Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Амондджын дӕ?

Амондджын дӕ?

Амондджын дӕ?

ДӔ БОН у дӕхи бафӕрсын: «Амондджын дӕн?» Цард чи иртасы, уыцы ахуыргӕндты дӕр уый базонын фӕнды. Фӕлӕ уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Лӕг йӕ цардӕмбалы цас уарзы кӕнӕ бинонтӕй кӕйдӕр мӕлӕт цас рыст ӕрхӕссы, уый куыд зын базонӕн у, афтӕ зын базонӕн у, адӕм цас амондджын сты, уый дӕр. Адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ сбарын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой иу ахсджиаг хъуыддаг: алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ амондджын уа.

Кӕд адӕм афтӕ конд сты, ӕмӕ амондджын уой, уӕддӕр сӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕнамонд кӕнынц. Зӕгъӕм, иуӕй-иу горӕтты уӕлмӕрдтӕ байдзаг сты, СПИД-ӕй чи амард, ахӕм адӕмӕй. Бынӕттон хицӕуттӕ бар раттой зӕронд ингӕнтӕ ахафынӕн, цӕмӕй дзы ӕндӕрты ныгӕной. Африкӕйы иуӕй-иу рӕтты адӕмӕн куыст сӕйраджыдӕр чырынтӕ аразыны руаджы ис. Кӕмфӕнды ма цӕрай, уӕддӕр феныс, уӕззау низӕй чи тыхсы ӕмӕ йӕ хӕстӕг кӕнӕ йе ’мбал кӕмӕн фӕзиан, ахӕм адӕмы хъизӕмӕрттӕ.

Хъӕздыг бӕстӕты та уавӕр куыд у? Суанг уым дӕр адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнӕхцайӕ аззайы. Америкӕйы пенсиисджытӕй бирӕтӕ фӕстӕмӕ куыстмӕ бацӕуынц, цӕмӕдӕр гӕсгӕ сын пенси кӕй нал фӕфидынц, уый тыххӕй. Бинонтӕм цыдӕриддӕр вӕййы, уый дохтыртыл кӕнӕ хостыл ацӕуы. «Мӕ зӕрдӕ бамӕгуыр вӕййы, хостӕн ӕмӕ дохтыртӕн бирӕ ’хца фидын кӕй хъӕуы, ахӕм адӕм мӕм уынаффӕагурӕг куы ӕрбацӕуы, уӕд,– зӕгъы иу юрисконсульт.– Бирӕ хатт мӕ бахъӕуы зӕгъын: „Дӕ хӕдзар ауӕй кӕнын дӕ бахъӕудзӕн“». Фӕлӕ ӕхцайыл чи нӕ тыхсы, уыцы адӕмы хабар та куыд у? Уыдон дӕр ӕнамонд вӕййынц?

Иуӕй-иутӕ сты, зындгонд композитор Ричард Роджерсы уавӕры. Роджерсы тыххӕй загътой: «Бирӕ не сты, уыйбӕрц адӕмӕн, уыйас ӕхсызгондзинад чи ӕрхаста, ахӕмтӕ». Кӕд йӕ зарджытӕ иннӕтӕн зӕрдӕрухсы хос уыдысты, уӕддӕр йӕхӕдӕг рагӕй хъизӕмар кодта депрессийӕ. Уымӕн йӕ къухы бафтыд, бирӕтӕ цӕмӕ бӕллынц, дыууӕ ахӕм хъуыддаджы – ӕхца ӕмӕ кад. Фӕлӕ цымӕ амондджын уыд? Адӕмы царды хабӕрттӕ чи фыссы, иу ахӕм лӕг загъта: «[Роджерс] йӕ куысты тынг басгуыхт, уыд хъӕздыг, дыууӕ хатты райста Пулитцеры преми. Фӕлӕ уӕддӕр уыд ӕнамонд ӕмӕ бирӕ рӕстӕг тыхсти депрессийӕ».

Куыд ӕй федтам, афтӕмӕй, амонд хъӕздыгдзинадӕй чи бары, уый йӕхи сайы. Иу газеты уацхӕссӕг ныффыста, зӕгъгӕ, бирӕ хъӕздыг адӕм «сты иунӕг ӕмӕ сӕм цард ницы кӕсы» (Торонто, Канадӕ, «The Globe and Mail»). Банчы уынаффӕгӕнӕгӕй чи кусы, иу ахӕм адӕймаг куыд загъта, афтӕмӕй, хъӕздыг ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ӕхца ӕмӕ лӕвӕртты бын куы фӕкӕнынц, «арӕхдӕр уӕд байтауынц, фӕстӕдӕр сын маст чи ӕрхӕсы, ахӕм нӕмгуытӕ».

Амондджын цардӕн цы хъӕуы?

Дидинджыты хъӕуы хорз зӕхх, дон ӕмӕ сын чи бӕззы, ахӕм климӕт. Афтӕ у амонды хъуыддаг дӕр. Иртасджытӕ бамбӕрстой: цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй хъӕуы бӕлвырд уавӕртӕ. Уыцы уавӕртӕ сты: хорз ӕнӕниздзинад; зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст; хорз хӕринаг, цӕрӕнбынат ӕмӕ дарӕс; зӕрдӕйы рӕсугъд бӕллицты сӕххӕст ӕмӕ ӕцӕг ӕмбӕлттӕ.

Ӕвӕццӕгӕн сразы уыдзынӕ, цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уымӕн уыцы уавӕртӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуынц. Фӕлӕ ис, уыдонӕй бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаг – «амондджын Хуыцауы», йӕ ном Иегъовӕ кӕмӕн у, уый зонын (1 Тимофеймӕ 1:11). Уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн? Иегъовӕ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй амондджын уӕм. Иегъовӕ зоны, мах ӕцӕг амондджын цӕй руаджы уыдзыстӕм, уый. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцау адӕмӕн цы разамынд дӕтты, уый сын кӕй хӕссы ӕцӕг амонд, кӕмфӕнды кӕнӕ цыфӕнды уавӕрты ма цӕрой, уӕддӕр.

[Ныв 4 фарсыл]

Цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй йӕ дидинӕгау хъӕуы хорз уавӕртӕ

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

© Gideon Mendel/​CORBIS