Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕттӕ дӕ ирвӕзындзинадмӕ?

Цӕттӕ дӕ ирвӕзындзинадмӕ?

Цӕттӕ дӕ ирвӕзындзинадмӕ?

«Дӕ бинонтимӕ наумӕ бацу, уымӕн ӕмӕ ӕз уынын, ацы фӕлтӕрӕй ды кӕй разындтӕ рӕстгӕнӕг» (УӔВЫНАД 7:1).

1. Иегъовӕ Нойы бонты фервӕзынӕн цавӕр мадзал радта?

ИЕГЪОВӔ Нойы бонты «ӕнӕхуыцау дунейыл донӕй хъаймӕт... рауагъта», фӕлӕ уыимӕ фервӕзыны мадзал дӕр радта (2 Петры 2:5, НФ). Ӕцӕг Хуыцау рӕстгӕнӕг Нойӕн нау саразынӕн радта бӕлвырд амындтӕ, цӕмӕй ӕппӕтдунеон доны хъаймӕты фервӕзтаид (Уӕвынад 6:14–16). Куыд зонӕм, афтӕмӕй Иегъовӕйы коммӕгӕс лӕггадгӕнӕг «ӕппӕтдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ». Ӕцӕг, «растдӕр афтӕ бакодта». Ной коммӕгӕс кӕй уыд, абон мах дӕр уый руаджы цӕрӕм (Уӕвынад 6:22).

2, 3. а) Ной цы арӕзта, уымӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕм цы цӕстӕй ракастысты? ӕ) Цӕй ныфсӕй бацыд Ной наумӕ?

2 Нау аразын ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Ӕвӕццӕгӕн, адӕмӕй бирӕтӕ дис кодтой, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы куыст кодтой, ууыл. Фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ баууӕндын кодта, фервӕзынӕн сӕ уыцы наумӕ бацӕуын кӕй хъуыди, ууыл. Ӕппынфӕстаг Хуыцауы фӕразондзинадӕн кӕрон ӕрцыд (Уӕвынад 6:3; 1 Петры 3:20).

3 Дӕсгай азты дӕргъы Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ уӕззау куыст фӕкодтой. Уый фӕстӕ йын Иегъовӕ загъта: «Дӕ бинонтимӕ наумӕ бацу, уымӕн ӕмӕ ӕз уынын, ацы фӕлтӕрӕй ды кӕй разындтӕ рӕстгӕнӕг». Иегъовӕйы ныхӕстыл баууӕндгӕйӕ «Ной, йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты устытӕ бацыдысты наумӕ». Иегъовӕ дуар сӕхгӕдта, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕна. Зӕххыл доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд нау уыд ӕппӕты хуыздӕр мадзал фервӕзынӕн (Уӕвынад 7:1, 7, 10, 16).

Нӕ рӕстӕг Нойы бонты хуызӕн цӕмӕй у

4, 5. а) Йесо, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уыцы рӕстӕг цӕимӕ абарста? ӕ) Нойы бонтӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмхуызон цӕмӕй сты?

4 «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр» (Матфейы 24:37, НД). Йесойы ныхӕстӕ ӕвдыстой, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уыцы рӕстӕг Нойы бонты хуызӕн кӕй уыдзӕн, ӕмӕ уый ӕцӕгӕйдӕр афтӕ у. Уӕлдайдӕр 1919 азӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд цӕуы, Ной кӕй хъусын кодта, ахӕм фӕдзӕхсӕн хабар. Ӕмӕ ныр дӕр адӕм уыцы хабармӕ, Нойы бонты цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй кӕсынц.

5 Доны хъаймӕты Иегъовӕ фесӕфта, «фыддзинадӕй чи байдзаг», уыцы дуне (Уӕвынад 6:13). Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕвзӕрӕй никӕмӕн ницы кодтой, никӕй хъыгдӕрдтой, афтӕмӕй нау арӕзтой ӕмӕ уый уыдтой сӕ алыварс адӕм. Ам дӕр та уынӕм, уыцы заман нӕ рӕстӕгимӕ ӕмхуызон цӕмӕй уыд, уый. Абон дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм уынынц, «рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджыты ’хсӕн, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис, уый» (Малахи 3:18). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕсгомджын, хӕларзӕрдӕ, фарнуарзаг ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уый дисы ӕфтауы рӕстзӕрдӕ адӕмы ӕмӕ уыцы миниуджытӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ацы дунейӕ хицӕн кӕнынц. Ӕвдисӕнтӕ цыфӕнды фыддзинад аразынӕй дӕр сӕхи хизынц ӕмӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг уды коммӕ кӕсынц. Уымӕн сты арфӕгонд фарнӕй ӕмӕ уымӕн цӕуынц раст фӕндагыл (Исай 60:17).

6, 7. ) Нойы рӕстӕг адӕм цы не ’мбӕрстой ӕмӕ абон дӕр хъуыддаг куыд у? ӕ) Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, адӕм кӕй уынынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уый?

6 Нойы рӕстӕг чи цард, уыцы адӕм не ’мбӕрстой, Нойӕн Хуыцау кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый. Цы хъусын кодта, уый ахсджиагыл нӕ нымадтой ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст ницӕмӕ дардтой. Абон та хъуыддаг куыд у? Кӕд бирӕты дисы ӕфтауы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд кусынц ӕмӕ сӕм цы ӕгъдау ис, уый, уӕддӕр сӕ зӕрдӕмӕ хорз хабар нӕ исынц ӕмӕ Библийы фӕдзӕхстмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц. Сыхӕгтӕ, куысты хицӕуттӕ кӕнӕ хӕстӕджытӕ, гӕнӕн ис ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕй ӕппӕлой, фӕлӕ ма уӕддӕр дзурой: «Ӕрмӕст Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы нӕ уаиккой!». Уыцы адӕм нӕ хъуыды кӕнынц, Ӕвдисӕнтӕм уарзондзинад, фарн кӕй ис, хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг ӕмӕ хиуылхӕцгӕ кӕй сты, уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц (Галатӕгтӕм 5:22–25). Ахӕм миниуджытӕ сӕм кӕй ис, уый руаджы адӕм хъуамӕ ноджы тынгдӕр ӕууӕндой сӕ хабарыл.

7 Цӕвиттон, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Уӕрӕсейы арӕзтой Паддзахады зал. Иу нӕлгоймаг кусджытӕй кӕйдӕр баурӕдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Ӕнахуыр арӕзтад – нӕ дзы тамако исчи дымы, нӕ дзы тызмӕг ныхас кӕнынц, нӕдӕр дзы нозтджын исчи у! Зӕгъ ма, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не стут?» Ӕфсымӕр ын загъта: «Афтӕ дын куы зӕгъон не стӕм, уӕд мыл баууӕнддзынӕ?» Нӕлгоймаг уайтагъд загъта: «Ницы хуызы». Уӕрӕсейы ӕндӕр горӕты хицауӕн та йӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куы федта, Ӕвдисӕнтӕ ног Паддзахады зал куыд аразынц, уый. Раздӕр динтӕ иууылдӕр ӕмхуызоныл нымадта, фӕлӕ куы федта, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты зӕрдиаг куыст, уӕд афтӕ нал хъуыды кодта. Ацы дыууӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйы адӕм кӕй хицӕн кӕнынц, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕй.

8. Цӕмӕй кӕнгӕ у нӕ ирвӕзындзинад?

8 Цалынмӕ рагон дуне доны хъаймӕты нӕ фесӕфт, уӕдмӕ Ной уыди «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» (2 Петры 2:5). Ацы дунейы фӕстаг бонты дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ адӕмы зонгӕ кӕнынц йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтимӕ ӕмӕ хъусын кӕнынц хорз хабар, кӕй ис фервӕзӕн ӕмӕ ног дунейы цӕрӕн (2 Петры 3:9–13). Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науы куыд фервӕзтысты, афтӕ абон дӕр адӕймаг фервӕздзӕн йӕ уырнындзинады руаджы ӕмӕ, Иегъовӕйӕн зӕххыл цы организаци ис, ууыл иузӕрдион куы уа ӕмӕ йемӕ ӕмгуыст куы кӕна, уӕд.

Фервӕзынӕн хъӕуы уырнындзинад

9, 10. Кӕд нӕ Сайтаны дунейы сӕфты рӕстӕг фервӕзын фӕнды, уӕд нӕ уырнындзинад цӕмӕн хъӕуы?

9 Цы хъуамӕ араза адӕймаг, цӕмӕй фервӕза, Сайтаны къухы чи ис, уыцы дуне тагъд куы сӕфа, уӕд? (1 Иоанны 5:19). Уый фыццаджыдӕр хъуамӕ бамбара, ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы. Стӕй та хъуамӕ уыцы ӕххуысӕй спайда кӕна. Нойы бонты адӕмы ӕрвылбоны царды мӕт йеддӕмӕ ницыуал уыд ӕмӕ не ’мбӕрстой, тагъд цы бӕллӕх уыдзӕн, уым фервӕзынӕн сӕ ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауыл зӕрдиагӕй не ’ууӕндыдысты.

10 Уыдонӕй уӕлдай, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕмбӕрстой, ӕххуыс ӕмӕ сӕ ирвӕзындзинад кӕй хъӕуы. Уыдон ма ӕууӕндыдысты Дунедарӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйыл. Апостол Павел фыста: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй та [Иегъовӕйы] зӕрдӕйӕн балхӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл». Стӕй ма загъта: «Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл» (Дзуттытӕм 11:6, 7, НТ).

11. Раджы заманты Иегъовӕ куыд ирвӕзын кодта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

11 Цӕмӕй, ацы фыддуне куы сӕфа, уӕд фервӕзӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, хъаймӕт кӕй уыдзӕн, ӕрмӕст ууыл ӕууӕндын. Хъуамӕ нӕ уырнындзинад бӕрӕг уа – Хуыцау фервӕзынӕн цыдӕриддӕр аразы, уымӕй пайда кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Хуыцауы Фырт, Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл (Иоанны 3:16, 36). Фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Нойы науы мидӕгӕй чи уыд, ӕрмӕст уыдон фервӕзтысты доны хъаймӕты. Рагон Израилы дӕр ӕмбӕхсӕн сахартӕ хъахъхъӕдтой, ӕнӕнхъӕлӕджы-иу адӕймаджы чи амардта, уыдоны, кӕд-иу лӕгмар уыцы сахармӕ алыгъд ӕмӕ-иу стӕй уым баззад хистӕр сауджыны мӕлӕты онг, уӕд (Нымӕцтӕ 35:11–32). Моисейы бонты Египеты дӕсӕм ӕфхӕрдӕй египетӕгты фыццаггуырдтӕ куы амардысты, уӕд израилӕгты фыццаггуырдтӕ та фервӕзтысты. Цӕй фӕрцы? Иегъовӕ Моисейӕн загъта: «[Израилӕгтӕ] хъуамӕ райсой [куадзӕны уӕрыччы] тугӕй ӕмӕ йӕ бапырх кӕной, цы хӕдзӕртты йӕ хӕрдзысты, уыдоны дуары тарвӕзтыл ӕмӕ дуары сӕрмӕ хъӕдтыл... Ӕмӕ хъуамӕ райсоммӕ мачи рацӕуа хӕдзарӕй» (Рацыд 12:7, 22). Израилӕгты фыццаггуырдтӕй йӕ ныфс чи бахастаид Хуыцауы ныхасы сӕрты ахизын ӕмӕ, туг цы дуары тарвӕзтыл ӕмӕ дуары сӕрмӕ хъӕдтыл уыд пырх, уыцы хӕдзарӕй рацӕуын?

12. Алчидӕр йӕхимӕ цы фарст хъуамӕ радта ӕмӕ цӕмӕн?

12 Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм: Иегъовӕ нын нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнынӕн цыдӕриддӕр аразы, уымӕй пайда кӕнӕм? Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд ӕххуыс чи агуырдта, уыдон уыдзысты тынг бузныг ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттыл уайдзысты цины цӕссыгтӕ. Иннӕтӕм та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕрмӕст маст ӕмӕ фӕсмоны цӕссыгтӕ.

Ирвӕзындзинадмӕ нӕ чи цӕттӕ кӕны, ахӕм ивддзинӕдтӕ

13. а) Ӕмбырды ивддзинӕдтӕ цӕмӕн хъуыдысты? ӕ) Уыцы ивддзинӕдтӕй иуӕй-иуты тыххӕй радзур.

13 Иегъовӕ зӕххыл йӕ организацийы аразы ивддзинӕдтӕ. Уыдон сты нӕ уырнындзинад хъахъхъӕнынӕн. 1870 азӕй 1932 азмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ диакъонты ӕвзӕрста ӕмбырд. 1932 азӕй хистӕр нӕлгоймӕгты нал ӕвзӕрстой, фӕлӕ-иу равзӕрстой ӕмбырды комитет, цӕмӕй ӕххуыс кодтаид разамынддӕттӕг ӕфсымӕрӕн. 1938 азӕй та Иегъовӕйы организацийы ӕмбырды лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр нысангонд цыдысты Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. 1972 аз Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг Совет рахаста уынаффӕ: ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕныны тыххӕй хъӕуы фехъусын кӕнын филиалмӕ. Уый фӕстӕ ӕмбырд уый фӕдыл фыстӕджы дзуапп райсы. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Разамонӕг Советы куыст фылдӕр кодта ӕмӕ сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй ивддзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд.

14. Цавӕр ахуырадон программӕ райдыдта 1959 азы?

14 1950 азы Псалом 44:17 бӕстон ӕвзӕрст ӕрцыд ӕмӕ уый фӕдыл сарӕзтой ахуырадон программӕ. Ацы стихы кӕсӕм: «Дӕ фыдӕлты бӕсты уыдзысты дӕ фырттӕ; Ды сӕвӕрдзынӕ уыдоны кънийӕзтӕй ӕппӕт зӕххыл». Хистӕр нӕлгоймӕгты, ӕмбырды сӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны ахуыр кӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа абон дӕр ӕмӕ Армагеддоны фӕстӕ дӕр сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын (Раргомад 16:14, 16). 1959 азы йӕ куыст райдыдта хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъола. Уыцы скъолайы ахуыр кодтой иу мӕй, сӕйрагдӕр ӕмбырды лӕггадгӕнджытӕ, уӕд афтӕ хуыдтой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджыты. Ныр уыцы скъолайы ахуыр кӕнынц ӕппӕт цӕстдарджытӕ дӕр ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ. Уый фӕстӕ уыцы ӕфсымӕртӕ сӕхимӕ исынц разамынд, цӕмӕй ӕмбырды хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕной. Афтӕмӕй се ’ппӕт дӕр исынц ӕххуыс, цӕмӕй алкӕй уырнындзинад дӕр рӕза ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕной (Маркы 13:10).

15. Ӕмбырды сыгъдӕгдзинад бахъахъхъӕнынӕн цавӕр дыууӕ мадзалы ис?

15 Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон хорз хабарыл чи худы, уыдонӕн нӕй бынат ӕмбырды, Нойы рӕстӕджы науы ахӕмтӕн бынат куыд нӕ уыд, афтӕ (2 Петры 3:3–7). Уӕлдайдӕр 1952 азӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хуыздӕр бамбӕрстой, ӕмбырд бахъахъхъӕныны тыххӕй, йӕ тӕригъӕдыл фӕсмон чи нӕ кӕны, уыдоны кӕй хъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕрдиагӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн хӕларзӕрдӕйӕ баххуыс кӕнынц фӕстӕмӕ раст фӕндагыл слӕууынӕн (Дзуттытӕм 12:12, 13; Ӕмбисӕндтӕ 28:13; Галатӕгтӕм 6:1).

16. Иегъовӕйы адӕмы уырнындзинадӕй цы зӕгъӕн ис?

16 Иегъовӕйы адӕмы сӕ уырнындзинадӕн цы хъӕуы, уымӕй ӕххӕст кӕй сты, уый диссаг нӕу. Пехуымпар Исайы уылты Иегъовӕ загъта: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ минас кӕндзысты, сымах та ӕххормагӕй мӕлдзыстут. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты, сымахӕн та худинаг уыдзӕн. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ фырцинӕй зардзысты, сымах та ӕрдиаг кӕндзыстут уӕ зӕрдӕты рыстӕй ӕмӕ хъӕрздзыстут, уӕ ныфс бынтондӕр кӕй асӕтдзӕн, уымӕй» (Исай 65:13, 14). Иегъовӕ нын абон дӕр афойнадыл парахатӕй дӕтты хӕрзад монон хӕринаг нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн (Матфейы 24:45).

Цӕттӕ у ирвӕзындзинадмӕ

17. Ирвӕзындзинадмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Абоны хуызӕн афтӕ ахсджиаг никуы уыд, цӕмӕй «иу иннӕйыл уа ӕнувыд, кӕрӕдзи разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм. Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн» (Дзуттытӕм 10:23–25, НТ). Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дунейы ис 98 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Уыцы ӕмбырдтӕй искӕцыимӕ ӕмвӕндӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм ирвӕзындзинадмӕ. Хотӕ ӕмӕ нын ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕндзысты, куы уыной кӕй архайӕм «ног адӕймаджы» сфӕлындыныл ӕмӕ иннӕтӕн зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнӕм, Иегъовӕ ирвӕзындзинадӕн цы аразы, уый (Ефесӕгтӕм 4:22–24; Колоссӕгтӕм 3:9, 10; 1 Тимофеймӕ 4:16).

18. Чырыстон ӕмбырдмӕ ӕнгом цӕмӕн хъуамӕ лӕууӕм?

18 Сайтан ӕмӕ йӕ фыддунейы тынг фӕнды, цӕмӕй чырыстон ӕмбырд ныууадзӕм. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ ӕмбырдыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм ӕмӕ, ацы фыддунейӕн йе сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд фервӕзӕм. Цӕй уӕдӕ, Иегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йе ’ххуысӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ разӕнгард кӕнӕд Сайтаны ныхмӕ ноджы фидардӕрӕй лӕууынмӕ. Абон куыд арфӕгонд стӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр ныфсы хос уыдзӕн. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй иуӕй-иутыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Нӕ рӕстӕг Нойы бонтимӕ ӕмхуызон цӕмӕй у?

• Цавӕр миниуӕг хъӕуы фервӕзынӕн?

• Мах бахъахъхъӕнынӕн Иегъовӕ цавӕр ивддзинӕдтӕ аразы?

• Алкӕй бон дӕр куыд у йӕхи ирвӕзындзинадмӕ цӕттӕ кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Ной цы арӕзта, уый йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕм ницӕмӕ дардтой

[Ныв 13 фарсыл]

Хуыцауы фӕдзӕхсӕн хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын нӕ хъӕуы

[Ныв 14 фарсыл]

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн скъола арӕзт цӕмӕн ӕрцыд?

[Ныв 15 фарсыл]

Ныр хъӕуы чырыстон ӕмбырдмӕ ӕнгомдӕр лӕууын