Цы хъӕуы, цӕмӕй бинонтӕ кӕрӕдзи ӕмбарой
Цы хъӕуы, цӕмӕй бинонтӕ кӕрӕдзи ӕмбарой
«АФТӔ хъуамӕ ма загътаин. Цы зӕгъын мӕ фӕндыд, уый бӕлвырд нӕ бамбарын кодтон». Дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕнгӕйӕ искуы афтӕ хъуыды кодтай? Ныхас кӕнын дӕр хъӕуы ахуыр кӕнын. Ӕндӕр хъуыддӕгты куыд у, афтӕ ныхас кӕнын дӕр иуӕй-иутӕн зын нӕ вӕййы, фӕлӕ иннӕты та ууыл бафыдӕбон кӕнын фӕхъӕуы. Кӕд дӕуӕн дӕр уый зын хъуыддаг у, уӕддӕр дӕ бон у ӕмӕ сахуыр уай дӕ хъуыдытӕ уӕзданӕй ӕмбарын кӕнын, цӕмӕй дӕ ныхас ахада.
Адӕймаг йӕ цардӕмбалимӕ куыд ныхас кӕны, ууыл иуӕй-иу хатт фӕзыны, цӕуыл ахуыр у ӕмӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст у, уый. Нӕлгоймагӕн гӕнӕн ис дзурой, зӕгъгӕ, Иаковы 1:19, 20). Фӕлӕ ацы уынаффӕ хауы нӕлгоймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕм дӕр, ӕмӕ ӕвдисы, ныхас кӕнын ӕнӕуи дзурын кӕй нӕу. Дыууӕ адӕймагӕн сӕ бон у, ӕмӕ бирӕ рӕстӕг ныхас кӕной, фӕлӕ кӕрӕдзимӕ ма хъусой. Ӕвӕццӕгӕн, уый ӕцӕг ныхасыл банымайӕн нӕй. Уӕлдӕр стихы куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй зӕрдӕбын ныхасы сӕйрагдӕр у кӕрӕдзимӕ хъусын.
«лӕг хъуамӕ дзураг ма уа». Дзураг лӕджы фӕнымайынц рӕузонд ӕмӕ цӕстмӕхъусыл. Ӕцӕгдӕр, Библийы дзырдӕуы: «Алкӕцы адӕймаг уӕд рӕвдз хъусынмӕ, сындӕг ныхӕстӕм, сындӕг мӕсты кӕнынмӕ» (Ӕнӕдзургӕйӕ ныхас кӕнын
Иуӕй-иу адӕмтӕм, сылгоймаг цы хъуыды кӕны, уый ӕргом нӕ фӕдзуры, нӕлгоймӕгтӕ та куыдфӕндыйы цӕстӕй фӕкӕсынц бинонты хъуыддӕгтӕм. Ахӕм уавӕрты лӕг ӕмӕ ус нӕ фӕзонынц, йӕ цардӕмбалы цы фӕнды ӕмӕ йӕ цы хъӕуы, уый. Иуӕй-иу сылгоймӕгтӕ сахуыр вӕййынц цӕстӕнгасӕй дӕр базонын, йӕ лӕджы цы хъӕуы, уый ӕмӕ йӕ уайтагъд саразынц. Афтӕмӕй лӕг ӕмӕ ус ӕнӕдзургӕйӕ ныхас кӕнын сахуыр вӕййынц. Фӕлӕ ахӕм уавӕры ныхас кӕны, ома иннӕйы ӕмбары бинонтӕй ӕрмӕст иу. Фылдӕр хатт сылгоймаг фӕархайы йӕ лӕджы бамбарыныл, фӕлӕ лӕгмӕ уыцы зондахаст нӕ вӕййы.
Ӕцӕг иуӕй-иу адӕмтӕм нӕлгоймаг хорз фембары, сылгоймаджы цы хъӕуы, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕархайы. Фӕлӕ уыдонӕн дӕр ахъаз уыдзӕн, ноджы зӕрдӕбындӕр ныхас кӕныныл ахуыр кӕнын.
Ныхас кӕнын ахсджиаг у
Ӕргом ныхас ӕххуыс кӕны кӕрӕдзи ӕмбарынӕн. Рагон израилӕгтыл ӕрцыд ахӕм хабар: Рувимы ӕмӕ Гады мыггӕгтӕ, стӕй Манасийы мыггаджы ӕрдӕг, Иорданы цӕугӕдоны скӕсӕнырдыгӕй чи цард, уыдон, «стыр нывондхӕссӕн арӕзтой» Иорданы был. Иннӕ мыггӕгтӕ сӕ раст нӕ бамбӕрстой. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Иорданы иннӕ фарс се ’фсымӕртӕ Иегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕхи сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ схӕцыны размӕ, скӕсӕны цы мыггӕгтӕ цард, уыдонмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой. Цӕй зондджын ми бакодтой! Уыдон бамбӕрстой, нывондхӕссӕн Иегъовӕйы закъоны ныхмӕ кӕй нӕ уыд, фӕлӕ скӕсӕны цӕрӕг мыггӕгтӕ кӕй тарстысты, фидӕны сын иннӕ мыггӕгтӕ куы зӕгъой: «Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн уын хай нӕй». Нывондхӕссӕн сын ӕвдисӕн уыд, уыдон дӕр Иегъовӕйӕн кӕй кувынц (Йесо Навин 22:10–29). Уыцы нывондхӕссӕн схуыдтой «Ӕвдисӕн», ӕвӕццӕгӕн уымӕн, цӕмӕй сын ӕвдисӕн уыдаид, уыдонӕн дӕр Иегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у (Йесо Навин 22:34).
Уыцы мыггӕгты ныхӕстӕ сӕм ӕууӕнчы аккаг фӕкастысты ӕмӕ сӕ фӕнд фӕивтой – сӕ ныхмӕ нал рацыдысты. О, ӕргом ӕмӕ сӕ зӕрдӕбын ныхас тугкалдӕй бахызта. Фӕстӕдӕр Израил Иегъовӕ Хуыцауы, фӕсномыгӕй сӕ сӕрыхицау чи уыд, уый ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд сын загъта, зӕгъгӕ, фӕлмӕнӕй «сӕ зӕрдӕтӕм дзурдзынӕн» (Оси 2:14). Диссаджы цӕвиттон бинонджынтӕн! Цардӕмбалы зӕрдӕ ссарынӕн хъӕуы фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ бамбара. Уый тынг ахсджиаг у, уӕлдайдӕр зын уавӕрты. «Чи зоны исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, ныхас та цы у, фӕлӕ ныхасӕн стыр аргъ ис. Гӕнӕн ис, кӕмӕндӕр зын уа йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын, фӕлӕ уый цы пайда ӕрхӕссы, уый бирӕ зынаргъдӕр у банчы ӕвӕрд ӕхцайӕ»,– загъта Патти Михалик (Иугонд Штатты журналист).
Ныхас кӕнын ӕмӕ хъусын ахуыр кӕн
«Райдианӕй дӕр нӕ цард нӕ ацыд»,– чи зоны зӕгъа исчи. «Ацы бинонтӕ иумӕ нӕ фӕцӕрдзысты»,– зӕгъдзысты ӕндӕртӕ. Уыдонмӕ гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ сӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бады ӕмӕ ницыуал фӕивӕн ис. Цы зӕгъӕн ис, дыууӕ адӕймаджы хӕстӕджыты фӕндӕй кӕм баиу вӕййынц,
ахӕм бӕстӕйы чи цӕры, уыдоны тыххӕй та? Ахӕм ӕгъдӕуттыл хӕст адӕмтӕм дӕр бирӕ бинонтӕ кӕрӕдзи фембарынц.Иухатт Скӕсӕн бӕстӕтӕй иуы иу къайы баиу кодтой сӕ хӕстӕджытӕ. Лӕггадгӕнӕгӕн бахӕс кодтой дард ранмӕ фӕцӕуын ӕмӕ иу нӕлгоймагӕн цардӕмбал ссарын. Уыцы лӕг ӕмӕ ус цардысты 4 000 азы размӕ ӕмӕ тынг арӕхстысты зӕрдӕбын, ӕргом ныхас кӕнынмӕ. Лӕггадгӕнӕг ӕмӕ чындзаг куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сыл усгур, Исахъ, сӕмбӕлд быдыры. Лӕггадгӕнӕг «Исахъӕн радзырдтӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта», уый. Уыцы къайы тыххӕй Библийы дарддӕр дзырдӕуы: «Уый фӕстӕ Исахъ [Ревеккӕйы] ӕрбакодта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ [уый уыд фидыдыл дзурӕг]. Афтӕ ракуырдта Ревеккӕйы ӕмӕ йӕ цардӕмбал сси; ӕмӕ йӕ бауарзта» (Уӕвынад 24:62–67).
Бафиппаинаг у, Исахъ Ревеккӕйы тыххӕй фыццаг хъусгӕ кӕй фӕкодта ӕмӕ йӕ кургӕ та «уый фӕстӕ» кӕй ракодта. Ревеккӕйы йын бацамыдта ӕууӕнкджын лӕггадгӕнӕг – уый дӕр Исахъау иузӕрдион уыд Иегъовӕ Хуыцауыл. Уымӕ гӕсгӕ Исахъӕн йӕ бон уыд уыцы лӕгыл ӕууӕндын. Уый фӕстӕ Исахъ «бауарзта» Ревеккӕйы.
Цымӕ Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ сахуыр сты кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕнын? Сӕ фырт Исав хетты чызджытӕй дыууӕйы куы ракуырдта, уый фӕстӕ бинонтӕ мӕстытӕ ӕвзарын райдыдтой. Ӕмӕ уӕд Ревеккӕ Исахъӕн загъта: «Иаков дӕр ма йӕхицӕн Хетты чызджытӕй ус куы ’ркӕна... уӕд ма мӕ цард цы у?» (Уӕвынад 26:34; 27:46). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Ревеккӕ ӕргом ныхас кодта.
Исахъ Иаковӕн, Исавы фаззонӕн, загъта, цӕмӕй ханаайнаг чызджытӕй макӕй ракура (Уӕвынад 28:1, 2). Уый фӕдыл Ревеккӕ дӕр йӕ хъуыды загъта. Уыцы лӕг ӕмӕ усы цы тыхсын кодта, ууыл ӕргом куыд ныхас кодтой, уый абон махӕн дӕр у фӕзминаг. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл куы нӕ бада, уӕд сын цы кӕнгӕ у?
Иу хъуыдыйыл хӕст куы нӕ уат
Кӕд уӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бады, уӕд мадзуратӕ кӕнын ницы пайда уыдзӕн. Науӕд афтӕ уайы: дӕхӕдӕг ӕнамонд дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ цардӕмбал дӕр ӕнамонд уа. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ цардӕмбал ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, дӕу цы фӕнды ӕмӕ цы ӕнкъарыс, уый.
Ӕвӕццӕгӕн уӕ хъӕуы ӕргом ныхас кӕнын. Дӕ цардӕмбал цӕуылдӕр мӕсты куы уа, уӕд ӕнцон нӕу, цӕмӕй ды дӕр сабыр уай. Иу хатт Исахъы ныййарджытӕ Авраам ӕмӕ Саррӕ дӕр ахӕм уавӕры уыдысты. Саррӕйӕн зӕнӕг кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй, уӕды рӕстӕджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, йӕ лӕгӕн йӕ лӕггадгӕнӕг чызг Агары радта, цӕмӕй йын сывӕллон ныййара. Ӕмӕ Агар Авраамӕн ныййардта лӕппу, Измаил. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Саррӕ йӕхӕдӕг басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, Исахъ. Исахъ ма гыццыл уыд, Саррӕ куы бафиппайдта, Измаил дзы кӕй хынджылӕг кӕны, уый. Саррӕ ӕмбӕрста, йӕ лӕппуйӕн тӕссаг кӕй у ӕмӕ Авраамӕн дзырдта, цӕмӕй лӕггадгӕнӕг чызг ӕмӕ Измаилы атӕра. О, Саррӕ ӕргом дзырдта, цы йӕ тыхсын кодта, ууыл. Фӕлӕ Авраамӕн йӕ курдиат сӕххӕст кӕнын тынг зын уыди.
Куыд аскъуыддзаг кодтой уыцы зын хъуыддаг? Библийы кӕсӕм: «Хуыцау Авраамӕн загъта: „Ма маст кӕн, Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ лӕггадгӕнӕг чызджы тыххӕй цы загъта, ууыл. Байхъус ӕм, уымӕн ӕмӕ Исахъӕй рацӕудзӕн, дӕ мыггаг кӕй схондзысты, уый“». Ӕмӕ Авраам дӕр байхъуыста Иегъовӕ Хуыцауы ныхасмӕ (Уӕвынад 16:1–4; 21:1–14).
«Цы кӕнын дӕ хъӕуы, уый дын Хуыцау уӕлӕрвтӕй куы дзура, уӕд ӕнцон цӕрын у!»– чи зоны зӕгъай ды. Уый та нын у ноджы иу мадзал, цӕмӕй кӕрӕдзи ӕмбарӕм. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон у Хуыцауы хъусын. Куыд? Иумӕ Хуыцауы Ныхас куы кӕсой ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый Хуыцауы разамындыл куы нымайой ӕмӕ уымӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).
гӕсгӕ куы архайой (Иу фӕлтӕрд чырыстон сылгоймаг загъта: «Ӕрыгон сылгоймаг мӕм йӕ бинонты царды тыххӕй уынаффӕ агурӕг куы ӕрбацӕуы, уӕд ӕй бафӕрсын, йӕ сӕрыхицауимӕ иумӕ Библи фӕкӕсы, ӕви нӕ. Бинонты царды зындзинӕдтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр Библи иумӕ нӕ кӕсынц» (Титмӕ 2:3–5). Ацы сылгоймаг цы загъта, уый не ’ппӕтӕн дӕр ахъаз уыдзӕн. Ӕдзухдӕр дӕ цардӕмбалимӕ иумӕ кӕс Хуыцауы Ныхас. Афтӕмӕй «хъусдзынӕ» Хуыцау дын цы дзуры, алы бон дӕр дӕ дӕхи дарын куыд хъӕуы, уый (Исай 30:21). Ӕцӕг лӕмбынӕг у: Библийӕ ехсы хуызӕн ма пайда кӕн – дӕ цардӕмбал цыдӕр раст кӕй нӕ кӕны, уый тыххӕй йын ӕппынӕдзух Библийы стихтӕм ма амон. Уый бӕсты ахъуыды кӕн, уӕ дыууӕйӕн дӕр уӕ бон куыд у, цы бакӕсут, уымӕ гӕсгӕ архайын.
Кӕд дын кӕцыдӕр хъуыддагыл ныхас кӕнын зын у, уӕд хорз уаид, уыцы фарстайы фӕдыл «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕны» * ӕрмӕг бацагурын. Зӕгъӕм, дӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕй кӕсыс, уый аххосӕй дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи нал ӕмбарут. Дӕ цардӕмбал цы хъуамӕ араза ӕмӕ цы хъуамӕ ма кӕна, ууыл быцӕу кӕныны бӕсты, хуыздӕр нӕ уаид сбадын ӕмӕ «Амонӕны» уыцы фарст иумӕ раиртасын? Фыццаг уал ссар сӕргонд «Ныййарджытӕ», зӕгъгӕ. Дӕ бон у ӕркӕсын дӕлсӕргӕндтӕм, зӕгъӕм, «ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсын». Стӕй уый фӕдыл Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд статьятӕ иумӕ равзарут. Ӕнхъӕл куыд нӕ уат, афтӕ уын фӕахъаз уыдзӕн, сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕн чи баххуыс кодта, Библийы бындурыл фыст чи ӕрцыд, ахӕм ӕрмӕг.
Уыцы ӕрмӕг иумӕ куы иртасат, уӕд уын баххуыс кӕндзӕн уӕ зын уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсынӕн. Фыстады стихты руаджы бамбардзынӕ, уыцы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый. Библийы сӕ иумӕ агурут ӕмӕ сӕ кӕсут. Афтӕмӕй «хъусдзыстут», Хуыцау уын уӕ зындзинады тыххӕй цы зӕгъы, уый.
Ӕргом ныхас кӕныныл архай
Искуы архайдтай, бирӕ рӕстӕг кӕмӕй нӕ пайда кодтой, уыцы дуар бакӕныныл? Ныхъхъинц кӕны ӕмӕ дуары згӕ ӕвдузӕнтӕ сындӕггай байгом вӕййынц. Фӕлӕ дуар арӕх куы гом кӕнӕм ӕмӕ йын йе ’вдузӕнтӕ куы байсӕрдӕм, уӕд та? Уӕд ӕнцонтӕй гом кӕндзӕн. Уый зӕгъӕн ис ӕргом ныхасы дуарӕй дӕр. Кӕд арӕх ӕргом ныхас кӕныс ӕмӕ уыцы дуары ӕвдузӕнтӕ чырыстон уарзондзинадӕй сӕрдыс, уӕд дын тынг ӕнцон уыдзӕн дӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын, суанг цыдӕр хъуыддаджы кӕрӕдзи куы не ’мбарат, уӕд дӕр.
Уӕдӕ ма фӕстиат кӕн. Чи зоны дӕ райдианы ӕргом ныхас кӕнынӕн бирӕ хъарутӕ бахъӕуа, фӕлӕ уӕддӕр архай. Уӕд уӕ бон уыдзӕн кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарын ӕмӕ зӕрдӕбын ныхас кӕнын.
[Фиппаинаг]
^ 22 абз. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Ныв 7 фарсыл]
Уӕ ныхас кӕрӕдзиуыл куы нӕ фӕбады, уӕд Хуыцауы разамынд фӕагурут?