Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕз уемӕ дӕн»

«Ӕз уемӕ дӕн»

«Ӕз уемӕ дӕн»

«Иегъовӕйы минӕвар ацыд, цӕмӕй зӕгъа адӕмӕн: ...„Ӕз уемӕ дӕн“,– дзуры Иегъовӕ» (АГГЕЙ 1:13).

1. Йесо нӕ рӕстӕгмӕ цавӕр пехуымпарад ахаста?

МАХ цӕрӕм тынг ахсджиаг рӕстӕджы. Библийы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй бӕрӕг у, 1914 азӕй мах кӕй цӕрӕм «Хицауы бон» (Раргомад 1:10, НД). Ӕвӕццӕгӕн, ацы пехуымпарадимӕ хорз зонгӕ дӕ. Уӕд зондзынӕ, Йесо Чырысти «Адӕймаджы Фырты бонтӕ», ома уӕларвон Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уыцы рӕстӕг, кӕй абарста Ной ӕмӕ Лоты бонтимӕ (Лукайы 17:26, 28). Афтӕмӕй Библи ӕвдисы, сӕ заманты цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон мах рӕстӕгмӕ дӕр кӕй хауынц. Фӕлӕ ма ис, нӕ рӕстӕгмӕ чи хауы, ӕндӕр ахӕм ахсджиаг пехуымпарад дӕр.

2. Иегъовӕ Аггей ӕмӕ Захарийӕн цы бахӕс кодта?

2 Ӕркӕсӕм дзуттаг пехуымпартӕ Аггей ӕмӕ Захарийы рӕстӕджы хабӕрттӕм. Цавӕр хабар дзырдтой ацы дыууӕ иузӕрдион пехуымпары ӕмӕ уый абон Иегъовӕйы адӕммӕ куыд хауы? Аггей ӕмӕ Захари уыдысты «Иегъовӕйы минӕвӕрттӕ». Вавилоны уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтӕн хъуамӕ ныфс ӕвӕрдтаиккой, Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн йӕ кувӕндон аразыны хъуыддаджы (Аггей 1:13; Захари 4:8, 9). Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕ кӕд стыр не сты, уӕддӕр нымад сты Библийы хайыл, «Ӕппӕт Фыст [та] у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Нӕ хъус хъуамӕ дарӕм Аггей ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕм

3, 4. Аггей ӕмӕ Захари цы хабӕрттӕ хъусын кодтой, уыдон нын цымыдисаг цӕмӕн хъуамӕ уой?

3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Аггей ӕмӕ Захари цы хабӕрттӕ хъусын кодтой, уыдон тынг ахъаз уыдысты сӕ рӕстӕджы цӕрӕг иудейтӕн. Сӕ пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ацы дыууӕ чиныджы цы фыст ис, уый абон махмӕ дӕр кӕй хауы? Дзуапп ссарӕн ис Дзуттытӕм 12:26–29. Апостол Павел афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау «банкъуысын кӕндзӕн ӕрмӕст зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр», уӕд ӕрхаста Аггейы 2:6 ныхӕстӕ. Иегъовӕ сӕ кӕй банкъуысын кӕндзӕн, уый руаджы ӕппынфӕстаг «аппардзӕн паддзахӕдты паддзахбадӕн ӕмӕ басӕтдзӕн адӕмты паддзахӕдты хъару» (Аггей 2:22).

4 Аггейы пехуымпарады тыххӕй дзургӕйӕ, Павел ӕвдисы, адӕмты паддзахӕдтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕмӕ дзуры, сӕрст чырыстӕттӕ цы Паддзахад райсдзысты, уый сӕ цас хуыздӕр у, уый тыххӕй (Дзуттытӕм 12:28). Павелы ныхӕстӕй куыд уынӕм, афтӕмӕй Аггей ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой фӕстӕдӕр, бӕлвырддӕр та Дзуттытӕм чиныг фыст куы ’рцыд, уӕд – нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы. Абон дӕр ма сӕрст чырыстӕттӕй, Мессийӕйы Паддзахады Йесоимӕ ӕмбындартӕ чи сты, уыдонӕй ма зӕххыл цӕры. Уӕдӕ уынӕм: Аггей ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕгмӕ дӕр хауынц.

5, 6. Цалынмӕ Аггей ӕмӕ Захари лӕггад кӕнын нӕ райдыдтой, уӕдмӕ цавӕр хабӕрттӕ ’рцыд?

5 Библийы Ездрӕйы чиныджы кӕсӕм, Аггей ӕмӕ Захари лӕггад кӕнын куы нӕма райдыдтой, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Н. э. размӕ 537 азы иудейтӕ Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд иу аз фӕстӕдӕр, н. э. размӕ 536 азы, разамонӕг Зоровавел ӕмӕ хистӕр сауджын Йесо разамынд лӕвӕрдтой ног кувӕндоны бындур аразынӕн (Ездрӕ 3:8–13; 5:1). Адӕмӕн уый уыди стыр цины хос, фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр иудейты тас бацыди. Ездрӕйы 4:4 кӕсӕм, зӕгъгӕ, знӕгтӕ, «уыцы бӕстӕйы адӕм Иудӕйы адӕмӕн се ’онг мардтой ӕмӕ сӕ зӕрдӕсаст кодтой, цӕмӕй мауал арӕзтаиккой». Уыцы знӕгтӕ, уӕлдай дӕр та самариӕгтӕ, иудейтӕй мӕнг ныхӕстӕ кодтой. Ныхмӕлӕуджыты ардыдӕй Персы паддзах кувӕндон аразыны куыст ӕрлӕууын кодта (Ездрӕ 4:10–21).

6 Иудейтӕ фыццаг цы зӕрдӕйы уагимӕ райдыдтой кусын, уый бамынӕг. Алчи сӕ йӕ царды хабӕрттӕ кӕнын райдыдта. Фӕлӕ н. э. размӕ 520 азы – кувӕндонӕн бындур ӕвӕрд куы ӕрцыд, уымӕй 16 азы фӕстӕ – Иегъовӕ Аггей ӕмӕ Захарийӕн бахӕс кодта адӕмы сразӕнгард кӕнын ногӕй кувӕндон аразынмӕ (Аггей 1:1; Захари 1:1). Хуыцауы пехуымпартӕ сӕ кӕй фидар кодтой ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы ӕххуыс кӕй уыд, уый фӕрцы та иудейтӕ архайын райдыдтой ӕмӕ куыст фесты н. э. размӕ 515 азы (Ездрӕ 6:14, 15).

7. Аггей ӕмӕ Захарийы бонты цы уавӕр уыд, уымӕн мах рӕстӕгимӕ иумӕйагӕй цы ис?

7 Зоныс, ацы хабӕрттӕ махмӕ куыд хауынц, уый? Мах хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар (Матфейы 24:14). Уыцы куыстмӕ уӕлдай тынгдӕр сӕ хъарутӕ радтой Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ. Раджы заманы иудейтӕ Вавилоны уацарӕй куыд фервӕзтысты, афтӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Иегъовӕйы адӕм ссӕрибар сты Стыр Вавилонӕй, мӕнг дины уацарӕй. Хуыцауы сӕрст чырыстӕттӕ райдыдтой хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ раст динмӕ ӕрбакӕной. Уыцы куыст ныр дӕр ӕххӕст кӕнынц, фӕлӕ ноджы фылдӕр бӕстӕты ӕмӕ чи зоны ды дӕр ацы куыст кӕныс. Абон хъусын кӕнын уӕлдай ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ ацы дуне тагъд фесӕфдзӕн! Хуыцау нын нӕ бӕрны цы куыст бакодта, уый хъуамӕ ма ӕрлӕууа, цалынмӕ Иегъовӕ «стыр бӕллӕхы» адӕмы хъуыддӕгтӕм не ’ркӕса, уӕдмӕ (Матфейы 24:21). Уый руаджы фыддзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр раст дин сфидар уыдзӕн.

8. Уацамынды хъуыддагӕн Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕны, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

8 Аггей ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй нын Иегъовӕ ӕххуыс ӕмӕ арфӕ кӕндзӕн, цалынмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм, уӕдмӕ. Кӕд иуӕй-иутӕ архайынц Хуыцауы лӕггадгӕнджыты хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕнӕ ныллӕууын кӕныныл, уӕддӕр иу хицауады бон дӕр нӕ бауыдзӕн уацамынды хъуыддаг бауромын. Диссаг куыннӕ у, Фыццаг дунеон хӕстӕй абоны онг парахатдӕр чи кӕны, уыцы уацамынды хъуыддагӕн Иегъовӕ куыд арфӕ кӕны, уый. Фӕлӕ ма нӕм уӕддӕр бирӕ куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

9. Цавӕр рагон хабармӕ нӕ хъӕуы нӕ хъус ӕрдарын ӕмӕ цӕмӕн?

9 Аггей ӕмӕ Захарийы чингуыты цы кӕсӕм, уый нӕ куыд разӕнгард кӕны, зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ? Равзарӕм, ацы дыууӕ чиныгӕй зондӕн райсӕн цы ис, уый. Ӕркӕсӕм, уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтӕ кувӕндон куы цалцӕг кодтой, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Куыд федтам, афтӕмӕй Вавилонӕй ӕрыздӕхӕг иудейтӕ кувӕндон зӕрдиагӕй нӕ арӕзтой. Бындур ын куы ӕрӕвӕрдтой, уымӕй цасдӕры фӕстӕ се уӕнг амард. Цавӕр рӕдыд зондыл ныххӕцыдысты иудейтӕ? Уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм

10. Иудейтӕ цавӕр рӕдыд зондыл ныххӕцыдысты ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

10 Уацарӕй ӕрыздӕхӕг иудейтӕ дзырдтой: «Афон нӕма у» (Аггей 1:2). Кувӕндон аразын куы райдыдтой ӕмӕ йын н. э. размӕ 536 азы бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд нӕ дзырдтой «афон нӕма у», зӕгъгӕ. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн ӕмӕ паддзахӕдӕн сӕхи бакъуылымпы кӕнын бауагътой. Иудейтӕ фылдӕр сӕхи мӕт кӕнын райдыдтой – сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ царды хабӕрттыл фесты. Иегъовӕ куы федта, йӕ адӕм фылдӕр сӕхи хӕдзӕрттыл кӕй систы,– хорз фӕйнӕгӕй фӕлындын сӕ райдыдтой, йӕ хӕдзар та йын ӕмбисарӕзтӕй ныууагътой,– уӕд загъта: «Цымӕ ныр уый рӕстӕг у, ӕмӕ фӕйнӕгӕй ӕмбӕрзт хӕдзӕртты цӕрат, ацы хӕдзар ӕдзӕллаг уавӕры куы ис, уӕд?» (Аггей 1:4).

11. Аггейы заман Иегъовӕ иудейтӕн уынаффӕ цӕмӕн радта?

11 Иудейтӕ, ахсджиагдӕр цы уыд, уый нал ӕмбӕрстой. Хуыцауы фӕнд, ома кувӕндон сцалцӕг кӕнын, фыццаг бынаты сӕвӕрыны бӕсты, сӕхи ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты мӕт кӕнын райдыдтой. Хуыцауы хӕдзары куыстытӕ сӕ айрох сты. Иегъовӕ Аггейы 1:5 дзуры: «Уӕ зӕрдӕ раздахут уӕ хъуыддӕгтӕм». Иегъовӕ сын дзырдта, цӕмӕй иугыццыл ӕрлӕууой ӕмӕ ахъуыды кӕной, кувӕндон аразын сӕ царды фыццаг бынаты кӕй нал ис, уый сыл куыд фӕзынд, ууыл.

12, 13. Аггейы 1:6 иудейты уавӕр куыд ӕвдисы ӕмӕ ацы стих куыд ӕмбаргӕ у?

12 Куыд зыны, афтӕмӕй иудейтӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты нал ӕвӕрдтой ӕмӕ сын уый хаста зиан. Дӕ хъус ма ӕрдар, Хуыцау уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕ. Аггейы 1:6 фыст ис: «Бирӕ таут, фӕлӕ дзы исгӕ ницы кӕнут. Хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут. Нуазут, фӕлӕ нӕ расыг кӕнут. Уӕхиуыл дзаумӕттӕ кӕнут, фӕлӕ уын хъарм нӕу. Куыстӕй уӕ уд скъуынут, фӕлӕ цыма уӕ фыдӕбон хуынкъ чыссӕйы ацӕуы, афтӕ вӕййы».

13 Кӕд иудейтӕ цардысты, Хуыцау сын кӕй радта, уыцы зӕххыл, уӕддӕр сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг тыллӕг нӕ истой. Иегъовӕ сӕ куыд фӕдзӕхста, афтӕ рауад – нал сын арфӕ кодта (Дыккаг закъон 28:38–48). Ӕнӕ йе ’ххуысӕй иудейтӕ сӕ зӕххытӕ куыстой, фӕлӕ истой мӕгуыр тыллӕг, хордтой, фӕлӕ не ’фсӕстысты. Хуыцауы арфӕ сӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй сын хъарм уӕлӕдарӕс дӕр нӕ фаг кодта. Суанг ма, цы мызд истой, уый дӕр-иу цыма хуынкъ чыссӕйы ацыд. Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ та: «Нуазут, фӕлӕ нӕ расыг кӕнут»? Уый афтӕ нӕу, ӕмӕ фыднозт чи кӕны, уый Хуыцауы арфӕйӕ хайджын у, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ фыднозты ныхмӕ у (1 Паддзахӕдты 25:36; Ӕмбисӕндтӕ 23:29–35). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иегъовӕ иудейтӕн кӕй нал арфӕ кодта. Цасфӕнды дӕр ма арӕзтаиккой сӕн, уӕддӕр сӕм уыйбӕрц никуы уыд, цӕмӕй дзы барасыг уыдаиккой. Иу тӕлмацы Аггейы 1:6 афтӕ у: «Нуазут, фӕлӕ зӕрдӕйы фаг нӕ».

14, 15. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Аггейы 1:6?

14 Ацы хабар нын зондзонӕн ӕрмӕст уымӕй нӕу, нӕ хӕдзӕрттӕ цыхуызӕн хъуамӕ уой. Иудейты уацармӕ куы нӕма акодтой, уымӕй бирӕ раздӕр, пехуымпар Амос Израилы хъӕздгуытӕн уайдзӕф кодта, «пылыстӕгӕй конд хӕдзӕртты» кӕй цардысты ӕмӕ «пылыстӕгӕй конд тъахтинтыл» кӕй хуыссыдысты, уый тыххӕй (Амос 3:15; 6:4). Сӕ хӕдзӕрттӕ афтӕ хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд кӕй фӕлыстой, хъуыддаг ӕрмӕст уый мидӕг нӕ уыд. Уыцы дзаумӕттӕ се знӕгтӕн баззадысты. Кӕд дзуттӕгтӕй бирӕтӕ 70 азы уацары фесты, уӕддӕр ницӕуыл сахуыр сты. Мах та ацы хабӕрттӕй истӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хорз уаид, алчидӕр нӕ йӕхи ӕргом куы бафӕрсид: «Цас рӕстӕг ӕмӕ хъару хардз кӕнын мӕ хадзар аив кӕныныл? Уӕлдӕр ахуырмӕ уый тыххӕй тырнын, ӕмӕ мын царды фылдӕр бантыса, кӕд мын ууыл бирӕ азтӕ ацӕудзӕн ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фӕсте баззайдзысты, уӕддӕр?» (Лукайы 12:20, 21; 1 Тимофеймӕ 6:17–19).

15 Аггейы 1:6 цы кӕсӕм, уый руаджы хъуамӕ бамбарӕм: царды нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Иегъовӕйы арфӕдзинад. Уыцы заманты Хуыцау иудейтӕн нӕ арфӕ кодта ӕмӕ хъизӕмар дӕр уымӕн кодтой. Уӕдӕ хъӕздыг стӕм ӕви нӕ, бӕлвырд у – Иегъовӕ нын куы нӕ арфӕ кӕна, уӕд уырнындзинадӕй уыдзыстӕм мӕгуыр (Матфейы 25:34–40; 2 Коринфӕгтӕм 9:8–12). Ӕмӕ уӕдӕ йӕ арфӕйӕ хайджын кӕд уыдзыстӕм?

Иегъовӕ нын ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг удӕй

16–18. Захарийы 4:6 цы фыст ис, уый иудейтӕн цӕуыл дзурӕг уыд?

16 Аггейы пехуымпар-ӕмбал Захари Хуыцауы фӕндӕй хъусын кодта, уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы иузӕрдион адӕмы Иегъовӕ куыд фидар кодта ӕмӕ сын куыд арфӕ кодта, уый тыххӕй. Ацы хабарӕй зыны, дӕуӕн дӕр Иегъовӕ куыд арфӕ кӕндзӕн, уый. Мах кӕсӕм: «„Ӕфсӕдтӕ ӕмӕ тыхы руаджы нӕ, фӕлӕ мӕ сыгъдӕг уды руаджы”,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ» (Захари 4:6). Ӕвӕццӕгӕн, ацы стих иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыстай, фӕлӕ Аггей ӕмӕ Захарийы рӕстӕг цы иудейтӕ цард, уыдонмӕ ацы ныхӕстӕ куыд хаудысты ӕмӕ дӕумӕ та куыд хауынц?

17 Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, уӕды рӕстӕг Аггей ӕмӕ Захарийы ныхӕстӕ Хуыцауы адӕмыл хорзырдӕм кӕй фӕзындысты, уый. Уыцы дыууӕ пехуымпары ныхӕстӕ иузӕрдион иудейты ногӕй ныфс бауагътой. Аггей райдыдта лӕггад кӕнын н. э. размӕ 520 азы ӕхсӕзӕм мӕйы, Захари та – уыцы аз ӕстӕм мӕйы (Захари 1:1). Аггейы 2:18 куыд уынӕм, афтӕмӕй кувӕндон аразынмӕ та зӕрдиагӕй бавнӕлдтой фарӕстӕм мӕйы. Уӕдӕ бӕрӕг у: иудейтӕ фӕстӕ нал фӕкодтой, Иегъовӕйы коммӕ бакастысты ӕмӕ йыл сӕхи бафӕдзӕхстой. Захарийы 4:6 зыны, Иегъовӕ йе ’ххуысы къух раттынмӕ цӕттӕ кӕй уыд.

18 Иудейтӕ н. э. размӕ 537 азы сӕ бӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕм ӕфсад нӕ уыд. Фӕлӕ Вавилонӕй куы цыдысты, уӕд сӕ Иегъовӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр та сын Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кодта, кувӕндон аразын куы райдыдтой, уӕд. Куыддӕр сӕ куыстмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой, афтӕ та сын Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кӕнын райдыдта.

19. Цавӕр стыр зындзинӕдтыл фӕуӕлахиз Хуыцауы сыгъдӕг уд?

19 Аст цӕстылуайӕны руаджы Иегъовӕ Захарийӕн ныфс бавӕрдта, кувӕндоны куыстытӕ кӕронмӕ чи ахӕццӕ кӕна, уыцы адӕмимӕ кӕй уыдзӕн. Захарийы чиныджы 3-аг сӕры цыппӕрӕм цӕстылуайӕны ӕвдыст у, Сайтан иудейты ныхмӕ куыд цыд, цӕмӕй кувӕндон арӕзт ма фӕуыдаид (Захари 3:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сайтанӕн ӕхсызгон нӕ уыд, хистӕр сауджын Йесо ног кувӕндоны адӕмы номӕй кӕй лӕггад кодта, уый. Кӕд Хӕйрӕг иудейты ныкъкъуылымпы кӕныныл архайдта, уӕддӕр Иегъовӕйы сыгъдӕг уд ӕххуыс кодта ӕппӕт цӕлхдуртӕ аиуварс кӕнынӕн ӕмӕ кувӕндоны куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн.

20. Иудейтӕн сыгъдӕг уд куыд баххуыс кодта Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын?

20 Афтӕ зынди, ӕмӕ хицӕуттӕ уыцы куыст ныкъкъуылымпы кодтой ӕмӕ йӕ баурӕдтой, ӕмӕ ницыуал саразӕн ис. Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта – уыцы «хох» айсдзӕн ӕмӕ дзы уыдзӕн «фӕз» (Захари 4:7). Иегъовӕйы ныхас сӕххӕст! Паддзах Дарий I хъуыддаг равзӕрста ӕмӕ сбӕрӕг кодта, Киры фыстытӕм гӕсгӕ иудейтӕн кувӕндон аразыны бар кӕй уыд. Уымӕ гӕсгӕ Дарий бар радта кувӕндон аразынӕн ӕмӕ бахӕс кодта, цӕмӕй иудейтӕн сӕ куыстӕн паддзахы хӕзнадонӕй ӕхца лӕвӕрд ӕрцыдаид. Куыд тынг фӕивта уавӕр! Ацы хъуыддаг Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуысӕй рауад? Ӕнӕдызӕрдыгӕй. Кувӕндон арӕзт фӕци н. э. размӕ 515 аз, Дарий I паддзахдзинады ӕхсӕзӕм аз (Ездрӕ 6:1, 15).

21. а) Раджы заманты Хуыцау куыд «базмӕлын кодта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ», ӕмӕ уый руаджы «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ» куыд ӕрӕмбырд сты? ӕ) Нӕ рӕстӕджы та уый куыд ӕххӕст кӕны?

21 Аггейы 2:5 пехуымпар иудейты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау семӕ Синайы хохы цур бадзырд кӕй скодта. Уыцы цауы тыххӕй Рацыды 19:18 афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, «хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр тынг ӕнкъуысыд». Аггейы 2:6, 7 куыд ӕвдыст у, афтӕмӕй Аггей ӕмӕ Захарийы бонты Иегъовӕ ӕндӕр хуызы банкъуысын кодта зӕхх. Персы паддзахады хъуыддӕгтӕ хорз нал цӕудзысты, фӕлӕ кувӕндон арӕзт цыд ӕмӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ. Хуыцауы адӕмӕй чи нӕ уыд,– «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ»,– уыдон ӕппынфӕстаг иудейтимӕ уыцы кувӕндоны Хуыцауы кадджын кодтой. Нӕ рӕстӕджы Иегъовӕ ӕгас дунейы дӕр «ӕппӕт адӕмыхӕттыты змӕлын кӕны» нӕ уацамынды руаджы ӕмӕ «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ» ӕрбаиу вӕййынц, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонмӕ, ӕмӕ иумӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Уӕдӕ бӕрӕг у, сӕрстытӕ ӕндӕр фыстимӕ абон Иегъовӕйы хӕдзар кадӕй кӕй дзаг кӕнынц. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Иегъовӕ арв ӕмӕ зӕхх ӕндӕр хуызы куы банкъуысын кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Уый уыдзӕн адӕмты паддзахӕдты хъару басӕттыны тыххӕй (Аггей 2:22).

22. Иегъовӕ адӕмты куыд «змӕлын» кӕны ӕмӕ уый цӕмӕ кӕны, ӕмӕ фидӕны цы ’рцӕудзӕн?

22 Аггейы пехуымпарад нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ денджыз ӕмӕ сур зӕххӕй» ӕвдыст чи у, уыдон куыд банкъуысыдысты, уый. Фыццаджыдӕр, Сайтан Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты (Раргомад 12:7–12). Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы сӕрст чырыстӕтты разамындӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕнкъуысын кӕны ацы дунейы адӕмы (Раргомад 11:18). Фӕлӕ уӕддӕр «тынг бирӕ адӕм», ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ, ӕрбаиу вӕййынц монон Израилмӕ ӕмӕ семӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц (Раргомад 7:9, 10). Сӕрст чырыстӕттимӕ хъусын кӕнынц хорз хабар – тагъд Хуыцау Армагеддоны адӕмты кӕй базмӕлын кӕндзӕн. Уыцы хъуыддаджы фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр раст дин Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ къахыл слӕудзӕн.

Бахъуыды кодтай?

• Кӕд ӕмӕ цавӕр уавӕрты лӕггад кодтой Аггей ӕмӕ Захари?

• Аггей ӕмӕ Захари цы хабар хъусын кодтой, уый нын куыд фӕахъаз уыдзӕн?

Захарийы 4:6 цы фыст ис, уыдон ныфсы ныхӕстӕ цӕмӕн сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый ирдӕй зыны Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕй