Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ йӕ дзугӕн цӕттӕ кӕны фыййӕутты

Иегъовӕ йӕ дзугӕн цӕттӕ кӕны фыййӕутты

Иегъовӕ йӕ дзугӕн цӕттӕ кӕны фыййӕутты

«Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕтты зонд, уымӕй цӕуы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад» (ӔМБИСӔНДТӔ 2:6).

1, 2. Донаргъуыд нӕлгоймӕгты ӕмбырды сӕхимӕ фылдӕр бӕрндзинад исын цӕмӕн фӕнды?

«ТЫНГ амондджын уыдтӕн, хистӕр нӕлгоймагӕй мӕ куы снысан кодтой, уӕд,– зӕгъы Ник, авд азы дӕргъы у цӕстдарӕг.– Ацы бӕрндзинад мын лӕвӕрдта фадат Иегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнынӕн. Ӕз мӕхи йӕ разы хӕсджыныл нымадтон, цыдӕриддӕр мын сарӕзта, уый тыххӕй. Фӕндыди ма мӕ ме ’мчырыстӕттӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын, иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мӕнӕн куыд ӕххуыс кодтой, раст афтӕ». Фӕлӕ кӕд Ник цин кодта, уӕддӕр ын цавӕрдӕр хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. «Куы мӕ снысан кодтой, уӕд мыл 30 азы дӕр нӕ цыд,– дзуры уый.– Ӕз тарстӕн, ӕмбырдӕн хорз разамынд дӕттынӕн мӕм куы нӕ разына хъӕугӕ миниуджытӕ – ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд».

2 Иегъовӕ йӕ дзугыл аудын кӕмӕн бахӕс кӕны, уыдон бирӕ алыхуызон хъуыддӕгты тыххӕй сты амондджын. Апостол Павел Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта уыдонӕй сӕ иу, Йесойы ныхӕстӕ сын куы ӕрхаста, уӕд: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35). Донаргъуыд нӕлгоймӕгтӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг чи у, уыдонӕн фылдӕр гӕнӕнтӕ ис, цӕмӕй Иегъовӕ ӕмӕ ӕмбырдӕн лӕггад кӕной. Зӕгъӕм, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Уыдон аразынц, бирӕ рӕстӕг кӕуыл ацӕуы, фӕлӕ ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ахӕм ӕфсымӕртӕ Хуыцауы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ кӕнынц ацы ахсджиаг куыст (Маркы 12:30, 31).

3. Иуӕй-иутӕ ӕмбырды сӕхимӕ бӕрндзинад райсой, уымӕ сӕ ныфс цӕуылнӕ хӕссынц?

3 Чырыстон нӕлгоймаг гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ныфс ма хӕсса кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, ӕмӕ уый фӕстӕ та хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕхи уый аккагыл нӕ нымайы. Цы зӕгъӕн ис ахӕм ӕфсымӕрӕй? Никау уый дӕр, гӕнӕн ис, тыхсы, хорз фыййаумӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, ахӕм миниуджытӕ йӕм кӕй нӕй, ууыл. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? Ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕн ис бындур. Нысангонд фыййӕуттӕ Иегъовӕйы раз дзуапп дӕттынц, дзуг куыд хизынц, уый тыххӕй. Йесо загъта: «Бирӕ лӕвӕрд кӕмӕн у, уымӕй бирӕ домд цӕудзӕн, ӕмӕ йӕ бӕрны бирӕ кӕмӕн ис, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзысты» (Лукайы 12:48, НТ).

4. Иегъовӕ йӕ дзугыл аудынӕн кӕй снысан кӕны, уыдонӕн куыд ӕххуыс кӕны?

4 Цымӕ Иегъовӕйы афтӕ фӕнды, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕй снысан кӕны, уыдон сӕ хӕстӕ ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй ӕххӕст кӕной? Нӕ. Уый сын ӕххуыс кӕны, ӕмӕ сӕ хӕстӕ ӕрмӕст ӕххӕст нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма ӕнтыстджын дӕр вӕййынц. Айразмӕ статьяйы куыд дзырдтам, афтӕмӕй сын Иегъовӕ дӕтты йӕ сыгъдӕг уд. Сыгъдӕг уд цы миниуджытӕ ӕвзӕрын кӕны, уыдон та сын ӕххуыс кӕнынц фыстыл аудынӕн (Куыстытӕ 20:28; Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уыимӕ ма сын Иегъовӕ дӕтты зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад (Ӕмбисӕндтӕ 2:6). Уый куыд аразы? Уӕдӕ ӕрныхас кӕнӕм, Иегъовӕ йӕ дзугыл аудынӕн кӕй снысан кӕны, уыдоны цавӕр ӕртӕ мадзалӕй ахуыр кӕны.

Ахуыр сӕ кӕнынц фӕлтӕрд фыййӕуттӕ

5. Петр ӕмӕ Иоанн хорз фыййӕуттӕ цӕмӕн уыдысты?

5 Апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоанн Синедрионы куы уыдысты, уӕд тӕрхондоны куырыхон тӕрхонгӕнджытӕ бафиппайдтой, уыдон «кӕй никуы ахуыр кодтой ӕмӕ хуымӕтӕг лӕгтӕ кӕй уыдысты» (НТ). Ӕцӕг уыдон кӕсын ӕмӕ фыссын зыдтой, фӕлӕ Фыстад раввинты скъолайы нӕ ахуыр кодтой. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Петр ӕмӕ Иоанн, стӕй ма иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыдысты хорз ахуыргӕнджытӕ, ӕмӕ сӕм чи хъуыста, уыдонӕй бирӕты бафӕндыд, цӕмӕй уырнджытӕ суыдаиккой. Ацы хуымӕтӕг лӕгтӕ дӕсны ахуыргӕнджытӕ куыд систы? Тӕрхонгӕнджытӕ Петр ӕмӕ Иоаннмӕ куы байхъуыстой, уӕд «базыдтой, уыдон-иу Йесоимӕ кӕй уыдысты» (Куыстытӕ 4:1–4, 13). Раст у, уыдон райстой сыгъдӕг уд (Куыстытӕ 1:8). Фӕлӕ ма бӕрӕг уыд, уыцы нӕлгоймӕгты Йесо кӕй ахуыр кодта – уый бамбӕрстой суанг уыцы «куырм» тӕрхонгӕнджытӕ дӕр. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд апостолты, фысы хуызӕн сабыр адӕмы куыд ӕмбырд кӕнын хъӕуы, канд ууыл нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ ма ӕмбырдмӕ куы ӕрбацӕуой, уӕд сӕ куыд хизын хъӕуы, ууыл дӕр (Матфейы 11:29; 20:24–28; 1 Петры 5:4).

6. Йесо ӕмӕ Павел иннӕты ахуыр кӕныны хъуыддаджы цавӕр дӕнцӕг ныууагътой?

6 Йесо куы райгас, уӕд дӕр ма ахуыр кодта, фыййӕуттӕй нысангонд чи ӕрцыд, уыдоны (Раргомад 1:1; 2:1–3:22). Цӕвиттон, уый йӕхӕдӕг равзӕрста Павелы ӕмӕ йӕ куыд ахуыр кодтой, уымӕ йӕ хъус дардта (Куыстытӕ 22:6–10). Павел аргъ кодта, цӕуыл ӕй сахуыр кодтой, уымӕн ӕмӕ цы базыдта, уый иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн не ’вгъау кодта (Куыстытӕ 20:17–35). Зӕгъӕм, уый бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахардз кодта, цӕмӕй Тимофей Хуыцауы хъуыддаджы суыдаид «ӕнӕазым кусӕг» (2 Тимофеймӕ 2:15, НФ). Ацы дыууӕ нӕлгоймаджы тынг балымӕн сты. Раздӕр Павел Тимофейы тыххӕй фыста: «Фырт йӕ фыды фарсмӕ куыд балӕууа, афтӕ мемӕ фарны уац хъусын кӕныныл куыста ӕнувыдӕй» (Филиппӕгтӕм 2:22НТ). Павел йӕхицӕн ахуыргӕнинӕгтӕ никӕмӕй кодта, нӕдӕр Тимофейӕ, нӕдӕр ӕндӕр искӕмӕй. Уый нӕ, фӕлӕ йе ’муырнджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ фӕзмой, йӕхӕдӕг Чырыстийы куыд фӕзмыдта, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 11:1).

7, 8. а) Цавӕр цӕвиттонӕй зыны, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесо ӕмӕ Павелы куы фӕзмой, уӕд уый арфӕйаг хъуыддаг кӕй у? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕд хъуамӕ райдайой ахуыр кӕнын, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕнын йӕ бон кӕмӕн бауыдзӕн, ахӕм ӕфсымӕрты?

7 Фӕлтӕрд фыййӕуттӕ дӕр Йесо ӕмӕ Павелы фӕзмгӕйӕ, донаргъуыд ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынц ӕмӕ уыцы хъуыддаджы уыдонау ӕнтыстджын сты. Ӕркӕсӕм Чады хабармӕ. Уый схъомыл, иу диныл хӕст чи нӕ уыд, ахӕм бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ йӕ ӕрӕджы снысан кодтой хистӕр нӕлгоймагӕй. Уый дзуры: «Цалдӕр азы дӕргъы мын фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй мӕ уырнындзинад сфидар уыдаид. Мӕ фыд ӕнӕуырнӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕм уыдон уӕлдай тынг дардтой сӕ хъус ӕмӕ мын уырнындзинады хъуыддаджы фыдӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Уыдон-иу рӕстӕг ссардтой мемӕ уацамынды ацӕуынӕн. Фӕстӕдӕр та мын иу хистӕр нӕлгоймаг ӕххуыс кодта, ӕмбырды мыл цы хӕстӕ уыдис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн».

8 Чады хабарӕй зыны, ӕмбаргӕ фыййӕуттӕ кӕй фӕахуыр кӕнынц, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕнын йӕ бон кӕмӕн бауыдзӕн, ахӕм ӕфсымӕрты. Ӕмӕ уый райдайынц кӕнын, цалынмӕ уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕныны аккаг не свӕййынц, уымӕй бирӕ раздӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ се ’гъдауӕй ӕмӕ сӕ уырнындзинадӕй фезминаг уой, цалынмӕ нысангонд не ’рцӕуой, уӕдмӕ. Уыдоны «хъӕуы раздӕр бафӕлварын» (1 Тимофеймӕ 3:1–10).

9. Фӕлтӕрд фыййӕуттыл цавӕр хӕс ис ӕмӕ цӕмӕн?

9 Цалынмӕ донаргъуыд ӕфсымӕртӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуой, уӕдмӕ сӕ хъӕуы сахуыр кӕнын. Ахъуыды ма кӕн: ахуыргӕнинаджы скъолайы зын фӕлварӕн дӕттын куы хъӕуа, фӕлӕ йын ахуыргӕнӕг рагацау куы ницы бацамона, уӕд ӕй ратдзӕн? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй ахуыр кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Уӕдӕ хорз ахуыргӕнджытӕ ахуыргӕнинӕгты ӕрмӕст фӕлварӕн раттынмӕ нӕ бацӕттӕ кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ зонындзинӕдтӕй куыд пайда кӕной, уымӕ дӕр. Уыйау, хорз хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр донаргъуыд ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нысангонд ӕфсымӕртӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдоныл кусой. Уыдон уыцы хъуыддаг ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ аразынц, ӕмӕ ацы ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной, ӕмӕ сӕ снысан кӕной, фӕлӕ ма сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзугыл куыд ӕмбӕлы, афтӕ аудой (2 Тимофеймӕ 2:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, донаргъуыд ӕфсымӕртӕ дӕр хъуамӕ сӕ бон цы у, уый аразой, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы домӕнтӕ ис, уыдоны аккаг куыд суой (Титмӕ 1:5–9). Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр фӕлтӕрд фыййӕуттӕ, ӕмбырды йӕхимӕ фылдӕр бӕрндзинад исын кӕй фӕнды, уыдоны ӕнӕзивӕгӕй куы ахуыр кӕной, уӕд сын баххуыс кӕндзысты уырнындзинады тагъддӕр сырӕзынӕн.

10, 11. Фыййӕуттӕн сӕ бон куыд у иннӕты ахуыр кӕнын, цӕмӕй фидӕны сӕхимӕ бӕрндзинад исой?

10 Уӕдӕ фӕлтӕрд фыййӕуттӕн бӕлвырдӕй сӕ бон куыд у иннӕты ахуыр кӕнын, ӕмбырды цы куыстытӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын? Фыццаджыдӕр, ӕмбырды ӕфсымӕртӕм сӕ хъус куы дарой – иудадзыг семӕ куы хъусын кӕной ӕмӕ сын куы ӕххуыс кӕной, «ӕцӕгады ныхас раст чи амоны, ахӕм фӕлтӕрд кусджытӕ» суӕвынӕн (2 Тимофеймӕ 2:15, НТ). Фӕлтӕрд фыййӕуттӕ уыцы ӕфсымӕртӕн фӕдзурынц, иннӕтӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы циндзинад ӕнкъарынц ӕмӕ сын куыд ӕхсызгон вӕййы, Хуыцауы хъуыддаджы сӕхицӕн нысӕнттӕ кӕй ӕвӕрынц ӕмӕ сӕ къухы кӕй бафтынц. Уыдон ма сын хӕларзӕрдӕйӕ фӕдӕттынц бӕлвырд уынаффӕтӕ, цӕуыл у сӕ бон бакусын, цӕмӕй дзугӕн фӕзминаг суой (1 Петры 5:3, 5).

11 Искӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй куы снысан кӕнынц, уӕд ӕй зондджын фыййӕуттӕ дарддӕр дӕр фӕахуыр кӕнынц. Брюс, 50 азы бӕрц хистӕр нӕлгоймаг чи у, уый дзуры: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ног кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕримӕ куы фӕбадӕм ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары амындтыл куы фӕныхас кӕнӕм. Мах ма февзарӕм, йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ сӕрмагондӕй цы амындтӕ хауы, уыдон, ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ дӕр фӕкӕсын, цалынмӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл нӕ фӕцайдагъ вӕййы, уӕдмӕ». Ӕфсымӕр куыд фӕлтӕра, афтӕ ма йӕ ахуыр кӕнӕн ис дзуг хизыныл дӕр. «Не ’муырнджыты бӕрӕг кӕнынмӕ мемӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры куы акӕнын,– дзуры Брюс,– уӕд ын баххуыс кӕнын ахӕм стихтӕ равзарын, цӕмӕй кӕй бӕрӕг кӕнӕм, уыцы адӕймаджы кӕнӕ бинонты бафидар кӕной ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Ӕфсымӕр цӕмӕй хорз фыййау суа, уый тыххӕй йын ӕнӕмӕнг хъӕуы бацамонын Фыстадӕй афтӕ пайда кӕнын, зӕрдӕтӕ агайын куыд зона» (Дзуттытӕм 4:12; 5:14).

12. Фӕлтӕрд фыййӕуттӕн сӕ бон куыд у ног хистӕр нӕлгоймӕгты ахуыр кӕнын?

12 Ног фыййӕуттӕн дӕр стыр ахъаз вӕййы дарддӕр сӕ куы фӕахуыр кӕнынц. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Ник зӕгъы: «Дыууӕ хистӕр ӕфсымӕры мын цы бацамыдтой, уый мын тынг баххуыс. Уыдон-иу арӕхдӕр зыдтой, цы ӕмӕ куыд кӕнын хъӕуы. Алкӕддӕр-иу мӕм лӕмбынӕг байхъуыстой ӕмӕ-иу цы загътон, ууыл-иу кӕд разы нӕ уыдысты, уӕддӕр мыл никуы бахудтысты – мӕ хъуыдыйыл мын-иу бӕстон аныхас кодтой. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куыд сӕрныллӕг уыдысты ӕмӕ сын куыд аргъ кодтой, уымӕ кӕсгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр дӕн. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй мӕ зӕрдыл бадардтон иу хъуыддаг: зын хъуыддӕгтӕ лыггӕнгӕйӕ кӕнӕ та искӕмӕн ныфсытӕ ӕвӕргӕйӕ, Библийӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнын у тынг ахсджиаг».

Ахуыр сӕ кӕны Хуыцауы Ныхас

13. а) Ӕфсымӕры цы хъӕуы аразын, цӕмӕй хорз фыййау уа? ӕ) Йесо цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «Мӕ ахуырад – Мӕн нӕу»?

13 Уӕдӕ, цӕмӕй фыййӕуттӕ алы хуызы дӕр ифтонг уой ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ уой, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы, Библийы, ис закъӕттӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ цӕвиттонтӕ (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Ӕфсымӕрмӕ гӕнӕн ис хорз ахуырад уа, фӕлӕ хорз фыййау суыдзӕн ӕрмӕстдӕр уӕд, Фыстад куы зона ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕй куы пайда кӕна. Ӕркӕсӕм Йесойы цӕвиттонмӕ. Зӕххыл уымӕй ӕмбаргӕдӕр ӕмӕ зондджындӕр фыййау нӕ уыд, фӕлӕ уый дӕр Иегъовӕйы фысты ахуыргӕнгӕйӕ, йӕ ныфс йӕхи зондыл никуы дардта. Уый загъта: «Мӕ ахуырад – Мӕн нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы». Йесо кад йӕ уӕларвон Фыдӕн цӕмӕн лӕвӕрдта? Уый афтӕ бамбарын кодта: «Йӕхӕдӕг йӕхицӕй дзурӕг кад йӕхицӕн агуры» (Иоанны 7:16, 18).

14. Фыййӕуттӕ сӕхицӕн кад агурынӕй сӕхи куыд хизынц?

14 Иузӕрдион фыййӕуттӕ сӕхицӕн кад нӕ агурынц. Уыдон уынаффӕтӕ фӕдӕттынц ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ фӕдзурынц сӕхи зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Уыдон ӕмбарынц, фыййауы хӕс кӕй у, цӕмӕй фыстӕн хистӕр нӕлгоймӕгты зонд ма уа, фӕлӕ «Чырыстийы зонд» (1 Коринфӕгтӕм 2:14–16). Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ иуварс кӕнынӕн ӕххуыс кӕны, ӕмӕ йӕ уынаффӕ бындуриуӕг кӕны, Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйыл нӕ, фӕлӕ йӕхи цардыл? (Матфейы 24:45). Йӕ уынаффӕйыл, гӕнӕн ис, тынг бандавой бынӕттон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ, йӕхимӕ фаг зонындзинӕдтӕ кӕй нӕй, уый. Ӕцӕг иуӕй-иу ӕгъдӕуттӕ ӕвзӕр не сты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг дӕр, гӕнӕн ис, царды фӕлтӕрд уа. Фӕлӕ фыстӕн тынгдӕр ахъаз уыдзӕн, фыййӕуттӕ сын се ’ргом адӕмы хъуыдытӕм кӕнӕ бынӕттон ӕгъдӕуттӕм куы нӕ здахой, фӕлӕ цӕмӕй хъусой Йесойы хъӕлӕсмӕ ӕмӕ, Иегъовӕ цы дзуры, уымӕ (Псалом 11:7; Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Ахуыр сӕ кӕны «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар»

15. Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» цы бахӕс кодта ӕмӕ цагъары къорд ӕнтыстджын цӕй фӕрцы у, уыцы хъуыддӕгтӕй иу цавӕр у?

15 Ахӕм фыййӕуттӕ, куыд апостолтӕ Петр, Иоанн ӕмӕ Павел уыдысты, Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй схуыдта, уыцы къордӕй. Уыцы къордмӕ хауынц, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕныны ныфс кӕмӕн ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ (Раргомад 5:9, 10). Ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонты Чырыстийы ӕфсымӕртӕй зӕххыл чи ис, уыдоны нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кӕны. Фӕлӕ сын Йесо цы куыст бахӕс кодта – цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнут, зӕгъгӕ,– уый абон куыд апарахат, афтӕ никуы. Цагъары къордӕн тынг бирӕ ӕнтысы! Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый «ӕндӕр фысты» сахуыр кодта, цӕмӕй йын ӕххуыс кӕной хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы (Иоанны 10:16; Матфейы 24:14; 25:40). Абон уыцы куыстӕн йӕ фылдӕр хай кӕны иузӕрдион «ӕндӕр фысты» къорд.

16. Цагъары къорд нысангонд ӕфсымӕрты куыд ахуыр кӕны?

16 Цагъары къорд ахӕм ахуырад куыд дӕтты? Фыццаг ӕнусы цагъары къорды минӕвӕрттӕн уый бар уыд, цӕмӕй ӕмбырдты ахуыр кодтаиккой ӕмӕ нысан кодтаиккой цӕстдарджыты, ӕмӕ уыдон та ахуыр кодтаиккой фысты (1 Коринфӕгтӕм 4:17). Абон дӕр у афтӕ. Разамонӕг совет – цагъары номӕй чи архайы, уыцы сӕрст хистӕр нӕлгоймӕгты чысыл къорд – йӕ минӕвӕрттӕн бар дӕтты, цӕмӕй ӕппӕт дунейы цы мингай ӕмбырдтӕ ис, уым ахуыр кӕной ӕмӕ нысан кӕной кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты. Разамонӕг совет ма уадзы скъолатӕ филиалты комитетты уӕнгтӕ, цӕуӕг цӕстдарджытӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн, цӕмӕй фыстыл, куыд хуыздӕр у, афтӕ аудой. Ноджы ма разамынд лӕвӕрд цӕуы фыстӕджытӕ, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статьятӕ ӕмӕ ӕндӕр литературӕйы руаджы, зӕгъӕм, чиныг «Цӕттӕ стӕм Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ» *.

17. а) Йесо цагъары къордыл кӕй ӕууӕнды, уый цӕмӕй зыны? ӕ) Чырыстон фыййӕуттӕ куыд ӕвдисынц, цагъары къордыл кӕй ӕууӕндынц, уый?

17 Йесо цагъары къордыл афтӕ тынг ӕууӕнды, ӕмӕ йын йӕ бӕрны бакодта «йӕ ӕппӕт мулк» – зӕххыл ын Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕнынӕн цыдӕриддӕр ис, уый (Матфейы 24:47). Нысангонд фыййӕуттӕ дӕр цагъары къордыл кӕй ӕууӕндынц, уый ӕвдисынц, Разамонӕг советы амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайынц, уымӕй. О, фыййӕуттӕ иннӕты куы фӕахуыр кӕнынц, сӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Ныхасӕн сӕхи ахуыр кӕнын куы фӕуадзынц ӕмӕ цагъары къорд цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд ахъаз кӕнынц дзуджы иудзинадӕн. Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, чырыстон ӕмбырдыл зӕрдӕбынӕй чи ауды, ахӕм нӕлгоймӕгты кӕй цӕттӕ кӕны!

[Фиппаинаг]

^ 16 абз. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис уырыссаг ӕвзагыл.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Фӕлтӕрд чырыстон фыййӕуттӕ иннӕты куыд ахуыр кӕнынц?

• Фыййӕуттӕ иннӕты сӕхи зондмӕ гӕсгӕ цӕуылнӕ ахуыр кӕнынц?

• Фыййӕуттӕ цагъарыл куыд ӕмӕ цӕмӕн ӕууӕндынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахуыр кӕнынц ӕрыгондӕр ӕфсымӕрты

[Нывтӕ 26 фарсыл]

«Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» хистӕр нӕлгоймӕгты ахуыр кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй