Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацӕут, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттут

Ацӕут, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттут

Ацӕут, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттут

«Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр скӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд... Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной» (МАТФЕЙЫ 28:19, 20, НД).

1. Цавӕр дзырд радтой израилӕгтӕ Синайы хохрӕбын?

УЫЦЫ хабар ӕрцыд иу-3 500 азы размӕ. Израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй дзырд радтой Хуыцауӕн. Ӕнӕхъӕн адӕмыхатт ӕрӕмбырд ис Синайы хохрӕбын ӕмӕ ӕргом загъта: «Иегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм». Уӕдӕй фӕстӕмӕ израилӕгтӕ систы Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм, йӕ «исбон» (Рацыд 19:5, 8; 24:3). Уыдоны ныфс уыди кӕй сӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕй цӕрдзысты, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы», уыцы зӕххы (Левит 20:24).

2. Абон адӕмӕн Хуыцауимӕ сӕ бон цавӕр ахастытӕ у скӕнын?

2 Фӕлӕ псаломзарӕггӕнӕг Асаф куыд загъта, афтӕмӕй израилӕгтӕ «нӕ бахъахъхъӕдтой Хуыцауы фӕдзӕхст, ӕмӕ сӕ нӕ бафӕндыд цӕуын Уый закъоны» (Псалом 77:10). Уыдон басастой, сӕ рагфыдӕлтӕ Иегъовӕйӕн цы дзырд радтой, уый. Ӕппынфӕстаг, сӕ диссаджы ахастытӕ Хуыцауимӕ фехӕлдысты (Екклесиаст 5:4; Матфейы 23:37, 38). Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау «ӕркаст муртаттӕм, цӕмӕй уыдонӕй скӕна адӕм Йӕхи номыл» (Куыстытӕ 15:14). Ӕмӕ ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ ӕмбырд кӕны, «тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕразы банымайын, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Уыдон цингӕнгӕ дзурынц: «Нӕ ирвӕзындзинадӕй мах бузныг стӕм нӕ Хуыцауӕй, паддзахбадӕныл чи бады, уымӕй, ӕмӕ Уӕрыккӕй», (НД) (Раргомад 7:9, 10).

3. Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы хӕлар суа, уый тыххӕй йӕ фыццаг цы бакӕнын хъӕуы?

3 Иегъовӕимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдоны ’хсӕн цӕрын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса. Афтӕмӕй ахӕм адӕймаг коммӕ кӕсы, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бафӕдзӕхста, уымӕ: «Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр скӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй. Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной» (Матфейы 28:19, 20, НД). Израилӕгтӕ-иу лӕмбынӕг хъуыстой, Моисей сын-иу «бадзырды чиныг»-ӕй цы каст, уымӕ (Рацыд 24:3, 7, 8). Уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрстой, Иегъовӕйы раз сыл цы хӕс уыди. Афтӕ абон дӕр, адӕймаг цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ хъуамӕ бӕлвырд базона, Хуыцауы фӕндоны тыххӕй йӕ Ныхасы, Библийы, цы фыст ис, уый.

4. Адӕймаг цӕмӕй донаргъуыд райса, уый тыххӕй цы хъуамӕ бакӕна? (Кӕс фӕлгӕты 24 фарсыл.)

4 Бӕрӕг у, Йесойы кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн донаргъуыд райсыны размӕ сӕ уырнындзинадӕн уа фидар бындур. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, ацӕут ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, фӕлӕ ма сын загъта, цӕмӕй сын амоной, цы сын бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын дӕр (Матфейы 7:24, 25; Ефесӕгтӕм 3:17–19). Уымӕ гӕсгӕ, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ чи вӕййы, уыдон арӕхдӕр Библи фӕахуыр кӕнынц цалдӕр мӕйы кӕнӕ суанг афӕдз, йе та дыууӕ азы. Уӕдӕ уыцы уынаффӕ талф-тулфӕй нӕ рахӕссынц, стӕй сӕм зонындзинӕдтӕ дӕр фаг вӕййы. Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдон фыццаг разыйы дзуапп раттынц дыууӕ ахсджиаг фарстӕн. Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, нӕ «о» хъуамӕ «о» уа, нӕ «нӕ» та – «нӕ», уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕтӕн дӕр ахъаз уыдзӕн, цӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, уыцы дыууӕ фарсты цӕуыл дзурӕг сты, ууыл (Матфейы 5:37).

Ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ хи снывонд кӕнын

5. Донаргъуыд райсыны размӕ цы фарстытӕ раттынц, уыдонӕй фыццаджы ӕргом цавӕр дыууӕ ахсджиаг къахдзӕфмӕ здӕхт цӕуы?

5 Донаргъуыд райсыны размӕ раттынц дыууӕ фарсты. Фыццаг фарст раттынц, цӕмӕй базоной, адӕймаг йӕ раздӕры цардыуагыл ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, ӕмӕ Иегъовӕйӕн нывонддзырд радта, дӕ фӕндон дын ӕххӕст кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Ацы фарсты ӕргом здӕхт цӕуы, донаргъуыд райсыны размӕ цы дыууӕ ахсджиаг къахдзӕф скӕнын хъӕуы, уыдонмӕ – ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ нывонддзырд раттынмӕ.

6, 7. а) Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕнӕмӕнг ӕрфӕсмон кӕнын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Адӕймаг куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ӕй цы хъӕуы аивын?

6 Адӕймаг цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕна? Апостол Павел уый мӕнӕ куыд бамбарын кодта: «Кӕддӕр цардыстӕм мах иууылдӕр нӕ буары фӕндӕттӕм гӕсгӕ» (Ефесӕгтӕм 2:3). Цалынмӕ Хуыцауы фӕндон бӕлвырд нӕ базыдтам, уӕдмӕ, ацы дуне цӕмӕн аргъ кӕны, уыдӕттӕн аргъ кодтам ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цардыстӕм. Нӕ цардӕн нын разамынд лӕвӕрдта ацы дуджы хуыцау Сайтан (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Фӕлӕ Хуыцауы фӕндон куы базыдтам, уӕд фидарӕй аскъуыддзаг кодтам, «адӕймаджы фӕндӕттӕм гӕсгӕ» кӕй нал цӕрдзыстӕм, «фӕлӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (1 Петры 4:2).

7 Ацы ног царды фӕндаг ӕххӕст у хорзӕхтӕй. Фыццаджыдӕр, адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ Иегъовӕимӕ бахӕлар уа – уый Давид абарста, адӕймаджы Хуыцауы «цатырмӕ» бацӕуынмӕ ӕмӕ «сыгъдӕг хохмӕ» ссӕуынмӕ куыд фӕхоной, уыимӕ. Ӕцӕгдӕр, тынг стыр кад у уый! (Псалом 14:1, МГТ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ кӕйфӕнды дӕр нӕ хоны, фӕлӕ ӕнаиппӕй чи цӕуы, ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕмӕ ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы чи дзуры, ӕрмӕстдӕр уыдоны (Псалом 14:2). Цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтам, уӕдмӕ цардыстӕм алыхуызон уавӕрты. Фӕлӕ ацы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынӕн нӕ, чи зоны, цыдӕртӕ аивын хъӕуы нӕ уагахасты ӕмӕ нӕ удыхъӕды (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11; Колоссӕгтӕм 3:5–10). Афтӕ аивынӕн хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын – зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнын нӕ раздӕры цардыуагыл ӕмӕ фӕндфидарӕй архайын Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Уый фӕрцы адӕймаг тынг аивы – хиуарзон, дунейы царды фӕндаг ныууадзы ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын райдайы (Куыстытӕ 3:19).

8. Нывонддзырд куыд раттӕм ӕмӕ уый донаргъуыдимӕ куыд баст у?

8 Фыццаг фарсты дыккаг хайы донаргъуыдисджыты фӕрсынц, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн нывонддзырд радтой, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзысты, уый тыххӕй. Донаргъуыд райсыны размӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы нывонддзырд раттын. Уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ йын зӕгъӕм, ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын нӕ цард снывонд кӕнӕм Чырыстийы уылты (Ромӕгтӕм 14:7, 8; 2 Коринфӕгтӕм 5:15). Уый фӕстӕ Иегъовӕ свӕййы нӕ Хицау, ӕмӕ Йесойау мах дӕр зӕрдӕрайгӕйӕ феххӕст кӕнӕм йӕ фӕндон (Псалом 39:9; Ефесӕгтӕм 6:6). Иегъовӕйӕн дзырд раттӕн ис ӕрмӕстдӕр иунӕг хатт. Нывонддзырд ын кӕй радтам, уый ничи фӕзоны. Фӕлӕ донаргъуыд куы фӕисӕм, уӕд иууылдӕр фенынц, нӕхи нӕ уӕларвон Фыдӕн кӕй снывонд кодтам (Ромӕгтӕм 10:10).

9, 10. а) Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цы хауы? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, суанг нацисттӕ дӕр кӕй ӕмбӕрстой, нӕхи Хуыцауӕн куыд снывонд кӕнӕм, уый?

9 Цӕмӕй Йесойау Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕд искӕйы фӕнды Мӕн фӕстӕ цӕуын, дӕхиуыл ӕвдисӕн бакӕн ӕмӕ райс дӕ дзуар ӕмӕ рацу [«ӕдзух цу», НД] Мӕ фӕстӕ» (Матфейы 16:24). Уый ам хъус ӕрдардта, цы кӕнын нӕ хъӕуы, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ. Фыццаг, хъуамӕ нӕхиуыл «ӕвдисӕн бакӕнӕм». Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ «нӕ» зӕгъӕм нӕ хиуарзон, ӕнӕххӕст зӕрдӕйы фӕндтӕн, ӕмӕ «о» та – Хуыцауы уынаффӕтӕ ӕмӕ разамындӕн. Дыккаг, «райсӕм нӕ дзуар», ома нӕ «хъизӕмӕртты цӕджындз», (НД). Йесойы рӕстӕджы хъизӕмӕртты цӕджындз амыдта худинаг ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм. Мах дӕр, чырыстӕттӕ, хорз хабары тыххӕй исӕм нӕ хъизӕмӕртты хай (2 Тимофеймӕ 1:8). Кӕд ныл дунейы худынц ӕмӕ нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр Чырыстийау мах дӕр ӕгаддзинад ницӕмӕ дарӕм, ӕмӕ амондджын стӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Хуыцауы зӕрдӕ нӕ кӕй райы (Дзуттытӕм 12:2). Ӕмӕ ӕртыккаг, «ӕдзух цӕуӕм» Йесойы фӕдыл (Псалом 72:26; 118:44; 144:2).

10 Диссаг та уый у, ӕмӕ ма суанг не знӕгтӕй дӕр чидӕртӕ кӕй ӕмбарынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн сӕхи ӕгасӕй дӕр кӕй снывонд кӕнынц. Зӕгъӕм, нацистон Германы, Бухенвальды концлагеры Ӕвдисӕнтӕй йӕ дин ныууадзын чи нӕ куымдта, уыдон хъуамӕ сӕ къух ӕрфыстаиккой ахӕм гӕххӕттыл: «Ӕз дӕн иузӕрдион Библииртасӕг ӕмӕ, Иегъовӕйӕн цы дзырд радтон, уый никуы басӕтдзынӕн». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы цӕвиттон хорз ӕвдисы, Хуыцауӕн нывонддзырд чи радта ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ӕппӕт уыдоны зӕрдӕйы уаг! (Куыстытӕ 5:32).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕн цӕмӕй бӕрӕг кӕны

11. Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ӕм цавӕр кад ӕрхауы?

11 Дыккаг фарст, сӕйраджыдӕр, уый тыххӕй раттынц, цӕмӕй базоной, донаргъуыдисӕг ӕмбары, донаргъуыд куы райса, уӕд ӕй иууылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй кӕй зондзысты, уый. Донаргъуыды фӕстӕ уый свӕййы, Иегъовӕйы ном чи хӕссы, ахӕм нысангонд лӕггадгӕнӕг. Уый стыр кад дӕр у ӕмӕ стыр бӕрндзинад дӕр. Донаргъуыд ма адӕймагӕн дӕтты фадат ӕнустӕм фервӕзынӕн, кӕд Иегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайа, уӕд (Матфейы 24:13).

12. Иегъовӕйы ном хӕссыны кад цавӕр хӕсимӕ баст у?

12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Иегъовӕйы ном хӕссын диссаджы кад у. Пехуымпар Михей загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕуынц сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ,– ӕнустӕм» (Михей 4:5). Фӕлӕ уыцы кад баст у хӕсимӕ. Нӕ цардӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм, кӕй ном хӕссӕм, уый – Иегъовӕйы. Павел Ромы чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, адӕймаг иннӕтӕн цы дзуры, уый йӕхӕдӕг куы нӕ кӕна, уӕд Хуыцауы ном «фауд цӕуы», ома ӕгад кӕны (Ромӕгтӕм 2:21–24).

13. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕ Хуыцауы тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ дзурой?

13 Адӕймаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы свӕййы, уӕд ма йӕхимӕ райсы хӕс, кӕй дзурдзӕн йӕ Хуыцауы тыххӕй. Иегъовӕ йе ’взӕрст адӕммӕ сидтис, цӕмӕй ӕвдисӕнтӕ уой, ӕнусон Хуыцау кӕй у, уымӕн (Исай 43:10–12, 21). Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ хӕс не сӕххӕст кодтой, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг Иегъовӕ ныууагъта. Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕрыстыр сты, ахӕм кад сӕм кӕй ӕрхауд, ӕмӕ Иегъовӕйы тыххӕй дзурой. Уыцы хъуыддаг уымӕн кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ном срухс уа. Нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй ӕцӕгад куы зонӕм, уӕд хъусӕй куыд хъуамӕ лӕууӕм? Мах дӕр разы стӕм апостол Павелы ныхӕстимӕ: «Уый у ӕнӕмӕнг хӕс мӕнӕн, ӕмӕ мӕгуыр мӕ бон куы нӕ хъусын кӕнон хорз уацхъуыд» (1 Коринфӕгтӕм 9:16).

14, 15. а) Иегъовӕйы организаци нӕ уырнындзинадӕн цы ахъаз у? ӕ) Цавӕр мадзӕлттӕ нын ӕххуыс кӕнынц нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн?

14 Дыккаг фарст ма донаргъуыдисӕджы зӕрдыл лӕууын кӕны, йӕ хӕс кӕй у ӕмгуыст кӕнын, Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы организациимӕ. Хуыцауӕн хицӕнтӕй лӕггад кӕнын нӕ бон нӕу, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы, цӕмӕй не ’фсымӕртӕ нӕ фарсмӕ уой, ӕххуыс нын кӕной ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой (1 Петры 2:17; 1 Коринфӕгтӕм 12:12, 13). Хуыцауы организаци нын стыр ахъаз у нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Уый нын парахатӕй дӕтты Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Уый фӕрцы фылдӕр кӕнынц нӕ зонындзинӕдтӕ, зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ, раст уынаффӕтӕ хӕссӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм. Йӕ сывӕллон ӕфсӕст ӕмӕ сыгъдӕг уа, ууыл чи тыхсы, ахӕм ныййарӕгау «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр афойнадыл парахатӕй дӕтты монон хӕринаг, цӕмӕй Иегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕна (Матфейы 24:45–47; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8).

15 Иегъовӕйы адӕмӕн ӕрвылкъуыри дӕр цы фембӕлдтӕ вӕййы, уым зонындзинӕдтӕ ӕмӕ хъару исынц, цӕмӕй иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ уой (Дзуттытӕм 10:24, 25). Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола нӕ ахуыр кӕны адӕмимӕ ныхас кӕнын. Хъусын кӕныны фембӕлд та нын амоны хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын. Ацы дыууӕ фембӕлды ӕмӕ нӕхӕдӕг не ’хсӕнады уагъд литературӕ кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы уынӕм, Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй йӕ организацийӕн разамынд куыд дӕтты. Ацы мадзӕлтты руаджы нӕ Хуыцау фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи тӕссаг уавӕртӕй хизӕм, ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй хорз хъусынгӕнджытӕ уӕм ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа (Псалом 18:8, 9, 12; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:6, 11; 1 Тимофеймӕ 4:13).

Донаргъуыд райсын нӕ цӕмӕн бафӕнды

16. Цӕмӕн нӕ бафӕнды нӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кӕнын?

16 Куыд федтам, афтӕмӕй донаргъуыдисджытӕм цы дыууӕ фарсты раттынц, уыдон сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, донаргъуыд цы нысан кӕны ӕмӕ сыл цавӕр хӕстӕ ӕвӕры, уый. Уӕдӕ сӕ цӕмӕн бафӕнды донаргъуыд райсын? Мах аргъуыд ахуыргӕнинӕгтӕ исчи тыхӕй не скӕны, фӕлӕ нӕ Иегъовӕ «ӕрбакӕны» (Иоанны 6:44). «Хуыцау у уарзондзинад», ӕмӕ зӕдтӕ ӕмӕ адӕмы йӕ коммӕ тыхӕй нӕ кӕсын кӕны, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм хъусой, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй (1 Иоанны 4:8). Мах Иегъовӕйы нӕхицӕн хӕларӕн равзарӕм, йӕ диссаджы миниуджыты ӕмӕ нын куыд у, уый тыххӕй. Иегъовӕ йӕ иунӕггуырд Фырты радта мах сӕраппонд ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры ӕппӕты хуыздӕр фидӕнӕй (Иоанны 3:16). Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр фӕнды нӕ цард уымӕн раттын, ома йын ӕй снывонд кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 3:9; 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15).

17. Нӕхи цӕмӕн не снывонд кодтам?

17 Мах нӕхи снывонд кодтам цавӕрдӕр ахуырадӕн кӕнӕ куыстӕн нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйӕн. Хуыцауы адӕмы хӕслӕвӕрдтӕ аивдзысты, фӕлӕ йын уыдон цы нывонддзырд раттынц, уый та – никуы. Зӕгъӕм, Авраамӕн цы бахӕс кодта, уый тынг хицӕн кодта, Иеремийӕн цы бахӕс кодта, уымӕй (Уӕвынад 13:17, 18; Иереми 1:6, 7). О, сӕ дыууӕ дӕр Иегъовӕйы кӕй уарзтой ӕмӕ сӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ ныхас сӕххӕст кодтой. Ацы кӕроны рӕстӕг Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ ахуыргӕнӕджы фӕдзӕхст – хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады хорз хабар ӕмӕ цӕттӕ кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Уыцы куысты ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы архайӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм ӕмӕ йын ӕцӕгӕйдӕр нӕхи кӕй снывонд кодтам (1 Иоанны 5:3).

18, 19. а) Донаргъуыд кӕй райсӕм, уымӕй ӕргом цы фӕзӕгъӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

18 Ӕнӕдызӕрдыгӕй, донаргъуыд нын фӕндаг гом кӕны бирӕ арфӕдзинӕдтӕм, фӕлӕ уыцы къахдзӕфыл рагацау хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын (Лукайы 14:26–33). Уый ӕвдисы, царды уымӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис (Лукайы 9:62). Донаргъуыд кӕй райсӕм, уымӕй ӕргом фӕзӕгъӕм: «Ацы Хуыцау у нӕ Хуыцау ӕнустӕй ӕнустӕм; Уый уыдзӕн нӕ фӕтӕг [нӕ] мӕлӕты онг» (Псалом 47:15).

19 Иннӕ статьяйы равзардзыстӕм, донаргъуыды тыххӕй ма ноджыдӕр цы фарстытӕ фӕзыны, уыдон. Адӕймаджы донаргъуыд райсын исты хъуамӕ хъыгдара? Йӕ кар ын къуылымпыйы хос хъуамӕ уа? Алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй донаргъуыд ӕмбӕлон уагыл ацӕуа?

Куыд бамбарын кӕнис?

• Алы чырыстоны дӕр донаргъуыд райсыны размӕ ӕрфӕсмон кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

• Хуыцауӕн нывонддзырд раттынмӕ цы хауы?

• Иегъовӕйы ном хӕссыны кад ныл цавӕр хӕстӕ ӕвӕры?

• Донаргъуыд райсын нӕ цӕмӕн бафӕнды?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 24 фарсыл]

Дыууӕ фарсты донаргъуыдисджытӕм

Йесо Чырыстийы нывонды бындурыл дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ Иегъовӕйӕн нывонддзырд радтай, дӕ фӕндон дын ӕххӕст кӕндзынӕн, зӕгъгӕ?

Ды радтай нывонддзырд ӕмӕ абон исыс донаргъуыд. Ныр ды суыдзынӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн – уыдзынӕ, Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы организацийы. Ӕмбарыс ӕй, уый цы нысан кӕны?

[Ныв 25 фарсыл]

Нӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕй бӕрӕг у, нӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтам