Библи ӕмбарын дӕуӕн дӕр дӕ бон у
Библи ӕмбарын дӕуӕн дӕр дӕ бон у
БИБЛИЙЫ ис Хуыцауы тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ. Уым дзырд цӕуы, цӕмӕн цӕрӕм, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ сӕм цы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Амоны нын, цы саразын хъӕуы, цӕмӕй амондджын уӕм, хорз ӕмбӕлттӕ ссарӕм ӕмӕ царды зындзинӕдты ныхмӕ фидар лӕууӕм. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, кӕй нӕ зонгӕ кӕны не Сфӕлдисӕгимӕ, нӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕимӕ. Ахӕм зонындзинӕдтӕ нын удӕнцой хӕссынц ӕмӕ нӕ цардӕн бӕлвырд нысан дӕттынц.
Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ Библи бары хӕринагимӕ. Йесо загъта: «Ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4; Дзуттытӕм 5:12–14). Раст нӕ цӕрынӕн алы бон дӕр хӕрзхъӕд хӕринаг куыд хъӕуы, афтӕ нӕ ӕппынӕдзух дӕр хъӕуы Библи кӕсын, цӕмӕй, Хуыцау зӕрдӕ цы ӕнусон цардӕй бавӕрдта, уымӕй мах дӕр хайджын уӕм.
Хӕринаг хӕрын нын ӕхсызгон вӕййы, уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, стӕй нӕ цӕрынӕн дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы. Фӕлӕ ма нӕ ноджы ӕндӕр цыдӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм, уӕд. Йесо Чырысти загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары» (Матфейы 5:3, НД). Уӕдӕ нӕ бон у, ӕмӕ амондджын уӕм, уымӕн та нын баххуыс кӕндзӕн, Библи кӕй ӕмбарӕм, уый.
Раст зӕгъгӕйӕ, иуӕй-иутӕн Библи бамбарын ӕнцон нӕу. Зӕгъӕм, ӕххуыс фӕхъӕуы, кӕцыдӕр стихы дзырд ӕнӕзонгӕ ӕгъдӕуттыл куы фӕцӕуы кӕнӕ дзы, комкоммӕ ӕмбаргӕ чи нӕу, ахӕм ныхӕстӕ куы вӕййы, уӕд. Ис ма дзы фӕсномыг ныхӕстӕй фыст пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ сӕ бамбарӕн ис Данелы 7:1–7; Раргомад 13:1, 2). Фӕлӕ уӕддӕр Библи ӕмбарын дӕ бон у. Уый ныфс нӕ цӕмӕн ис?
ӕрмӕстдӕр Библийы ӕндӕр стихты руаджы (Уыцы фадат алкӕмӕндӕр ис
Библи у Хуыцауы Ныхас. Уым нын Хуыцау ӕргом кӕны, мах тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Цымӕ Хуыцау ахӕм чиныг радтаид, бамбарӕн кӕмӕн нӕй кӕнӕ йӕ, ӕрмӕстдӕр уӕлдӕр ахуырад кӕмӕ ис, уыдон куыд ӕмбарой? Нӕ, Иегъовӕ фыдзӕрдӕ нӕу. Йесо Чырысти загъта: «Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе ’хсӕн ахӕм фыд ис? Кӕнӕ йын кӕсаджы бӕсты калм ратдзӕн? Кӕнӕ дзы айк куы кура, уӕд ын скорпион ратдзӕн? Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут, ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы кура, уыдонӕн!» (Лукайы 11:11–13, НТ). Уӕдӕ дӕ ныфс уӕд, дӕуӕн дӕр дӕ бон кӕй у Библи ӕмбарын ӕмӕ дын Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, кӕд ӕм уый тыххӕй зӕрдиагӕй кувай, уӕд. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ суанг сывӕллӕтты бон дӕр у бамбарын! (2 Тимофеймӕ 3:15).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Библи ӕмбарӕм, уый тыххӕй хъӕуы фыдӕбон кӕнын, ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый хъару дӕтдзӕн. Йесо йӕ райгасы фӕстӕ фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын бамбарын кодта Библийы пехуымпарӕдтӕ. Уый фӕдыл Лука загъта: «Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр». Уый сын куыд фӕахъаз? Уыцы изӕр, цы базыдтой, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?» (Лукайы 24:13–32, НТ). Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Ныхас кӕй бамбӕрстой, уый сын ӕрхаста удӕнцой, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл тынгдӕр баууӕндыдысты, стӕй фидӕнмӕ дӕр ныфсджындӕрӕй кӕсын райдыдтой.
Адӕймаг гыццыл куы бацархайы Хуыцауы Ныхас бамбарыныл, уӕд ма йӕ фӕфӕнды фылдӕр базонын ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, раст цыма хӕрзад хӕринаг хӕры, афтӕ. Уӕдӕ цӕмӕй Библи ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы? Иннӕ статьяйы базондзыстӕм, «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» ссарӕн куыд ис, уый (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5).
[Ныв 4 фарсыл]
Иегъовӕ нын уарзӕгой фыдау йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кӕны Библи ӕмбарынӕн