Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Равзарут цард, ӕмӕ цӕрат»

«Равзарут цард, ӕмӕ цӕрат»

«Равзарут цард, ӕмӕ цӕрат»

«Мӕнӕ уӕ разы цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрат» (ДЫККАГ ЗАКЪОН 30:19).

1, 2. Адӕймаг Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ куыд уыд конд?

«СФӔЛДИСӔМ адӕймаджы нӕхи фӕлгонцмӕ гӕсгӕ, нӕхи хуызӕн». Ацы ныхӕстӕ загъта Хуыцау ӕмӕ сӕ бакӕсӕн ис Библийы фыццаг сӕры. «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ йӕ сфӕлдыста»,– фыст ис Уӕвынады 1:26, 27. Фыццаг адӕймаг хицӕн кодта, Хуыцау зӕххыл цы сфӕлдыста, ӕппӕт уыдонӕй. Уый уыд йе Сфӕлдисӕджы хуызӕн – уыйау йӕ бон уыд хъуыды кӕнын, уарзын, рӕстӕй архайын, уыдис ӕм зонд ӕмӕ тых. Хайджын ӕрцыд намысӕй, цӕмӕй хастаид, йӕхицӕн пайда чи уыдаид ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдӕн та йӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодтаид, ахӕм уынаффӕтӕ (Ромӕгтӕм 2:15). Цыбырдзырдӕй, Адамӕн лӕвӕрд уыд сӕрибардзинад. Иегъовӕ йӕ зӕххон фыртмӕ кӕсгӕйӕ загъта: «Мӕнӕ, ӕппӕтдӕр у иттӕг хорз» (Уӕвынад 1:31; Псалом 94:6).

2 Адамы байзӕддӕгтӕ уӕвгӕйӕ, мах дӕр конд стӕм Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ, йӕхи хуызӕн. Фӕлӕ цы аразӕм, уый ӕвзарыны бар нын ис? Иегъовӕйӕн йӕ бон у алцыдӕр рагацау зонын. Фӕлӕ рагагъоммӕ не скъуыддзаг кӕны, алчидӕр нӕ цы араздзӕн ӕмӕ нӕ алкӕмӕ дӕр цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Иегъовӕ рагагъоммӕ нӕ аскъуыддзаг кӕны, йӕ зӕххон сывӕллӕттӕн сӕ цард куыд цӕудзӕн, уый. Уӕдӕ нын Хуыцау радта сӕрибардзинад, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Уыцы хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, израилӕгты цардӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у, уымӕ (Ромӕгтӕм 15:4).

Израилӕгтӕн уыд уынаффӕ хӕссыны бар

3. Дӕс фӕдзӕхстӕй фыццаг цавӕр уыд ӕмӕ иузӕрдион израилӕгтӕ куыд равзӕрстой, кӕй йӕ ӕххӕст кӕндзысты?

3 «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, Египеты зӕххӕй, цагъарты хӕдзарӕй дӕ чи ракодта»,– загъта Иегъовӕ израилӕгтӕн (Дыккаг закъон 5:6). Н. э. агъоммӕ 1513 азы израилӕгтӕ Египеты ӕфсондзы бынӕй диссаджы ирвӕзт фӕкодтой ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ уыцы ныхӕстӕ дызӕрдыггаг нӕ уыдысты. Дӕс фӕдзӕхстӕй фыццаджы Иегъовӕ Моисейы дзыхӕй загъта: «Мӕн йеддӕмӕ дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ хъуамӕ ма уа» (Рацыд 20:1, 3). Уӕд израилӕгтӕ сӕхӕдӕг равзӕрстой, Иегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсдзысты. Уыдон загътой, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйыл кӕй уыдзысты иузӕрдион (Рацыд 20:5; Нымӕцтӕ 25:11).

4. а) Моисей израилӕгтӕн цы ӕвзарын кодта? ӕ) Абон нӕ цы хъӕуы равзарын?

4 Иу-40 азы фӕстӕ Моисей израилӕгты ног фӕлтӕрӕн фидарӕй загъта ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цы сӕ хъӕуы равзарын, уый. «Абон ӕвдисӕнтӕй уӕ ныхмӕ хонын уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх: мӕнӕ уӕ разы цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ цот дӕр» (Дыккаг закъон 30:19). Абон махӕн дӕр нӕ бон у равзарын кӕнӕ Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕнусон цардыл нӕ ныфс дарын, кӕнӕ йӕ коммӕ ма кӕсын ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уыдӕттӕ нӕхиуыл бавзарын. Ӕркӕсӕм, алыхуызон фӕндӕгтӕ чи равзӕрста, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕй дыууӕмӕ.

5, 6. Йесо Навин цы равзӕрста ӕмӕ йын уый цы ӕрхаста?

5 Н. э. агъоммӕ 1473 азы Йесо Навин израилӕгты бакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. Йӕ мӕлӕты размӕ ӕппӕт адӕмы дӕр фӕдзӕхста, лӕгъстӕ сын кодта: «Кӕд уӕм Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын хорз нӕ кӕсы, уӕд равзарут абон уӕхицӕн, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут: уӕ фыдӕлтӕ доны фаллаг фарс цы хуыцӕуттӕн лӕггад кодтой, уыдонӕн ӕви, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморрейӕгты хуыцӕуттӕн». Стӕй йӕ бинонты номӕй загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзарвӕндаг... лӕггад кӕндзыстӕм Иегъовӕйӕн» (Йесо Навин 24:15).

6 Раздӕр Иегъовӕ Йесо Навинӕн дзырдта, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ фидар уа ӕмӕ Закъон куыддӕриддӕр амоны, афтӕ кӕна. Закъоны чиныг ӕхсӕвӕй-бонӕй сабыр хъӕлӕсӕй куы кастаид, уӕд йӕ хъуыддӕгтӕ раст уыдаиккой (Йесо Навин 1:7, 8). Ӕмӕ растдӕр афтӕ уыдис. Йесо цы равзӕрста, уый йын арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста. «Иегъовӕ Израилы хӕдзарӕн цыдӕриддӕр хорзӕй зӕрдӕ бавӕрдта, иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг,– загъта Йесо Навин,– иууылдӕр ӕрцыдысты» (Йесо Навин 21:45).

7. Исайы бонты израилӕгтӕ цы равзӕрстой ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

7 Ныр та ӕркӕсӕм, иу-700 азы фӕстӕ Израилы цы ӕрцыд, уымӕ. Уӕдмӕ израилӕгтӕй бирӕтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Зӕгъӕм, афӕдзы фӕстаг бон-иу адӕм ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ-иу хӕринаг ӕмӕ адджын сӕн парахатӕй кӕм уыдис, ахӕм фынгтыл рабадтысты. Уый уыд дины бӕрӕгбон дыууӕ муртакк хуыцауы номыл. Израилӕгтӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уымӕ уый цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй пехуымпар Исай фыста: «Сымах – Иегъовӕйы чи уадзы, уыцы адӕм – рох кӕнут мӕ сыгъдӕг хох, Амонды хуыцауы номыл фынгтӕ ӕвӕрут ӕмӕ Хъысмӕты хуыцауы номыл хӕццӕ сӕнӕй рӕгъытӕ уадзут». Уыдоны уырныдта, сӕ бӕркад Иегъовӕйӕ кӕнгӕ кӕй нӕу, фӕлӕ «Амонды хуыцау» ӕмӕ «Хъысмӕты хуыцауӕн» кӕй кувынц, уымӕй. Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс кӕй уыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг цы равзӕрстой, уый аххосӕй амонд сӕ цӕсты кӕронӕй дӕр нал федтой. «Ӕз уӕ карды амӕттаг фӕкӕндзынӕн,– загъта Иегъовӕ,– ӕмӕ иууылдӕр уӕ сӕр ӕркъул кӕндзыстут, цӕмӕй уӕ амарой, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз сидтӕн, ӕмӕ мын сымах дзуапп нӕ лӕвӕрдтат; ӕз дзырдтон, ӕмӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат; ӕмӕ нӕ уагътат, мӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уыдӕттӕ, ӕмӕ ӕвзӕрстат, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый» (Исай 65:11, 12). Цы ӕвзӕрстой, ууыл кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый тыххӕй бындзагъд ӕрцыдысты, ӕмӕ сын Хъысмӕты ӕмӕ Амонды хуыцӕуттӕ дӕр ницы баххуыс кодтой.

Куыд рахӕссӕм раст уынаффӕ

8. Дыккаг закъоны 30:20 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, раст уынаффӕ рахӕссынӕн цы хъӕуы?

8 Моисей израилӕгтӕн куы дзырдта, цӕмӕй цард равзӕрстаиккой, уӕд ранымадта, цавӕр ӕртӕ къахдзӕфы сӕ хъӕуы скӕнын: «Уарзут уӕ Хуыцау Иегъовӕйы, хъусут ын йӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йыл баныхӕсут» (Дыккаг закъон 30:20). Цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕссӕм, уый тыххӕй дзы алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй ӕркӕсӕм.

9. Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у?

9 Уарзӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы. Мах равзӕрстам Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзӕм. Израилы бонты цытӕ ’рцыд, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ӕнӕгъдау митӕм кӕнӕг цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ фидар лӕудзыстӕм ӕмӕ ацы мулкылмард дунейы къӕппӕджытӕй нӕхи хиздзыстӕм (1 Коринфӕгтӕм 10:11; 1 Тимофеймӕ 6:6–10). Мах Иегъовӕйыл баныхӕсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ халдзыстӕм (Йесо Навин 23:8; Псалом 118:5, 8). Израилӕгтӕ цалынмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыдысты, уӕдмӕ сын Моисей загъта: «Мӕнӕ, мӕ Хуыцау Иегъовӕ мын куыд загъта, афтӕ уын ӕппӕт тӕрхӕттӕ ӕмӕ бардзырдтӕ бамбарын кодтон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы зӕхмӕ цӕут ӕмӕ уӕхи цы зӕхх хъуамӕ бакӕнат, уым. Ӕххӕст сӕ кӕнут ӕмӕ сыл хӕцут, уымӕн ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн уӕ зонд ӕмӕ уе ’мбарындзинад, уыцы уагӕвӕрдты тыххӕй чи фехъуса, ӕппӕт уыцы адӕмты цӕсты» (Дыккаг закъон 4:5, 6). Ныр у, Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисыны рӕстӕг, ӕмӕ нын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй сӕйрагдӕр хъуамӕ мацы уа. Уӕд нын ӕнӕмӕнгдӕр арфӕ кӕндзӕн (Матфейы 6:33).

10–12. Нойы бонты цы ’рцыд, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

10 Хъусӕм Хуыцауы хъӕлӕсмӕ. Ной уыди «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» (2 Петры 2:5). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Доны хъаймӕты размӕ адӕммӕ Нойы ныхӕстӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Уый сӕ цӕмӕ ’ркодта? «Доны хъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фесӕфта». Йесо дзырдта, хабар афтӕ кӕй уыдзӕн нӕ рӕстӕджы дӕр, «Адӕймаджы Фырты ӕрцыды» рӕстӕджы. Нойы бонты цы ’рцыд, уый хорз зондзонӕн у, абон адӕмӕй Хуыцауы хабармӕ чи нӕ хъусы, уыдонӕн (Матфейы 24:39, НТ).

11 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ адӕмы цӕмӕй фӕдзӕхсынц, ууыл чи худы, уыдон хъуамӕ ӕмбарой, се ’гоммӕгӕсдзинад сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый. Ахӕмты тыххӕй апостол Петр загъта: «Афтӕ хъуыдыгӕнджытӕ нӕ зонынц, райдайӕны Хуыцауы дзырдӕй ӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх арӕзт кӕй сты дон ӕмӕ донӕй: уымӕ гӕсгӕ уӕды дуне фесӕфт фӕдӕлдон уӕвгӕйӕ. Ныры ӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх та, уыцы Дзырдӕй конд уӕвгӕйӕ, хъахъхъӕд цӕуынц артӕн тӕрхоны бонмӕ ӕмӕ ӕнӕраст адӕймӕгты фесафынмӕ» (2 Петры 3:3–7).

12 Ӕркӕсӕм ма, уыцы адӕмӕй уӕлдай Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы равзӕрстой. «Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта... нау». Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы фервӕзт йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр (Дзуттытӕм 11:7, НТ). Цӕй уӕдӕ рӕвдз уӕм Хуыцауы ныхӕстӕм хъусынмӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм (Иаковы 1:19, 22–25).

13, 14. а) Иегъовӕйыл «баныхӕсын» ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Куыд хъуамӕ уадзӕм Иегъовӕйы, нӕ «Дурынгӕнӕджы», цӕмӕй нӕ фӕлтӕра?

13 Иегъовӕйыл баныхӕсӕм. Цӕмӕй цард равзарӕм, ӕмӕ цӕрӕм, уый тыххӕй Иегъовӕйы ӕрмӕст уарзын ӕмӕ йӕм хъусын фаг нӕу – хъуамӕ йыл «баныхӕсӕм», ома йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ»,– загъта Йесо (Лукайы 21:19, НД). Ӕцӕгдӕр, цы ӕвзарӕм, уый ӕвдисы нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. «Амондджын у, Хуыцауӕй чи тӕрсы, йӕ зӕрдӕ чи хъӕбӕр кӕны, уый та бӕллӕхы бахаудзӕн»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 28:14. Уымӕн иу цӕвиттон у рагон Египеты фараон. Дӕс ӕфхӕрды Египетыл куыд цыдысты, афтӕ фараон Хуыцауӕй тынгӕй-тынгдӕр нӕ тарст, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр кодта. Уыцы сӕрбӕрзонд хицауы зӕрдӕйы Иегъовӕ нӕ сӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ коммӕ ма бакастаид, фӕлӕ йын йӕхи бауагъта равзарын, цы йӕ фӕндыд, уый. Куыд фӕнды ма уыдаид, Иегъовӕйы фӕндон сӕххӕст. Уый бӕрӕг у, Иегъовӕ фараонмӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй апостол Павел цы загъта, уымӕй: «Ӕз уый тыххӕй сӕвӕрдтон дӕу, цӕмӕй дӕуыл равдисон Мӕ хъару, ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕппӕт зӕххыл» (Ромӕгтӕм 9:17).

14 Израилӕгтӕ фараоны къухӕй куы ссӕрибар сты, уымӕй сӕдӕ азтӕ фӕстӕдӕр пехуымпар Исай загъта: «О, Иегъовӕ! Ды дӕ нӕ Фыд. Мах стӕм ӕлыг, ды та – нӕ Дурынгӕнӕг, ӕмӕ иууылдӕр стӕм дӕ къухы конд» (Исай 64:8). Иегъовӕйы Ныхас куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ цард куы фӕаразӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын нӕхи фӕлтӕрын уадзӕм – сабыргай ног адӕймаджы фӕлындӕм, нӕ удыхъӕд ивӕм. Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ тынг кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ кӕнӕм сӕрныллӕгдӕр ӕмӕ фӕлмӕндӕр, ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл «баныхӕсӕм» (Ефесӕгтӕм 4:23, 24; Колоссӕгтӕм 3:8–10).

«Уыдӕттӕ хъуамӕ радзурай»

15. Дыккаг закъоны 4:9 гӕсгӕ Моисей израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл цавӕр дывӕр хӕс ӕрлӕууын кодта?

15 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд сын Моисей загъта: «Ӕрмӕст кӕс дӕхимӕ ӕмӕ дӕ уд тынг хъахъхъӕн, цӕмӕй, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ ма ферох кӕнай ӕмӕ цард-цӕрӕнбонты дӕ зӕрдӕйы уой. Уыдӕттӕ хъуамӕ радзурай дӕ фырттӕн ӕмӕ дӕ фыртыфырттӕн» (Дыккаг закъон 4:9). Адӕмы цӕмӕй Иегъовӕйы хорзӕх уыдаид ӕмӕ, бынӕн цы зӕхх хъуамӕ райстаиккой, уым амондджынӕй цардаиккой, уый тыххӕй сыл сӕ Хуыцау Иегъовӕйы раз уыд дывӕр хӕс. Израилӕгтӕ хъуамӕ ма рох кодтаиккой, Иегъовӕ сын сӕ цӕстыты раз цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон, ӕмӕ сӕ фидӕны фӕлтӕртӕн дзырдтаиккой. Абон мах, Хуыцауы адӕм, хъуамӕ афтӕ кӕнӕм, кӕд нӕ фӕнды равзарын цард, ӕмӕ цӕрын. Иегъовӕ нӕ хӕрзӕбонӕн цы сарӕзта, уыдӕттӕй цы уынӕм?

16, 17. а) Галаады скъола каст чи фӕци, уыцы миссионертӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы цы ӕнтысы? ӕ) Бирӕ азты дӕргъы зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кӕны, уыдонӕй кӕй зоныс?

16 Куыд фӕцин кӕнӕм, Иегъовӕ нын нӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн куыд арфӕ кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ! 1943 азы Хъахъхъӕнӕн Мӕсыгы Ӕхсӕнады библион скъола Галаад куы байгом, уӕдӕй фӕстӕмӕ миссионертӕ бирӕ бӕстӕты ӕрлӕууынц ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы сӕргъы. Уыцы скъола бирӕ азты размӕ чи фӕци, уыдон абоны онг дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц, кӕд сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ сӕ чидӕртӕ раздӕрау цӕрдӕг нал сты, уӕддӕр. Иу хорз цӕвиттон у Мэри Олсон, Галаады скъола каст фӕци 1944 азы. Уый миссионерӕй лӕггад кодта фыццаг Уругвайы, стӕй Колумбийы ӕмӕ абон та Пуэрто-Рикойы. Хо Олсон кӕд ӕрыгон нал у ӕмӕ йӕ низтӕ хъыгдарынц, уӕддӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕны. Испайнаг ӕвзаг кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ алы къуыри дӕр ӕмбырды хъусынгӕнджытимӕ уацамынды фӕцӕуы.

17 Нэнси Портер (ныр у идӕдз), Галаады скъола каст фӕци 1947 азы ӕмӕ ма абон дӕр лӕггад кӕны Багамӕйы сакъадӕхты. Уый дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕллад нӕ зоны. Хо Портер йӕ биографийы фыссы: «Уӕлдай тынг цин кӕнын ууыл, адӕмӕн Библийы ӕцӕгад кӕй амонын. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр мын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты кӕй сты, уый тыххӕй мӕ царды алцыдӕр у рад ӕмӕ ӕгъдауыл» *. Хо Портер ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ цардмӕ фӕстӕмӕ кӕсгӕйӕ, нӕ рох кӕнынц, Иегъовӕ цы сарӕзта, уый. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Кӕм цӕрӕм, уым Иегъовӕ Паддзахады хъуыддагӕн куыд арфӕ кӕны, уымӕй дзы бузныг стӕм? (Псалом 67:12).

18. Миссионерты царды хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

18 Нӕ зӕрдӕ нын тынг агайы, бирӕ азты дӕргъы Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон цы сарӕзтой ӕмӕ нырмӕ дӕр цы аразынц, уый. Сӕ царды хабӕрттӕ нын сты стыр ныфсы хос. Иегъовӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕн куыд арфӕ кодта, уый уынгӕйӕ фидар кӕны нӕ фӕнд дарддӕр дӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы цы зӕрдӕмӕхъаргӕ биографитӕ вӕййы, уыдонӕй алкӕцы дӕр бакӕсыс ӕмӕ йыл ахъуыды кӕныс?

19. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы цы биографитӕ вӕййы, уыдонӕй чырыстон ныййарджытӕн сӕ бон пайда кӕнын куыд у?

19 Моисей израилӕгты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй ма рох кӕной, Иегъовӕ сын цы сарӕзта, уыдӕттӕ, ӕмӕ цард-цӕрӕнбонты сӕ зӕрдӕйы уой. Стӕй сын загъта, уымӕй уӕлдай ма сӕ цы кӕнын хъуыд: «Уыдӕттӕ хъуамӕ радзурай дӕ фырттӕн ӕмӕ дӕ фыртыфырттӕн» (Дыккаг закъон 4:9). Искӕй царды хабӕрттӕ адӕймагыл тынг ӕндавынц. Рӕзгӕ фӕсивӕдӕн хъуамӕ исчи хорз цӕвиттон уа. Ӕнӕцыд хотӕн сӕ бон у бафӕзмын иузӕрдион хистӕр хоты. Ахӕм хоты царды хабӕрттӕ фыст вӕййынц «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг»-ы. Хи бӕстӕйы фӕсарӕйнӕгтӕн хъусын кӕнгӕйӕ, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ис фадат, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕной. Чырыстон ныййарджытӕ, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ царды фӕндагӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад равзарой, уый тыххӕй сӕ хорз нӕ уаид, иузӕрдион миссионерты ӕмӕ ӕндӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕвиттонтӕй куы ахуыр кӕниккат?

20. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй «равзарӕм цард»?

20 Уӕдӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у «равзарын цард»? Уый тыххӕй хъуамӕ нӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй, Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм ӕмӕ нын цалынмӕ ахӕм диссаджы фадат ис, уӕдмӕ чырыстон лӕггады нӕ бон цы у, уый аразӕм. Моисей куыд загъта, афтӕмӕй Иегъовӕ у «нӕ цард ӕмӕ нӕ бирӕ цӕрӕнбонтӕ» (Дыккаг закъон 30:19, 20).

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Кӕс «Цин кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕй бузныг дӕн, кӕд мыл уӕззау зиан ӕрцыд, уӕддӕр», 2001 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 23–27 фф., уыр.

Хъуыды ма кӕныс?

• Алыхуызон фӕндӕгтӕ чи равзӕрста, уыцы адӕмы цӕвиттонтӕй цӕуыл сахуыр стӕм?

• Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй «равзарӕм цард»?

• Цавӕр дывӕр хӕс ныл ис?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

«Мӕнӕ уӕ разы цард ӕмӕ мӕлӕт»

[Ныв 27 фарсыл]

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ Хуыцаумӕ кӕй хъуыстой, уый фӕрцы фервӕзтысты

[Ныв 28 фарсыл]

Мэри Олсон

[Ныв 28 фарсыл]

Нэнси Портер