Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау тыхсы ацӕргӕтыл

Хуыцау тыхсы ацӕргӕтыл

Хуыцау тыхсы ацӕргӕтыл

АБОН ацӕргӕ адӕмӕн бирӕ рӕтты фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уый диссаг нӕу. Библийы раджы уыд загъд, ацы ӕнӕхуыцау дунейы «фӕстаг бонты» адӕм кӕй уыдзысты «хиуарзон... хӕстӕг-хион нал зондзысты» (2 Тимофеймӕ 3:1–3, НД). Грекъаг дзырдбастмӕ, «хӕстӕг-хион нал зондзысты», зӕгъгӕ, хауы, бинонты астӕу цы уарзондзинад ис, уый дӕр. Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, абон ахӕм уарзондзинад нӕ фаг кӕны.

Азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой, уыдонӕн Иегъовӕ куыд аргъ кӕны ӕмӕ сыл куыд тыхсы, уымӕй тынг хицӕн кӕны, ацӕргӕ адӕмӕн фыдмитӕ чи кӕны, уыдонӕй. Ӕркӕсӕм, ацы хъуыддаг Библи куыд ӕвдисы, уымӕ.

«Идӕдзты тӕрхонгӕнӕг»

Иегъовӕ Хуыцау ацӕргӕтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый бӕрӕг у Дзуттаг Фыстытӕй. Зӕгъӕм, Псалом 67:6 Давид Хуыцауы хоны «идӕдзты тӕрхонгӕнӕг», уыдон та арӕхдӕр вӕййынц ацӕргӕтӕ *. Библийы ӕндӕр тӕлмацты дзырд «тӕрхонгӕнӕг» раивтой «сӕрылхӕцӕг», «хъахъхъӕнӕг» ӕмӕ «фарсылхӕцӕгӕй». Бӕрӕг у, Иегъовӕ идӕдзтыл кӕй тыхсы. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, исчи сӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд йӕ маст тынг кӕй рафыцы (Рацыд 22:22–24). Идӕдзтӕ ӕмӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр тынг зынаргъ сты Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн. Ӕмбисӕндты 16:31 зыны Иегъовӕ ӕмӕ йӕ адӕмы зӕрдӕйы уаг: «Адӕймагӕн йӕ сӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы сурс уа, уӕд ын уый у, чи йӕ рӕсугъд кӕны, ахӕм кады худ».

Уӕдӕ ныр ӕмбарӕм: ацӕргӕтӕн кад кӕнын ахсджиаг бынат ахста, Иегъовӕ Израилӕн цы Закъон радта, уым. Хуыцау израилӕгтӕн фӕдзӕхста: «Урссӕр адӕймаджы раз ыст ӕмӕ зӕрондӕн ӕгъдау дӕтт ӕмӕ дӕ Хуыцауӕй тӕрс. Ӕз дӕн Иегъовӕ» (Левит 19:32). Уымӕ гӕсгӕ, израилӕгтӕ ацӕргӕтӕм цы цӕстӕй кастысты, уымӕй бӕрӕг уыд, Иегъовӕ Хуыцаумӕ цас ӕввахс уыдысты, уый. Адӕймагӕн йӕ бон нӕ уыд зӕгъын, ӕз Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ, кӕд ацӕргӕтӕн ӕвзӕр уыд, уӕд.

Абон чырыстӕтты Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ «Чырыстийы закъон». Уыцы закъон тынг ӕндавы се ’гъдауыл, уымӕ та хауы ныййарджыты ӕмӕ ацӕргӕты уарзын, лӕггад сын кӕнын (Галатӕгтӕм 6:2; Ефесӕгтӕм 6:1–3; 1 Тимофеймӕ 5:1–3). Чырыстӕттӕн уый сӕ хӕс кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй не ’вдисынц уарзондзинад, фӕлӕ сӕ уымӕ разӕнгард кӕны сӕ зӕрдӕ. Апостол Петр дӕр дзырдта: «Уарзут кӕрӕдзийы сыгъдӕг зӕрдӕйӕ» (1 Петры 1:22).

Ацӕргӕтыл тыхсын ма цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй дзырдта ахуыргӕнинаг Иаков: «Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин у ахӕм – сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕн сӕ тыхсты сӕ фарсмӕ балӕуу ӕмӕ ацы дунейӕ дӕхи фӕчъизи кӕнын ма уадз» (Иаковы 1:27, НД). Ам Иаков бафиппайдта иу зӕрдӕмӕхъаргӕ хъуыддаг – уыцы адӕм Иегъовӕйӕн сты тынг зынаргъ.

Уымӕ гӕсгӕ фаг нӕу, ацӕргӕтӕн ӕвзӕрдзинад кӕй нӕ кӕнӕм, уый. Фӕлӕ сыл хъуамӕ зӕрдиагӕй аудӕм, хъуыддагӕй сын ӕххуыс кӕнӕм. (Кӕс фӕлгӕт «Уарзондзинад хъуыддагӕй», 4, 5 фф.). Иаков фыста: «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй у мард» (Иаковы 2:26).

«Сӕ тыхсты» рӕстӕг сӕ барӕвдауын

Иаковы ныхӕстӕ ма нӕ ӕндӕр хъуыддагыл дӕр ахуыр кӕнынц. Дӕ хъус ма ӕрдар, Иаков чырыстӕттӕн кӕй фӕдзӕхста идӕдзты «сӕ тыхсты» рӕстӕг рӕвдауын. Грекъаг дзырд «тыхст» арӕхдӕр нысан кӕны бӕллӕх, зындзинад кӕнӕ цӕйдӕр аххосӕй хъизӕмар кӕнын. Ацӕргӕтӕй бирӕтӕ кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый не ’ппӕт дӕр зонӕм. Иуӕй-иутӕ сӕ сты иунӕг. Иннӕтӕ та сӕхимӕ ныхъхъуыстой, кӕй базӕронд сты ӕмӕ сӕ бон бирӕ кӕй нал у, уый тыххӕй. Суанг ма Хуыцауы хъуыддаджы нырма бирӕ чи аразы, уыдон дӕр, гӕнӕн ис, ныфссаст уой. Ӕркӕсӕм Джоны * хабармӕ. Уый 40 азы дӕргъы иузӕрдионӕй хъусын кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, уыдонӕй 30 азы у сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг. Ныр ыл цӕуы 80 азы, ӕмӕ зӕгъы, иуӕй-иу хатт тынг ӕрхӕндӕг кӕй вӕййы: «Мӕ цардыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд арӕх мӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц мӕ рӕдыдтытӕ, уыдон та гыццыл нӕ уыдысты. Ӕдзухдӕр мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл худы ӕмӕ мӕхицӕн фӕзӕгъын: „Уый гӕнӕн уыд, ӕмӕ уыцы рӕдыдтытӕн сӕ фылдӕр ма уыдаиккой“».

Ахӕм уавары чи ис, уыдонӕн удӕнцой хӕсдзӕн, куы зоной: кӕд Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕххӕст у, уӕддӕр махӕй ӕххӕстдзинад нӕ агуры. Кӕд нын нӕ рӕдыдтытӕ зоны, уӕддӕр Библийы фыст ис: «Хицау, Ды куы фиппайай ӕнӕзакъондзинӕдтӕ,– Хицау! чи бафӕраздзӕн?» (Псалом 129:3). О, Иегъовӕ нӕ рӕдыдтытӕй фылдӕр уыны ӕмӕ зоны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Кӕцӕй йӕ зонӕм?

Паддзах Давид, йӕхӕдӕг тӕригъӕдтӕ чи сарӕзтӕ ӕмӕ дзӕвгар рӕдыдтытӕ кӕуыл ӕрцыди, уый Хуыцауы фӕндӕй ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Хицау! Ды бафӕлвӕрдтай мӕн ӕмӕ зоныс. Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын; Ды ӕмбарыс мӕ хъуыдытӕ дардӕй. Цӕугӕ кӕнын, ӕви мӕ фӕллад уадзын, Ды дӕ мӕ алыварс, ӕмӕ мӕ фӕндӕгтӕ Дӕуӕн ӕппӕт зындгонд сты» (Псалом 138:1–3). Ам цы ныхӕстӕ ис, «мӕ алыварс», зӕгъгӕ, уым дзуттаг ӕвзаджы ис дзырд «сбарын», ӕмӕ комкоммӕ нысан кӕны «луарын», мӕнӕ зӕхкусӕг мӕнӕу дымгӕмӕ куыд ныддары, цӕмӕй йӕ асыгъдӕг кӕна, афтӕ. Хуыцауы фӕндӕй нын Давид зӕрдӕ бавӕрдта: Иегъовӕ зоны, куыд рахицӕн кӕна ӕмӕ йӕ зӕрдыл куыд бадара нӕ хорз хъуыддӕгтӕ.

Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыд нын нӕ рох кӕны нӕ хорз хъуыддӕгтӕ, цӕлынмӕ йыл иузӕрдион стӕм, уӕдмӕ. Ӕцӕгдӕр, Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау хӕрам хъуыддагыл нымайы, йӕ номы тыххӕй цы аразӕм ӕмӕ цы уарзондзинад ӕвдисӕм, уый ферох кӕнын (Дзуттытӕм 6:10).

«Раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта»

Библи ӕвдисы, Хуыцауы кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм зӕронд кӕной. Нӕ рагфыдӕлтӕ, фыццаг лӕг ӕмӕ ус, се Сфӕлдисӕджы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый аххосӕй адӕм зӕронд ӕмӕ хъизӕмар кӕнын райдыдтой (Уӕвынад 3:17–19; Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ афтӕ ӕнустӕм нӕ уыдзӕн.

Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй абон цы бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыимӕ ацӕргӕтӕн фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы дунейы «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1). Хуыцауы фӕндон у тӕригъӕд фесафын, уыимӕ зӕронддзинад ӕмӕ мӕлӕт дӕр. Библи дзуры: «Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4, НТ).

Хуыцауы ног дунейы, абон зӕронд адӕм цы рыст ӕмӕ фыдмитӕ ӕвзарынц, уыдӕттӕ нал уыдзысты (Михей 4:4). Чи амард ӕмӕ Хуыцауы хъуыдыйы чи ис, уыдон дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрын (Иоанны 5:28, 29). Уӕд, раздӕр куыд никуы уыд, афтӕ бӕлвырд уыдзӕн: Иегъовӕ Хуыцау ӕрмӕст ацӕргӕтыл нӕ тыхсы, фӕлӕ йӕм чи хъусы, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу идӕдзтӕ ацӕргӕ не сты. Хуыцау ӕрыгон идӕдзтыл дӕр кӕй тыхсы уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, Левит 22:13.

^ 11 абз. Ном ивд у.

[Рамкӕ/Нывтӕ 4, 5 фарсыл]

Уарзондзинад хъуыддагӕй

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхимӕ разамынд исынц, цӕмӕй ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕной. Апостол Петр цы фӕдзӕхста, уый ахсджиагыл нымайынц: «Хизут Хуыцауы дзуг, кӕцы у сымах бар» (1 Петры 5:2). Ацӕргӕтӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнын дӕр у, Хуыцауы дзугыл тыхсын. Уымӕ та цы хауы?

Хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм, ацӕргӕтӕм фӕкӕсын кӕм хъӕуы, уый сбӕрӕг кӕныныл. Уый тыххӕй нӕ, чи зоны, адӕймагмӕ иу-цалдӕр хатты бацӕуын дӕр бахъӕуа. Фӕхъӕуы дуканимӕ ацӕуын ӕмӕ хӕдзар бафснайын, ӕмбырдтӕм ӕй ласын, Библи ӕмӕ йын нӕ литературӕ кӕсын ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ. Гӕнӕн кӕм ис, уым хъуамӕ спълан кӕнӕм, куыд сын ӕххуыс кӕндзыстӕм, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм *.

Фӕлӕ ӕмбырды ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй исчи уӕззау уавӕры куы бахауа ӕмӕ йын, зӕгъӕм, ӕхцайӕ баххуыс кӕнын куы хъӕуа, уӕд та? Фыццаджыдӕр уал хорз уаид, куы базониккам, йӕ сывӕллӕттӕ кӕнӕ йын йӕ хиуӕттӕй искӕй бон у баххуыс кӕнын ӕви нӕ. Ахӕм уынаффӕ ис 1 Тимофеймӕ 5:4 (НТ): «Кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл – уый Хуыцауӕн фӕндон у».

Базонӕн ис, ацӕргӕтӕй фӕкӕсын кӕмӕ хъӕуы, уымӕн закъонмӕ гӕсгӕ хицауадӕй ӕххуыс ӕмбӕлы ӕви нӕ. Чи зоны уыцы хъуыддаджы ӕмбырдӕй искӕй бон у баххуыс кӕнын. Кӕд ын уыцы ӕххуыс не ’мбӕлы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у ахӕм адӕймаджы уавӕрмӕ бӕстондӕр ӕркӕсын ӕмӕ уынаффӕ рахӕссын, цӕмӕй йын ӕмбырд баххуыс кӕна. Фыццаг ӕнусы ӕмбырды дӕр-иу хатт афтӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй фыста апостол Павел йе ’мкусӕг Тимофеймӕ: «Идӕдз ус хъуамӕ ӕвзӕрст уа ӕхсай аздзыдӕй къаддӕр нӕ, кӕцы уыд иу лӕджы ус, зындгонд йӕ хорз хъуыддӕгтӕй, кӕд уый схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, фӕндаггӕтты уазӕг кодта, ӕхсадта сыгъдӕджыты къӕхтӕ, ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнувыд уыд алкӕцы хорз хъуыддаг бакӕнынмӕ» (1 Тимофеймӕ 5:9, 10).

[Фиппаинаг]

^ 25 абз. Уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 1989 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (уыр.), статья «Ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн чырыстӕтты хъӕуы удуӕлдайдзинад».

[Ныв 6 фарсыл]

Доркӕ тыхсти мӕгуыр идӕдзтыл (Куыстытӕ 9:36–39)