Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ «райдианӕй дзуры, кӕроны цы уыдзӕн, уый»

Иегъовӕ «райдианӕй дзуры, кӕроны цы уыдзӕн, уый»

Иегъовӕ «райдианӕй дзуры, кӕроны цы уыдзӕн, уый»

«Ӕз райдианӕй дзурын, кӕроны цы уыдзӕн, уый, ӕмӕ рагзамантӕй – цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (ИСАЙ 46:10).

1, 2. Вавилон куыд басаст, уыцы хабӕрттӕ диссаг цӕмӕй сты ӕмӕ нын уый Иегъовӕйы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?

ӔМБИСӔХСӔВ знӕгтӕ Евфраты донвӕды сусӕгӕй фӕхъуызынц хъомысджын сахар Вавилонмӕ. Куы йӕм бахӕццӕ сты, уӕд сӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдысты – Вавилоны дынджыр дыууӕхайон кулдуар баззад гомӕй! Сахармӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бацахстой. Сӕ раздзог Кир бӕстӕйы ӕппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр йӕ къухмӕ райста. Фӕстӕдӕр бардзырд радта, ӕмӕ израилӕгты ссӕрибар кодтой. Уацайрӕгтӕй мингӕйттӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй Иегъовӕйӕн кувыны хъуыддаг фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой (2 Паралипоменон 36:22, 23; Ездрӕ 1:1–4).

2 Ацы хабӕрттӕ ӕрцыдысты н. э. агъоммӕ 539–537 азты, ӕмӕ ӕцӕг кӕй уыдысты, ууыл абон историктӕ дызӕрдыг нӕ кӕнынц. Диссаг уый у, ацы хабӕрттӕ зындгонд кӕй уыдысты иу-200 азы раздӕр. Уӕд Иегъовӕ йӕ пехуымпар Исайӕн ныффыссын кодта, Вавилон састы бынаты кӕй баззайдзӕн (Исай 44:24–45:7). Хуыцау ӕрмӕст уый нӕ загъта, Вавилон куыд басӕтдзӕн, фӕлӕ йӕ чи басӕтдзӕн, уыдонӕн сӕ раздзоджы ном дӕр *. Иегъовӕ уӕд израилӕгтӕн, йе ’вдисӕнтӕн, загъта: «Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, цы уыд райдианы, рагзаманты, ӕз кӕй дӕн Хуыцау ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, ничи ис мӕн хуызӕн. Ӕз райдианӕй дзурын, кӕроны цы уыдзӕн, уый, ӕмӕ рагзамантӕй – цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Исай 46:9, 10а). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ Хуыцау рагацау зоны, цы ӕрцӕудзӕн, уый!

3. Цавӕр фарстытыл ныхас кӕндзыстӕм?

3 Хуыцау фидӕны тыххӕй алцыдӕр зоны? Иегъовӕ рагацау фӕзоны, алчидӕр нӕ цы араздзӕн, уый? Ӕцӕг нӕ фидӕн нывгонд у? Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фарстытӕн Библийы цы дзуаппытӕ ис, уыдон равзардзыстӕм ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы.

Иегъовӕ – пехуымпарӕдты Хуыцау

4. Библийы пехуымпарӕдтӕ чи ныффыссын кодта?

4 Иегъовӕйӕн фидӕн йӕ бон рагацау зонын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ рагзаманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн ныффыссын кодта бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Уыдон нын развӕлгъау ӕргом кӕнынц, Иегъовӕ цы фӕнд кӕны аразын, уыдӕттӕ. «Райдианы цы уыд – уыдон сӕххӕст сты, фӕлӕ ног хъуыддӕгты тыххӕй дзурын ӕз,– загъта Иегъовӕ.– Цалынмӕ ӕххӕст кӕнын райдайой, уӕдмӕ уын сӕ ӕз хъусын кӕнын» (Исай 42:9). Цӕй стыр кад у уый Хуыцауы адӕмӕн!

5. Иегъовӕ цы араздзӕн, уый рагацау кӕй зонӕм, уый ныл цавӕр хӕс ӕвӕры?

5 Пехуымпар Амос нын фидарӕй дзуры: «Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ лӕггадгӕнджытӕн, йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕна, уӕдмӕ». Рагацау ӕй кӕй зонӕм, уый ныл ӕвӕры хӕс дӕр. Ӕркӕсӕм-ма, Амос дарддӕр цы диссаджы цӕвиттон ӕрхаста: «Домбай богъ-богъ кӕны! Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн?» Раст домбайы богъ-богъмӕ адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ куыд базмӕлынц, афтӕ-иу Амосы хуызӕн пехуымпартӕ дӕр уайтагъд хъусын кӕнын райдыдтой, Иегъовӕ-иу цы загъта, уый. «Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕ йӕхӕдӕг загъта! Чи нӕ дзурдзӕн?» (Амос 3:7, 8).

Иегъовӕйы «дзырд» «ӕххӕст кӕны»

6. Куыд сӕххӕст Иегъовӕйы «фӕнд» Вавилон басӕттыны тыххӕй?

6 Иегъовӕ йӕ пехуымпар Исайы дзыхӕй загъта: «Мӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ мын цыдӕриддӕр ӕхсызгон у, уый сараздзынӕн» (Исай 46:10ӕ). Хуыцаумӕ Вавилоны тыххӕй цы «фӕнд» уыд, уымӕ хаудта Киры Персӕй ӕрхонын, цӕмӕй Вавилонмӕ бабырстаид ӕмӕ йӕ басастаид. Уыцы фӕнды тыххӕй Иегъовӕ фехъусын кодта бирӕ раздӕр. Уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй йӕ ныхас ӕцӕгдӕр сӕххӕст н. э. агъоммӕ 539 азы.

7. Иегъовӕйы «дзырд» алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кӕны, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна?

7 Кир Вавилон куы басаста, уымӕй иу-цыппар ӕнусы раздӕр Иудӕйы паддзах Иосафаты ныхмӕ рацыдысты Аммон ӕмӕ Моавы ӕфсӕдтӕ. Иосафат ныфсджынӕй куывта: «О, Иегъовӕ, нӕ фыдӕлты Хуыцау! Исты ды нӕ дӕ Хуыцау уӕлӕрвты ӕмӕ ды нӕ дӕ Хицау ӕппӕт адӕмты паддзахӕдтӕн, ӕмӕ дӕ къухы не сты тых ӕмӕ хъомыс? Кӕй бон у дӕ ныхмӕ фӕлӕууын? (2 Паралипоменон 20:6). Афтӕ ныфсджын уыд Исай дӕр: «Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕйӕн йӕ фӕнд конд у, ӕмӕ йӕ чи фехалдзӕн? Йӕ къух систа, ӕмӕ йын чи зӕгъдзӕн, ӕруадз ӕй?» (Исай 14:27). Фӕстӕдӕр, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ зонд куы фӕцыд ӕмӕ стӕй йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд сӕрныллӕгӕй загъта: «Никӕй бон у Уымӕн Йӕ къух бауромын ӕмӕ Йын зӕгъын: „Цы ми кӕныс, цы?“» (Данелы 4:32). О, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры: «Мӕ... дзырд... мӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ ӕнӕмӕнг сараздзӕн, мӕнӕн ӕхсызгон цы у, уый ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:11). Иегъовӕйы «дзырд» алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййы, уый нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна. Хуыцауы фӕнд ма сӕххӕст уа, уый гӕнӕн нӕй.

Хуыцауы «ӕнусон фӕнд»

8. Цы у Хуыцауы «ӕнусон фӕнд»?

8 Апостол Павел йӕ фыстӕджы ефесӕгтӕм загъта, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ ис «ӕнусон фӕнд» (Ефесӕгтӕм 3:11, НД). Уый ӕнӕуи пълан нӕу, цыма Хуыцау цы араздзӕн, уымӕн график скодта. Уыцы фӕнд баст у, Иегъовӕйы райдианы адӕм ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕндыд, уый сӕххӕст кӕнынимӕ (Уӕвынад 1:28). Цӕмӕй бамбарӕм, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Библийы фыццаг пехуымпарадмӕ.

9. Уӕвынады 3:15 Хуыцауы фӕндимӕ куыд баст у?

9 Уӕвынады 3:15 цы зӕрдӕвӕрд ис, уымӕй бӕрӕг у, куыддӕр Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд ракодтой, афтӕ Иегъовӕ аскъуыддзаг кодта, йӕ «усӕй» кӕй рацӕудзӕн мыггаг, ома йын кӕй райгуырдзӕн фырт. Иегъовӕ ма рагацау зыдта, йӕ «ус» ӕмӕ Сайтаны ’хсӕн ӕмӕ сӕ мыггӕгты ’хсӕн цы хӕрамдзинад уыдзӕн, уымӕн йӕ кӕрон дӕр. Кӕд калм «усы» Мыггаджы зӕвӕтыл хъуамӕ фӕхӕцыдаид, уӕддӕр ӕмгъуыд рӕстӕджы Мыггаг хъуамӕ калмӕн, ома Сайтан Хӕйрӕгӕн, йӕ сӕр ныцъцъӕл кодтаид. Уӕдмӕ та Иегъовӕйы фӕнд баст уыд ӕвзӕрст хӕдзарвӕндагимӕ, цалынмӕ дзы нӕ фӕзынд зӕрдӕвӕрд Мессиа – Йесо (Лукайы 3:15, 23–38; Галатӕгтӕм 4:4).

Иегъовӕ рагагъоммӕ цы скъуыддзаг кӕны

10. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй ракӕндзысты, уый Иегъовӕ сӕрысуангӕй аскъуыддзаг кодта? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Йесойӕн Хуыцауы фӕнды цы бынат ис, уый тыххӕй апостол Петр фыста: «Уый [Йесойы] сӕвзӕрстӕуыд дуне сфӕлдисыны размӕ, ӕмӕ сымах сӕраппонд раргом рӕстӕджы кӕрон» (1 Петры 1:20, НТ). Цымӕ Иегъовӕ сӕрысуангӕй аскъуыддзаг кодта, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй ракӕндзысты ӕмӕ Йесо Чырыстийы йӕ цард ӕлхӕнӕг нывондӕн раттын кӕй бахъӕудзӕн? Нӕ. «Сфӕлдисын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «мыггаг ӕппарын». Цымӕ «мыггаг ӕппӕрст ӕрцыд», ома Евӕйы хуылфы ног цард сӕвзӕрд, цалынмӕ Адамимӕ тӕригъӕд нӕ ракодтой, уӕдмӕ? Нӕ. Адам ӕмӕ Евӕйӕн цот фӕзынд, Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакастысты, уый фӕстӕ (Уӕвынад 4:1). Уӕдӕ Иегъовӕ, «мыггаг» кӕй фӕзындзӕн, уый аскъуыддзаг кодта рагагъоммӕ – Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уый фӕстӕ, фӕлӕ цалынмӕ Евӕ нӕ басывӕрджын, уӕдмӕ. Йесо кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уый адӕмӕн фадат ратта, цӕмӕй ӕлхӕд ӕрцыдаиккой. Уый фӕрцы туджы рахӕсгӕ тӕригъӕдӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕмӕ Сайтаны фыдвӕндтӕ фехӕлдзысты (Матфейы 20:28; Дзуттытӕм 2:14; 1 Иоанны 3:8).

11. Хуыцау рагагъоммӕ цы аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй йӕ фӕнд кӕронмӕ сӕххӕст уыдаид?

11 Хуыцауӕн цӕмӕй йӕ фӕнд кӕронмӕ сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй ма рагагъоммӕ аскъуыддзаг кодта ӕндӕр хъуыддаг дӕр. Уый бӕрӕг у, Павел ефесӕгтӕм цы фыста, уымӕй – Хуыцау, «уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрбамбырд кӕндзӕн». Стӕй, «уӕларвыл цы ис», ома Чырыстиимӕ ӕмбындартӕй ӕвзӕрст чи у, уыдоны тыххӕй загъта: «Мах дӕр ӕвзӕрст ӕрцыдыстӕм бындартӕй – уыцы хабар ӕрцыд рагагъоммӕ, ӕппӕт дӕр йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ чи аразы, уый фӕндӕй» (Ефесӕгтӕм 1:10, 11, НД). О, Иегъовӕ рагагъоммӕ аскъуыддзаг кодта, адӕмӕй цасдӕр кӕй уыдзысты Хуыцауы «усы» мыггаджы уӕлӕмхасӕн хай ӕмӕ Чырыстиимӕ кӕй таудзысты, ахӕстаргъ цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдон (Ромӕгтӕм 8:28–30). Апостол Петр сӕ хоны «сыгъдӕг адӕм» (1 Петры 2:9). Апостол Иоаннмӕ ӕрхауд диссаджы кад – цӕстылуайӕны федта, Чырыстийы ӕмбындартӕ кӕй уыдзысты 144 000 (Раргомад 7:4–8; 14:1, 3). Уыдон Паддзах Чырыстиимӕ лӕггад кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы «кадджын ӕмӕ бӕрзонд кӕной» (Ефесӕгтӕм 1:12–14, НД).

12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ 144 000 чи хаудзӕн, уыдонӕн уый сӕ ныхыл фыст кӕй нӕу?

12 Хуыцау рагагъоммӕ аскъуыддзаг кодта, ӕвзӕрстытӕ 144 000 кӕй уыдзысты, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕмӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныхыл фыст у, сӕрст лӕггадгӕнджытӕй йын кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзысты. Ӕцӕгдӕр, Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы амындтӕ ис, уыдон сӕйраджыдӕр фыст ӕрцыдысты сӕрстытӕн разамынд дӕттынӕн ӕмӕ сӕ фидар кӕнынӕн, цӕмӕй сӕ уӕларвон ныфсыл сӕ зӕрдӕ ма сивой ӕмӕ алкӕддӕр уый аккаг уой (Филиппӕгтӕм 2:12; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:5, 11; 2 Петры 1:10, 11). Иегъовӕ рагацау зоны, 144 000 адӕймаджы кӕй уыдзысты йӕ фӕнд ӕххӕст кӕныны аккаг. Уыцы хуынд адӕм ӕппынфӕстаг чи уыдзысты, уый баст у, сӕ цард куыд араздзысты ӕмӕ цы уынаффӕтӕ хӕсдзысты, ууыл (Матфейы 24:13).

Иегъовӕ рагацау цы зоны

13, 14. Иегъовӕмӕ алцыдӕр рагацау зоныны хъомыс кӕй ис, уый цӕимӕ баст у ӕмӕ цӕмӕн?

13 Иегъовӕ пехуымпарӕдты ӕмӕ фӕндты Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ куыд пайда кӕны, алцыдӕр йӕ бон рагацау зонын кӕй у, уыцы хъомысӕй? Фыццаджыдӕр, мах фидарӕй уырны, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ кӕй сты ӕцӕг, рӕстаг ӕмӕ уарзондзинадыл дзурӕг. Н. э. I ӕнусы апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕм фыста, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ сомы ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд нӕ сайы. Адон сты «дыууӕ ӕнӕивгӕ хъуыддаджы, кӕцыты гӕнӕн нӕй ӕмӕ Хуыцау фӕсайа» (Дзуттытӕм 6:17, 18). Апостол Павел ма йӕ ахуыргӕнинаг Титмӕ дӕр фыста, Хуыцау «нӕ сайы», зӕгъгӕ (Титмӕ 1:2, НТ).

14 Уымӕй уӕлдай, Иегъовӕ у ӕгӕрон тыхы хицау, фӕлӕ йӕм ӕнӕраст митӕ нӕй. Моисей Иегъовӕйы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «Хуыцау ӕнувыд у, хӕрамӕй йӕм ницы ис; уый у рӕстаг ӕмӕ раст» (Дыккаг закъон 32:4). Иегъовӕйы хъуыддӕгтӕй иу дӕр йӕ диссаджы удыхъӕды ныхмӕ никуы вӕййы. Йӕ алы хъуыддаджы дӕр дзы ирдӕй зынынц йӕ сӕйраг миниуджытӕ: уарзондзинад, зонд, рӕстдзинад ӕмӕ тых.

15, 16. Иегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны Адамы цӕмӕй схайджын кодта?

15 Ӕркӕсӕм йӕ ацы миниуджытӕ Едемы цӕхӕрадоны хабӕртты куыд рабӕрӕг сты. Иегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн радта, цыдӕриддӕр сӕ хъуыд, уый. Адамы схайджын кодта ахӕм курдиатӕй, цӕмӕй раст хъуыды кӕнын зона ӕмӕ хатдзӕгтӕ кӕна. Ӕрмӕст сын сӕ ӕрдзыхъӕд цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыцы цӕрӕгойтӕй уӕлдай Адамӕн йӕ бон уыд уынаффӕтӕ хӕссын. Хуыцау йӕ уӕларвон паддзахбадӕнӕй дӕлӕмӕ куы ӕркаст, уӕд «цы сарӕзта, ууыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ мӕнӕ, ӕппӕтдӕр уыд иттӕг хорз» (Уӕвынад 1:26–31; 2 Петры 2:12).

16 Иегъовӕ Адамӕн куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй «хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй ма бахӕра», уӕд ын алцыдӕр афтӕ хорз бамбарын кодта, ӕмӕ Адам цы сарӕзтаид, уый уыдаид ӕмбаргӕ-ӕмбарын. Цӕхӕрадоны йын иу бӕласӕй фӕстӕмӕ, «алы бӕласӕй дӕр» хӕрын уагъта, фӕлӕ уыцы нӕфӕтчиаг бӕласӕй куы бахордтаид, уӕд амардаид (Уӕвынад 2:16, 17). Иегъовӕ Адамӕн бамбарын кодта, цы равзара, уымӕй аразгӕ кӕй уыдзӕн йӕ сомбон. Куыд бакӕндзӕн Адам?

17. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕвзары, развӕлгъау ӕй цы хъӕуы базонын, уый?

17 Иегъовӕйӕн йӕ бон у алцыдӕр рагацау зонын, фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ куыд бакӕндзысты, уый йӕ развӕлгъау базонын нӕ бафӕндыд. Фарст уый мидӕг нӕй, ӕмӕ Иегъовӕйӕн йӕ бон у ӕви нӕ фидӕн развӕлгъау базонын, фӕлӕ йӕ уый базонын фӕнды ӕви нӕ, уый мидӕг. Уымӕй уӕлдай, зын бауырнӕн у, ӕмӕ Иегъовӕ, уарзӕгой Хуыцау, уыцы змӕст ӕмӕ йемӕ баст хъизӕмӕрттӕ барӕй ӕмӕ ӕгъатырӕй рагацау кӕй спълан кодтаид (Матфейы 7:11; 1 Иоанны 4:8). Уӕдӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕвзары, развӕлгъау ӕй цы хъӕуы базонын, уый.

18. Иегъовӕ, развӕлгъау ӕй цы хъӕуы базонын, уый йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, уый йе ’нӕххӕстдзинадыл дзурӕг у?

18 Иегъовӕ, развӕлгъау ӕй цы хъӕуы базонын, уый йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ йӕм фаг тых нӕй, ӕнӕххӕст у? Нӕ. Моисей Иегъовӕйы схуыдта «Хох», стӕй ма загъта: «Йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис». Адӕймаджы тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уым уый аххосджын нӕу. Нӕ абоны бӕллӕхтӕ иууылдӕр сты, Адам Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый аххосӕй. Апостол Павел бӕлвырд бамбарын кодта, зӕгъгӕ, «иу адӕймагӕй тӕригъӕд куыд бацыди дунемӕ, ӕмӕ тӕригъӕдӕй мӕлӕт, афтӕ мӕлӕт дӕр бахызт ӕппӕт адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый мидӕг иууылдӕр тӕригъӕд ракодтой» (Дыккаг закъон 32:4, 5; Ромӕгтӕм 5:12; Иереми 10:23).

19. Цавӕр фарстытӕ цӕудзысты ӕвзӕрст иннӕ статьяйы?

19 Куыд федтам, афтӕмӕй Иегъовӕмӕ ӕнӕраст митӕ нӕй (Псалом 32:5). Иегъовӕ йӕ курдиӕттӕ, миниуджытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕй пайда кӕны йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн (Ромӕгтӕм 8:28). Иегъовӕ пехуымпарӕдты Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ «райдианы дзуры, куыд уыдзӕн кӕрон, ӕмӕ рагзамантӕй – цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Исай 46:9, 10). Федтам ма, йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, развӕлгъау ӕй цы хъӕуы базонын, уый. Уӕдӕ ныл уый куыд зыны? Куыд ӕй базонӕм, нӕ уынаффӕтӕ уарзӕгой Хуыцауы фӕндимӕ разы кӕй сты? Ӕмӕ нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн? Ацы фарстытӕ ӕвзӕрст цӕудзысты иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Кӕс брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр», 28 ф. Рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Хуыцауы «дзырд» алкӕддӕр кӕй «ӕххӕст кӕны», уый, рагзаманты чи ’рцыд, уыцы цӕвиттонтӕй куыд зыны?

• Иегъовӕ йӕ «ӕнусон фӕнды» тыххӕй рагагъоммӕ цы аскъуыддзаг кодта?

• Иегъовӕ, алцыдӕр йӕ бон рагацау зонын кӕй у, уыцы хъомысӕй куыд пайда кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Хуыцау развӕлгъау загъта, Йесо кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ кӕй райгас уыдзӕн

[Ныв 24 фарсыл]

Иегъовӕ рагагъоммӕ аскъуыддзаг кодта, Адам ӕмӕ Евӕ куыд бакӕндзысты?