Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм Паддзах Чырыстийӕн

Иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм Паддзах Чырыстийӕн

Иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм Паддзах Чырыстийӕн

«Ӕмӕ Йын рард фӕци [лӕвӕрд ӕрцыд] хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад, ӕмӕ адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иууылдӕр Уымӕн куыстой» (ДАНЕЛЫ 7:14).

1, 2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, н. э. 33 азы Чырысти Паддзахады бартӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ кӕй нӕма райста?

КӔЦЫ хицау радтаид йӕ цард йӕ адӕмы тыххӕй, стӕй та ногӕй цардмӕ раздӕхтаид ӕмӕ паддзах суыдаид? Кӕцы паддзах цардаид афтӕ, цӕмӕй йыл йӕ адӕм ӕууӕндыдаиккой ӕмӕ йыл иузӕрдион уыдаиккой, ӕмӕ уый фӕстӕ уӕларвӕй хицауиуӕг кодтаид? Уый – ӕмӕ ноджы фылдӕр – бантыст ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийӕн (Лукайы 1:32, 33). Чырысти куы амард, куы райгас ӕмӕ уӕларвмӕ куы ацыд, уӕд ӕй уый фӕстӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцау «ӕмбырдӕн ӕххуысӕн ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдта» (Ефесӕгтӕм 1:20–22, НД; Куыстытӕ 2:32–36). Чырысти хицауиуӕг кӕнын райдыдта, фӕлӕ бартӕ ӕххӕстӕй йӕ къухы нӕма уыдысты. Фыццаг йӕ дӕлбар сӕхи бакодтой сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ, уӕларвон Израил, «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16; Колоссӕгтӕм 1:13).

2 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй 30 азы бӕрц куы рацыд, уӕд апостол Павел дӕр загъта, Чырысти Паддзахады бартӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ кӕй нӕма райста, фӕлӕ кӕй уыд «Хуыцауы рахизварс, ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ уый фӕстӕ, цалынмӕ Йе знӕгтӕ Йӕ къӕхты бын ӕвӕрд ӕрцӕуой» (Дзуттытӕм 10:12, 13). Стӕй, фыццаг ӕнусы кӕронмӕ ’ввахс, ацӕргӕ апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ Йесо Чырыстийы кӕй ӕвӕры, ӕрӕджы чи сфидар, уыцы уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй (Раргомад 11:15; 12:1–5). Абон мах цӕрӕм диссаджы рӕстӕджы, уымӕн ӕмӕ нӕхи цӕстӕй уынӕм фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Чырысти 1914 азы Паддзах-Мессиа кӕй сси, уымӕн *.

3. а) 1914 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ цавӕр ног хъуыддаг бафтыд? ӕ) Цавӕр фарстытыл у нӕ бон ахъуыды кӕнын?

3 О, 1914 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ ног диссаджы хъуыддаг бафтыд. Чырысти сси Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах ӕмӕ йе «знӕгты ’хсӕн» хицауиуӕг кӕнын райдыдта (Псалом 109:1, 2; Матфейы 24:14; Раргомад 12:7–12). Уымӕй уӕлдай ма йын йӕ иузӕрдион адӕм йӕ хицаудзинадӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый ӕвдисынц, зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц, чи никуы ма уыди, ахӕм хъуыддаг – ӕгас зӕххы къорийыл дӕр адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынц (Данелы 7:13, 14; Матфейы 28:18). Сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ, «Паддзахады фырттӕ», лӕггад кӕнынц «Чырыстийы номӕй Минӕвӕрттӕй». Уыдонӕн иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнынц Чырыстийы тынг бирӕ «ӕндӕр фыстӕ» – Хуыцауы Паддзахады минӕвары куыстгӕнджытӕ (Матфейы 13:38; 2 Коринфӕгтӕм 5:20, НФ; Иоанны 10:16). Фӕлӕ махӕй хъуамӕ алчидӕр ахъуыды кӕна, Чырыстийы хицаудзинадӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕны ӕви нӕ. Чырыстийыл кӕронмӕ иузӕрдион стӕм? Уӕларвон Паддзахыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у? Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, Чырыстийыл иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм, ууыл.

Иузӕрдиондзинадмӕ чи разӕнгард кӕны, уыцы Паддзах

4. Йесо, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах, зӕххыл куы уыд, уӕд цы арӕзта?

4 Чырыстийыл иузӕрдион уымӕн стӕм, ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджытӕн кӕй аргъ кӕнӕм (1 Петры 1:8). Йесо, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах, зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ, йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста, паддзахиуӕг кӕнын куы райдайа, уӕд Хуыцауы нысангонд рӕстӕг ӕппӕт адӕмы хӕрзӕбонӕн дӕр цы сараздзӕн, уый. Йесо ӕфсӕста ӕххормӕгты. Дзӕбӕх кодта рынчынты, куырмыты, сахъатты, къуырматы ӕмӕ ӕгомыгты. Суанг ма цалдӕр адӕймаджы ӕгас дӕр ракодта (Матфейы 15:30, 31; Лукайы 7:11–16; Иоанны 6:5–13). Стӕй ма, Йесойы зӕххон царды тыххӕй цы кӕсӕм, уый фӕрцы зонӕм, уымӕ, куыд зӕххы фидӕны Хицаумӕ, цы миниуджытӕ ис, уыдон – уӕлдайдӕр та йӕ удуӕлдай уарзондзинад (Маркы 1:40–45). Зӕгъынц, зӕгъгӕ, Наполеон Бонапарт загъта: «Александр Македонский, Юлий Цезарь, Карл Стыр ӕмӕ ӕз сарӕзтам империтӕ. Фӕлӕ не стыр хъуыддӕгты бындур цы уыд? Тых. Ӕрмӕстдӕр Йесо Чырысти сӕвӕрдта йӕ паддзахад уарзондзинадыл. Ӕмӕ абоны онг дӕр милуантӕ цӕттӕ сты Чырыстийы тыххӕй сӕ удтӕ раттынмӕ».

5. Йесо адӕмы зӕрдӕмӕ цӕмӕн цыд?

5 Йесо фӕлмас ӕмӕ зӕрдӕйӕ сабыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ тыхст адӕмӕн йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ахуырӕдтӕ ӕмӕ йӕ фӕлмӕн удыхъӕд се уӕнг рог кодтой (Матфейы 11:28–30). Сывӕллӕттӕ йӕм уӕндонӕй цыдысты. Сӕрныллӕг, ӕмбаргӕ нӕлгоймӕгтӕ-иу ӕнӕзивӕгӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ систы (Матфейы 4:18–22; Маркы 10:13–16). Уӕздан кӕй уыд ӕмӕ иннӕтӕн кӕй аргъ кодта, уый фӕрцы йыл, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ иузӕрдион систы, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ сӕ рӕстӕг, сӕ хъару ӕмӕ сӕ исбон не ’вгъау кодтой, цӕмӕй йын лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой (Лукайы 8:1–3).

6. Йесо цавӕр фӕлмӕн ӕнкъарӕнты хицау уыд, уый куыд рабӕрӕг, Лазӕр куы амард, уӕд?

6 Чырысти фӕлмӕн ӕнкъарӕнты хицау кӕй уыд, уый та ноджы тынгдӕр рабӕрӕг, йӕ зӕрдиаг хӕлар Лазӕр куы амард, уӕд. Мариа ӕмӕ Марфӕ куыд хъынцъым кодтой, уый йыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ «Йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты». Кӕд ӕй зыдта, Лазӕры гыццыл фӕстӕдӕр кӕй райгас кӕндзӕн, уӕддӕр ыл йӕ зӕрдӕ рыст ӕмӕ йыл тынг «хъыг кодта». Йесо уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау ын цы бартӕ радта, уыдонӕй спайда кодта ӕмӕ Лазӕры райгас кодта (Иоанны 11:11–15, 33–35, 38–44).

7. Чырыстийыл иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм? (Кӕс ма фӕлгӕты 31 фарсыл.)

7 Мах стыр аргъ кӕнӕм, Йесо рӕстдзинад куыд тынг уарзта ӕмӕ цӕстмӕхъусдзинад ӕмӕ фыддзинадӕй йе сӕфт куыд уыдта, уымӕн. Дыууӕ хатты кувӕндон ныфсджынӕй ссыгъдӕг кодта кӕрӕф сӕудӕджергӕнджытӕй (Матфейы 21:12, 13; Иоанны 2:14–17). Уымӕй уӕлдай, зӕххыл куы уыд, уӕд бавзӕрста алы бӕллӕхтӕ, ӕмӕ мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон ын иууылдӕр зонгӕ уыдысты (Дзуттытӕм 5:7–9). Йесо ма зыдта, куыд вӕййы, исчи дӕ йе сӕфт куы уына ӕмӕ дӕ ӕнаххосӕй куы ӕфхӕра, уый дӕр (Иоанны 5:15–18; 11:53, 54; 18:38–19:16). Ӕппынфӕстаг, хъӕбатырӕй хъизӕмайраджы мӕлӕт бавзӕрста, цӕмӕй йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст кодтаид ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕнусон цард радтаид (Иоанны 3:16). Чырыстимӕ ахӕм миниуджытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ фӕнды, ӕмӕ йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай? (Дзуттытӕм 13:8; Раргомад 5:6–10). Фӕлӕ цӕмӕй Паддзах Чырыстийы дӕлбар уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

Цы хъӕуы, цӕмӕй Чырыстийы дӕлбар уӕм

8. Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уой, Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыдон?

8 Ахъуыды ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл: цӕмӕй адӕймаг кӕцыдӕр бӕстӕйы ӕмбӕстон суа, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы бӕстӕйы закъоны домӕнтӕ ӕххӕст кӕна. Хъуамӕ йын уа хорз ном ӕмӕ хорз ӕнӕниздзинад. Афтӕ, Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыдон дӕр хъуамӕ уой хӕрзӕгъдау ӕмӕ монон ӕгъдауӕй ӕнӕниз (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11; Галатӕгтӕм 5:19–23).

9. Чырыстийыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

9 Йесо Чырысти ма йӕ адӕммӕ уымӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй йын йӕхиуыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион уой. Сӕ иузӕрдиондзинад ӕвдисынц, Йесо, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах, зӕххыл куы уыд, уӕд цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй. Зӕгъӕм, уыдонӕн Паддзахады хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндон сты мулкӕй сӕйрагдӕр (Матфейы 6:31–34). Стӕй ма зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Чырыстийы хуызӕн уой (1 Петры 2:21–23). Уымӕй уӕлдай ма, сӕ ахуыргӕнӕгау хорздзинад кӕнынмӕ сӕхӕдӕг фӕраздӕр вӕййынц (Матфейы 7:12; Иоанны 13:3–17).

10. Чырыстийыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый куыд ис ӕвдисӕн а) бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕ) ӕмбырды?

10 Йесойыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иузӕрдион кӕй сты, уый ма зыны, йӕ миниуджытӕ йын сӕ бинонты ’хсӕн кӕй ӕвдисынц, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, лӕгтӕ сӕ уӕларвон Паддзахыл иузӕрдион кӕй сты, уый бӕрӕг вӕййы, сӕ устытӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн, Чырысти ӕмбырдӕн куыд уыд, афтӕ куы вӕййынц (Ефесӕгтӕм 5:25, 28–30; 6:4; 1 Петры 3:7). Устытӕ Чырыстийыл сӕ иузӕрдиондзинад ӕвдисынц, сыгъдӕг цард куы фӕкӕнынц ӕмӕ сын «ӕвӕлмас ӕмӕ сабыр удыхъӕд» куы вӕййы, уӕд (1 Петры 3:1–4; Ефесӕгтӕм 5:22–24, НТ). Сывӕллӕттӕ та йӕ февдисынц уымӕй, ӕмӕ Чырыстийау коммӕгӕс куы вӕййынц. Йесо гыццылӕй йӕ ныййарджытӕм хъуыста, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр (Лукайы 2:51, 52; Ефесӕгтӕм 6:1). Йесойы дӕлбар чи ис, уыцы адӕм иузӕрдионӕй архайынц, цӕмӕй уыдон дӕр «тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзаг» ӕмӕ «хӕларзӕрдӕ» уой. Архайынц, цӕмӕй Чырыстийау уой «сабырзонд; фыддзинад фыддзинадӕй ма фидой, кӕнӕ ӕлгъыст ӕлгъыстӕй» (1 Петры 3:8, 9; 1 Коринфӕгтӕм 11:1).

Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыдон ын йӕ закъон ӕххӕст кӕнынц

11. Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыцы адӕмы кӕй закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын фӕнды?

11 Адӕмы цы бӕстӕйы ӕмбӕстонтӕ суӕвын фӕфӕнды, уыцы ног бӕстӕйы закъӕттӕ куыд феххӕст кӕнынц, раст афтӕ, Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыцы адӕмы дӕр бафӕнды ӕххӕст кӕнын «Чырыстийы закъон» – сӕ цард фӕаразынц, Йесо цыдӕриддӕр амыдта ӕмӕ фӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ (Галатӕгтӕм 6:2). Уыдон иузӕрдионӕй цӕрынц «паддзахы закъонмӕ» гӕсгӕ, ома уарзондзинады закъонмӕ гӕсгӕ (Иаковы 2:8). Цы хауы уыцы закъӕттӕм?

12, 13. Нӕ бон куыд у «Чырыстийы закъон» иузӕрдионӕй ӕххӕст кӕнын?

12 Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыдон алцӕмӕй ӕххӕст не сты (Ромӕгтӕм 3:23). Уымӕ гӕсгӕ сӕ хъӕуы кусын «ӕнӕцӕстмӕ ӕфсымӕруарзондзинадыл» ӕмӕ «кӕрӕдзийы сыгъдӕг зӕрдӕйӕ» уарзыныл (1 Петры 1:22). «Кӕд искӕмӕ искӕуыл хъаст ис, уӕд» чырыстӕттӕ иузӕрдионӕй феххӕст кӕнынц Чырыстийы закъон, «кӕрӕдзийӕн баргӕйӕ ӕмӕ иу иннӕмӕн хатыр кӕнгӕйӕ». Ацы закъон сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийы хъӕндзинӕдтӕм ма кӕсой, фӕлӕ сӕ кӕрӕдзи цӕй тыххӕй уарзой, уый агурой. Бузныг нӕ дӕ, нӕ уарзӕгой Паддзахӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ уарзондзинад – «ӕххӕстдзинады ӕмдзыгуыр» – йӕ уӕлӕ дарӕсау чи кӕны, уыдоны ’хсӕн кӕй дӕ? (Колоссӕгтӕм 3:13, 14).

13 Уымӕй уӕлдай, Йесо бамбарын кодта, цы уарзондзинад равдыста, уый ӕнӕуи уарзондзинадӕй стырдӕр кӕй у (Иоанны 13:34, 35). Нӕхи нын чи уарзы, ӕрмӕст уыдоны куы уарзӕм, уӕд уадиссагӕй ницы араздзыстӕм. Уӕд нӕ уарзондзинадӕн цыдӕр нӕ фаг кӕндзӕн. Йесо дзырдта, цӕмӕй йын фӕзмӕм йӕ Фыды уарзондзинад (зондӕн коммӕгӕс уарзондзинад), ома уарзӕм, суанг нӕ йе сӕфт чи уыны ӕмӕ нӕ чи ӕфхӕры, нӕ уыцы знӕгты дӕр (Матфейы 5:46–48). Уыцы уарзондзинад Паддзахады ӕмбӕстонтӕн тых дӕтты дарддӕр дӕр сӕ сӕйраг куыст иузӕрдионӕй ӕххӕст кӕнынӕн. Цавӕр куыст у уый?

Иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд цӕуы

14. Хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиаг цӕмӕн у?

14 Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдон абон кӕнынц тынг ахсджиаг куыст – «Хуыцауы Паддзахады... тыххӕй» бӕстон хъусын кӕнынц (Куыстытӕ 28:23). Уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы кӕнын, уымӕн ӕмӕ Мессиайы Паддзахад сбӕлвырд кӕндзӕн, Иегъовӕ кӕй у Дунедарӕг (1 Коринфӕгтӕм 15:24–28). Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд адӕмӕн вӕййы фадат сӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма Паддзах Чырысти адӕмыл тӕрхон кӕндзӕн, ацы хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсынц, уымӕ гӕсгӕ (Матфейы 24:14; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–10). Уӕдӕ нӕ иузӕрдиондзинад Чырыстийыл сӕйраджыдӕр ӕвдисӕм, йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ иннӕтӕн Паддзахады тыххӕй кӕй дзурӕм, уымӕй (Матфейы 28:18–20).

15. Чырыстӕтты иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд цӕмӕн цӕуы?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сайтанӕн йӕ бон куыд у, афтӕ архайы, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕна ӕмӕ дунейы хицӕуттӕ ма базоной, Хуыцау хицауы бартӕ Чырыстийӕн кӕй радта (Псалом 2:1–3, 6–8). Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста: «Цагъар йӕ ӕлдарӕй стырдӕр нӕу. Кӕд Мӕн сырдтой, сымах дӕр сурдзысты» (Иоанны 15:20). Уӕдӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ тох кӕнынц, сӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд кӕм цӕуы, ахӕм хӕсты (2 Коринфӕгтӕм 10:3–5; Ефесӕгтӕм 6:10–12).

16. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдон Хуыцауы цы у, уый Хуыцауӕн куыд дӕттынц?

16 Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдон сӕ ӕнӕуынгӕ Паддзахыл сӕ зӕрдӕ нӕ ивынц, фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕн дӕр аргъ кӕнынц (Титмӕ 3:1, 2). Йесо загъта: «Кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Маркы 12:13–17, НТ). Уӕдӕ Чырыстийы адӕм хицауады закъӕттӕ феххӕст кӕнынц, Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ куы нӕ вӕййынц, уӕд (Ромӕгтӕм 13:1–7). Фӕлӕ иудейты сӕйраг тӕрхондон Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы рацыд, ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнын куы нал уагъта, уӕд уыдон фидарӕй, фӕлӕ уӕзданӕй загътой, зӕгъгӕ, «адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм» (Куыстытӕ 1:8; 5:27–32, НТ).

17. Нӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд хъӕбатыр цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

17 Ӕцӕгдӕр, Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыдоны хъӕуы стыр хъӕбатырдзинад, цӕмӕй сӕ куы ӕфхӕрой, уӕд сӕ Паддзахыл иузӕрдионӕй баззайой. Фӕлӕ Йесо загъта: «Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй; цин кӕнут ӕмӕ хъӕлдзӕг ут, уымӕн ӕмӕ стыр у уӕ лӕвар уӕлӕрвты» (Матфейы 5:11, 12). Ацы ныхӕсты рӕстдзинад Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ бавзӕрстой сӕхиуыл. Дарддӕр дӕр хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй сӕ кӕд фӕнадтой, уӕддӕр цин кодтой, «Хицау Йесойы номы тыххӕй ӕгаддзинад кӕй райстой, уый тыххӕй; ӕмӕ алыбон кувӕндоны ӕмӕ хӕдзӕртты ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Куыстытӕ 5:41, 42). Раппӕлыны аккаг дӕ, кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ, низимӕ тохгӕнгӕйӕ, хионы мӕлӕтыл хъынцъым кӕнгӕйӕ кӕнӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ, ды дӕр ахӕм иузӕрдиондзинад ӕвдисыс, уӕд (Ромӕгтӕм 5:3–5; Дзуттытӕм 13:6).

18. Йесо Понтий Пилатӕн цы загъта, уый цӕуыл дзурӕг у?

18 Йесо, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах, зӕххыл куы уыд, уӕд ромаг хицау Понтий Пилатӕн загъта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, Ӕз иудейты къухмӕ куыд нӕ бахаон, ууыл. Фӕлӕ мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36, НТ). Уӕдӕ, уӕларвон Паддзахады дӕлбар чи ис, уыцы адӕм нӕдӕр хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ исынц, нӕдӕр хӕцгӕ кӕнынц. Уыдон сты иузӕрдион «Фарны кънйазыл» ӕмӕ сын дунеимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис (Исай 2:2–4; 9:6, 7).

Ӕнусон хорзӕхтӕ иузӕрдион адӕмӕн

19. Чырыстийы иузӕрдион адӕм фидӕнмӕ фидар ныфсимӕ цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

19 «Паддзӕхты Паддзах» Чырыстийы иузӕрдион адӕм фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц фидар ныфсимӕ. Уыдон ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, куыд паддзах, афтӕ йӕ хъару зӕххыл кӕд равдисдзӕн, уымӕ (Раргомад 19:11–20:3; Матфейы 24:30). Паддзахады иузӕрдион, сыгъдӕг удӕй гуырд фырттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ куы уой, уӕд цы диссаджы бын райсдзысты, уымӕ (Матфейы 13:38; Лукайы 12:32). Чырыстийы иузӕрдион «ӕндӕр фыстӕ» дӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕ Паддзах сӕ рӕстгӕнджытыл кӕд банымайдзӕн ӕмӕ кӕд зӕгъдзӕн: «Ӕрцӕут, Мӕ Фыдӕй арфӕгӕндтытӕ, уӕхи бакӕнут дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сымахӕн цӕттӕгонд Паддзахад [зӕххыл цы Дзӕнӕт уыдзӕн, уый]» (Иоанны 10:16; Матфейы 25:34). Цӕй уӕдӕ, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи ис, уыдон амӕй фӕстӕмӕ дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕнт Паддзах Чырыстийӕн.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Кӕс чиныг «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй», дӕлсӕргонд «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад сфидар 1914 азы?», 95–97 фф., (англ.). Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Чырысти уый аккаг цӕмӕн у, ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм?

• Чырыстийы дӕлбар чи ис, уыдон сӕ иузӕрдиондзинад куыд ӕвдисынц?

• Цӕмӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй Паддзах Чырыстийыл иузӕрдион уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 31 фарсыл]

ЧЫРЫСТИЙЫ ДИССАДЖЫ МИНИУДЖЫТӔ

Никӕй хъулон кӕны (Иоанны 4:7–30).

Тӕригъӕдгӕнаг у (Матфейы 9:35–38; 12:18–21; Маркы 6:30–34).

Удуӕлдай уарзтӕй уарзы (Иоанны 13:1; 15:12–15).

Иузӕрдион у (Матфейы 4:1–11; 28:20; Маркы 11:15–18).

Иннӕты рис ӕмбары (Маркы 7:32–35; Лукайы 7:11–15; Дзуттытӕм 4:15, 16).

Ӕмбаргӕ у (Матфейы 15:21–28).

[Ныв 29 фарсыл]

Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕй иузӕрдионӕй ӕххӕст кӕнӕм «Чырыстийы закъон»

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Чырыстийы миниуджытӕ дӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй йыл иузӕрдион уай?