Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Куыд уарзын ӕз дӕ закъон!»

«Куыд уарзын ӕз дӕ закъон!»

«Куыд уарзын ӕз дӕ закъон!»

«Куыд уарзын ӕз Дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон хъуыды кӕнын уый тыххӕй» (ПСАЛОМ 118:97).

1, 2. а) 118 псаломы фыссӕг цы уавӕры бахауд? ӕ) Йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ цӕмӕн?

СӔДӔ ӕстдӕсӕм псаломы фыссӕг бахауд уӕззау фӕлварӕнты. Хуыцауы закъон чи ницӕмӕ дардта, уыцы хъал знӕгтӕ йыл худтысты ӕмӕ йыл дамдумтӕ кодтой. Ӕлдӕрттӕ йӕ ныхмӕ тӕрхӕттӕ кодтой ӕмӕ йӕ фӕдыл зылдысты. Фыдгӕнджытӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты. Ӕппӕт уыдӕтты аххосӕй «йӕ уд тади ӕнкъарддзинадӕй» (Псалом 118:9, 23, 28, 51, 61, 69, 85, 87, 161). Фӕлӕ уӕддӕр псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Куыд уарзын ӕз Дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон хъуыды кӕнын уый тыххӕй» (Псалом 118:97).

2 Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Псаломзарӕггӕнӕгӕн Хуыцауы закъон удӕнцой куыд уыд?» Уый зыдта, Иегъовӕ йыл кӕй тыхсы, ӕмӕ йын уый хъарутӕ лӕвӕрдта. Хуыцауы закъон ӕххӕст кӕнын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ амондджын уыд, кӕд ын йе знӕгтӕ маст ӕвзарын кодтой, уӕддӕр. Уый зыдта, Иегъовӕ йӕм хӕларзӕрдӕ кӕй уыд. Уымӕй уӕлдай ма, псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы закъон куыд амоны, афтӕ кӕй кодта, уый йӕ йе знӕгтӕй зондджындӕр кодта ӕмӕ йын суанг йӕ цард дӕр хъахъхъӕдта. Закъонмӕ кӕй хъуыста, уый йын лӕвӕрдта фарн ӕмӕ сыгъдӕг намыс (Псалом 118:1, 9, 65, 93, 98, 165).

3. Чырыстӕттӕн абон зын цӕмӕн у Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын?

3 Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй карз фӕлварӕнтӕ ӕвзарынц. Псаломзарӕггӕнӕгау махӕн, чи зоны, мӕлӕтӕй тӕссаг нӕу, фӕлӕ мах цӕрӕм «уӕззау рӕстӕджыты» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Нӕ алыварсцӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕм нымады дӕр нӕу, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, уый. Уыдонӕн сӕ мӕт у ӕрмӕст сӕхиуыл ӕмӕ хъӕздыгдзинадыл, сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ иннӕтӕн нӕ аргъ кӕнынц (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Ӕрыгон чырыстӕттӕн ӕдзух фӕлвӕрд цӕуы сӕ хӕдӕфсармдзинад. Ахӕм адӕмы ’хсӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ зын уа, Иегъовӕйы ӕмӕ, раст цы у, уый уарзын. Уӕдӕ нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм?

4. Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы закъонӕй бузныг кӕй уыд, уый куыд ӕвдыста ӕмӕ чырыстӕтты дӕр афтӕ кӕнын хъӕуы?

4 Псаломзарӕггӕнӕгӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кодта, Хуыцауы закъон ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг кӕй ардта, уый. Афтӕмӕй Хуыцауы закъон бауарзта. Ӕцӕгдӕр, 118 псаломы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы стихы дӕр дзырд цӕуы Иегъовӕйы закъоны фадгуытӕй кӕцыдӕртыл *. Чырыстӕттӕ абон хӕсджын не сты, Хуыцау рагон Израилӕн цы Закъон радта, уый ӕххӕст кӕнын (Колоссӕгтӕм 2:14). Фӕлӕ Закъоны цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон абон дӕр ахадынц. Уыцы уагӕвӕрдтӕ удӕнцой хастой псаломзарӕггӕнӕгӕн, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн дӕр абоны уӕззау царды удӕнцойы хос сты.

5. Моисейы Закъонӕй цавӕр ӕртӕ цӕвиттонмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

5 Уӕдӕ ӕркӕсӕм Моисейы Закъонӕй ӕртӕ цӕвиттонмӕ: сабатбоны тыххӕй закъон, тыллӕгӕй уадзыны закъон ӕмӕ кӕрӕфдзинадӕй хи хизыны фӕдзӕхстмӕ. Куы сӕм ӕркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, ацы закъӕттӕ цы уагӕвӕрдтыл лӕууынц, уыдон нын куыд стыр ӕххуыс сты, нӕ рӕстӕджы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдоныл ӕмбӕлгӕйӕ.

Мах хъӕуы Хуыцауы разамынд

6. Алы адӕймаджы дӕр ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы?

6 Адӕм афтӕ конд сты, ӕмӕ ӕнӕ цӕмӕйдӕрты сӕ бон цӕрын нӕу. Зӕгъӕм, хӕрд, нозт ӕмӕ хӕдзар адӕймаджы ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй йын хорз ӕнӕниздзинад уа. Фӕлӕ ма адӕймаг хъуамӕ ӕмбара, «ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй», уый дӕр. Ӕнӕ уымӕй ӕцӕг амондджын никуы уыдзӕн (Матфейы 5:3, НД). Иегъовӕ уыцы туджырахӕсгӕ домӕн афтӕ ахсджиагыл нымадта, ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй-иу къуыри иу ӕнӕхъӕн бон мацы куыстаиккой – уыцы бон сын хъуамӕ уыдаид сӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕн.

7, 8. а) Хуыцау сабат иннӕ бонтӕй куыд ахицӕн кодта? ӕ) Сабат цӕй тыххӕй уыд?

7 Сабатбоны закъонӕй зынди, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕна. Библийы дзырд «сабат» фыццаг хатт ӕмбӕлы, Хуыцау израилӕгтӕн ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ куыд лӕвӕрдта, ууыл дзырд кӕм цӕуы, уым. Израилӕгтӕн загъд уыди, цӕмӕй уыцы диссаджы дзул ӕмбырд кодтаиккой ӕхсӕз боны дӕргъы. Ӕхсӕзӕм бон та хъуамӕ ӕмбырд кодтаиккой «дзул дыууӕ боны фаг», уымӕн ӕмӕ ӕвдӕм бон нӕ уыдаид. Ӕвдӕм бон хъуамӕ уыдаид «сыгъдӕг сабат Иегъовӕйӕн», ӕмӕ уыцы бон алчидӕр йӕ бынатӕй хъуамӕ макуыдӕм цыдаид (Рацыд 16:13–30). Дӕс фӕдзӕхстӕй иу дзырдта, цӕмӕй сабаты мачи мацы куыстаид. Уыцы бон уыд сыгъдӕг. Чи йӕ фехӕлдтаид, уый хъуамӕ амардтаиккой (Рацыд 20:8–11; Нымӕцтӕ 15:32–36).

8 Сабатбоны закъонӕй зынди, Иегъовӕ йӕ адӕмы хӕрзӕбоныл ӕмӕ уырнындзинадыл кӕй тыхсы. «Сабат адӕймаджы тыххӕй у, фӕлӕ адӕймаг сабаты тыххӕй нӕу»,– загъта Йесо Чырысти (Маркы 2:27). Уый фӕрцы израилӕгтӕ ӕрмӕст сӕ фӕллад нӕ уагътой, фӕлӕ ма се Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахсдӕр кодтой ӕмӕ йӕм сӕ уарзондзинад ӕвдыстой (Дыккаг закъон 5:12). Уыцы бон-иу ӕнӕхъӕн бинонтӕй куывтой ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕ Закъоныл ныхас кодтой, ӕндӕр ницы арӕзтой. Уыцы закъон израилӕгты хъахъхъӕдта, цӕмӕй сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ ӕрмӕст куыстыл ма хардз кодтаиккой. Сабатбоны закъон сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, ӕппӕты ахсджиагдӕр сын сӕ ахастытӕ Иегъовӕимӕ кӕй уыдысты. Йесо сфӕлхат кодта уыцы ӕнӕивгӕ уагӕвӕрд: «Ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4).

9. Сабатбоны закъонӕй чырыстӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

9 Хуыцауы адӕмы рагӕй нал хъӕуы сабатбоны закъон, куыд 24-сахатон улӕфты бон, афтӕ ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ нын уыцы закъон ӕрмӕст цымыдисаг историон цау нӕу (Колоссӕгтӕм 2:16). Цымӕ нын уый нӕ зӕрдыл нӕ лӕууын кӕны, мах дӕр фыццаг бынаты кӕй хъуамӕ ӕвӕрӕм, Хуыцауимӕ нӕ ӕнгомдӕр чи кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ? Куыст ӕмӕ нын хиирхӕфсӕнтӕ уыдонӕй сӕйрагдӕр макуы хъуамӕ суой (Дзуттытӕм 4:9, 10). Уӕдӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Царды мын ахсджиагдӕр цы у? Фыццаг бынаты мын сты Библи ахуыр кӕнын, кувын, чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын? Ӕви мӕ рӕстӕг ӕндӕр хъуыддӕгтыл ацӕуы?» Иегъовӕ нын ныфс ӕвӕры, уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ нын сӕйраг куы уой, уӕд нӕ царды ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдонӕй нӕ цух кӕй никуы ныууадздзӕн (Матфейы 6:24–33).

10. Монон хъуыддӕгтӕн рӕстӕг арын цы пайда у?

10 Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, стӕй ма дзы цы хабар ис, ууыл арф куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕны (Иаковы 4:8). Сьюзен 40 азы размӕ райдыдта рӕстӕг арын, цӕмӕй иудадзыг Библи ахуыр кӕна. Уый дзуры, фыццаг рӕстӕджы уый йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыд. Зын ӕм каст. Фӕлӕ цас фылдӕр кастис, уыйас тынгдӕр цыд йӕ зӕрдӕмӕ. Ныр та йын тынг хъыг вӕййы, истӕй тыххӕй йӕ ахуыр куы бакъуылымпы вӕййы. «Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарын, Иегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у»,– дзуры уый. «Ӕз ыл ӕууӕндын, мӕ ныфс ыл дарын, ӕмӕ йӕм сӕрибарӕй кувын. Уый ӕцӕгдӕр диссаг у, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд тынг уарзы, сӕрмагондӕй мыл куыд тыхсы ӕмӕ мын куыд ӕххуыс кӕны». Цӕй стыр циндзинад нын хӕсдзӕн, мах дӕр иудадзыг нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм!

Хуыцауы закъон тыллӕгӕй уадзыны тыххӕй

11. Тыллӕгӕй уадзыны закъонӕн йӕ мидис цы уыд?

11 Хуыцау йӕ адӕмыл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг уыд, Моисейы Закъонӕй цы дыккаг цӕвиттон равзардзыстӕм, уымӕй – тыллӕгӕй уадзыны закъонӕй. Иегъовӕ загъта, цӕмӕй-иу зӕхкусӕг йӕ тыллӕг куы ӕмбырд кодтаид, уӕд-иу кусджыты фӕстӕ цы баззадаид, уый-иу мӕгуыртӕн ӕмбырд кӕнын уагътаид. Зӕхкусджытӕ хъуамӕ сӕ быдырты кӕрӕтты тыллӕг ма ӕмбырд кодтаиккой, стӕй ма-иу сӕнӕфсир ӕмӕ оливӕтӕй цы баззад, уыдон дӕр. Быдырты-иу цы куыристӕ ферох кодтой, уыдонмӕ-иу хъуамӕ фӕстӕмӕ мауал аздӕхтаиккой. Уымӕй бӕрӕг уыд мӕгуыртӕ, ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ рох кӕй не сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕныны тыххӕй сӕхи дӕр хъуыд фыдӕбон кӕнын, фӕлӕ-иу уый фӕрцы мӕгуыргур нӕ цыдысты (Левит 19:9, 10; Дыккаг закъон 24:19–22; Псалом 36:25).

12. Зӕхкусджытӕн тыллӕгӕй уадзыны закъон фадат цӕмӕн лӕвӕрдта?

12 Тыллӕгӕй уадзыны закъоны фыст нӕ уыд, зӕхкусӕг йӕ тыллӕгӕй мӕгуыртӕн цас хъуамӕ уагътаид. Сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтой, сӕ быдырты ӕнӕкарст кӕрӕттӕ уӕрӕх уыдзысты ӕви нарӕг. Афтӕмӕй уыдон ахуыр кодтой рӕдаудзинадыл. Уымӕй зӕхкусджытӕ ӕвдыстой, Тыллӕгдӕттӕгӕй бузныг кӕй сты, уымӕн ӕмӕ «мӕгуыр адӕймагмӕ хорз цӕстӕй чи кӕсы», уый йын кадджын кӕны йе Сфӕлдисӕджы (Ӕмбисӕндтӕ 14:31). Зӕгъӕм, афтӕ кодта Вооз. Уый батыхст, цӕмӕй идӕдз сылгоймаг Руф йӕ быдырты фаг хор ӕрӕмбырд кодтаид. Иегъовӕ Воозы йӕ рӕдаудзинады тыххӕй схайджын кодта бирӕ хорздзинӕдтӕй (Руф 2:15, 16; 4:21, 22; Ӕмбисӕндтӕ 19:17).

13. Тыллӕгӕй уадзыны закъонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Тыллӕгӕй уадзыны закъоны бындуры цы уагӕвӕрд ис, уый нӕ аивта. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ уой рӕдау, уӕлдайдӕр та дзырд мӕгуыртыл куы цӕуа, уӕд. Цас рӕдаудӕр уӕм, уыйас тынгдӕр арфӕгонд цӕудзыстӕм. «Дӕттут, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзӕн,– загъта Йесо,– хорз барӕнӕй, хӕрзнадӕй, ӕфсӕрстӕй ӕмӕ фырдзагӕй ныккӕндзысты уӕ хъӕбысмӕ; уымӕн ӕмӕ цавӕр барӕнӕй барут, ахӕмӕй сымахӕн дӕр барст уыдзӕн» (Лукайы 6:38).

14, 15. Куыд у нӕ бон рӕдаудзинад ӕвдисын ӕмӕ уый цы пайда у нӕхицӕн дӕр ӕмӕ кӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, уыдонӕн дӕр?

14 Апостол Павел загъта, цӕмӕй «кӕнӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн, уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Галатӕгтӕм 6:10). Уӕдӕ-иу мах хъуамӕ кӕсӕм, ӕмӕ не ’муырнджытӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд-иу сӕ Библийы руаджы бафидар кӕнӕм. Фӕлӕ сӕ, мыййаг, ӕнӕуи ӕххуыс дӕр хъӕуы, зӕгъӕм, Паддзахады Залмӕ сӕ акӕнын кӕнӕ та сӕ бӕсты дуканимӕ ацӕуын? Цымӕ уе ’мбырды, дӕ бацыд кӕй бафидар кӕндзӕн кӕнӕ та фӕкӕсын кӕмӕ хъӕуы, ахӕм ацӕргӕ, рынчын кӕнӕ та хӕдзарӕй ӕддӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хотӕ кӕнӕ ӕфсымӕртӕ нӕй? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ куы тыхсӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ спайда кӕна, цӕмӕй сын сӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Кӕд кӕрӕдзийыл тыхсын нӕ чырыстон хӕс у, уӕддӕр иннӕтӕн чи ӕххуыс кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр Хуыцауӕй арфӕгонд уыдзӕн. Не ’муырнджыты сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд уыдзыстӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ райгонд ӕмӕ нӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 15:29).

15 Чырыстӕттӕ ма сӕ сыгъдӕгзӕрдӕ ахаст ӕвдисынц ӕндӕр ахсджиаг хъуыддагӕй дӕр – сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ Хуыцауы фӕндтӕ хъусын кӕныныл хардз кӕнынц (Матфейы 28:19, 20). Адӕймагӕн йӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кӕнынӕн чи баххуыс кодта, уыцы циндзинад цы чырыстӕттӕ банкъардтой, уыдон сӕхицӕй зонынц, куыд раст сты Йесойы ныхӕстӕ: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35).

Нӕхи хизӕм кӕрӕфдзинадӕй

16, 17. Дӕсӕм фӕдзӕхст цы нӕ уагъта кӕнын ӕмӕ цӕуылнӕ?

16 Ӕркӕсӕм ӕртыккаг цӕвиттонмӕ. Дзырд цӕудзӕн Хуыцауы Закъоны дӕсӕм фӕдзӕхстыл. Уый хъахъхъӕны кӕрӕфдзинадӕй. Закъон дзуры: «Ма хъуамӕ бабӕллай искӕй хӕдзармӕ. Ма хъуамӕ бабӕллай искӕй усмӕ, нӕдӕр йӕ нӕлгоймаг-цагъармӕ, нӕдӕр йӕ сылгоймаг-цагъармӕ, нӕдӕр йӕ галмӕ, нӕдӕр йӕ хӕрӕгмӕ, цы йӕм ис, уымӕй ӕппындӕр мацӕмӕ» (Рацыд 20:17). Зӕрдӕты цы ис, уый адӕм кӕй нӕ уынынц, уымӕ гӕсгӕ ацы фӕдзӕхст чи куыд ӕххӕст кодта, уый сӕ бон зонын нӕ уыд. Уыцы фӕдзӕхстӕй Хуыцауы Закъон адӕмы закъӕттӕй бирӕ фӕуӕлдӕр ис. Афтӕмӕй алы израилаг дӕр зыдта, дзуапп сӕйраджыдӕр кӕй дӕтты Иегъовӕйы раз, зӕрдӕйы цы ис, уый чи уыны, уый раз (1 Паддзахӕдты 16:7). Уымӕй уӕлдай, уыцы фӕдзӕхст амыдта ӕнӕзакъон хъуыддӕгтӕй бирӕты уидагмӕ (Иаковы 1:14).

17 Кӕрӕфдзинадӕй хи хизыны закъон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй мулкылмард ӕмӕ кӕрӕф ма уой ӕмӕ сӕ цардӕй ма хъаст кӕной. Уый ма сӕ хъахъхъӕдта давынӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй. Алкӕддӕр уыдзӕн ахӕм адӕм, махӕй хуыздӕр чи цӕра кӕнӕ нӕм цыдӕр хъуыддӕгты нӕхицӕй ӕнтыстджындӕр чи кӕса. Ахӕм уавӕрты нӕ хъуыдыты рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕхи ӕнамонд фӕхатӕм ӕмӕ иннӕтӕм хӕлӕг кӕнын райдайӕм. Библи кӕрӕфдзинад хоны «зыгъуыммӕ зонды» хъуыддаг. Бирӕ хуыздӕр у, кӕрӕф куы нӕ уӕм (Ромӕгтӕм 1:28–30, НТ).

18. Дунейы зондахаст цӕуыл ардауы ӕмӕ адӕмыл ӕвзӕрырдӕм куыд ӕндавы?

18 Абон дунейы зондахаст адӕмы сӕйраджыдӕр ардауы мулк ӕмбырд кӕныныл ӕмӕ ерыс кӕныныл. Сӕудӕджертӕ сӕ рекламӕты архайынц, цӕмӕй ног товартӕм схӕлӕг уӕм. Стӕй ма нӕ ахӕм зондыл ардауынц, зӕгъгӕ нӕм уыдӕттӕ куы нӕ уой, уӕд амондджын нӕ уыдзыстӕм. Уый у, Иегъовӕ нӕ йӕ Закъоны кӕмӕй фӕдзӕхсы, раст ахӕм зондахаст. Уымӕ ма хауы цыфӕндыйӕ дӕр царды размӕ рацӕуын ӕмӕ схъӕздыг уӕвын. Апостол Павел та ныффысста: «Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕддаг. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг ӕхцайы бӕллиц у. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхи бафтыдтой бирӕ хъизӕмӕртты» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10, НТ).

19, 20. а) Иегъовӕйы закъон чи уарзы, уымӕн ахсджиаг цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Хуыцауы закъон чи уарзы, уыдон ӕмбарынц, мулчы цӕстӕй кӕсын куыд тӕссаг у, уый, ӕмӕ дзы сӕхи хизынц. Цӕвиттон, псаломзарӕггӕнӕг Иегъовӕмӕ куывта: «Ӕркъул кӕн мӕ зӕрдӕ ӕфтиаг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Дӕ ӕргомдзинӕдтӕм. Дӕ дзыхы закъон мӕнӕн хуыздӕр у мин сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй» (Псалом 118:36, 72). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нын алцӕмӕдӕр уыдзӕн раст цӕстӕнгас, ӕмӕ нӕхи хиздзыстӕм мулк ӕмбырд кӕнынӕй, кӕрӕфдзинадӕй ӕмӕ нӕ цардӕй хъаст кӕнынӕй. Ӕппӕты стырдӕр ӕфтиаг нӕ къухы уӕд бафтдзӕн, исбон ӕмбырд кӕныныл куы нӕ архайӕм, фӕлӕ нӕм «Хуыцауы ӕфсарм» куы уа, уӕд (1 Тимофеймӕ 6:6, НФ).

20 Иегъовӕ рагзаманты Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уый цы уагӕвӕрдтыл лӕууы, уыдон Моисейы рӕстӕджы куыд ахсджиаг уыдысты, раст афтӕ ахсджиаг сты нӕ уӕззау рӕстӕджыты дӕр. Уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ царды цас арӕхдӕр пайда кӕнӕм, уыйас сын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, уыйас сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ амондджындӕр уыдзыстӕм. Закъоны бирӕ хорз зондзонӕнтӕ ис. Уыцы зондзонӕнтӕ куыд ахсджиаг сты, уый ирдӕй зыны, Библи кӕй кой кӕны, уыдоны цардӕй. Иуӕй-иуты царды хабӕрттыл дзы дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Ацы псаломы 176 стихы, 4 стихӕй дарддӕр, дзырд цӕуы Иегъовӕйы фӕдзӕхстытыл, тӕрхӕттыл, закъоныл, бардзырдтыл, амындтыл, зӕрдылдаринӕгтыл, ныхӕстыл, фӕткӕвӕрдтыл, фӕндӕгтыл кӕнӕ ныхасыл.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

118 псаломы фыссӕг Иегъовӕйы закъон цӕмӕн уарзта?

• Чырыстӕттӕ сабатбоны закъонӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

• Хуыцауы закъон тыллӕгӕй уадзыны тыххӕй ахсджиаг цӕмӕн у?

• Дӕсӕм фӕдзӕхст нӕ куыд хъахъхъӕны кӕрӕфдзинадӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Сабатбоны закъон цӕй тыххӕй уыд?

[Ныв 15 фарсыл]

Тыллӕгӕй уадзыны закъонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?