Цымӕ йӕ Фыдыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн? Уыцы фарст хауд сусӕгдзинадмӕ. Апостол Павел фӕстӕдӕр бамбарын кодта, Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый: «Хуыцауыл иузӕрдион чи уыдзӕн, уыцы сусӕгдзинад, бӕгуыдӕр, диссаг у: „Уый сси адӕймаг, уӕлӕрвты нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл, ӕрлӕууыд зӕдты раз, йӕ кой хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты йыл дунейы, уӕлӕрвты йыл сӕмбӕлдысты кадимӕ“» (1 Тимофеймӕ 3:16, НД). О, Йесо мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй кӕронмӕ сбӕлвырд кодта, Сайтаны ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты. Фӕлӕ уӕддӕр сусӕгдзинады нырма цыдӕртӕ раргомгӕнинаг уыд.

«Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад»

12, 13. а) «Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинадмӕ» цы хауы? ӕ) Иегъовӕйы цы хъуыд бакӕнын, цӕмӕй адӕмӕй чидӕртӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуой?

12 Йесо Галилейы куы хъусын кодта, уӕд иухатт загъта, зӕгъгӕ, сусӕгдзинад ӕнгом баст у йӕ Мессиайы Паддзахадимӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Уӕларвон Паддзахады [«Хуыцауы Паддзахады», Маркы 4:11] сусӕгдзинӕдтӕ зонын» (Матфейы 13:11). Уыцы сусӕгдзинады иу фадыг уыд, Иегъовӕ «чысыл дзуг», 144 000 адӕймаджы кӕй хъуамӕ равзӕрстаид ӕмӕ, куыд мыггаджы хай, афтӕ йӕ Фыртимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кодтаиккой (Лукайы 12:32; Раргомад 14:1, 4).

13 Адӕм конд уыдысты зӕххыл цӕрынӕн, фӕлӕ Иегъовӕ цы «ног сконд» сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ та адӕмӕй иуӕй-иутӕ хъуамӕ уӕлӕрвтӕм ацыдаиккой (2 Коринфӕгтӕм 5:17). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфсӕй хорзӕхджын чи ’рцыд, уыдонӕй иу, апостол Петр фыста: «Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн – фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм хорзӕхтӕ [«бынтӕ», НД] уӕлӕрвты ӕфснайдӕй лӕууынц сымахӕн» (1 Петры 1:3, 4, НТ).

14. а) «Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад» муртаттимӕ куыд баст у? ӕ) «Хуыцауы арф хъуыдытӕ» цӕй фӕрцы ӕмбарӕм?

14 Фидӕны уӕларвон хицауады тыххӕй сусӕгдзинады ӕндӕр фадыг уый уыд, ӕмӕ Хуыцау сфӕнд кодта, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕнынӕн ӕвзӕрст ӕрцыдаиккой муртаттӕ дӕр. Иегъовӕ «хъуыддӕгтӕм [куыд] ӕркӕсдзӕн», кӕнӕ йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый Павел бамбарын кодта афтӕ: «Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн: фарны уацы фӕрцы муртаттӕ дӕр, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, иудейтимӕ уыдзысты иу буар ӕмӕ уыдонимӕ хай райсдзысты, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй» (Ефесӕгтӕм 3:5, 6, НТ). Сусӕгдзинады ацы фадыг раргом ис «сыгъдӕг апостолтӕн». Афтӕ мах дӕр ӕнӕ сыгъдӕг уды ӕххуысӕй «Хуыцауы арф хъуыдытӕ» нӕ бамбӕрстаиккам (1 Коринфӕгтӕм 2:10, НД; 4:1; Колоссӕгтӕм 1:26, 27).

15, 16. Иегъовӕ Чырыстийы ӕмпаддзӕхты адӕмӕй цӕмӕн равзӕрста?

15 Уӕрыккимӕ уӕларвон Сионы хохыл цы «сӕдӕ цыппар цыппор мин» лӕууы, уыдоны тыххӕй загъдӕуыд, зӕгъгӕ, сты «зӕххӕй ӕлхӕдтытӕ», «ӕлхӕд ӕрцыдысты адӕмӕй, куыд фыццаггуырдтӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн», Йесо Чырыстийӕн (Раргомад 14:1–4). Иегъовӕ Едемы зӕрдӕ цы мыггагӕй бавӕрдта, уымӕн йӕ сӕйраг хай сси йӕ фыццаг уӕларвон фырт. Фӕлӕ Чырыстийы ӕмпаддзӕхты адӕмӕй цӕмӕн равзӕрста? Апостол Павел бамбарын кодта, уыцы чысыл нымӕц кӕй уыдысты Иегъовӕйы фӕндмӕ «гӕсгӕ ӕрхуындтытӕ», йӕ «хорз фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Ромӕгтӕм 8:17, 28–30; Ефесӕгтӕм 1:5, 11; 2 Тимофеймӕ 1:9).

16 Иегъовӕйы фӕнд у, цӕмӕй срухс кӕна йе стыр ӕмӕ йӕ сыгъдӕг ном ӕмӕ сбӕлвырд кӕна, Дунедарӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уый. Иегъовӕ «хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ» йе ’гӕрон зондӕй кӕй архайдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фыццаггуырд Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕ аскъуыддзаг кодта, мӕлӕты онг йӕ хицаудзинады фарс чи уа, уыцы адӕм йӕ Фырты Мессиайы Паддзахадмӕ кӕй бацӕудзысты (Ефесӕгтӕм 1:8–12; Раргомад 2:10, 11).

17. Чырысти ӕмӕ йе ’мпаддзӕхтӕ раздӕр зӕххыл кӕй цардысты, ууыл цӕмӕн цин кӕнӕм?

17 Иегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста ӕмӕ йын уӕларвон Паддзахады ӕмбындартӕй адӕмы кӕй равзӕрста, уымӕй равдыста йе стыр уарзондзинад Адамы байзӕддӕгтӕм. Уӕдӕ Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн та (сӕ фыццаг уыд Авел) уымӕй цы пайда ис? Ӕнӕххӕст адӕм сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ сты тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уырнындзинады хъуыддаджы дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр сӕнӕниз уой ӕмӕ суой ӕххӕст адӕймӕгтӕ – ӕппӕты райдианы Иегъовӕйы фӕнд куыд уыд, афтӕ (Ромӕгтӕм 5:12). Зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон зонынц, сӕ Паддзах зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд уарзта ӕмӕ сӕ куыд ӕмбӕрста, афтӕ уыдоны дӕр кӕй уарздзӕн ӕмӕ кӕй ӕмбардзӕн. Цас удӕнцой сын хӕссы уый! (Матфейы 11:28, 29; Дзуттытӕм 2:17, 18; 4:15; 7:25, 26). Цас ныфс нӕ уадзы, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ кӕй уыдзысты, сӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, мах куыд тох кӕнӕм, афтӕ йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмӕ царды зындзинӕдтимӕ чи тох кодта! (Ромӕгтӕм 7:21–25).

Иегъовӕйы ӕнӕивгӕ фӕнд

18, 19. Павел Ефесӕгтӕм 1:8–11 цы ныффыста, уый ныр хуыздӕр цӕмӕн ӕмбарӕм ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Павел сӕрст чырыстӕттӕм Ефесӕгтӕм 1:1–8 цы ныффыста, уый хъуыды ныр хуыздӕр ӕмбарӕм. Павел загъта, зӕгъгӕ сын Иегъовӕ бамбарын кодта, «йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад», Чырыстиимӕ иумӕ «ӕвзӕрст [кӕй] ӕрцӕудзысты бындартӕй», «рагагъоммӕ, ӕппӕт дӕр йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ чи аразы, уый фӕндӕй». Мах уынӕм, Иегъовӕ «хъуыддӕгтӕм [кӕй] кӕсы», уый фӕрцы йӕ фӕнд кӕй ӕххӕст кӕны. Уыцы хъуыддаг ма нын ӕххуыс кӕны бамбарын, чырыстӕттӕй ӕрмӕст стӕмтӕ цӕмӕн саходынц Хицауы ӕхсӕвӕры нысӕнттӕй.

19 Иннӕ статьяйӕ мах базондзыстӕм, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн цы нысан кӕны. Базондзыстӕм ма, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы милуангай адӕмы Ӕрымысӕн изӕр тынг цӕмӕн хъуамӕ цымыдис кӕна.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Хуыцауы ном комкоммӕ амоны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Иегъовӕ свӕййы, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн ӕй цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. (Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 9 ф., 8 абз.)

^ 8 абз. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, «хъуыддӕгтӕм [кӕй] ӕркастӕуыд» йӕ бонты, Фыстадмӕ гӕсгӕ та Мессиайы Паддзахад ӕвӕрд не ’рцыд 1914 азы онг.

^ 9 абз. Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цы бадзырдтӕ конд ӕрцыд, уыдоныл дзырд бӕстондӕр цыди «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1989 азы, 1 февралы, 10–15 фф. (уыр.) ӕмӕ 1998 азы, 1 июны, 6–21 фф.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Иегъовӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста?

• Иегъовӕйы иунӕггуырд Фырт зӕххыл фӕлвӕрд цӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид?

• Иегъовӕ Чырыстийы ӕмпаддзӕхты адӕмӕй цӕмӕн равзӕрста?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]