Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуӕм, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл

Цӕуӕм, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл

Цӕуӕм, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл

«Рӕстгӕнджыты фӕндаг у, сихормӕ йӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕмӕн кӕны, ахӕм тӕмӕнтӕкалгӕ рухсгӕнӕны хуызӕн» (ӔМБИСӔНДТӔ 4:18).

1, 2. Иегъовӕйы адӕм йӕ монон рухсы фӕрцы хуыздӕрырдӕм куыд ивынц?

СӔУМӔЙЫ хур талынг куыд асуры, уый рухсы Суадон, Иегъовӕ Хуыцауӕй хуыздӕр чи афысдзӕн? (Псалом 35:10). Хуыцау дзуры, зӕгъгӕ, сӕуӕхсид зӕххы кӕрӕттӕм куы аххӕссы, уӕд зӕхх, ӕлыг мыхуыры бын куыд фӕивы, афтӕ аивы ӕмӕ ӕппӕтдӕр йӕ бынаты слӕууы, цыма йӕ дарӕс скӕны, уыйау (Иов 38:12–14). Фӕлмӕн ӕлыгыл мыхуыры ныв куыд разыны, раст афтӕ хур дӕр цас уӕлдӕр фӕцӕуы, уыйас зӕххыл цы ис, уыдон бӕрӕгӕй-бӕрӕгдӕр фӕкӕнынц ӕмӕ ӕппынфӕстаг ирдӕй разынынц.

2 Иегъовӕ ма у монон рухсы Суадон дӕр (Псалом 42:3). Кӕд дуне саудалынг у, уӕддӕр Хуыцау йӕ адӕмыл рухс тауы. Ӕмӕ сын уый цы дӕтты? Библи дзуры: «Рӕстгӕнджыты фӕндаг у, сихормӕ йӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕмӕн кӕны, ахӕм тӕмӕнтӕкалгӕ рухсгӕнӕны хуызӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 4:18). Иегъовӕ йӕ адӕмы фӕндаг рухсӕй-рухсдӕр кӕны. Уый сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хуыздӕр кӕной организацийы уагӕвӕрдтӕ, арфдӕр ӕмбарой Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ сӕ царды уаг Фыстады домӕнтӕм гӕсгӕ ивой.

Монон рухс ӕмӕ организацийы уагӕвӕрдтӕ

3. Исайы 60:17 цавӕр зӕрдӕвӕрд ис?

3 Иегъовӕ пехуымпар Исайы уылты загъта: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сыгъзӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты – ӕвзист, хъӕды бӕсты – ӕрхуы, дурты бӕсты та – ӕфсӕйнаг» (Исай 60:17). Аслам ӕрмӕг зынаргъ, ома хуыздӕр ӕрмӕгӕй ивд куыд ӕрцыд, раст афтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы уагӕвӕрдтӕ дӕр «ацы цардӕвӕрды кӕрон» кӕнӕ «фӕстаг бонты» хуыздӕрырдӕм ивынц (Матфейы 24:3, НД; 2 Тимофеймӕ 3:1).

4. 1919 азы ӕмбырдты цы фӕивта ӕмӕ уый куыд фӕпайда ис?

4 Фӕстаг бонты райдианы Библииртасджыты ӕмбырдтӕ (раздӕр афтӕ хуыдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты) сӕхӕдӕг ӕвзӕрстой хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ диакъонты. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ хорз хабар хъусын кӕныныл зӕрдӕйӕ нӕ уыдысты. Чидӕртӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ канд сӕхӕдӕг нӕ зивӕг кодтой, фӕлӕ ма иннӕты дӕр къуылымпы кодтой. 1919 азӕй фӕзынд ног бӕрндзинад – алы ӕмбырды дӕр хъуамӕ уыдаид уацамындӕн разамынддӕттӕг ӕфсымӕр. Уый ӕмбырд не ’взӕрста, фӕлӕ йӕ нысан кодта Хуыцауы адӕмы филиалтӕй искӕцы. Уацамындӕн разамынддӕттӕг ӕфсымӕры хӕс уыди хъусын кӕныны хъуыддаг пълан кӕнын, территоритӕ нысан кӕнын ӕмӕ уацамынды цӕуынмӕ разӕнгард кӕнын. Уыцы ивындзинады фӕрцы Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг стыр санчъехтӕй размӕ цӕуын райдыдта.

5. 1920-ӕм азты хуыздӕрырдӕм цы фӕивта?

5 1922 азы Сидар-Пойнты (АИШ, штат Огайо) Библииртасджыты конгрессы райхъуыст ахӕм сидт: «Хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй». Ацы ныхӕстӕ алкӕмӕн дӕр ныфсы хос фесты. 1927 азӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фылдӕр хъусын кӕнын райдыдтой хуыцаубоны. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ хуыцаубоны адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ куыстой. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр абон афтӕ архайынц, ӕмӕ адӕммӕ цӕуынц, хӕдзары сӕ баййафӕн куы вӕййы, уӕд – улӕфты бонты кӕнӕ та изӕрыгӕтты.

6. 1931 азы цавӕр уынаффӕ рахастӕуыд ӕмӕ уый Хуыцауы Паддзахады хъуыддагыл куыд фӕзынд?

6 Паддзахады хъуыддагӕн стыр ахъаз фӕци, 1931 азы 26 июлы хуыцаубоны фӕссихор, фыццаг Колумбусы (АИШ, штат Огайо) конгрессы, стӕй та ӕнӕхъӕн дунейы цы конгресстӕ цыд, уым цы уынаффӕ рахастой, уый. Уым дзырдӕуыд: «Мах, Иегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, ӕрвыст стӕм, цӕмӕй йӕ номӕй ацы хъуыддаг ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ, йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ ма адӕмӕн дзурӕм, Иегъовӕ кӕй у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау. Уӕдӕ ӕхсызгонӕй исӕм Хицау Хуыцау йӕхи дзыхӕй кӕй загъта, уыцы ном, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ зоной ӕмӕ хоной уыцы номӕй. Уыцы ном у Иегъовӕйы ӕвдисӕнтӕ» (Исай 43:10). Куыд хорз ӕвдыста ацы ног ном, Хуыцауы адӕмы сӕйраг хӕслӕвӕрд цы у, уый! О, Иегъовӕ уыцы хъуыддаг бахӕс кодта йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕм иууылдӕр зынгзӕрдӕйӕ бавнӕлдтой!

7. 1932 азы цавӕр ивындзинад ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕн?

7 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ сӕ тыхтыл нӕ ауӕрстой ӕмӕ сӕрныллӕгӕй хъусын кодтой. Уыйхыгъд иуӕй-иу рӕтты ӕвзаргӕ кӕй ракодтой, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ разы кодтой, цӕмӕй ӕмбырды алы адӕймаг дӕр уацамынды цыдаид. Фӕлӕ тагъд хъуыддаг фӕивта. 1932 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы уылты ӕмбырдтӕ райстой бӕлвырд амынд, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ диакъонты мауал ӕвзӕрстаиккой. Ныр та хъуамӕ ӕвзӕрстаиккой ӕмбырды комитет, фӕлтӕрд чи уыд ӕмӕ уацамынды чи цыд, ахӕм ӕфсымӕртӕй. Уӕдӕ ӕмбырдты разамынд дӕттыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, зӕрдиагӕй чи хъусын кодта, уыдонӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цыд.

Дарддӕры ивындзинӕдтӕ

8. 1938 азмӕ ’ввахс ӕмбырдты цы аивта?

8 Рухс «тынгӕй-тынгдӕр кодта». 1938 азы ӕвзаргӕ ӕппындӕр никӕйуал кодтой. Ӕмбырды лӕггадгӕнджыты иууылдӕр нысан кӕнын райдыдтой Фыстады домӕнтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ йӕ хъус дардта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» (Матфейы 24:45–47). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕт ӕмбырдтӕ дӕр ууыл зӕрдиагӕй сразы сты, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дарддӕр «дыргъ» хаста.

9. 1972 азы цавӕр ног хъуыддаг сфидар ӕмӕ уый хорз цӕмӕн уыд?

9 1972 азы 1 октябрӕй ӕмбырдмӕ цӕстдарыны хъуыддаджы йӕ тыхы бацыд ног ивындзинад. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты разамынд дӕттын ныр иу лӕггадгӕнӕг, кӕнӕ цӕстдарӕджы бӕрны нал уыд, фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгты советты бӕрны. Ацы ивындзинад стыр ныфсы хос фӕци фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй уый аккаг суыдаиккой, ӕмӕ ӕмбырды сӕхимӕ бӕрндзинад истаиккой (1 Тимофеймӕ 3:1–7). Афтӕмӕй ӕфсымӕртӕй тынг бирӕтӕ сахуыр сты ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Цӕй стыр ӕххуыс фесты ацы аудаг фыййӕуттӕ, фӕстӕдӕр Библийы ӕцӕгад йӕ зӕрдӕмӕ чи иста, уыцы ногтӕн!

10. 1976 азы организацийы цавӕр ивындзинад ӕрцыд?

10 Фӕстӕдӕр Разамонӕг совет дих ӕрцыд ӕхсӕз комитетыл ӕмӕ 1976 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ организацийы ӕмӕ ӕгас дунейы ӕмбырдты архайдӕн разамынд лӕвӕрдтой уыцы комитеттӕ. Куыд хорз у, ныр Паддзахады хъуыддаджы алы фадгуыты дӕр «бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ» кӕй уыд! (Ӕмбисӕндтӕ 15:22; 24:6).

11. 1992 азы цавӕр хорз ивындзинад ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕн?

11 1992 азы ӕрцыд иу хорз ивындзинад. Уый абарӕн ис, израилӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд цы ’рцыд, уыимӕ. Уыцы рӕстӕг кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн левиттӕ нӕ фаг кодта ӕмӕ нефинейтӕн, израилӕгтӕй чи нӕ уыд, уыдонӕн сӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакодтой. Раст афтӕ 1992 азы «ӕндӕр фыстӕй» дӕр кӕмӕндӕрты сӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакодтой, цӕмӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» ӕххуыс кодтаиккой, бонӕй-бонмӕ кӕуыл ӕфтыд, уыцы зӕххон исбонмӕ кӕсынӕн. Уыдон нысангонд ӕрцыдысты Разамонӕг советы комитетты ӕххуысгӕнджытӕй (Иоанны 10:16).

12. Иегъовӕ нын фарн цӕстдарӕгӕй куыд снысан кодта?

12 Ӕппӕт уыцы ивындзинӕдтӕ куыд фӕахъаз сты? Иегъовӕ загъта, зӕгъгӕ «дын фарн снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та – хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй» (Исай 60:17). Абон Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ис фарн, ӕмӕ рӕстдзинад кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сын уый у «хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕг» – Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ чи разӕнгард кӕны, уыцы тых. Уыдонӕн алцыдӕр ахӕм уагыл ӕвӕрд у, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг хорз ӕххӕст кӕной (Матфейы 24:14, НД; 28:19, 20).

Иегъовӕ рухс калы Библийы ахуырӕдтыл

13. 1920-ӕм азты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн Библийы ахуырӕдтӕ хуыздӕр куыд ӕмбарын кодта?

13 Иегъовӕ ма йӕ адӕмы фӕндаг рухсдӕр кодта, Библийы ахуырӕдтӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарын кодта, уымӕй дӕр. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм Раргомады 12:1–9. Ам дзырд цӕуы арыны рыст ӕмӕ тухӕнтӕй чи хъӕр кӕны, ахӕм сывӕрджын «усыл», «кӕфхъуындарыл» ӕмӕ «сывӕллоныл», ома лӕппуйыл. Зоныс ӕй, чи сӕ цы у? Ууыл лӕмбынӕг дзырд цыди 1925 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг»-ы (англ.) (уырыссагау уыд 1925 азы майы номыры) статьяйы «Адӕмы райгуырд», зӕгъгӕ. Уыцы статьяйӕ Хуыцауы адӕм хуыздӕр бамбӕрстой пехуымпарӕдтӕ Хуыцауы Паддзахады райгуырды тыххӕй. Стӕй ма дзы дзырд цыди, кӕй ис дыууӕ хицӕн организацийы – Иегъовӕйы ӕмӕ Сайтаны. Уый фӕстӕ 1927–1928 азты рабӕрӕг ис, Цыппурс ӕмӕ гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕнын Фыстадмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу, ӕмӕ сӕ нал бӕрӕг кодтой.

14. 1930-ӕм азты цавӕр ахуырӕдтӕ ӕрцыдысты ӕмбӕрстгонд?

14 1930-ӕм азты тынгдӕр срухс сты ӕртӕ ахуырады Библийӕ. Бирӕ азты дӕргъы Библииртасджытӕ зыдтой, Раргомады 7:9–17 цы стыр къорды, «тынг бирӕ адӕмы», тыххӕй дзырдӕуы, уый кӕй хицӕн кӕны, Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 (Раргомад 7:9–17; 5:9, 10; 14:1–5). Фӕлӕ уыцы тынг бирӕ адӕм чи уыдысты, уый бӕрӕг нӕ уыд. Райсомы рухсӕй зӕххыл цы ис, уыдӕттӕ ирдӕй куыд разынынц, афтӕ 1935 азы дӕр рабӕрӕг, тынг бирӕ адӕм кӕй сты, «стыр бӕллӕхы» чи фервӕздзӕн ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдон. Уыцы аз ма фӕбӕлвырддӕр ис, бирӕ бӕстӕты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты скъоладзау-сывӕллӕттӕм чи хаудта, иу ахӕм хъуыддаг. Ӕгас дунейы дӕр адӕмы ахӕм зондыл куы ардыдтой, цӕмӕй сӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд сӕ удтыл дӕр ма ауӕрдой, уӕд Ӕвдисӕнтӕ бамбӕрстой, тырысайӕн табу кӕнын хуымӕтӕг хъуыддаг кӕй нӕ уыд. Иннӕ аз ма бӕлвырдгонд ӕрцыд ноджы ӕндӕр ахуырад Библийӕ: Чырысти дзуарыл нӕ, фӕлӕ хъӕдыл кӕй амард (Куыстытӕ 10:39).

15. Туг табуйаг кӕй у, уыцы фарстмӕ хъусдард здӕхт кӕд ӕмӕ куыд ӕрцыд?

15 Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы бирӕ дохтыртӕ цӕф салдаттӕн туг уадзын кӕй райдыдтой, уымӕ гӕсгӕ хӕсты фӕстӕ хъусдард здӕхт ӕрцыд, туг табуйаг кӕй у, уыцы фарстмӕ. 1945 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (англ.) (уырыссагау уыд 1946 азы июны номыры) разӕнгард кодтой, цӕмӕй «Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр (йӕ рӕстаг ног дунейы цӕрын кӕй фӕнды, уыдон) аргъ кӕной, туг табуйаг кӕй у, уымӕн, ӕмӕ архайой, Хуыцау ацы ахсджиаг фарсты фӕдыл цы раст уагӕвӕрдтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ».

16. «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмац» кӕд рацыд ӕмӕ иннӕ тӕлмацтӕй цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй хицӕн кӕны?

16 1946 азы рабӕрӕг, кӕй хъӕуы, Библи иртасыны хъуыддаджы фӕстагмӕ цы бантыст, ууыл чи бындуриуӕг кодтаид ӕмӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ кӕмӕ нӕ хӕццӕ кодтаиккой, Фыстады ахӕм ног тӕлмац. Ахӕм тӕлмацыл кусын райдыдтой 1947 азы декабры. 1950 азы рацыд «Ног дунейы тӕлмац – Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ» англисаг ӕвзагыл. 1953 азӕй англисаг ӕвзагыл уадзын райдыдтой Дзуттаг Фыстытӕ, рацыдысты фондз томӕй. Уыдонӕй фӕстаг рацыд 1960 азы – тӕлмац кӕнын сӕ куы райдыдтой, уымӕй 12 азӕй гыццыл фылдӕры фӕстӕ. «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмац» иу чиныгӕй джиппы рауагътой 1961 азы. Ацы тӕлмац абоны онг рухс федта бирӕ ӕвзӕгтыл ӕмӕ иннӕ тӕлмацтӕй бӕрӕг хицӕн кӕны. Зӕгъӕм, Иегъовӕйы ном кӕм ӕмбӕлд, уым фӕстӕмӕ фыст ӕрцыд. Уымӕй уӕлдай ма дзы рагон текст комкоммӕ тӕлмац ӕрцыд ӕмӕ уый фӕахъаз, цӕмӕй Хуыцауы ӕцӕгдзинӕдтӕ дарддӕр дӕр ӕмбӕрст цыдаиккой.

17. 1962 азы Иегъовӕйы адӕм бӕстон цы бамбӕрстой?

17 Ромӕгтӕм 13:1 «уӕлдӕр хицӕуттӕ» (НТ) чи сты ӕмӕ чырыстӕттӕ сӕ коммӕ куыд хъуамӕ кӕсой, уый бӕстон бамбӕрстой 1962 азы. Ромӕгтӕм 13 сӕр, стӕй Титмӕ 3:1, 2 ӕмӕ 1 Петры 2:13, 17 лӕмбынӕг раиртасгӕйӕ, ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ: «уӕлдӕр хицӕуттӕ» Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти не сты, фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕ.

18. 1980-ӕм азты цавӕр ӕцӕгдзинӕдтӕ раргом сты?

18 Иннӕ азты дӕргъы дӕр рӕстгӕнджыты фӕндаг ноджы рухсдӕр кодта. 1985 азы фӕирддӕр ахӕм ӕмбарынад: цы нысан кӕны нымад ӕрцӕуын рӕстгӕнӕгыл «цардмӕ» ӕмӕ нымад ӕрцӕуын рӕстгӕнӕгыл, куыд Хуыцауы хӕлар (Ромӕгтӕм 5:18, НД; Иаковы 2:23). Чырыстон юбилей цы нысан кӕны, уый лӕмбынӕг ӕмбӕрстгонд ӕрцыд 1987 азы.

19. Фӕстаг азты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн фылдӕр монон рухс куыд лӕвӕрдта?

19 1995 азы хуыздӕр ӕмбӕрст ӕрцыд фӕсномыг ныхас адӕмы «фыстыл» ӕмӕ «сӕгътыл» дих кӕныны тыххӕй. 1998 азы райхӕлдӕуыд, абон чи ӕххӕст кӕны, уыцы кувӕндоны цӕстылуайӕн Иезекилы чиныгӕй. 1999 азы рабӕрӕг, «гӕныстон чи хӕссы, уыцы ӕлгъаг хъуыддаг сыгъдӕг бынаты» кӕд ӕмӕ куыд слӕудзӕн, уый (Матфейы 24:15, 16, НД; 25:32). 2002 азы фӕбӕлвырддӕр ис, цы нысан кӕны Хуыцауӕн «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» кувын (Иоанны 4:24).

20. Хуыцауы адӕм ма ивындзинӕдтӕ цавӕр фадыджы скодтой?

20 Организацийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕй уӕлдай ма ивындзинӕдтӕ цыд чырыстон царды уаджы дӕр. Зӕгъӕм, 1973 азы бамбӕрстой, тамако дымын кӕй у «буар... цӕмӕй фӕчъизи вӕййы», ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ йӕ нымайын райдыдтой стыр тӕригъӕдыл (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Дӕс азы фӕстӕ, 1983 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (англ.) (уырыссагау уыд 1984 азы 1 февралы номыры) ӕргомӕй загъдӕуыд зынгӕхсгӕ хӕцӕнгарзмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм. Адон сты ӕрмӕст цалдӕр цӕвиттоны, нӕ рӕстӕджы монон рухс тынгдӕр куыд калд, уымӕн.

Цу, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл

21. Цавӕр цӕстӕнгас нын баххуыс кӕндзӕн, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл цӕуынӕн?

21 «Исты ивындзинадыл сразы уай ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайай, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ зын уа»,– дзуры, бирӕ азты дӕргъы хистӕр нӕлгоймаг чи у, ахӕм ӕфсымӕр. Уый 48 азы дӕргъы у Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнӕг. Цы йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу сразы уыдаид, уыцы рӕстӕджы организацийы цы бирӕ ивындзинӕдтӕ ’рцыд, уыдоныл? «Сӕйрагдӕр у алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсын,– зӕгъы уый.– Исты ивындзинадыл куы нӕ разы кӕнай, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ организацийӕ фӕстейӕ зайыс. Исты ног ӕмбарынад мын мӕ зӕрдӕмӕ айсын зын куы вӕййы, уӕд ахъуыды кӕнын, Петр Йесойӕн цы загъта, ууыл: „Хицау! кӕмӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ ис мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ“. Стӕй мӕхи бафӕрсын: „Кӕдӕм хъуамӕ ацӕуон? ацы талынг дунемӕ?“. Уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы организацийыл фидар хӕцон» (Иоанны 6:68).

22. Иегъовӕйы рухсы кӕй цӕуӕм, уый нын цы пайда у?

22 Дуне ӕцӕгдӕр у саудалынг. Иегъовӕ йӕ адӕмыл фылдӕр рухс кӕй калы, уымӕ гӕсгӕ ирддӕрӕй зыны, дунейӕ куыд хицӕн кӕнынц, уый. Уыцы рухс нын цы пайда у? Цырагъы рухсмӕ талынджы дзыхъхъытӕ куыд разынынц, фӕлӕ куыд нӕ фесӕфынц, раст афтӕ Хуыцауы Ныхасы рухс дӕр нӕ иуварс кӕны, нӕ фӕндагыл цы цӕлхдуртӕ фӕзыны, уыдон. Фӕлӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ сӕрты хизӕм ӕмӕ, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр цӕуӕм. Уӕдӕ, цӕй ӕмӕ, не ’ргом здахӕм Иегъовӕйы пехуымпарадон дзырдмӕ, куыд «талынг раны чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ» (2 Петры 1:19, НФ).

Бахъуыды кодтай?

• Иегъовӕ йӕ организацийы уагӕвӕрдтӕ куыд ивта?

• Цавӕр ахуырӕдтӕ ӕрцыдысты хуыздӕр ӕмбӕрстгонд?

• Дӕхӕдӕг цавӕр ивындзинӕдтӕ ӕрӕййӕфтай ӕмӕ дын цы баххуыс кодта, цӕмӕй сыл сразы уыдаис?

• Цӕмӕн дӕ фӕнды цӕуын, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 19 фарсыл]

1922 азы Сидар-Пойнты цы конгресс уыд, уый Библииртасджыты сразӕнгард кодта Хуыцауы хъуыддаг зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнынмӕ

[Ныв 21 фарсыл]

Нейтан Норр хъусын кӕны, кӕй рацыд «Ног дунейы тӕлмац – Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ» англисаг ӕвзагыл, 1950 аз

[Нвв барлӕвӕрдӕй 17 фарсыл]

© 2003 BiblePlaces.com