Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!

«Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!

«Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!

ДЫУУАДӔС сгарӕджы Зӕрдӕвӕрд зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзылдысты. Моисей сын загъта, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, чи дзы цӕры, уый, ӕмӕ ӕрбахӕссой, цы дзы зайы, уыдӕттӕй исты. Сӕ цӕст дзы цӕуыл ӕрӕвӕрдтой? Хевронмӕ хӕстӕг уыдон федтой сӕндон. Сӕнӕфсирты цупӕлттӕ ахӕм стыр уыдысты, ӕмӕ дзы дыууӕ лӕгӕн сӕ бон иу йӕддӕмӕ ахӕссын нӕ сси. Сӕндоны тыллӕг сгарджытӕм афтӕ диссаг фӕкаст, ӕмӕ уыцы хъӕздыг зӕхх схуыдтой «Есхолы дӕлвӕз» кӕнӕ «сӕнӕфсиры цупал» (Нымӕцтӕ 13:21–24).

XIX ӕнусы, Палестинӕйы чи уыд, иу ахӕм адӕймаг ныффыста: «Есхол, кӕнӕ сӕнӕфсиры дӕлвӕз... ныр дӕр сӕнӕфсирӕй нӕ зыны, ӕмӕ Палестинӕйы уымы хуызӕн хорз ӕмӕ стыр сӕнӕфсир никуы зайы». Кӕд рагзаманты Палестинӕйы бирӕ рӕтты тынг хорз сӕнӕфсир зад, уӕддӕр дзы Есхолы сӕнӕфсирӕн ӕмбал нӕ уыд. Египетӕгты азфыстытӕм гӕсгӕ фараонтӕ сӕн ластой Ханаанӕй.

«[Палестинӕйы] къуылдымты мӕр тынг хуырджын кӕй нӕу, сӕрдыгон тӕвд кӕй вӕййы, стӕй хур зымӕгон къӕвдаты фӕстӕ зӕхх тагъд кӕй ахус кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕнӕфсиры зӕхх, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ ӕфсӕст цӕуы»,– фыст ис иу чиныджы («The Natural History of the Bible»). Исай дзырдта, зӕгъгӕ, уым иуӕй-иу рӕтты задис мингай сӕнӕфсиры бӕлӕстӕ (Исай 7:23).

«Сӕнӕфсиры зӕхх»

Моисей израилӕгтӕн загъта, уыдон кӕй цӕрдзысты, «сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ гранаттӕ» кӕм зайы, уыцы зӕххы (Дыккаг закъон 8:8). Иу чиныджы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «рагон Палестинӕйы сӕнӕфсир афтӕ арӕх уыд, ӕмӕ-иу археологтӕ зӕхх кӕм къахтой, уым-иу фылдӕр ран – кӕд алы ран дӕр нӕ, уӕд – ссардтой сӕнӕфсиры ӕппытӕ» («Baker Encyclopedia of Bible Plants»). Зӕрдӕвӕрд зӕххы сӕнӕфсир афтӕ хорз зад, ӕмӕ н. э. агъоммӕ 607 азы Навуходоносоры ӕфсад Иудӕйы бӕстӕ куы ныппырх кодта, уӕд дзы цы адӕм баззад, уыдон ма суанг уӕд дӕр «сарӕзтой тынг бирӕ сӕн ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой тынг бирӕ сӕрдыгон дыргътӕ» (Иереми 40:12; 52:16).

Израилӕгтӕ-иу цӕмӕй бирӕ сӕн сарӕзтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ хорз зылдаиккой сӕ сӕндӕттӕм. Исайы чиныджы бакӕсӕн ис, Израилы-иу сӕндонгӕс къуылдымтӕ куыд къахта, ӕмӕ-иу дзы цалынмӕ «равзаргӕ сырх сӕнӕфсир» ныссагъта, уӕдмӕ-иу ын йе стыр дуртӕ куыд скалдта. Уый фӕстӕ-иу уыцы дуртӕн сӕ сыджыт ныссыгъдӕг кодта ӕмӕ-иу дзы ӕмбонд сарӕзта. Уый йын йӕ сӕндон хъахъхъӕдта хӕдзарон фосӕй, рувӕстӕй, хъӕддаг хуытӕй ӕмӕ къӕрныхтӕй. Сарӕзта ма-иу хъӕдын сӕндуцӕн ӕмӕ-иу самадта гыццыл мӕсыг, цӕмӕй-иу ын тыллӕг ӕфснайын афон – сӕнӕфсир уӕлдай хъахъхъӕнинаг куы уыд, уӕд – уыдаид сатӕг цӕрӕнбынат. Уыцы куыстытӕ бакӕныны фӕстӕ-иу йӕ бон уыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕздыг тыллӕгмӕ (Исай 5:1, 2) *.

Цӕмӕй сӕнӕфсир хорз ӕрзадаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд ӕхсӕдын, йӕ зӕхх та рувын – уӕд ӕй хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ сӕ быны нӕ фӕкодтаиккой. Сӕндон сӕрды мӕйты хъуыдис донхӕр кӕнын, уалдзыгон къӕвдаты донӕй-иу зӕхх фаг куы нӕ бафсӕст, уӕд (Исай 5:6; 18:5; 27:2–4).

Сӕрды кӕрон-иу сӕнӕфсир куы тыдтой, уӕд-иу адӕм тынг цин кодтой (Исай 16:10). Ӕртӕ псаломӕн сӕ разныхӕсты ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ: «Гефаг зарӕнгӕрзтыл» (8, 80 ӕмӕ 83 псаломтӕ). Септуагинтӕйы ацы зарӕнгарз ратӕлмац кодтой дзырд «сӕндуцӕн»-ӕй ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу израилӕгтӕ сӕнӕфсир тоныны рӕстӕг зарыдысты уыцы псаломтӕ. Сӕнӕфсир сӕ сӕйраджыдӕр хъуыд сӕн аразынӕн. Фӕлӕ йӕ израилӕгтӕ афтӕ дӕр хордтой кӕнӕ-иу ӕй чисмисӕн бахус кодтой ӕмӕ-иу дзы стӕй гуылтӕ кодтой (2 Паддзахӕдты 6:19; 1 Паралипоменон 16:3).

Израил – сӕнӕфсиры бӕлас

Библийы цалдӕр ран Хуыцау йӕ адӕмы хоны сӕнӕфсиры бӕлас. Уый хорз абарст у, уымӕн ӕмӕ израилӕгты царды сӕнӕфсир тынг ахсджиаг уыд. 79 псаломы Асаф Израилы адӕмы абарста, Иегъовӕ Ханааны кӕй ныссагъта, уыцы сӕнӕфсиры бӕласимӕ. Иегъовӕ зӕхх афтӕ ссыгъдӕг кодта, ӕмӕ Израилӕн йӕ бон уыд йӕ уидӕгтӕ арф ауадзын ӕмӕ хорз рӕзын. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд йӕ ӕмбонд ныккалд. Адӕм Иегъовӕйыл сӕ ныфс нал дардтой, ӕмӕ сӕ уый дӕр нал хъахъхъӕдта. Хъӕддаг хуытӕ сӕндон куыд фесафой, афтӕ израилӕгтӕн дӕр се знӕгтӕ сӕ мулк ныппапылой кодтой. Асаф куывта Иегъовӕмӕ, цӕмӕй йӕ адӕмӕн баххуыс кодтаид, ӕмӕ раздӕрау фӕстӕмӕ скадджын уыдаид. «Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»,– лӕгъстӕ кодта уый (Псалом 79:9–16).

Исай «Израилы хӕдзар» абарста, йӕ бӕлӕстыл куыд фӕстагмӕ «хъӕддаг сӕнӕфсиртӕ» кӕнӕ ӕмбыд (ӕнхъыст) гагатӕ зайын кӕмӕн райдыдта, ахӕм сӕндонимӕ (Исай 5:2, 7). Хъӕддаг сӕнӕфсир хӕдзаронӕй у бирӕ лыстӕгдӕр ӕмӕ дзы нуар нӕй, йӕ фылдӕр вӕййы ӕппытӕ. Уый сӕнӕн ӕмӕ хӕрынӕн нӕ бӕззы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз ӕвдисы, йӕ Хуыцауы чи ныууагъта ӕмӕ рӕстдзинады дыргъы бӕсты ӕнӕзакъондзинады дыргъ чи хаста, уыцы адӕмы. Уыцы дыргъ кӕй нӕ бӕззыдис, уый Сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕджы аххос нӕ уыд. Иегъовӕ алцыдӕр арӕзта, цӕмӕй адӕм дыргъ хастаиккой. «Цы ма саразон мӕ сӕндонӕн, цы нӕ йын сарӕзтон, ахӕмӕй куы ницыуал баззад?»– фӕрсы уый (Исай 5:4).

Израилы сӕнӕфсиры бӕлас дыргъ кӕй нал хаста, уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта, сӕ алыварс сын цы ӕмбонд самадта, уый кӕй фехалдзӕн. Ахӕсгӕ нысаниуӕг кӕмӕн уыд, уыцы сӕнӕфсир нал бахсӕстаид ӕмӕ йын йӕ бынтӕ нал скъахтаид. Тыллӕг хъӕздыг цы уалдзыгон къӕвдаты фӕрцы уыд, уыдон нал ӕрцыдаиккой ӕмӕ сӕндон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы бын фӕуыдаид (Исай 5:5, 6).

Моисей развӕлгъау загъта, зӕгъгӕ, израилӕгтӕ сӕ Хуыцауы куы ныууадзой, уӕд сӕ сӕндӕттӕ дӕр бахус уыдзысты. «Сӕндӕттӕ саддзынӕ ӕмӕ сӕм зилдзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ ӕмӕ ӕмбырд дӕр ницы кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ къуыдыргалм бахӕрдзӕн» (Дыккаг закъон 28:39). Къуыдыргалм сӕнӕфсиры зӕнджы куы бабыры ӕмӕ йӕ мидӕгӕй куы бахӕры, уӕд уый цалдӕр бонмӕ бахус вӕййы (Исай 24:7).

«Ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕлас»

Иегъовӕ израилӕгты абарста сӕнӕфсиримӕ. Раст ахӕм абарстӕй спайда кодта Йесо дӕр. Сусӕг ӕхсӕвӕр кӕй хонынц, уыцы изӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕлас, Мӕ Фыд та у сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕг» (Иоанны 15:1, «Мах дуг» № 5, 1992). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты абарста сӕнӕфсиры къалиутимӕ. Ӕнӕуи сӕнӕфсиры къалиутӕм тых зӕнгӕй куыд цӕуы, афтӕ Чырыстийӕн дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ йемӕ иудзинады уой. «Ӕнӕ Мӕн ницы кӕнын у уӕ бон»,– загъта Йесо (Иоанны 15:5). Зӕхкусӕг сӕнӕфсирмӕ йӕ дыргъы тыххӕй зилы, ӕмӕ Иегъовӕ дӕр йӕ адӕммӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй уырнындзинады дыргъ хӕссой. Уый Хуыцауӕн, Сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕгӕн, ӕхсызгон у ӕмӕ йын кад хӕссы (Иоанны 15:8).

Сӕнӕфсир куыд ӕхсӕдай ӕмӕ йӕ куыд сыгъдӕг кӕнай, йӕ тыллӕг дӕр афтӕ уыдзӕн. Ӕмӕ Йесо дӕр уыцы дыууӕ куысты кой кодта. Цӕмӕй сӕнӕфсир фылдӕр дыргъ ӕрхӕсса, уый тыххӕй йӕ сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕг, гӕнӕн ис, ӕмӕ афӕдз дыууӕ хатты дӕр бахсӕда. Зымӕджы сӕнӕфсиры къалиутӕн сӕ фылдӕр бахсӕдынц. Сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕг ралыг кӕны зӕронд къалиутӕ. Зӕнгыл ма ныууадзы ӕртӕ кӕнӕ цыппар стыр къалиуы, алкӕуыл дӕр дзы иу кӕнӕ дыууӕ къабузы, афтӕмӕй. Уыцы ног къабузтӕ иннӕ сӕрды суыдзысты дыргъхӕссӕг къалиутӕ. Сӕнӕфсир ӕхсӕст куы фӕвӕййы, уӕд цы къалиутӕ ралыг кӕны, уыдон басудзы.

Йесо кодта ахӕм ӕхсӕдыны кой: «Мемӕ чи нӕ уа, уый ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн къалиуау ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ басудзынц» (Иоанны 15:6, НТ). Кӕд уыцы рӕстӕг афтӕ фӕзыны, ӕмӕ сӕнӕфсирыл къалиутӕ нал баззад, уӕддӕр ма дзы уалдзӕджы цыдӕртӕ бахсӕдынц.

«Мӕ къалиутӕй дыргъ кӕуыл нӕ зайы, уый лыг кӕны»,– загъта Йесо (Иоанны 15:2, НФ). Ацы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис, сӕнӕфсир ног таутӕ куы суадзы ӕмӕ йыл гыццыл цупӕлттӕ куы фӕзыны, уӕд ӕй фӕстаг хатт куы фехсӕдынц, уымӕ. Сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕг лӕмбынӕг ӕркӕсы алы ног къалиумӕ дӕр, цӕмӕй фена, дыргъ дзы кӕуыл ис ӕмӕ дзы кӕуыл нӕй, уый. Ӕнӕдыргъ дзы чи вӕййы, уыдон сӕнӕфсирыл куы ныууадза, уӕд зӕнгӕй пайдайаг буаргъӕдтӕ ӕмӕ дон цъирдзысты. Уӕдӕ уый уыцы ӕнӕдыргъ къалиутӕ бахсӕды, цӕмӕй ӕрмӕст дыргъхӕссӕг къалиутӕ ӕфсӕст цӕуой.

Ӕппынфӕстаг, Йесо ракодта сӕнӕфсир кӕй фӕсыгъдӕг кӕнынц, уый кой. «Дыргъ кӕуыл зайы, уый ссыгъдӕг кӕны, цӕмӕй йыл фылдӕр дыргъ ӕрзайа»,– бамбарын кодта уый (Иоанны 15:2, НФ). Сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕг ӕнӕдыргъ къалиутӕ куы ралыг кӕны, уӕд лыстӕггай фӕракӕс-бакӕс кӕны дыргъхӕссӕг къалиутӕй алкӕцымӕ дӕр. Дыргъхӕссӕг къалиуы рӕбын дзы алы хатт дӕр вӕййы, тонын кӕй фӕхъӕуы, ахӕм ног гыццыл таутӕ. Куы сӕ ныууадза, уӕд цъирдзысты сӕнӕфсиры сой, ӕмӕ цупӕлттӕм нал хӕццӕ кӕндзӕн. Афтӕ ма фӕтоны стыр сыфтӕ дӕр, цӕмӕй цупӕлттӕм хур хуыздӕр кӕса. Адӕттӕ иууылдӕр кӕнын хъӕуы, цӕмӕй дыргъхӕссӕг къалиутыл бирӕ дыргъ ӕрзайа.

«Хӕссут бирӕ дыргъ»

«Ӕцӕг сӕнӕфсиры» къалиутӕ сты сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕлӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр хъуамӕ ӕвдисой, Чырыстийы дыргъхӕссӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты (Иоанны 10:16). Уыдонӕн дӕр сӕ бон у «бирӕ дыргъ» хӕссын ӕмӕ сӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын (Иоанны 15:5, 8). Йесо дӕнцӕгӕн ӕцӕг сӕнӕфсир кӕй ӕрхаста, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ ирвӕзындзинад баст кӕй у, Йесоимӕ иудзинады уыдзыстӕм ӕмӕ уырнындзинады хорз дыргъ хӕсдзыстӕм ӕви нӕ, ууыл. Йесо загъта: «Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй» (Иоанны 15:10, НТ).

Захарийы бонты Хуыцау, израилӕгтӕй иузӕрдионӕй чи баззад, уыдонӕн зӕрдӕ бавӕрдта, сӕ зӕхх та ногӕй кӕй фендзӕн фарны мыггаг, сӕнӕфсиры бӕлас кӕй ратдзӕн дыргъ, зӕхх та – йӕ тыллӕг (Захари 8:12). Сӕнӕфсиры бӕлас ма ӕвдисы, Хуыцауы адӕм Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы фӕрнӕй кӕй цӕрдзысты. Михей развӕлгъау загъта: «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕйы дзыхӕй рацыд ацы ныхас» (Михей 4:4).

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. «Иудейаг энциклопеди»-мӕ гӕсгӕ Израилы сӕнӕфсирыкуыстгӕнджыты зӕрдӕмӕ тынгдӕр цыдис сау сӕнӕфсир сорек. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы сӕнӕфсирыл цӕуы дзырд Исайы 5:2. Уымӕй арӕзтой адджын сырх сӕн.

[Ныв 10 фарсыл]

Хус сӕнӕфсир

[Ныв 10 фарсыл]

Зымӕгон ӕхсӕст

[Ныв 10 фарсыл]

Лыг къалиутӕ судзынц