Фидар ут
Фидар ут
«Фидар ут, абон пехуымпарты дзыхӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдон» (ЗАХАРИ 8:9).
1, 2. Аггей ӕмӕ нӕ Захарийы чингуытӕм хъус ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы?
АГГЕЙ ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ кӕд иу-2 500 азы раздӕр фыст ӕрцыдысты, уӕддӕр тынг ахсджиаг сты абон дӕр. Ацы дыууӕ чиныджы ӕрмӕст рагон хабӕрттӕ фыст нӕй. Уыдон сты, «ӕппӕт фыст цы цыд раздӕр, махӕн зонд амонынӕн», уымӕн йӕ иу хай (Ромӕгтӕм 15:4). Цы дзы кӕсӕм, уый нын ӕмбарын кӕны, 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад куы ӕрфидар, уый фӕстӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон.
2 Раджы Хуыцауы адӕм цы бавзӕрстой, уый тыххӕй апостол Павел загъта: «Сӕ хабӕрттӕ махӕн зондыхос сты; ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыди, цӕмӕй мах, рӕстӕджы кӕроны цӕрджытӕ, ахуыр кӕнӕм уыдоныл» (1 Коринфӕгтӕм 10:11, НТ). Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕнды базонын, Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕ махӕн цы пайда сты, уый?
3. Аггей ӕмӕ Захари се ’ргом цӕмӕ здӕхтой?
3 Айразмӕйы статьяйы федтам, Аггей ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ кӕй хауынц, Хуыцау иудейтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уыцы рӕстӕгмӕ. Уыцы дыууӕ пехуымпары сӕйраджыдӕр се ’ргом здӕхтой Хуыцауы кувӕндон аразынмӕ. Иудейтӕ кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрдтой Ездрӕ 3:3–13).
н. э. размӕ 536 азы. Кӕд ма иудейты хистӕртӕй бирӕтӕ мысыдысты рагон царды хабӕрттӕ, уӕддӕр алырдыгӕй хъуысти «цины хъӕр». Фӕлӕ абон уыцы пехуымпарӕдтӕн ис ноджы стырдӕр нысан. Цавӕр? (4. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ цы ’рцыди?
4 Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕ Стыр Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты. Уый Иегъовӕйы ӕххуысыл дзурӕг уыди. Райдианы афтӕ зынди, цыма дины разамонджытӕ ӕмӕ семӕ ӕмвӕнд чи уыд, уыцы хицауад хъусын кӕныны хъуыддаг баурӕдтой (Ездрӕ 4:8, 13, 21–24). Фӕлӕ Иегъовӕ уыцы куыстӕн фӕндаг расыгъдӕг кодта – 1919 азӕй фӕстӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг тынгӕй-тынгдӕр размӕ цӕуы ӕмӕ йӕ бауромын никӕй бон у.
5, 6. Захарийы 4:7 нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны?
5 Мах фидарӕй уырны, абон Иегъовӕйы коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕ цы хъуыддаг аразынц, уый йе ’ххуысӕй размӕ кӕй цӕудзӕн. Захарийы 4:7 мах кӕсӕм: «Уый ӕрӕвӕрдзӕн фисыны дур. Ӕмӕ хъӕр кӕндзысты: „Куыд диссаг у! Куыд диссаг у!“» Цымӕ нӕ рӕстӕджы та ацы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?
6 Захарийы 4:7 амоны, кӕй ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ раст дин, Дунедарӕг Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн йӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты. Уыцы кувӕндон у, Иегъовӕ Йесо Чырыстийы фидауынгӕнӕг нывонды фӕрцы цыдӕриддӕр аразы, уый, цӕмӕй йӕм адӕм ӕввахс кӕной. Раст у, стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дӕр кӕй уыд. Фӕлӕ уал раст дин зӕххон кӕрты хъуамӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ къахыл слӕууа. Абон уыцы кувӕндоны зӕххон кӕрты лӕггад кӕнынц милуантӕ. Уыцы адӕм ӕмӕ ма чи райгас уа, уыдон ӕххӕст адӕймӕгтӕ суыдзысты Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Мин азы кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ баззайдзысты цӕргӕйӕ сыгъдӕг зӕххыл.
7. Йесо Чырыстийӕн цавӕр бынат ис раст дин Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ къахыл слӕууын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн хъуамӕ уа?
7 Разамонӕг Зоровавел ӕмӕ хистӕр сауджын Йесо сӕхи цӕстӕй федтой н. э. размӕ 515 азы кувӕндон арӕзт кӕй фӕци. Захарийы 6:12, 13 фыст уыд, зӕгъгӕ, цӕмӕй раст дин Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ къахыл слӕууа, уыцы хъуыддаджы Йесо Чырыстийӕн сӕйраг бынат кӕй уыдзӕн. Ацы стихты мах кӕсӕм: «Афтӕ зӕгъы Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ: „Мӕнӕ лӕг, йӕ ном – Тау. Уый йӕхи бынатӕй сырӕздзӕн ӕмӕ Иегъовӕйы кувӕндон сараздзӕн. Ӕмӕ... райсдзӕн кад, ӕмӕ хъуамӕ сбада паддзахбадӕны ӕмӕ хицауиуӕг кӕна, ӕмӕ хъуамӕ суа сауджын йӕ паддзахбадӕны“». Йесо, Давиды паддзахы мыггаджы «тау», ныр уӕлӕрвты ис ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн разамынд дӕтты ӕнӕуынгӕ кувӕндоны. Цымӕ искӕй бон у ацы хъуыддаг бауромын? Ницы хуызы! Уӕдӕ хъуамӕ ууыл ма архайӕм, цӕмӕй царды сагъӕстыл ма фӕуӕм ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнӕм?
Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа
8. Хуыцауы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнын нӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддаг цӕмӕн хъуамӕ уа?
8 Цӕмӕй нӕ Иегъовӕйы ӕххуыс ӕмӕ арфӕ уа, уый тыххӕй нын йӕ «кувӕндоны» лӕггад кӕнын хъуамӕ уа царды ахсджиагдӕр хъуыддаг. «Афон нӕма у», зӕгъгӕ, цы иудейтӕ дзырдтой, уыдонӕй уӕлдай махӕй хъуамӕ рох ма уа, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый (Аггей 1:2; 2 Тимофеймӕ 3:1). Йесо загъта, йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы Паддзахады хорз хабар кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕндзысты. Мах хъуамӕ ацы кадджын хӕсмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсӕм. Кӕд хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг рӕстӕгмӕ ныкъкъуылымпы, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй ӕмӕ та 1919 азы ногӕй йӕ къахыл слӕууыд, уӕддӕр абон нӕма фӕци. Фӕлӕ йӕ бӕлвырд зонӕм, ацы куыст кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ уыдзӕн!
9, 10. Иегъовӕ нын кӕд арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?
9 Ацы хъуыддаджы куыд зӕрдиагӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ нын арфӕ кӕндзӕн Хуыцау – куыд йӕ адӕмӕн иумӕйагӕй, афтӕ алкӕмӕндӕр хицӕнӕй. Нӕ хъус ма ӕрдарӕм Иегъовӕйы диссаджы зӕрдӕвӕрдмӕ. Куыддӕр та иудейтӕ раст динмӕ раздӕхтысты ӕмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой кувӕндон аразынмӕ, афтӕ сын Иегъовӕ загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ уын ӕз арфӕ кӕндзынӕн» (Аггей 2:19). Ногӕй та йын йӕ хорзӕх ссардтой. Ӕркӕсӕм ма, Хуыцау зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта: «Ӕдасӕй таудзысты; сӕнӕфсир дыргъ дӕтдзӕн ӕмӕ зӕхх дӕтдзӕн йӕ тыллӕг, ӕмӕ ӕрвтӕ дӕтдзысты ӕртӕх; ӕмӕ ӕз адӕттӕ ӕнӕмӕнг ратдзынӕн ацы адӕмӕй чи баззайа, уыдонӕн» (Захари 8:9–13).
10 Иегъовӕ иудейтӕн алы хъуыддаджы дӕр куыд арфӕ кодта, афтӕ махӕн дӕр арфӕ кӕндзӕн, нӕ куыст бӕстон ӕмӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. Уыцы арфӕдзинӕдтӕм хауынц ӕдасдзинад, не ’хсӕн цы фарн ис ӕмӕ нын Хуыцау нӕ уырнындзинадӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уый. Фӕлӕ мах ӕмбарӕм, Хуыцау нын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй арфӕ кӕндзӕн, йӕ «кувӕндоны» йын, уый куыд фӕнды, афтӕ куы лӕггад кӕнӕм.
11. Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
11 Ныр у уый афон, цӕмӕй «нӕ зӕрдӕтӕ раздахӕм нӕ хъуыддӕгтӕм» (Аггей 1:5, 7). Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ рӕстӕг ссарӕм, ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, царды нын ахсджиагдӕр цы у, ууыл. Абон Иегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кӕны, йӕ ном ын куыд кадджын кӕнынц ӕмӕ йын йӕ «кувӕндоны» куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ. Хорз уаид, нӕхи куы бафӕрсиккам: ӕцӕгады фӕндагыл райдианы цӕмӕ бӕллыдтӕн, ныр дӕр ма уымӕ бӕллын? Донаргъуыд куы райстон, уӕд Иегъовӕйыл, ӕцӕгадыл ӕмӕ йӕ хъуыддагыл куыд зӕрдӕйӕ уыдтӕн, ныр дӕр ма афтӕ дӕн? Мӕ хъусдард тынгдӕр хъӕздыг цардмӕ кӕй скодтон, уый мыййаг нӕ фӕзынди, Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахадмӕ цы зӕрдӕ дарын, ууыл? Цымӕ адӕм цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй кӕй тӕрсын, уый мӕ, мыййаг, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн хъыгдары? (Раргомад 2:2–4).
12. Аггейы 1:6, 9 иудейты уавӕры тыххӕй цы фыст ис?
12 Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕйы арфӕйӕ ӕнӕхай фӕуӕм, йӕ ном кадджын кӕнынмӕ йын куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый тыххӕй. Аггейы 1:9 куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ уацарӕй ӕрыздӕхӕг иудейтӕ райдианы кувӕндон аразынмӕ цы хорз зӕрдӕйы уагимӕ бавнӕлдтой, уый сын фӕстӕдӕр ӕрбайсӕфт. Мах кӕсӕм: «Алчидӕр уӕ йӕхи хӕдзары мӕт кӕны». Адӕм сӕ царды сагъӕстыл фесты. Фӕлӕ уӕддӕр «исгӕ ницы кодтой», ома сын хӕринаг, нуӕзт ӕмӕ хъарм дарӕс фаг нӕ уыд (Аггей 1:6). Иегъовӕ сын нал арфӕ кодта. Уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
13, 14. Аггейы 1:6, 9 цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?
13 Куыд дӕм кӕсы, цӕмӕй нӕ фидӕны дӕр Иегъовӕйы арфӕ уа, уый тыххӕй нын царды йӕ хъуыддагӕй ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа? Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй нын царды фыццаг бынаты ма уой не ’нӕниздзинад, уӕлдӕр ахуырад райсын, цӕмӕй царды нӕ къухы исты бафта кӕнӕ нӕ курдиӕттӕ фӕхуыздӕр кӕныны мӕт.
14 Ацы хъуыддӕгты ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ дӕм афтӕ нӕ кӕсы, ӕмӕ ӕнусон цардимӕ абаргӕйӕ «мард хъуыддӕгтӕ» сты? (Дзуттытӕм 9:14). Куыд ӕмбаргӕ у уый? Уыдон нӕ уырнындзинадӕн ницы ӕххуыс сты – сты афтид ӕмӕ ӕнӕпайда. Кӕд исчи ахӕм «мард хъуыддӕгты» аныгъуылд, уӕд ӕнӕмӕнг Иегъовӕйӕ адард уыдзӕн. Апостолты рӕстӕг дӕр иуӕй-иу сӕрст чырыстӕттыл ахӕм хабар ӕрцыд (Филиппӕгтӕм 3:17–19). Афтӕ рауайы хъуыддаг мах рӕстӕг дӕр иуӕй-иутимӕ. Ӕвӕццӕгӕн, нӕхӕдӕг дӕр зонӕм, чырыстон хъуыддӕгтӕ сындӕггай рохуаты кӕмӕй аззадысты ӕмӕ ӕмбырд чи ныууагъта, ахӕмты. Нырма дӕр сӕм Иегъовӕмӕ раздӕхӕны фӕнд нӕй. Ныфс нӕ ис, ахӕм адӕм фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты Иегъовӕмӕ. Фӕлӕ бӕлвырд у: «мард хъуыддӕгтӕм» чи тырны, уыдон Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты. Дӕхӕдӕг дӕр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, ахӕм адӕм цы кӕуинаг уавӕрмӕ ӕрцӕуынц – Хуыцау цы циндзинад ӕмӕ фарн дӕтты, уыдон фесафынц. Стӕй ма ахъуыды кӕн, нӕ чырыстон ӕфсымӕрты уарзондзинадӕй сӕхи ӕнӕхай кӕй фӕкӕнынц, ууыл дӕр (Галатӕгтӕм 1:6; 5:7, 13, 22–24).
15. Нӕ лӕггад куыд ахсджиаг у, уый Аггейы 2:14 куыд зыны?
15 Ацы хабар куыд ахсджиаг у, уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм Аггейы 2:14 ныхӕстӕм. Ам уынӕм, Иегъовӕ цы цӕстӕй каст, йӕ хӕдзары арӕзтад ын чи ныууагъта ӕмӕ йӕхи хӕдзары кой кӕнын чи райдыдта, уыцы иудейтӕм. «Ахӕмтӕ сты ацы адӕм, мӕ разы чи ис, уыцы адӕмыхатт,– дзуры Иегъовӕ,– ӕмӕ ахӕм у сӕ къухты фӕллой ӕмӕ уырдӕм цыдӕриддӕр ӕрбахӕссынц, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ сты чъизи». Дзуттӕгтӕ раст динмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кастысты, уымӕ гӕсгӕ, рӕстӕгмӕ цы нывондхӕссӕн сарӕзтой, ууыл цы нывӕндтӕ хастой, уыдон Иегъовӕ нӕ иста (Ездрӕ 3:3).
Иегъовӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕххуыс кӕндзӕн
16. Захари цӕстылуайӕнты цы федта, уый иудейтӕн цавӕр ныфс лӕвӕрдта?
16 Пехуымпар Захари цы аст цӕстылуайӕны федта, уыдоны руаджы Иегъовӕ ныфс бавӕрдта, кувӕндон чи арӕзта, уыцы коммӕгӕс иудейтӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй. Фыццаг цӕстылуайӕнӕй бӕрӕг уыд, кувӕндон арӕзт кӕй фӕуыдзӕн ӕмӕ Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы кӕй уыдзӕн бӕркад, кӕд иудейтӕ кувӕндоны куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕной, уӕд (Захари 1:8–17). Дыккаг цӕстылуайӕны та ӕвдыст уыд, раст дины ныхмӕ цы хицауӕдтӕ цыдысты, уыдоны кӕрон (Захари 1:18–21). Иннӕ цӕстылуайӕнтӕ та иудейты ныфс бауагътой, кувӕндон аразгӕйӕ сӕ Иегъовӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ уыцы кувӕндонмӕ алы рӕттӕй бирӕ адӕмтӕ кӕй цӕудзысты. Ӕвдыст ма дзы у: уыдзӕн ӕцӕг фарн ӕмӕ ӕдасдзинад, Хуыцауы хъуыддагӕн цӕлхдур цы у, уый ӕмӕ фыддзинад фесӕфдзысты, зӕдтӕ разамынд дӕтдзысты ӕмӕ хъахъхъӕндзысты (Захари 2:5, 11; 3:10; 4:7; 5:6–11; 6:1–8). Иегъовӕ сын йе ’ххуысӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ коммӕгӕс иудейтӕ сӕ цард фӕивтой, ӕмӕ сӕ уацарӕй цы хъуыддагӕн ссӕрибар кодта, уый аразынмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой.
17. Цы ныфс нӕ ис ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ бафӕрсӕм?
17 Раст дин ӕппынфӕстаг кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый нӕ разӕнгард кӕны
Иегъовӕйы «кувӕндоны» зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынмӕ. Нӕхи ма бафӕрсӕм: кӕд мӕ уырны, ӕмӕ ныр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны рӕстӕг у, уӕд мӕ цард ӕмӕ мӕ фӕндтӕй уый бӕрӕг у? Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон ахсджиагыл кӕй нымайын, уымӕ гӕсгӕ сӕ ахуыр кӕнынӕн фаг рӕстӕг арын, ӕмӕ ме ’мчырыстӕттимӕ ӕмӕ уацамынды кӕуыл ӕмбӕлын, уыдонимӕ сыл фӕныхас кӕнын?18. Захарийы 14 сӕрмӕ гӕсгӕ фидӕны цы уыдзӕн?
18 Захари ма дзуры, Стыр Вавилон пырх куы ӕрцӕуа, уый фӕстӕ кӕй уыдзӕн Армагеддон. Мах кӕсӕм: «Уыцы бон уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ кӕй зоны, иунӕг ахӕм бон. Уый нӕдӕр бон уыдзӕн, нӕдӕр ӕхсӕв; изӕрыгон хъуамӕ суа рухс». О, Иегъовӕйы бон, Армагеддоны, йе знӕгтӕн зӕххыл уыдзӕн талынг ӕмӕ уазал рӕстӕг! Фӕлӕ уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн уыдзӕн рухс ӕмӕ арфӕдзинады бон. Захари ма дзуры, зӕгъгӕ, ног дунейы алчи ӕмӕ алцы хъусын кӕндзӕн, Иегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у. Зӕххыл уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу дин – лӕггад кӕндзысты Хуыцауы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны (Захари 14:7, 16–19). Диссаджы зӕрдӕвӕрд! Мах фендзыстӕм, пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст уыдзысты ӕмӕ куыд сбӕлвырд уыдзӕн, Дун-дунейы иунӕг хицау Иегъовӕ кӕй у, уый. Цӕй диссаг уыдзӕн уыцы бон, Иегъовӕйы бон!
Ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ
19, 20. Захарийы 14:8, 9 нӕ ныфс цӕмӕн уадзынц?
19 Уыцы диссаджы хабӕрттӕ куы сӕххӕст уой, уый фӕстӕ Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕнӕбын арфмӕ (Раргомад 20:1–3, 7). Ӕмӕ уӕд Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг адӕм арфӕгонд цӕудзысты. Захарийы 14:8, 9 фыст ис: «Уый уыдзӕн уыцы бон, Иерусалимӕй царды дӕттӕ куы цӕуой, се ’мбис скӕсӕйнаг денджызмӕ ӕмӕ иннӕ ’мбис та ныгуылӕйнаг денджызмӕ. Афтӕ уыдзӕн сӕрдӕй-зымӕгӕй. Ӕмӕ Иегъовӕ суыдзӕн ӕгас зӕххы паддзах. Уыцы бон уыдзӕни иунӕг Иегъовӕ ӕмӕ иунӕг йӕ ном».
20 «Царды дӕттӕ» кӕнӕ «царддӕттӕг цӕугӕдон» ӕвдисынц, Иегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой, уый, ӕмӕ уыцы дӕттӕ ӕдзухдӕр кӕлдзысты Мессийӕйы Паддзахадӕй (Раргомад 22:1, 2). Армагеддоны чи аирвӕздзӕн, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ссӕрибар уыдзысты мӕлӕтӕй – Адамы аххосӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уымӕй. Суанг ма мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты. Уӕд зӕххыл ралӕудзӕн Иегъовӕйы хицаудзинады ног дуг. Зӕххыл чидӕриддӕр цӕра, уыдон базондзысты, Иегъовӕ кӕй у Дунедарӕг ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй хъӕуы лӕггад кӕнын.
21. Фидарӕй цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм?
21 Мах ӕркастыстӕм, Аггей ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уымӕ ӕмӕ уынӕм: дарддӕр нӕ хъӕуы, Хуыцау нын йӕ «кувӕндоны» зӕххон кӕрты цы куыст бахӕс кодта, уый аразын. Цалынмӕ раст дин Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ къахыл не слӕууа, уӕдмӕ не ’ппӕтӕн дӕр царды иууыл ахсджиагдӕр хъуамӕ уой Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ. Захарийы 8:9 нӕ разӕнгард кӕны: «Фидар ут, абон пехуымпарты дзыхӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдон».
Бахъуыды кодтай?
• Аггей ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕгмӕ дӕр куыд хауынц?
• Царды ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа, уый тыххӕй Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕй зондӕн райсӕн цы ис?
• Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕй цы равзӕрстам, уый нын куыд ӕххуыс кӕны фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 15 фарсыл]
Царды мӕт дӕ йӕ фӕдыл нӕ асайдта?