Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ӕмбарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?

Библи ӕмбарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?

Библи ӕмбарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?

«ДЫ АДӔТТӔ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй... басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн... раргом кодтай» (Лукайы 10:21, НТ). Ацы ныхӕстӕ Йесо загъта, йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы куывта, уӕд ӕмӕ сӕ бӕрӕг у – Библи ӕмбарынӕн хъӕуы раст зӕрдӕйы уаг. Иегъовӕйы арф зонд ма уымӕй дӕр у бӕрӕг, ӕмӕ ацы чиныг раст ӕмбарын йӕ бон у ӕрмӕст сӕрныллӕг ӕмӕ ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмӕн.

Сӕрныллӕг уӕм, уый нӕ фылдӕрӕн зын у. Мах не ’ппӕт дӕр нӕ туджы рахастам сӕрбӕрзонддзинад. Уымӕй уӕлдай ма, мах цӕрӕм «фӕстаг бонты», нӕ алыварс цӕры «хиуарзаг... къӕйных, стырзӕрдӕ» адӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–4, НФ). Ахӕм миниуджытӕ нӕ хъыгдарынц Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн. Хъыгагӕн, махӕй алкӕуылдӕр фӕзыны иннӕ адӕмы сӕрбӕрзонддзинад. Уӕдӕ цы саразӕн ис, цӕмӕй нын Библи ӕмбарынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм зӕрдӕйы уаг уа?

Дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд бацӕттӕ кӕн

Хуыцауы адӕмы разамонӕг Ездрӕ «йӕ зӕрдӕ сарӕзта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ» (Ездрӕ 7:10). Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ зӕрдӕ афтӕ саразын, бацӕттӕ йӕ кӕнын? О. Фыццаджыдӕр хъуамӕ Фыстадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕм фыста: «Махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ – Хуыцауы ныхасыл» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13, НТ). Кӕд Хуыцау Библи адӕймӕгтӕн ныффыссын кодта, уӕддӕр ын фыстой йӕ хъуыдытӕ. Уыцы ахсджиаг хъуыддаг куы ӕмбарӕм, уӕд цы кӕсӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр исдзыстӕм (2 Тимофеймӕ 3:16).

Нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнынӕн ма ис иу амал – кувын. Библи фыст ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый бамбарынӕн дӕр нӕ хъӕуы йӕ сыгъдӕг уды ӕххуыс. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын. Дӕ хъус ма ӕрдар, уыцы хъуыддагмӕ псаломзарӕггӕнӕг цы цӕстӕй каст: «Бамбарын мын кӕн, ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ закъон ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕн уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (Псалом 118:34). Кувгӕ ӕрмӕст уымӕн нӕ кӕнӕм, ӕмӕ Библийы цы фыст ис, уый зондӕй ӕмбарӕм, фӕлӕ ма цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ дӕр хъара. Библи ӕмбарынӕн ма хъуамӕ ӕууӕндӕм, цы фыст дзы ис, уый раст кӕй у.

Ахъуыды кӕнын ма хъӕуы, Библи кӕй ахуыр кӕндзынӕ, уый дын раст зӕрдӕйы уаг ссарынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл дӕр. Библи бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ис кӕсӕн, фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та – уый руаджы Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнӕм (Иаковы 4:8). Куы фӕкӕсӕм, Иегъовӕ алыхуызон уавӕрты цавӕр миниуджытӕ равдыста, чи йӕ уарзы, уыдон ын куыд зынаргъ сты ӕмӕ йӕ чи ныууадзы, уыдонмӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы, уӕд бамбарӕм цавӕр Хуыцау у, уый. Библи сӕйрагдӕр хъуамӕ уый тыххӕй кӕсӕм, цӕмӕй хуыздӕр базонӕм Иегъовӕйы ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕнӕм.

Цы хъыгдары Библи ӕмбарынӕн

Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн цы фӕхъыгдары? Йӕ иу аххосаг – иузӕрдиондзинад цы у, уый адӕм раст кӕй не ’мбарынц. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕм, стыр бынат чи ахсы, уыдоны хъуыды раст фӕкӕсы. Фӕлӕ уыцы адӕймӕгтӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уыдон куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы не ’ххӕст кӕной кӕнӕ сӕм нымады дӕр куы нӕ уой, уӕд та? Ахӕм уавӕры дын, чи зоны, Библийы ахуырӕдтӕ бамбарын зын уа. Уӕдӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй лӕмбынӕг иртасӕм, цы базыдтам, уый (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21).

Ахӕм уавӕры уыд Йесойы мад Марийӕ дӕр. Уый схъомыл кодтой дзуттаг ӕгъдӕутӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ Марийӕ ӕххӕст кодта Моисейы Закъон, цыди синагогӕмӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, йӕ ныййарджытӕ йӕ куыд сахуыр кодтой лӕггад кӕнын, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нал цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ Марийӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айста Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмӕ, фыццаг цы чырыстон ӕмбырд фӕзынд, уыцы ӕмбырды уыди (Куыстытӕ 1:13, 14). Уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ ныййарджыты кӕнӕ се ’гъдӕуттӕ ницӕмӕуал дардта. Уымӕй бӕрӕг уыд Хуыцауы кӕй уарзта. Цӕмӕй махӕн дӕр Библи фӕахъаз уа, уый тыххӕй Марийӕйау фыццаджыдӕр Хуыцауыл хъуамӕ уӕм иузӕрдион.

Хъыгагӕн бирӕтӕ Библийӕн тынг нӕ аргъ кӕнынц. Иуӕй-иутӕ разы сты мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕныныл дӕр. Иннӕтӕм та, Библи цы дзуры, уый нымады дӕр нӕу, ӕмӕ уый бӕрӕг у сӕ ныхасӕй ӕмӕ сӕ цардӕй. Уымӕ гӕсгӕ, Библи нын цы фӕндаг амоны, ууыл куы слӕууӕм, уӕд алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Гӕнӕн ис ӕмӕ нӕ ма бамбарой не ’мбӕлттӕ, нӕ сыхӕгтӕ, не ’мкусджытӕ ӕмӕ суанг нӕ бинонтӕ дӕр (Иоанны 17:14). Куыдфӕнды ма уа, зондджын паддзах Соломон фыста: «Балхӕн ӕцӕгад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:23). Кӕд Библийӕн тынг аргъ кӕныс, уӕд дын Иегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн йе ’мбарынӕн.

Библи ӕмбарын ма фӕхъыгдары – адӕймаджы куы нӕ фӕнда, цы фыст дзы ис, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, уыдонӕн та нӕу; Уымӕн ӕмӕ сдӕрзӕг сӕ зӕрдӕ ацы адӕмӕн, ӕмӕ хъустӕй зынӕй хъусынц, ӕмӕ сӕ цӕстытӕ бацъынд кодтой» (Матфейы 13:11, 15). Йесо кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй йӕм сӕ фылдӕр нӕ хъуыстой, сӕ цард ивын сӕ нӕ фӕндыд. Куыд тынг хицӕн кодта уыцы адӕмӕй, Йесо йе ’мбисонды цы сӕудӕджеры кой кодта, уый! Уыцы сӕудӕджер зынаргъ налхъуыт (зынаргъ дур) куы ссардта, уӕд ацыд ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта. Библи ӕмбарын махӕн дӕр афтӕ тынг зынаргъ хъуамӕ уа (Матфейы 13:45, 46).

Ахуыр кӕнын зын цӕмӕн вӕййы

Библи ӕмбарынӕн ӕппӕты зындӕр у – адӕймаджы ахуыр кӕнын кӕй нӕ фӕфӕнды. Кӕмӕндӕр зын у, хуымӕтӕг адӕймаг ын зонд амона, ахуыр ӕй кӕна, уый. Фӕлӕ Йесо Чырыстийы апостолтӕ дӕр «никуы ахуыр кодтой ӕмӕ хуымӕтӕг лӕгтӕ» уыдысты (Куыстытӕ 4:13, НТ). Афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарын кӕнынӕн апостол Павел ныффыста: «Ӕркӕсут-ма, ӕфсымӕртӕ, Хуыцау уӕ куы ӕрхуыдта, уӕд цавӕртӕ уыдыстут: зӕххон барӕнтӕй баргӕйӕ, уе ’хсӕн бирӕ нӕ уыди зондджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди тыхджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди уӕздӕттӕй. Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕнӕзонд чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна зондджынты» (1 Коринфӕгтӕм 1:26, 27, НТ). Кӕд дӕм уыйбӕрц сӕрныллӕгдзинад нӕй, цӕмӕй дӕуӕй хуымӕтӕгдӕр чи у, ахӕм адӕймаг дын исты амона, уӕд дӕ зӕрдыл дар: уыцы адӕймаг дӕ нӕ ахуыр кӕны, фӕлӕ Хуыцау. Уымӕй стырдӕр кад та цы хъуамӕ уа, ӕмӕ дӕ не «Стыр Зондамонӕг» Иегъовӕ ахуыр кӕна! (Исай 30:20; 54:13).

Сириаг ӕфсады хицау Нееманӕн дӕр зын уыди, йӕхицӕй хуымӕтӕгдӕр адӕймаг ын зонд амона, уый. Нееман ацыд Иегъовӕйы пехуымпар Елисеймӕ, цӕмӕй йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх кодтаид. Уыцы хъуыддаджы йын Хуыцау разамынд радта Елисейы лӕггадгӕнӕджы уылты. Фӕлӕ йын цы загъта, уый бакӕнынӕн Нееманмӕ фаг сӕрныллӕгдзинад нӕ разынд ӕмӕ уайтагъд не сразы Хуыцауы пехуымпары коммӕ бакӕсын. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Нееман йӕ хъуыды аивта ӕмӕ сдзӕбӕх (4 Паддзахӕдты 5:9–14). Махыл дӕр ахӕм хабар ӕрцӕуы, Библи цы зӕгъы, уымӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕд. Зӕгъӕм, базыдтам, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕмӕ уагахаст Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ уой, уый тыххӕй нӕ кӕй хъӕуы ног царды фӕндагыл слӕууын. Уыйбӕрц сӕрныллӕг разындзыстӕм, цӕмӕй нын чидӕр амона, цы кӕнын нӕ хъӕуы, уый? Ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн у сӕ бон Библи ӕмбарын.

Хорз зӕрдӕйы уаг равдыста ефиопаг ус-паддзахмӕ стыр бынаты чи куыста, уыцы лӕг. Йӕ бӕхуӕрдоны фӕстӕмӕ Африкӕмӕ куы здӕхт, уӕд ӕм фӕндагыл базгъордта ахуыргӕнинаг Филипп ӕмӕ йӕ бафарста, цы кӕсыс, уый ӕмбарыс, зӕгъгӕ. Уыцы хицау уыйбӕрц сӕрныллӕг разынд, ӕмӕ йын загъта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Хуыцауы Ныхас куы бамбӕрста, уӕд донаргъуыд райста ӕмӕ «зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыд йӕ фӕндагыл» (Куыстытӕ 8:27–39, НТ).

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр сты хуымӕтӕг адӕм. Алы къуыри дӕр ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнынц. Библи амоны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг. Ӕмбарын кӕны, адӕмӕн сӕ царды иунӕг фидар ныфс цы у, уый, зонгӕ нӕ кӕны Хуыцауимӕ. Милуантӕн – Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый чи ’мбары,– уый стыр удӕнцой хӕссы. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ахӕм удӕнцой ссарын.

[Ныв 7 фарсыл]

Нееманӕн зын уыд, хуымӕтӕг лӕггадгӕнӕг ын зонд амыдтаид, уый

[Ныв 7 фарсыл]

Библи кӕй ӕмбарӕм, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ рухс кӕны