Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дзугӕн... фӕзминаг» фыййӕуттӕ

«Дзугӕн... фӕзминаг» фыййӕуттӕ

«Дзугӕн... фӕзминаг» фыййӕуттӕ

«Сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг... хизут... зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй... дзугӕн ут фӕзминаг» (1 ПЕТРЫ 5:2, 3, НТ).

1, 2. а) Йесо апостол Петрӕн цы бахӕс кодта ӕмӕ йыл йӕ ныфс кӕй дардта, уый дзӕгъӕлы цӕуылнӕ уыд? ӕ) Иегъовӕ нысангонд фыййӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсы?

ПЕТР ӕмӕ ма ӕхсӕз ӕндӕр ахуыргӕнинаджы хордтой, Галилейы денджызы былгӕрон Йесо цы аходӕн ӕрцӕттӕ кодта, уый. Уыцы хабар уыд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны размӕ. Петр райгасуӕвӕг Йесойы кӕд фыццаг хатт уӕд нӕ федта, уӕддӕр йӕхимидӕг тынг цин кодта, Йесо удӕгас кӕй у, ууыл. Чи зоны, тыхсгӕ дӕр кодта. Уымӕн ӕмӕ цалдӕр боны размӕ адӕмы ’хсӕн загъта, Йесойы кӕй нӕ зоны (Лукайы 22:55–60; 24:34; Иоанны 18:25–27; 21:1–14). Цымӕ уӕд Петрмӕ фаг уырнындзинад кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй йын Йесо бауайдзӕф кодта? Нӕ. Уый бӕсты йын бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ «уӕрыччыты» ӕфсада ӕмӕ хиза (Иоанны 21:15–17). Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йесо Петрыл йӕ ныфс дзӕгъӕлы нӕ дардта. Иерусалимы иннӕ апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ Петр чырыстон ӕмбырд хызта карз фӕлварӕнты рӕстӕджы ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддаг тагъд куы парахат кодта, уӕд (Куыстытӕ 1:15–26; 2:14; 15:6–9).

2 Абон Иегъовӕ Йесо Чырыстийы уылты фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты нысан кӕны фыййӕуттӕй, цӕмӕй йын йӕ фыстӕн ацы уӕззау рӕстӕджыты разамынд дӕттой (Ефесӕгтӕм 4:11, 12; 2 Тимофеймӕ 3:1). Иегъовӕ сыл йӕ ныфс дзӕгъӕлы дары? Ӕгас дунейы дӕр цы сабыр чырыстон ӕфсымӕрад ис, уый хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, йӕ ныфс дзӕгъӕлы кӕй нӕу. Ӕцӕг, ацы фыййӕуттӕ дӕр Петрау рӕдийаг сты (Галатӕгтӕм 2:11–14; Иаковы 3:2). Фӕлӕ сын уӕддӕр Иегъовӕ сӕ бӕрны бакодта, «Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта», уыцы фысты (Куыстытӕ 20:28). Иегъовӕ уыцы нӕлгоймӕгты тынг уарзы ӕмӕ сӕ «уӕлдай кады» аккагыл нымайы (1 Тимофеймӕ 5:17).

3. Чырыстон фыййӕуттӕн сӕ бон куыд у, цӕмӕй ӕдзух ӕнӕзивӕг ӕмӕ зынгзӕрдӕ уой?

3 Уӕдӕ уыцы фыййӕуттӕн сӕ бон куыд у, цӕмӕй ӕдзух ӕнӕзивӕг ӕмӕ зынгзӕрдӕ уой, ӕмӕ афтӕмӕй дзугӕн фӕзминаг уой? Петр ӕмӕ фыццаг ӕнусы иннӕ фыййӕуттау, уыдон дӕр сӕ ныфс дарынц Хуыцауы сыгъдӕг удыл. Уый сын дӕтты, сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн сӕ цы тых хъӕуы, уый (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Сыгъдӕг уд ма сӕм ӕвзӕрын кӕны уды дыргъ – уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕ фӕразондзинад, зӕрдӕхӕлардзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад ӕмӕ хиуыл хӕцын (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы дзуг хизгӕйӕ фыййӕутты ацы дыргъ ӕвдисын кӕм хъӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй цалдӕрмӕ.

Уарзын дзуджы ӕмӕ алы фысы дӕр

4, 5. а) Иегъовӕ ӕмӕ Йесо дзуджы кӕй уарзынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Чырыстон фыййӕутты уарзондзинад дзугмӕ цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

4 Хуыцауы сыгъдӕг уд цы миниуджытӕ ӕвзӕрын кӕны, уыдонӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у уарзондзинад. Иегъовӕ ӕгас дзуджы дӕр кӕй уарзы, уый бӕрӕг у, парахатӕй йын кӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, уымӕй (Исай 65:13, 14; Матфейы 24:45–47). Уый дзуг ӕрмӕст ӕфсадгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ алы фысыл дӕр ауды (1 Петры 5:6, 7). Йесо дӕр уарзы дзуджы. Йӕ сӕраппонд йӕ уд дӕр нӕ бахӕлӕг кодта, стӕй алы фысы дӕр зоны «йӕ номӕй» (Иоанны 10:3, 14–16).

5 Чырыстон фыййӕуттӕ фӕзмынц Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы. Уыдон Хуыцауы дзуг кӕй уарзынц, уый бӕрӕг у, ӕмбырд кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕй. Библийыл чи бындуриуӕг кӕны, уыцы раныхӕсты руаджы дзуг ӕфсадынц ӕмӕ хъахъхъӕнынц, ӕмӕ сын ацы хъуыддаджы сӕ фыдӕбон иууылдӕр уынынц (1 Тимофеймӕ 4:13, 16). Ӕмбырды хыгъдтӕ кӕныныл, фыстӕджытӕ кӕсын ӕмӕ фыссыныл, графиктӕ аразыныл ӕмӕ ма, цӕмӕй ӕмбырды фембӕлдтӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ «ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл» уой, уый тыххӕй цы бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ бакӕнынц, уыдоныл сын цы рӕстӕг ацӕуы, уый та афтӕ нӕ зыны (1 Коринфӕгтӕм 14:40). Уыцы хъуыддӕгтӕн сӕ фылдӕр куыд фӕкӕнынц, уый ничи фены ӕмӕ сын, гӕнӕн ис, аргъ дӕр ма скӕной. Ӕцӕгдӕр, уыцы куыст кӕнынц, дзуджы кӕй уарзынц, уый тыххӕй (Галатӕгтӕм 5:13).

6, 7. а) Фыййӕуттӕн фысты сӕ бон хуыздӕр базонын куыд у, уыцы мадзӕлттӕй иу цавӕр у? ӕ) Хатт хорз цӕмӕн вӕййы не ’нкарӕнты тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дзурын?

6 Уарзӕгой чырыстон фыййӕуттӕ архайынц ӕмбырды алы фысмӕ дӕр сӕ хъус дарын (Филиппӕгтӕм 2:4). Цӕмӕй дзы алкӕимӕ дӕр базонгӕ уой, уымӕн иу мадзал у семӕ уацамынды цӕуын. Йесо-иу йӕ фӕдылдзӕуджыты йемӕ арӕх кодта хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ-иу сӕ уӕд фидар кодта (Лукайы 8:1). Иу фӕлтӕрд чырыстон фыййау дзуры: «Ӕз бафиппайдтон, цӕмӕй ӕфсымӕр кӕнӕ хойы базонай ӕмӕ йӕ бафидар кӕнай, уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр мадзал кӕй у йемӕ уацамынды ацӕуын». Уе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ уацамынды кӕд рагӕй нал уыдтӕ, уӕд хорз уаид искӕимӕ дзы куы баныхас кӕнис.

7 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ циныл цин кодта, сӕ хъыгыл та – хъыг. Цӕвиттон, Йесойы 70 ахуыргӕнинаджы уацамындӕй цингӕнгӕйӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг (Лукайы 10:17–21). Фӕлӕ Лазӕры мӕлӕтыл Мариа ӕмӕ йӕ бинонтӕ куыд хъыг кодтой, уый куы федта, уӕд «Йесойы цӕссыгтӕ ӕркалдысты» (Иоанны 11:33–35, НД). Уыйау абон дӕр аудаг фыййӕуттӕ фысты уавӕры бацӕуынц. Кӕй сӕ уарзынц, уымӕ гӕсгӕ «цингӕнджытимӕ цин кӕнынц ӕмӕ кӕуджытимӕ [та] кӕугӕ» (Ромӕгтӕм 12:15). Ды дӕр цин кӕнай ӕви ӕрхӕндӕг уай – ӕфсӕрмы ма кӕн де ’нкъарӕнтӕ чырыстон фыййӕуттӕн дзурынӕй. Уыдон дын дӕ циныл бацин кӕндзысты (Ромӕгтӕм 1:11, 12). Цӕуыл тыхсыс, уый куы базоной, уӕд та дӕ бафидар кӕндзысты ӕмӕ дын удӕнцойы хос фӕуыдзысты (1 Фессалоникӕгтӕм 1:6; 3:1–3).

8, 9. а) Иу хистӕр нӕлгоймаг йӕ усы кӕй уарзта, уый куыд ӕвдыста? ӕ) Фыййау йӕ бинонты уарза, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Фыййау дзуджы куыд уарзы, уый сӕйраджыдӕр фӕзыны, йӕхи бинонтӕн куыд вӕййы, уымӕй (1 Тимофеймӕ 3:1, 4). Кӕд бинонджын у, уӕд йӕ усы куыд уарзы ӕмӕ йын куыд кад кӕны, уымӕй иннӕ лӕгтӕн фӕзминаг у (Ефесӕгтӕм 5:25; 1 Петры 3:7). Хо Линдӕйӕн йӕ лӕг йӕ мӕлӕты размӕ 20 азӕй фылдӕр уыд цӕстдарӕг. Уый мӕнӕ цы дзуры: «Мӕ лӕджы ӕмбырды хъуыддӕгтӕй никуы ӕвдӕлд. Фӕлӕ уый йӕхи афтӕ дардта ӕмӕ йӕ алы хатт дӕр ӕмбӕрстон мах иу кӕй стӕм. Арӕх мын-иу дзырдта бузныг ме ’ххуысы тыххӕй ӕмӕ-иу йӕ сӕрибар рӕстӕг мемӕ ӕрвыста. Афтӕмӕй ӕз уыдтон кӕй мӕ уарзы ӕмӕ, ӕмбырды хъуыддӕгтыл цы рӕстӕг хардз кодта, уый тыххӕй нӕ мӕсты кодтон».

9 Кӕд чырыстон фыййауӕн сывӕллӕттӕ ис, уӕд сын уарзгӕйӕ зонд куыд амоны ӕмӕ сӕ иудадзыг куыд ӕппӕлы, уымӕй иннӕ ныййарджытӕн у хорз дӕнцӕг (Ефесӕгтӕм 6:4). Уӕдӕ, йӕ бинонты кӕй уарзы, уымӕй зыны, сыгъдӕг удӕй нысангонд куы ӕрцыд, уӕд ын йӕ бӕрны цы хӕстӕ бакодтой, уыдон ӕххӕст кӕныны аккаг кӕй у (1 Тимофеймӕ 3:4, 5).

Ӕргом ныхас ахъаз у циндзинад ӕмӕ фарнӕн

10. а) Ӕмбырды циндзинад ӕмӕ фарныл ӕвзӕрырдӕм цӕй бон у бандавын? ӕ) Фыццаг ӕнусы ӕмбырды фарн цавӕр фарсты аххосӕй фӕцӕйхӕлд ӕмӕ уыцы фарста куыд аскъуыддзаг кодтой?

10 Хуыцауы сыгъдӕг уд циндзинад ӕмӕ фарн ӕвзӕрын кӕны чырыстӕтты зӕрдӕты, хистӕр нӕлгоймӕгты ’хсӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырды дӕр. Фӕлӕ чырыстӕтты ’хсӕн ӕргом ныхас куы нӕ вӕййы, уӕд уый циндзинад ӕмӕ фарныл фӕзыны ӕвзӕрырдӕм. Паддзах Соломон загъта: «Ӕргом ныхас кӕм нӕй, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 15:22). Уӕздан ӕмӕ ӕргом ныхас та ахъаз у циндзинад ӕмӕ фарнӕн. Зӕгъӕм, сунӕт кӕныны фарсты тыххӕй фыццаг ӕнусы ӕмбырды фарн куы фӕцӕйхӕлд, уӕд Иерусалимы разамонӕг совет Хуыцауы сыгъдӕг удӕй разамынд агуырдта. Ацы фарсты фӕдыл ма уыдонӕй алчи дӕр йӕ хъуыды загъта. Бирӕ йыл куы фӕныхас кодтой, уӕд уынаффӕ рахастой. Ӕмзӕрдӕйӕ цы уынаффӕ рахастой, уый ӕмбырдтӕн куы фехъусын кодтой, уӕд ӕфсымӕртӕ «бацин кодтой – ацы хабар сӕ барӕвдыдта» (Куыстытӕ 15:6–23, 25, 31, НТ; 16:4, 5). Уый фӕахъаз ис сӕ циндзинад ӕмӕ сӕ фарнӕн.

11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды циндзинад ӕмӕ фарнӕн куыд ахъаз кӕнынц?

11 Афтӕ абон дӕр фыййӕуттӕ ӕмбырды циндзинад ӕмӕ фарнӕн ахъаз кӕнынц, уӕздан ныхас кӕнын кӕй зонынц, уымӕй. Зындзинӕдты аххосӕй ӕмбырды фарнӕн фӕцудынӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд уыдон фембӕлынц ӕмӕ ӕргом сӕ хъуыдытӕ фӕзӕгъынц. Уыдон сӕ кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг байхъусынц (Ӕмбисӕндтӕ 13:10; 18:13). Сыгъдӕг уды разамынды тыххӕй скувынц, ӕмӕ стӕй уынаффӕтӕ рахӕссынц Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы цы амындтӕ вӕййы, уыдонмӕ гӕсгӕ (Матфейы 24:45–47; 1 Коринфӕгтӕм 4:6). Иугӕр хистӕр нӕлгоймӕгты совет Библийы бындурыл уынаффӕ рахаста, уӕд алы хистӕр нӕлгоймаг дӕр сыгъдӕг уды разамынды коммӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уыцы уынаффӕйыл сразы вӕййы, кӕд йӕхӕдӕг ӕндӕрхуызон хъуыды кодта, уӕд дӕр. Ахӕм бонзонгӕдзинад ахъаз кӕны циндзинад ӕмӕ фарнӕн, ӕмӕ Хуыцауимӕ цӕуын куыд хъӕуы, уымӕй хорз цӕвиттон у фыстӕн (Михей 6:8). Ӕмбырды фыййӕуттӕ Библийы бындурыл цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдоныл бонзонгӕйӕ сразы вӕййыс?

Бирӕфӕразон ӕмӕ зӕрдӕхӕлар

12. Йесо йӕ апостолтӕм бирӕфӕразон ӕмӕ зӕрдӕхӕлар цӕмӕн хъуамӕ уыдаид?

12 Апостолтӕ кӕд арӕх рӕдыдысты, уӕддӕр сӕм Йесо уыд бирӕфӕразон ӕмӕ зӕрдӕхӕлар. Зӕгъӕм, Йесо сын иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой (Матфейы 18:1–4; 20:25–27). Фӕлӕ Йесо йӕ фӕстаг ӕхсӕв зӕххыл йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ куы ныхсадта, ӕмӕ сын уымӕй сӕрныллӕгдзинады дӕнцӕг куы равдыста, уӕддӕр та сӕм «рауад... быцӕу... уӕлдӕрыл нымад сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл» (Лукайы 22:24, НТ; Иоанны 13:1–5). Йесо сын бауайдзӕф кодта? Нӕ, уый сын зӕрдӕхӕларӕй ӕмбарын кодта: «Чи у уӕлдӕр – фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын кӕстӕриуӕггӕнӕгау дӕн» (Лукайы 22:27, НТ). Ӕппынфӕстаг, Йесойы бирӕфӕрзондзинад ӕмӕ зӕрдӕхӕлардзинад, стӕй ма йӕ хорз цӕвиттон дӕр, апостолты зӕрдӕтӕ бацагайдтой.

13, 14. Фыййӕуттӕ уӕлдай тынгдӕр зӕрдӕхӕлар кӕд хъуамӕ уой?

13 Йесойау ӕмбырды фыййӕутты дӕр чи зоны бахъӕуы адӕймагӕн цалдӕр хатты уынаффӕ раттын уыциу рӕдыды тыххӕй. Фыййау ӕм гӕнӕн ис мӕсты дӕр суа. Фӕлӕ йӕ зӕрдыл куы дара йӕхи рӕдыдтытӕ ӕмӕ, ӕгъдаухалджытӕн зонд кӕй хъуамӕ амона, уый, уӕд йе ’фсымӕрмӕ уыдзӕн бирӕфӕразон ӕмӕ зӕрдӕхӕлар. Афтӕмӕй уый фӕзмдзӕн Йесо ӕмӕ Иегъовӕйы – ӕппӕт чырыстӕттӕм дӕр, уыимӕ фыййӕуттӕм дӕр, уыцы миниуджытӕ чи ӕвдисы, уыдоны (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14; Иаковы 2:13).

14 Иуӕй-иу хатт фыййӕутты бахъӕуы раттын карз уынаффӕ, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, ахӕм адӕймагӕн. Рӕдыд чи ӕруагъта, уый йӕ тӕригъӕдыл куы нӕ фӕсмон кӕна, уӕд ӕй фыййӕуттӕ хъуамӕ ӕмбырдӕй ацух кӕной (1 Коринфӕгтӕм 5:11–13). Кӕд афтӕ рауайы, уӕддӕр уыцы адӕймагимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕй бӕрӕг вӕййы, ӕнӕуынон сын йӕхӕдӕг кӕй нӕу, фӕлӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый (Иудӕйы 23). Фыййӕуттӕ зӕрдӕхӕларӕй кӕй фӕныхас кӕнынц, уый фӕрцы, чи адзӕгъӕл, уыцы фысӕн ӕнцондӕр вӕййы фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхын (Лукайы 15:11–24).

Хорз хъуыддӕгтӕ цӕуынц уырнындзинадӕй

15. Фыййӕуттӕ Иегъовӕйы хорздзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй фӕзмынц, уыдонӕй иу цавӕр у ӕмӕ афтӕ цӕмӕн кӕнынц?

15 «Хорзгӕнӕг у Хицау ӕппӕтӕн», суанг ма йын йӕ хорздзинӕдтӕн аргъ чи нӕ кӕны, уыдонӕн дӕр (Псалом 144:9, МГТ; Матфейы 5:45). Иегъовӕйы хорздзинад уӕлдай тынгдӕр зыны, йӕ адӕмы «паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнынмӕ кӕй ӕрвиты, уымӕй (Матфейы 24:14, НД). Фыййӕуттӕ дӕр хорздзинад кӕнынц, хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕхимӕ разамынд кӕй исынц, уымӕй. Афтӕ цӕмӕн фыдӕбон кӕнынц? Иегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уымӕн (Ромӕгтӕм 10:10, 13, 14).

16. Фыййӕуттӕ фыстӕн хорздзинад куыд кӕнынц?

16 Фыййӕуттӕ хъусын кӕнгӕйӕ «хорздзинад алкӕмӕн дӕр» кӕнынц. Уыимӕ ма сӕ хӕс у, цӕмӕй хорздзинад кӕной, «уӕлдайдӕр... сӕхионтӕн, уырнындзинады иу кӕимӕ сты», уыдонӕн (Галатӕгтӕм 6:10). Уымӕн иу мадзал у, фысты бӕрӕг кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. «Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы иннӕты бӕрӕг кӕнын,– зӕгъы иу хистӕр нӕлгоймаг.– Афтӕмӕй мӕ бон вӕййы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн бузныг зӕгъын сӕ фыдӕбоны тыххӕй, ӕмӕ сын бамбарын кӕнын, стыр арфӕйаг хъуыддаг кӕй кӕнынц». Хатт, фыййӕуттӕ адӕймагӕн фӕзӕгъынц, йӕ лӕггады йӕ цы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын. Уыцы хъуыддаджы зондджын фыййӕуттӕ фӕзмынц апостол Павелы. Уый фессалоникаг ӕфсымӕртӕн загъта: «Мах уын цы фӕдзӕхсӕм, уый кӕй аразут ӕмӕ йӕ кӕй араздзыстут, ууыл мах, Хицауы фӕрцы, фидарӕй ӕууӕндӕм» (2 Фессалоникӕгтӕм 3:4НТ). Фыстӕн ахӕм ныхӕстӕ куы фӕдзурынц, уӕд сӕ хорз миниуджытӕ рабӕрӕг вӕййынц ӕмӕ сын ӕнцондӕр вӕййы «хистӕрты коммӕ кӕсын» (Дзуттытӕм 13:17, НФ). Фыййӕуттӕ дӕ куы бабӕрӕг кӕной ӕмӕ дын дӕ ныфсыл ныфс куы бафтауой, уӕд хорз нӕ уаид, куы сын раарфӕ кӕнис?

Фӕлмӕн адӕймаг хъуамӕ хиуылхӕцгӕ уа

17. Петр Йесойӕ цӕуыл сахуыр?

17 Йесойы-иу куы мӕсты кодтой, уӕддӕр-иу уыд фӕлмӕн (Матфейы 11:29). Гадзрахатӕй йыл куы рацыдысты ӕмӕ йӕ куы ӕрцахстой, уӕд равдыста фӕлмӕндзинад ӕмӕ стыр хиуылхӕцындзинад. Петр та йӕ фыртӕвдӕй кард фелвӕста ӕмӕ дзы кӕйдӕр ныццавта. Фӕлӕ йын Йесо йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?» (Матфейы 26:51–53, НТ; Иоанны 18:10). Петр уыцы хабар арф йӕ зӕрдӕйы нывӕрдта ӕмӕ фӕстӕдӕр чырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Чырысти дӕр мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта, ныууадзгӕйӕ нын дӕнц, цӕмӕй мах цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл. [...] Ӕфхӕрд уӕвгӕйӕ, Уый фӕстӕмӕ никӕй ӕфхӕрдта; хъизӕмар кӕнгӕйӕ, ӕртхъирӕн нӕ кодта» (1 Петры 2:21–23).

18, 19. а) Фыййӕуттӕ фӕлмӕн ӕмӕ хиуылхӕцгӕ иууыл тынгдӕр кӕд хъуамӕ уой? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм?

18 Хорз фыййӕуттӕ дӕр фӕлмӕн вӕййынц, раст ахаст сӕм куы нӕ фӕдарынц, уӕд дӕр. Цӕвиттон, ӕмбырды сӕ баххуыс кӕнын кӕмӕн фӕфӕнды, уыдонӕй иуӕй-иутӕн уый чи зоны сӕ зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа. Ӕххуысхъуаг адӕймагӕн йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ куы уа ӕмӕ йын уынаффӕ куы раттой, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ «ӕнӕрхъуыды ныхас карды цӕфау» уа (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Фӕлӕ Йесойау фыййӕуттӕ дӕр гуырымыхъхъ ныхас нӕ кӕнынц кӕнӕ сӕ маст нӕ исынц. Уыдон хиуыл хӕцын кӕй зонынц ӕмӕ иннӕты мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын кӕй сты, уый фӕрцы ӕххуысхъуаг адӕймагӕн сӕ бон у баххуыс кӕнын (1 Петры 3:8, 9). Хистӕр нӕлгоймӕгты цӕвиттонӕй истӕуыл ахуыр кӕныс ӕмӕ дын уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд фӕлмӕн ӕмӕ хиуылхӕцгӕ вӕййыс?

19 Дзырд дӕр ыл нӕй, Иегъовӕ ӕмӕ Йесо стыр аргъ кӕй кӕнынц, ӕппӕтдунеон дзугыл ӕнӕзивӕгӕй цы мингай фыййӕуттӕ аудынц, уыдоны фыдӕбонӕн. Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт тынг уарзынц, сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнынӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты дӕр (Дзуттытӕм 6:10). Фӕлӕ иуӕй-иу донаргъуыд ӕфсымӕртӕ ацы хорз хъуыддагмӕ цӕуылнӕ тырнынц? (1 Тимофеймӕ 3:1). Иегъовӕ фыййӕуттӕй кӕй снысан кӕны, уыдоны куыд фӕахуыр кӕны? Ацы фарстытыл ӕрныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

Бахъуыды кодтай?

• Фыййӕуттӕ дзуджы кӕй уарзынц, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у?

• Алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд у ӕмбырды циндзинад ӕмӕ фарнӕн ахъаз кӕнын?

• Фыййӕуттӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ бирӕфӕразон ӕмӕ зӕрдӕхӕлар цӕмӕн вӕййынц?

• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хорздзинад ӕмӕ уырнындзинад куыд ӕвдисынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн лӕггад кӕнынц уарзондзинадӕй

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Уыдон ма рӕстӕг арынц сӕ бинонтимӕ улӕфынӕн...

... ӕмӕ хъусын кӕнынӕн

[Ныв 20 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕрӕдзи куы ӕмбарой, уӕд уый фӕахъаз уыдзӕн ӕмбырды циндзинад ӕмӕ фарнӕн