Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдион адӕм арфӕгонд сты

Иузӕрдион адӕм арфӕгонд сты

Иузӕрдион адӕм арфӕгонд сты

«Иегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (ӔМБИСӔНДТӔ 10:22).

1, 2. Фидӕныл ӕгӕр мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

«ФИДӔНЫЛ ӕгӕр кӕй мӕт кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ уынӕм, абоны царды хорзӕй цы ис, уый»,– загъта иу америкӕйаг философ. Уый зӕгъӕн ис ахӕм сывӕллӕттӕй дӕр, тагъддӕр сыстыр уон ӕмӕ мын исты бантыса, зӕгъгӕ, кӕй фӕнды. Ахӕм сывӕллӕттӕ нӕ фӕуынынц, сӕ сабибонты хорзӕй цы ис, уый.

2 Суанг Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм дӕр хатт ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны. Ӕркӕсӕм ахӕм хабармӕ. Мах рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау зӕрдӕ цы дзӕнӕтӕй бавӕрдта, уымӕ – тӕригъӕд, зӕронддзинад, рис ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы нал уой, уыцы рӕстӕгмӕ. Уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ нӕ, фидӕны арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, куы айрох уаид, Хуыцау нын абон нӕ уырнындзинадӕн куыд арфӕ кӕны, уый, уӕд хъыг куыннӕ уаид?! Нӕ бӕллицтӕ, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, афтӕ тагъд куы нӕ сӕххӕст уаиккой, уӕд нӕ ныфс асӕттид ӕмӕ зӕрдӕниз райсиккам (Ӕмбисӕндтӕ 13:12). Царды зындзинӕдты аххосӕй, чи зоны, ӕмӕ зӕрдӕсаст фӕуӕм кӕнӕ нӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын райдайӕм. Уыцы зындзинӕдтимӕ тох кӕныны бӕсты, гӕнӕн ис, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр хъаст кӕнын райдайӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕй хызт уыдзыстӕм, абон нын цы хорздзинӕдтӕ ис, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ бузныг куы уӕм, уӕд.

3. Цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм ацы статьяйы?

3 «Иегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 10:22. Абон Иегъовӕйы адӕм цӕмӕй хайджын сты, уый сын цины хос куыннӕ у?! Уӕдӕ ӕркӕсӕм уыцы арфӕдзинӕдтӕй иуӕй-иутӕм ӕмӕ нын цы ахъаз сты, уымӕ. Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд арфӕ кӕны, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн дарддӕр дӕр фӕндфидарӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын нӕ уӕларвон Фыдӕн (Ӕмбисӕндтӕ 20:7).

Абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм

4, 5. Библийӕ дын цавӕр ахуырӕдтӕ сты уӕлдай зынаргъдӕр ӕмӕ цӕмӕн?

4 Мах зонӕм Библийы бӕлвырд ахуырӕдтӕ. Ацы дунейы чырыстон динтӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, дзурынц, Библийыл ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын йӕ ахуырӕдтӕ алыхуызон ӕмбарынц. Суанг ма иу диныл хӕст адӕм дӕр иу хъуыдыйыл хӕст не сты, Библи ӕцӕгӕйдӕр цӕуыл ахуыр кӕны, уый фӕдыл. Куыд тынг хицӕн кӕнынц Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй! Цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм, цыфӕнды ӕгъдӕуттыл хӕст ма уӕм, мах кувӕм, йӕ ном кӕмӕн зонӕм, уыцы иунӕг ӕгас Хуыцауӕн. Уый, базонӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цавӕрдӕр ӕртӕиууон хуыцау нӕу (Дыккаг закъон 6:4; Псалом 83:18; Маркы 12:29). Мах ма зонӕм, Хуыцауы хицаудзинады фӕдыл дзырддаг фарста тагъд кӕй аскъуыддзаг уыдзӕн. Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕй алчидӕр уыцы фарста алыг кӕныны архайы. Мах зонӕм, мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы ӕмӕ фыртӕссӕй Хуыцауы раз нӕ ризӕм, зӕгъгӕ, адӕмы зындоны арты судзы (Екклесиаст 9:5, 10).

5 Стӕй нын куыд ӕхсызгон у зонын, мах эволюцийы руаджы ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй нӕ равзӕрдыстӕм! Хуыцау нӕ сфӕлдыста йӕхи фӕлгонцмӕ гӕсгӕ (Уӕвынад 1:26; Малахи 2:10). Псаломтӕ фыссӕг зарыд Хуыцауӕн: «Кадджын кӕнын Дӕу, уымӕн ӕмӕ ӕз диссаджы арӕзт дӕн. Диссаг Дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ мӕ уд уый ӕмбары ӕххӕстӕй» (Псалом 138:14).

6, 7. Куыд фӕивта дӕ цард кӕнӕ кӕй зоныс, уыдонӕй искӕй цард ӕмӕ уый цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

6 Сӕрибар стӕм зианхӕссӕг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕй. Тамако дымын, фыднозт кӕнын ӕмӕ хӕтын зиан кӕй хӕссынц, уымӕй ӕдзух фӕдзӕхсынц телеуынынады ӕмӕ газетты. Уыцы фӕдзӕхстытӕ фылдӕр хатт нымады дӕр никӕмӕ вӕййынц. Фӕлӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг куы базоны, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц ӕмӕ йын хъыг кӕй сты, уӕд цы бакӕны? Уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзы! (Исай 63:10; 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 2 Коринфӕгтӕм 7:1; Ефесӕгтӕм 4:30). Уымӕй йӕ фыццаджыдӕр фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ ссарын, фӕлӕ йӕхицӕн дӕр у пайда – йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр вӕййы ӕмӕ удӕнцой ссары.

7 Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын бирӕтӕн тынг зын у. Фӕлӕ уӕддӕр ӕрвылаз дӕр дӕсгай минтӕн уый бантысы. Уыдон Иегъовӕйӕн нывонддзырд раттынц ӕмӕ донаргъуыд райсынц, афтӕмӕй ӕргом равдисынц Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуы, уыдон кӕй ныууагътой. Цӕй стыр ныфс у уый не ’ппӕтӕн дӕр! Уый руаджы ноджы фидардӕрӕй фӕархайӕм, цӕмӕй тӕригъӕдджын ӕмӕ зианхӕссӕг уагахасты цагъартӕ мауал суӕм.

8. Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ ӕххуыс кӕнынц бинонты амондджын цардӕн?

8 Нӕ бон у нӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕрын. Дуне бӕстӕты бинонтӕ кӕрӕдзиуыл ӕнувыд нал сты. Бирӕ къайтӕ ахицӕн вӕййынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕ скъахынц. Иуӕй-иу европӕйаг бӕстӕты, сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм ныййарджытӕ сты 20 проценты бӕрц. Цӕмӕй бинонты царды дӕр иузӕрдион уӕм, уымӕн нын Иегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны? Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс Ефесӕгтӕм 5:22–6:4 ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар, Хуыцауы Ныхас цы хорз уынаффӕтӕ дӕтты нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн. Ацы уынаффӕтӕ ӕмӕ ма Фыстадӕй ӕндӕр уынаффӕтӕ ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уой, сывӕллӕтты раст хъомыл кӕной ӕмӕ бинонтӕ амондджынӕй цӕрой. Ау, уый Хуыцауы арфӕдзинад ӕмӕ цины хос нӕу?

9, 10. Фидӕнмӕ мах цы цӕстӕй кӕсӕм, уый ацы дунейы цӕстӕнгасӕй куыд хицӕн кӕны?

9 Фидарӕй нӕ уырны, тагъд ӕппӕт дунейы зындзинӕдтӕ кӕй фесӕфдзысты. Кӕд абон зонад ӕмӕ технологи размӕ ацыд ӕмӕ иуӕй-иу хицӕуттӕ зӕрдиагӕй архайынц, уӕддӕр царды зын фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнын не ’нтысы. Клаус Шваб, Ӕппӕтдунеон экономикон форумы бындурӕвӕрӕг, ӕрӕджы загъта: «Дунейы адӕмы зындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ сӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн та рӕстӕг къаддӕрӕй-къаддӕр зайы». Стӕй ма загъта: «Тӕссаг хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, терроризм, ӕрдз кӕй чъизи кӕны, экономикон уавӕр фидар кӕй нӕу, уый алы адӕмтыл дӕр ӕндавы». Шваб ма кӕронбӕттӕны загъта: «Раздӕр куыд никуы ма уыд, афтӕ абон дунейы уавӕр ахӕм у, ӕмӕ хъӕуы иумӕйагӕй ӕмӕ фидарӕй архайын». XXI ӕнус райдыдта, фӕлӕ адӕммӕ фидӕны хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

10 Цы удӕнцой у зонын, Иегъовӕ ӕппӕт адӕмы зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕныныл кӕй батыхст – Мессиайы Паддзахад ӕрӕвӕрдта. Уый руаджы нал уыдзӕн хӕстытӕ ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад (Псалом 45:10; 71:7). Сӕрст Паддзах Йесо Чырысти «фервӕзын кӕндзӕн мӕгуыргуры, дзыназӕджы... налатдзинад ӕмӕ тыхдзинадӕй фервӕзын кӕндзӕн уыдоны» (Псалом 71:12–14). Хуыцауы Паддзахады рӕстӕг хӕринаг цух ничиуал уыдзӕн (Псалом 71:16). Иегъовӕ «ныссӕрфдзӕн... алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:4). Уыцы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ тагъд рӕстӕджы зӕххыл цыдӕриддӕр зындзинӕдтӕ ис, уыдон фесафдзӕн (Данелы 2:44; Раргомад 11:15).

11, 12. а) Ӕхсызгондзинадмӕ тырнын адӕймагӕн ӕнусон амонд хӕссы? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Ӕцӕг амонд цы хӕссы?

11 Мах зонӕм, ӕцӕг амонд цы хӕссы, уый. Ӕцӕг амонд цы хӕссы? Иу психолог загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй хъӕуы ӕртӕ хъуыддаджы: ӕхсызгондзинад, исты хъуыддаг аразын (куысты кӕнӕ бинонты ’хсӕн) ӕмӕ бӕлвырд нысан (ӕрмӕст йӕхи пайдайӕн чи у, ахӕм нӕ, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр чи у ахъаз, ахӕм нысаныл кусын). Ацы ӕртӕ хъуыддагӕй царды иууыл къаддӕр чи хъӕуы, ууыл нымайы ӕхсызгондзинад, ӕмӕ загъта: «Уый цымыдисаг куыннӕ у, уымӕн ӕмӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн царды сӕйрагдӕр сты ӕхсызгондзинӕдтӕ». Библи та цы дзуры уый тыххӕй?

12 Рагон Израилы паддзах Соломон загъта: «Загътон ӕз мӕ зӕрдӕйы: „Цӕй, ӕмӕ ныр мӕхи хъӕлдзӕгдзинадӕй ӕмӕ алы хорздзинадӕй бафӕлварон“. Ӕмӕ федтон, уыдон кӕй ницы сты. Худыны тыххӕй загътон: „Ӕнӕзонд ми“. Ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинады тыххӕй та: „Цы пайда у?“» (Екклесиаст 2:1, 2). Библимӕ гӕсгӕ цыфӕнды хъӕлдзӕгдзинад дӕр у рӕстӕгмӕ. Цы зӕгъӕн ис куысты тыххӕй та? Махӕн нӕ бӕрны ис ӕппӕты ахсджиагдӕр куыст – хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Иннӕтӕн Библийӕ ирвӕзындзинады хабар кӕй дзурӕм, уый руаджы нӕхӕдӕг дӕр аирвӕздзыстӕм ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдон дӕр (1 Тимофеймӕ 4:16). Мах «Хуыцауимӕ иу хъуыддаг аразӕм» ӕмӕ зонӕм, «райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (1 Коринфӕгтӕм 3:9, НТ; Куыстытӕ 20:35). Ацы куыст нын нӕ цардӕн дӕтты бӕлвырд нысан ӕмӕ афтӕмӕй не Сфӕлдисӕгӕн ис фадат, чи йын фидис кӕны, уымӕн, Сайтан Хӕйрӕгӕн, дзуапп радтын (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕцӕгдӕр, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕн Иегъовӕ ратдзӕн ӕцӕг ӕмӕ ӕнусон амонд (1 Тимофеймӕ 4:8).

13. а) Хуыцауы ныхас хъусынгӕнджыты скъола арфӕйаг ӕмӕ цины хос цӕмӕн у? ӕ) Дӕуӕн та Хуыцауы ныхас хъусынгӕнджыты скъола куыд фӕахъаз?

13 Ис нын ахсджиаг ахуыргӕнӕн программӕ. Герхӕрд лӕггад кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй. Йе ’рыгон бонтӕ мысгӕйӕ зӕгъы: «Ӕрыгон куы уыдтӕн, уӕд мын ныхас кӕнын зын уыд. Куы-иу фӕтыхстӕн, уӕд-иу мӕ ныхӕстӕ зынӕмбарӕн уыдысты ӕмӕ-иу къӕзӕнӕг дзурын райдыдтон. Мӕхи иннӕтӕй дӕлдӕр нымадтон ӕмӕ уыдтӕн ныфссаст. Мӕ ныййарджытӕ мӕ радтой, дзурын кӕм ахуыр кодтой, ахӕм курсытӕм, фӕлӕ мын ницы баххуыс сты. Мӕ низ мӕ зондахастыл баст уыд. Мӕнӕн баххуыс кодта, Иегъовӕ цы диссаджы мадзал скодта, уый – Хуыцауы ныхас хъусынгӕнджыты скъола. Ацы скъоламӕ мӕхи кӕй ныффыстон, уый руаджы мӕм ныфс фӕзынд. Цы-иу базыдтон, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕппӕт тыхтӕй архайдтон ӕмӕ мын уый баххуыс. Мӕ бон сси сӕрибарӕй дзурын ӕмӕ ныфссаст дӕр нал уыдтӕн, стӕй уӕндонӕй хъусын кӕнын райдыдтон. Ныр ӕмбырды раз ныхасы дӕр рацӕуын. Ӕз зӕрдиагӕй бузныг дӕн Иегъовӕйӕ – ацы скъолайы руаджы ногӕй цӕрын райдыдтон». Иегъовӕ нӕ йӕ куыст ӕххӕст кӕнын кӕй ахуыр кӕны, уый нын цины хос куыннӕ у?!

14, 15. Зын рӕстӕг нын уайтагъд цы баххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Иегъовӕмӕ ӕввахс стӕм ӕмӕ нын ис ӕппӕт дунейы не ’фсымӕрты ӕххуыс. Германы цӕрӕг Катрин куы фехъуыста хуссар-скӕсӕн Азийы стыр зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунамийы тыххӕй, уӕд йӕхицӕн бынат нал ардта. Уыцы бӕллӕхы рӕстӕг йӕ чызг уыд Тайланды. 32 сахаты бӕрц Катрин нӕ зыдта, йӕ чызг удӕгас у ӕви, фылдӕрӕй-фылдӕр чи кодта, уыцы цӕфтӕ ӕмӕ мӕрдты ’хсӕн ис. Куыд ын фенцон уыдаид, ӕппынфӕстаг ӕм телефонӕй куы фехъусын кодтой, йӕ чызг удӕгас кӕй у!

15 Цы баххуыс кодта уыцы уӕззау рӕстӕг Катринӕн? Уый фыссы: «Уыцы рӕстӕг ӕдзух куывтон Иегъовӕмӕ. Уый мӕ тынг фӕфидар кодта ӕмӕ мын удӕнцой ӕрхаста. Уымӕй уӕлдай ма мӕ ме ’мбырдӕй ӕфсымӕртӕ бӕрӕг кодтой ӕмӕ мын ныфсытӕ ’вӕрдтой» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Цас зындӕр уыдаид Катринӕн, уыцы тыхст рӕстӕг Иегъовӕмӕ куы нӕ куывтаид ӕмӕ йын ӕфсымӕртӕ куы не ’ххуыс кодтаиккой, уӕд! Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фыртимӕ, стӕй нын чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ цы хӕлардзинад ис, уый у стыр арфӕдзинад ӕмӕ зынаргъ лӕвӕр!

16. Райгасдзинады ныфс куыд зынаргъ у, уый чи ӕвдисы, ахӕм хабар радзур.

16 Ныфс нӕ ис, нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи уыд, уыдон кӕй райгас уыдзысты (Иоанны 5:28, 29). Ӕрыгон нӕлгоймаг Маттиасӕн йӕ ныййарджытӕ уыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Фӕлӕ куы рахъомыл, уӕд нӕ саргъ кодта, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыд, уыдонӕн ӕмӕ ныууагъта чырыстон ӕмбырд. Ныр фыссы: «Мӕ фыдимӕ никуы ӕрбадтыстӕм ӕмӕ бӕстон никуы аныхас кодтам. Бирӕ азты дӕргъы-иу арӕх быцӕу кодтам. Фӕлӕ мын уӕддӕр мӕ фыды зӕрдӕ дзырдта амондджын цард. Тынг мӕ уарзта, фӕлӕ йӕ уӕд ӕз не ’мбӕрстон. 1996 азы йӕ хуыссӕны раз бадгӕйӕ йын йӕ къухыл хӕцыдтӕн ӕмӕ тынг куыдтон, ӕмӕ йын дзырдтон, куыд тынг фӕсмон кӕнын, цыдӕриддӕр арӕзтон, ууыл ӕмӕ йӕ тынг кӕй уарзын. Фӕлӕ мӕ уый нал хъуыста. Бирӕ рынчын нӕ ахаста ӕмӕ амард. Кӕд, мӕ фыд куы райгас уа, уӕд цӕрон, уӕд нӕ къухы бафтдзӕн, уый размӕ нын цы нӕ бантыст, уый. Куыд ӕхсызгон ын уыдзӕн базонын, ныр ӕз хистӕр нӕлгоймаг кӕй дӕн ӕмӕ мӕ цардӕмбалимӕ пионертӕй кӕй лӕггад кӕнӕм». Цӕй стыр арфӕдзинад у, райгасдзинады ныфс нӕ кӕй ис!

«Йемӕ маст нӕ хӕссы»

17. Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын нын куы ӕххуыс кӕны?

17 Йӕ уӕларвон Фыды тыххӕй Йесо Чырысти загъта: «Уый хур скӕсын кӕны хӕрзтыл дӕр ӕмӕ ӕвзӕртыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр» (Матфейы 5:45, НТ). Кӕд Иегъовӕ фыдгӕнджытӕн арфӕ кӕны, уӕд йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн та цас тынгдӕр арфӕ кӕны! «Ӕнаиппӕй цӕуджыты [Иегъовӕ] нӕ цух кӕны хорздзинадӕй» (Псалом 83:12). Чи йӕ уарзы, уыдоныл куыд тыхсы ӕмӕ куыд мӕт кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд дзы тынг фӕбузныг вӕййӕм ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы!

18. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ маст нӕ хӕссынц? ӕ) Хуыцауы иузӕрдион адӕмӕй бирӕтӕ цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?

18 «Иегъовӕйы арфӕдзинад» у – йӕ адӕмы цардӕн ӕмӕ уырнындзинадӕн цы дӕтты, уый. Мах фидарӕй уырны, йӕ арфӕдзинад «йемӕ маст [кӕй] нӕ хӕссы» (Ӕмбисӕндтӕ 10:22). Уӕдӕ уӕд Хуыцауы иузӕрдион адӕмӕй бирӕтӕ, маст ӕмӕ хъизӕмар чи хӕссы, ахӕм фӕлварӕнты цӕмӕн бахауынц? Зындзинӕдтӕ ӕмӕ ныл бӕллӕхтӕ кӕй цӕуынц, уымӕн ис ӕртӕ сӕйраг аххосаджы: 1) тӕригъӕдмӕ ӕмхиц кӕй стӕм (Уӕвынад 6:5; 8:21; Иаковы 1:14, 15); 2) Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ (Ефесӕгтӕм 6:11, 12); 3) ацы фыддуне (Иоанны 15:19). Кӕд Иегъовӕ бауадзы, цӕмӕй ныл исты бӕллӕхтӕ ӕрцӕуа, уӕддӕр йӕхицӕй нӕ цӕуынц. «Алкӕцы хорз лӕвар ӕмӕ алкӕцы ӕххӕст лӕвар ӕрцӕуы уӕлейӕ, рухсыты Фыдӕй» (Иаковы 1:17). Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ семӕ маст нӕ хӕссынц.

19. Иегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Фидар уырнындзинад нын куы уа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕй стӕм. Куы йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд «ӕмбырд кӕнӕм, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсӕм ӕцӕг цард» – ӕнусон цард (1 Тимофеймӕ 6:12, 17–19, НТ). Фидӕны, Хуыцауы ног дунейы ӕрмӕст уырнындзинадӕй хъӕздыг нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ иннӕ хъуыддӕгты дӕр арфӕгонд уыдзыстӕм. Уӕд чидӕриддӕр «Иегъовӕйы ныхасмӕ хъусы», уыдон сӕ хайджын уыдзысты (Дыккаг закъон 28:2). Цӕй уӕдӕ фӕндфидар уӕм ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм.

Цы базыдтай?

• Фидӕныл ӕгӕр мӕт кӕнын раст цӕуылнӕ у?

• Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм абон?

• Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]