Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Амонд чи хӕссы, ахӕм разамынд

Амонд чи хӕссы, ахӕм разамынд

Амонд чи хӕссы, ахӕм разамынд

АЛЫ адӕймагӕн дӕр бар ис «амондджын цардмӕ бӕллын». Афтӕ хъуыды кодтой, Америкӕйы «Хӕдбардзинады деклараци» чи сарӕзта, уыдон. Фӕлӕ цӕмӕдӕр бӕллын ӕмӕ уый дӕ къухы бафта, иу не сты. Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ бӕллынц музыкӕйы ӕмӕ спорты стыр ӕнтыстытӕм. Фӕлӕ уый кӕмӕн бантыст, уыдонӕй бирӕты зоныс? «Ӕвӕццӕгӕн уын уый зынтӕй бантысдзӕн»,– загъта, ууыл чи архайдта, ахӕм зындгонд зарӕггӕнӕг.

Кӕд дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ амондджын цардӕн гӕнӕн нӕй, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Амондджын цардмӕ бӕлгӕйӕ раст фӕндагыл куы цӕуай, уӕд ӕй ссардзынӕ. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Раззаг статьяйы кӕрон дзырд цыди «амондджын Хуыцау» Иегъовӕйы тыххӕй (1 Тимофеймӕ 1:11). Библийы уылты Хуыцау ахӕм разамынд дӕтты, ӕмӕ амондмӕ тырнгӕйӕ, нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕ. Иегъовӕйы бон у дӕуӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй иннӕтӕ цӕуыл маст кӕнынц, уыцы рыст сфӕразай. Ӕркӕсӕм, Хуыцау нын цы удӕнцой дӕтты, нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, уыдонӕй исчи куы амӕлы, уӕд.

Дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕймаджы мӕлӕт

Мӕлӕты тыххӕй хорзӕй исты зӕгъӕн ис? Мӕлӕт фӕхицӕн кӕны ныййарджыты ӕмӕ сывӕллӕтты, хорз ӕмбӕлтты ӕмӕ афтӕмӕй аскъуынынц, адӕм цы фидар тӕгтӕй баст вӕййынц, уыдон. Мӕлӕт бинонты амондджын цард мастӕй раивы.

Дзурын дӕр дын ӕй нӕ хъӕуы, мӕлӕт цы маст хӕссы, уый. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, уыдонмӕ гӕсгӕ мӕлӕт хорзӕх у. Ӕркӕсӕм, 2005 азы августы Мексикӕйы бакӕлӕныл тыхдымгӕ Катринӕ йӕхи куы ныццавта, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Уыцы бӕллӕхы чи фӕмард, уыдонӕй иуы зианы сауджын загъта: «Тыхдымгӕ йӕ нӕ амардта, фӕлӕ йӕ Хуыцау йӕхимӕ айста». Ӕндӕр хабар та уыд ахӕм: рынчындоны кусӕг йӕ хорззӕрдӕйӕ иу чызгӕн дзырдта, цӕмӕй ма мӕт кӕна, уымӕн ӕмӕ йын йӕ мады Хуыцау йӕхимӕ уӕлӕрвтӕм акодта. Чызг ныккуыдта: «Цӕмӕн, цӕмӕн ӕй айста мӕнӕй?»

Уӕдӕ бӕрӕг у, мӕлӕт цы у, уый куыд ӕмбарынц, уый зианджын адӕмӕн ныфсы хос кӕй нӕу. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыды у мӕнг. Уымӕй фыддӕр та, ахӕм ахуырӕдтӕ Хуыцауы ӕвдисынц ӕгъатырӕй, адӕймаджы йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй чи атоны, ахӕмӕй. Афтӕ уайы, ӕмӕ Хуыцау адӕмӕн удӕнцой нӕ хӕссы, фӕлӕ фыдгӕнӕгау – мӕлӕт. Фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас, мӕлӕт ӕцӕгдӕр цы у, уый тыххӕй бӕлвырдӕй дзуры.

Библи мӕлӕт хоны знаг ӕмӕ йӕ бары, адӕмыл чи хицауиуӕг кӕны, ахӕм паддзахимӕ (Ромӕгтӕм 5:17; 1 Коринфӕгтӕм 15:26). Мӕлӕт у ахӕм хъомысджын знаг, ӕмӕ йын иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон ницы у. Чи амард, уыдон иууылдӕр сты мӕлӕтӕн йӕ ӕнӕнымӕц амӕттӕгтӕ. Библи мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, уый руаджы ӕмбарӕм, нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, уыдонӕй исчи куы амӕлы, уӕд цӕмӕн маст кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн вӕййӕм ныфссаст. Уымӕй бӕрӕг у, нӕхи афтӕ кӕй хатӕм, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ мӕлӕт Хуыцауӕй ратгӕ у, ӕмӕ чи амӕлы, уыдоны уӕлӕрвтӕм айсы? Ӕркӕсӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры.

Екклесиасты 9:5, 10 фыст ис: «Мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц... Ингӕны, ды кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр дзы зонындзинӕдтӕ ис, нӕдӕр зонд». Ингӕны чи ис, уыдон ницы кусынц, ницы ӕнкъарынц, ницӕуыл хъуыды кӕнынц. Уый абарӕн ис, адӕймаг тарффынӕй куы бавӕййы, уыимӕ. Уӕдӕ Библи бӕлвырдӕй ӕмбарын кӕны, Хуыцау адӕмы йӕхимӕ уӕлӕрвтӕм кӕй нӕ айсы. Мӕлӕт адӕймаджы кӕны ингӕнмӕ.

Уый афтӕ кӕй у, уый тыххӕй Йесо Чырысти дӕр загъта, йе ’рдхорд Лазӕр куы амард, уӕд. Йесо мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куы вӕййы, уыимӕ. Лазӕр кӕд ӕцӕгӕйдӕр уӕлӕрвтӕм Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ ист ӕрцыд, уӕд ӕй Йесо фӕстӕмӕ зӕххыл куы райгас кодтаид, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдаид, уымӕн ӕмӕ та ӕппынфӕстаг амардаид. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Лазӕры зӕппадзы цур Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазӕр! ӕддӕмӕ рацу. Ӕмӕ рацыд мард». Лазӕр райгас. Йесо зыдта, Лазӕр зӕххӕй дарддӕр кӕй никуыдӕм ацыд – зӕппадзы уыд мардӕй (Иоанны 11:11–14, 34, 38–44).

Ацы хабары руаджы нын Библи ӕмбарын кӕны, чи амӕлы, уыдоны Хуыцау зӕххӕй уӕлӕрвтӕм кӕй нӕ айсы. Хуыцау нӕ хъизӕмӕртты аххосджын кӕй нӕу, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ бон у ӕввахс кӕнын. Стӕй Хуыцау ӕмбары, цас маст ӕмӕ нын цас хъизӕмӕрттӕ хӕссы не знаг – мӕлӕт. Ӕмӕ ма Библи мӕрдты тыххӕй цы дзуры, уымӕй бӕрӕг у, зындоны кӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц, фӕлӕ мӕрдвынӕй кӕй кӕнынц сӕ ингӕнты. Нӕ хиуӕттӕ кӕй амӕлынц, уый Хуыцауы аххос нал кӕнӕм ӕмӕ сыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уыцы хъуыды нӕ тасы не ’фтауы. Уымӕй уӕлдай ма нын Иегъовӕ Библийы руаджы ӕндӕр хуызы дӕр нӕ зӕрдӕ фидар кӕны.

Ныфс у амонды хос

Библийӕ цы стихтӕ равзӕрстам, уыдонӕй зыны, ныфс кӕй у ӕцӕг амондӕн йӕ бындур. Библийы дзырд «ныфс» нысан кӕны, фидарӕй хуыздӕр цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Цӕмӕй бамбарӕм, ныфс абон дӕр амонды хос кӕй у, уый тыххӕй та ногӕй ӕркӕсӕм Лазӕры райгасы хабармӕ.

Йесо Лазӕры цӕмӕн райгас кодта, уымӕн ис ӕппынкъаддӕр дыууӕ аххосаджы. Иу уый, ӕмӕ йӕ фӕндыд Марфӕ, Марийӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕ масты хъӕдгом сдзӕбӕх кӕнын. Сӕ бон уыдаит ногӕй сӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ ӕмгар Лазӕримӕ цин кӕнын. Фӕлӕ Йесо уыцы диссаг сӕйраджыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый тыххӕй Марфӕйӕн загъта: «Нӕ дын загътон Ӕз, куы ӕууӕндай, уӕд фендзынӕ Хуыцауы кад?» (Иоанны 11:40). Иу тӕлмацы ацы стихы фӕстаг хай, «уӕд фендзынӕ Хуыцауы кад», зӕгъгӕ, у афтӕ: «Фендзынӕ, Хуыцауӕн йӕ бон цы диссаг саразын у, уый» («The New Testament in Modern English», Дж. Б. Филлипс). Йесо Лазӕры кӕй райгас кодта, уымӕй равдыста Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕ бон цы у ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый. Дарддӕр бӕстондӕр равзардзыстӕм, цы нысан кӕны дзырдбаст «Хуыцауӕн йӕ бон цы диссаг саразын у, уый».

Иоанны 5:28, 29 Йесо загъта: «Дис ма кӕнут ууыл: уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыимӕ нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, уыдон дӕр райгас уыдзысты. Куыстыты 24:15 (НТ) ноджы фылдӕр дзуры ацы диссаг хабары тыххӕй: «Райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр». Уӕдӕ суанг «тӕригъӕдджынтӕй» дӕр бирӕтӕн, Иегъовӕйы чи нӕ зыдта ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кодта, уыдонӕн дӕр фадат уыдзӕн, Хуыцауы хорзӕх райсын.

Кӕм ӕгас кӕндзысты мӕрдтӕ? Псалом 36:29 дзуры: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм». Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, уый цӕуыл дзурӕг у! Мӕлӕт кӕй ахицӕн кодта, уыцы бинонтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ та ногӕй ам зӕххыл фембӕлдзысты. Куы фӕхъуыды кӕнӕм, кӕй уарзтам, уыдонимӕ та нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй кӕй ӕрвитдзыстӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ цинӕй нӕ байдзаг вӕййы?!

Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уай

Мах федтам: кӕд нын алыхуызон зындзинӕдтӕ ис, уӕддӕр нын Иегъовӕ дӕтты, амондджын цардӕн цы хъӕуы, уый. Фыццаджыдӕр нын Библийы руаджы дӕтты зонындзинӕдтӕ ӕмӕ разамынд, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтимӕ ӕнтыстджынӕй тох кӕнӕм. Мӕлӕт цы маст хӕссы, Библи нын ӕрмӕст уый сфӕразынӕн не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ ма нын ӕххуыс кӕны цардамӕлттӕ кӕнын ӕмӕ низтӕн фӕразынӕн дӕр. Хуыцауы Ныхас ма нын баххуыс кӕндзӕн царды хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсынӕн ӕмӕ дунейы змӕстытӕ куы вӕййы, уыцы рӕстӕг дӕр. Ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын царды ӕндӕр зындзинӕдты сӕрты хизынӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн.

Дыккаджы та, Библи ахуыргӕнгӕйӕ дӕм фӕзындзӕн ныфс. Уый та у бирӕ хуыздӕр, ацы дуне цы дӕтты, уымӕй. Райгасдзинад у уыцы ныфсы ахсджиаг хай. Уый тыххӕй бӕлвырддӕр фыст ис Раргомады 21:3, 4 (НТ): «Уый уыдзӕни сӕ Хуыцау. Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дын царды цыдӕриддӕр маст хӕссы, уый тагъд бынтондӕр фесӕфдзӕн. Библийы зӕрдӕвӕрдтӕ нӕ фӕмӕнг уыдзысты ӕмӕ куы сӕххӕст уой, уӕд дӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн. Фидӕны дӕм хуыздӕр цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕрмӕст уый зонын дӕр хӕссы удӕнцой. Мӕлӕты фӕстӕ адӕймаг кӕй нӕ фӕхъизӕмар кӕны, уый зонын дӕр мах кӕны амондджындӕр.

Цӕвиттон, цалдӕр азы размӕ Марийӕйы лӕг ракӕй амард. Йӕ цӕссыгтӕ нӕма басур сты, афтӕ йӕ йе ’ртӕ чызгимӕ сӕ хӕдзарӕй ацӕуын бахъуыд, ӕхцайӕ тыхст кӕй уыдысты, уый аххосӕй. Дыууӕ азы фӕстӕ та йын йӕхимӕ дӕр рак ссардтой. Бахъуыд ын дыууӕ уӕззау операцийы скӕнын ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ рыстытӕн быхсы. Кӕд ыл ахӕм бӕллӕхтӕ ’рцыд, уӕддӕр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр у ныфсы хос. Цымӕ амондджын цӕй фӕрцы у?

Марийӕ дзуры: «Мӕ зындзинӕдты рӕстӕг фӕархайын, цӕмӕй сыл ӕгӕр бирӕ ма хъуыды кӕнон. Мӕхимӕ никуы ’руадзын ахӕм хъуыдытӕ, зӕгъгӕ, уый мӕныл цӕмӕн ӕрцыд? Ӕз ацы низӕй цӕмӕн хъизӕмар кӕнын? Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ адӕймагӕн йӕ хъару сӕттынц. Уый бӕсты, мӕ тыхтӕ раттын Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Уый руаджы дӕн амондджын».

Марийӕйӕн йӕ царды ныфс куыд ӕххуыс кӕны? Йе ’ргом сарӕзта, Иегъовӕ адӕмы сӕ низтӕ ӕмӕ иннӕ зындзинӕдтӕй куы ссӕрибар кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Рынчындоны куы фӕхуыссы, уӕд, ракӕй рынчынтӕй йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыдонӕн фӕдзуры йӕ ныфсы тыххӕй. Уыцы ныфс ын цас ахсджиаг у? Марийӕ зӕгъы: «Ӕз арӕх фӕхъуыды кӕнын, Библийы Дзуттытӕм 6:19 Павел ныфс зӕрдӕйы науӕнгуыр кӕй схуыдта, ууыл. Ӕнӕ науӕнгуырӕй уыдзынӕ, уады рӕстӕг нау куыд фӕрахау-бахау кӕны, уый хуызӕн. Фӕлӕ уыцы науӕнгуырыл баст куы уай, уӕд дӕ зындзинӕдты фыдӕнӕн, дӕ зӕрдӕ уыдзӕн сабыр». «Ӕнусон царды ныфс – йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау... зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта», уый Марийӕйӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй амондджын уа. Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕуӕн дӕр уыцы ныфс амонды хос уа (Титмӕ 1:2, НД).

Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр дӕ бон у, ӕмӕ ӕцӕг амондджын уай. Фӕлӕ чи зоны, ӕмӕ хъуыды кӕнай, Библи куы ахуыр кӕнон, уӕд мын уый царды цы феххуыс уыдзӕн. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй дӕ фарстытӕн Библийӕ дзуапп ратдзысты, ӕмӕ цы базонай, уый руаджы амондджын уыдзынӕ. Ӕмӕ цалынмӕ, Иегъовӕ зӕрдӕ цы ныфсӕй бавӕрдта, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕдмӕ дӕ бон у ӕмӕ уай, Библийы кӕй кой цӕуы, уыдоны ’хсӕн: «Уыдон цин кӕндзысты ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдзысты, ӕмӕ маст ӕмӕ хъӕрзынӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн» (Исай 35:10).

[Ныв 5 фарсыл]

Ӕрмӕстдӕр Библийы ӕцӕгадӕн у йӕ бон удӕнцой ӕрхӕссын

[Ныв 7 фарсыл]

Райгасдзинады ныфс у амонды хос