Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Райгуырдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ’хсӕн

Райгуырдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ’хсӕн

Райгуырдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ’хсӕн

«Дӕ Хуыцау Иегъовӕ дӕ равзӕрста йӕхицӕн» (ДЫККАГ ЗАКЪОН 7:6).

1, 2. Цавӕр стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта Иегъовӕ йӕ адӕмы сӕрвӕлтау ӕмӕ сӕм йе ’ргом тынгдӕр куыд раздӕхта?

ИЕГЪОВӔ н. э. агъоммӕ 1513 азы йӕ лӕггадгӕнджытӕм йе ’ргом тынгдӕр раздӕхта. Уыцы аз Хуыцау фегад кодта уӕды заманы дунеон паддзахад ӕмӕ израилӕгты ссӕрибар кодта. Афтӕмӕй сси сӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ сӕ Хицау. Цалынмӕ сӕ нӕ фервӕзын кодта, уӕдмӕ Моисейӕн загъта: «Зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Иегъовӕ, ӕмӕ уӕ ӕз ракӕндзынӕн египетӕгты ӕфсондзы бынӕй, сӕ цагъарадӕй уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзынӕн мӕ фидар къух ӕмӕ стыр тӕрхӕтты руаджы. Райсдзынӕн уӕ ӕмӕ уӕ мӕхицӕн адӕм зӕгъдзынӕн ӕмӕ ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау“» (Рацыд 6:6, 7; 15:1–7, 11).

2 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уый хӕдфӕстӕ сӕ Хуыцау Иегъовӕ семӕ сарӕзта бадзырд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕ йе ’ргом хицӕн адӕймӕгтӕм ӕмӕ мыггӕгтӕм нал здӕхта, фӕлӕ йын ныр зӕххыл уыд иу адӕм, иу адӕмыхатт (Рацыд 19:5, 6; 24:7). Иегъовӕ сын радта закъӕттӕ. Уыдон сын сӕ ӕрвылбоны цард ӕмӕ, иууыл ахсджиагдӕр та, куыд кувдзысты, уымӕн разамынд лӕвӕрдтой. Моисей сын загъта: «Кӕцы стыр адӕмӕн ис ахӕм хуыцӕуттӕ, ӕмӕ сӕм афтӕ ӕввахс уой, махмӕ нӕ Хуыцау Иегъовӕ куыд ӕввахс у, кӕдфӕнды йӕм мӕ фӕсидӕм, уӕддӕр? Ӕмӕ уын ӕз абон цы закъон дӕттын, ахӕм раст уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ тӕрхӕттӕ ма кӕцы стыр адӕмӕн ис?» (Дыккаг закъон 4:7, 8).

Райгуырдысты, ӕвдисӕнтӕ чи уыдысты, уыцы адӕмы ’хсӕн

3, 4. Иегъовӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддагӕн скодта израилӕгтӕй йӕхицӕн адӕм?

3 Ӕнустӕ фӕстӕдӕр пехуымпар Исайы уылты Иегъовӕ израилӕгты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цавӕр ахсджиаг хъуыддагӕн сӕ скодта йӕхицӕн адӕм. «Афтӕ зӕгъы Иегъовӕ, де Сфӕлдисӕг, о Иаков, ӕмӕ де Скӕнӕг, о Израил: „Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз балхӕдтон. Дӕ номӕй дӕ схуыдтон. Ды мӕхи дӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, Израилы Сыгъдӕг, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг... Дард рӕттӕй ӕркӕн мӕ фыртты, ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕй мӕ чызджыты, мӕ ном мын чи хӕссы, уыдонӕй алкӕйдӕр ӕмӕ мӕ кадӕн кӕй сфӕлдыстон, кӕй сфӕлдыстон ӕмӕ кӕй скодтон, уыдоны. Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– дзуры Иегъовӕ,– ӕмӕ ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг... ӕз кӕй скодтон, уыцы адӕм, цӕмӕй мын кад кӕной“» (Исай 43:1, 3, 6, 7, 10, 21).

4 Израилӕгтӕн, Иегъовӕйы ном чи хаста, уыцы адӕмӕн фадат уыди, цӕмӕй Хуыцауы хицаудзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаиккой иннӕ адӕмты раз. Уыцы адӕм Иегъовӕ йӕхи кадӕн сфӕлдыста. Хъуамӕ хъусын кодтаиккой, диссаджы хуызы сӕ кӕй ирвӕзын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ йын афтӕмӕй кадджын кодтаиккой йӕ сыгъдӕг ном. Иу дзырдӕй, уыдон уыдысты, Иегъовӕйӕн ӕвдисӕн чи лӕууыд, уыцы адӕм.

5. Израилӕгтӕ ӕвзӕрст адӕм цыхуызы уыдысты?

5 Н. э. агъоммӕ 11 ӕнусы паддзах Соломон загъта, Иегъовӕ израилӕгты иннӕ адӕмтӕй кӕй рахицӕн кодта. Соломон куывта: «Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕй сӕ ды дӕхицӕн бынӕн равзӕрстай» (3 Паддзахӕдты 8:53). Уымӕй уӕлдай ма алы израилаг дӕр йӕхӕдӕг арӕзта Иегъовӕимӕ йӕ хӕлардзинад. Уый размӕ сын Моисей дзырдта: «Сымах стут уӕ Хуыцау Иегъовӕйы фырттӕ... Сымах стут сыгъдӕг адӕм уӕ Хуыцау Иегъовӕйӕн» (Дыккаг закъон 14:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ ӕрыгон израилӕгты нӕ хъуыд Иегъовӕйӕн нывонддзырд дӕттын. Уыдон-иу райгуырдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ’хсӕн (Псалом 78:13; 94:7). Алы ног фӕлтӕр дӕр хъуамӕ Иегъовӕйы закъӕттӕ ахуыр кодтаид ӕмӕ сӕ ӕххӕст кодтаид, уымӕн ӕмӕ Израил бадзырдӕй баст уыд Иегъовӕйыл (Дыккаг закъон 11:18, 19).

Равзарыны бар

6. Алы израилагӕн дӕр йӕ бон цы уыд равзарын?

6 Кӕд израилӕгтӕ ӕвзӕрст адӕм уыдысты, уӕддӕр алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кодта Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ. Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны размӕ сын Моисей загъта: «Абон уын ӕвдисӕн сты арв ӕмӕ зӕхх: мӕнӕ дӕ разы цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Равзар цард, цӕмӕй цӕрай, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ цот дӕр, уарз дӕ Хуыцау Иегъовӕйы, хъус ын йӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йыл баныхӕс. Уымӕн ӕмӕ уый дӕуӕн дӕтты цард ӕмӕ бирӕ бонтӕ, цӕмӕй ды цӕрай, Иегъовӕ дӕ фыдӕлтӕн Авраамӕн, Исахъӕн, Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, ууыл» (Дыккаг закъон 30:19, 20). Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕй алчидӕр йӕхӕдӕг ӕвзӕрста, Иегъовӕйы кӕй уарздзӕн, йӕ хъӕлӕсмӕ йын кӕй хъусдзӕн ӕмӕ йыл йӕхи кӕй бӕтдзӕн. Израилӕгтӕн равзарыны бар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, цы уынаффӕ рахастаиккой, уымӕн хъуамӕ дзуапп лӕвӕрдтаиккой (Дыккаг закъон 30:16–18).

7. Йесо Навины рӕстӕг цы израилӕгтӕ цард, уыдоны мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцыд?

7 Тӕрхонгӕнджыты рӕстӕг хорз ӕвдисы, израилӕгтӕ-иу иузӕрдион куы уыдысты, уӕд, ӕмӕ-иу Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ куы сивтой, уӕд-иу сыл цы ’рцыд, уый. Уыцы рӕстӕджы размӕ израилӕгтӕ, Йесо Навин сӕ цы хорз зондыл арӕзта, ууыл цыдысты ӕмӕ арфӕгонд уыдысты. «Адӕм Иегъовӕйӕн лӕггад кодтой Йесойы ӕппӕт бонты ӕмӕ йӕ фӕстӕ, Иегъовӕ Израилӕн цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи федта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты бонты дӕр». Фӕлӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ «цы ног фӕлтӕр рахъомыл, уый нӕдӕр Иегъовӕйы зыдта, нӕдӕр Израилӕн цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ Израилы фырттӕ, Иегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, ахӕм митӕ кӕнын райдыдтой» (Тӕрхонгӕнджыты 2:7, 10, 11). Бӕрӕг уыди, ног фӕлтӕр кӕй нӕ аргъ кодта, сӕ Хуыцау Иегъовӕ ивгъуыд рӕстӕг стыр хъуыддӕгтӕ кӕй тыххӕй арӕзта, уыцы ӕвзӕрст адӕмӕй кӕй уыдысты, уымӕн (Псалом 77:3–7, 10, 11).

Нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын

8, 9. а) Израилӕгтӕн сӕ бон куыд уыд равдисын, сӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый? ӕ) Барвӕндон нывӕндтӕ чи хаста, уыдонӕн уый цы пайда уыди?

8 Иегъовӕ йӕ адӕмӕн фадӕттӕ радта, цӕмӕй цӕрой сӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Закъонмӕ гӕсгӕ хъуыди нывӕндтӕ кӕнӕ кувинӕгтӕ хӕссын, уыдонӕй иутӕ уыдысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ, иннӕтӕ та барвӕндон (Дзуттытӕм 8:3). Барвӕндон нывӕндтӕм хаудысты, ӕнӕхъӕнӕй судзын кӕй хъуыд, уыцы нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ – лӕвӕрттӕ, Иегъовӕйы хорзӕх ссарынӕн ӕмӕ дзы бузныг кӕй уыдысты, уый равдисынӕн (Левит 7:11–13).

9 Уыцы барвӕндон нывӕндтӕ Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цыдысты. Ӕнӕхъӕнӕй судзын кӕй хъуыд, уыцы нывӕндтӕ ӕмӕ хоры кувинӕгтӕ нымад уыдысты, «Иегъовӕйӕн ӕхсызгон чи уыд, ахӕм адджын тӕфыл» (Левит 1:9; 2:2). Фарны нывонд хӕсгӕйӕ та, нывондаг фосы туг ӕмӕ фиу лӕвӕрд цыдысты Иегъовӕйӕн, йӕ дзидзайы хӕйттӕ та-иу ын хордтой сауджынтӕ ӕмӕ-иу нывонд чи ӕрхаста, уый. Иумӕ кӕй хордтой, уый нысан кодта, Иегъовӕмӕ ӕнгом кӕй уыдысты, уый. Закъон дзырдта: «Иегъовӕйӕн фарны нывонд куы хӕссат, уӕд ӕй афтӕ хӕссут, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат» (Левит 19:5). Кӕд израилӕгтӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм уыдысты, уӕддӕр дзы йӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ чи цард, уыдон барвӕндон нывӕндтӕ хастой йӕ хорзӕх ссарынӕн ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты (Малахи 3:10).

10. Исай ӕмӕ Малахийы рӕстӕг Иегъовӕ куыд равдыста, йӕ адӕмӕй райгонд кӕй нӕ уыд, уый?

10 Фӕлӕ-иу арӕх израилӕгтӕ Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивтой. Пехуымпар Исайы дзыхӕй сын Иегъовӕ загъта: «Ӕнӕхъӕнӕй судзын кӕй хъӕуы, ахӕм фыстӕ мын нӕ хастай ӕмӕ мӕ дӕ нывӕндтӕй нӕ кадджын кодтай. Ӕз дӕ мӕхицӕн нӕ лӕггад кӕнын кодтон, лӕвӕрттӕ дын нӕ хӕссын кодтон» (Исай 43:23). Уымӕй уӕлдай ма, зӕрдиагӕй ӕмӕ уарзондзинадӕй цы нывӕндтӕ нӕ хастой, уыдонӕн Иегъовӕйы цӕсты ӕппындӕр ницы аргъ уыд. Цӕвиттон, Исай куы цард, уымӕй ӕртӕ ӕнусы фӕстӕ пехуымпар Малахийы рӕстӕджы, израилӕгтӕ нывондӕн хастой сахъат фос. Уымӕ гӕсгӕ сын Малахи дзырдта: «Нӕ уӕ райы мӕ зӕрдӕ,– дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ,– цы кувинӕгтӕ ӕрхӕссут, уыдон дӕр мын ӕнад сты... Сымах мын ӕрбахӕссут кӕй байстат, къуылых ӕмӕ рынчын чи у, ахӕм фос; о, уый мын ӕрбахӕссут нывондӕн. Ӕхсызгон мын у уыдӕттӕ уӕ къухӕй райсын?– дзуры Иегъовӕ» (Малахи 1:10, 13; Амос 5:22).

Хуыцау сӕ ӕвзӕрст адӕмыл нал нымадта

11. Цы фадат лӕвӕрд уыд Израилӕн?

11 Хуыцау израилӕгты йӕхицӕн адӕмӕн куы равзӕрста, уӕд сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Куы мӕм хъусат ӕмӕ мӕ бадзырды сӕрты куы нӕ ахизат, уӕд ӕппӕт иннӕ адӕмтӕй хъауджыдӕр сымах уыдзыстут мӕ исбон, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у. Ӕмӕ суыдзыстут сымах мӕнӕн сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рацыд 19:5, 6). Зӕрдӕвӕрд Мессиа хъуамӕ фӕзындаид се ’хсӕн ӕмӕ фыццаг уыдонӕн уыдаид фадат, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ суыдаиккой (Уӕвынад 22:17, 18; 49:10; 2 Паддзахӕдты 7:12, 16; Лукайы 1:31–33; Ромӕгтӕм 9:4, 5). Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр сӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты (Матфейы 22:14). Уыдон Мессиайыл нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг амардтой (Куыстытӕ 7:51–53).

12. Иегъовӕ йе ’взӕрст адӕмы кӕй ныууагъта, уый равдисынӕн Йесо цы загъта?

12 Йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр бон раздӕр Йесо дзырдта иудейаг дины разамонджытӕн: «Фыстыты никуы бакастыстут: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Иегъовӕ бакодта ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы“? Гъе уымӕн уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдонӕн» (Матфейы 21:42, 43, НД). Иегъовӕ йе ’взӕрст адӕмы кӕй ныууагъта, уый равдисынӕн Йесо загъта: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй марӕг! цал хатты Мӕ фӕндыд дӕ сывӕллӕтты ӕрӕмбырд кӕнын, куыд маргъ йӕ цъиуты ӕрӕмбырд кӕны базырты бын, ӕмӕ сымах нӕ бафӕндыд! Мӕнӕ ныр уагъд цӕуы сымахӕн уӕ хӕдзар афтидӕй» (Матфейы 23:37, 38).

Хуыцау ӕвзары ног адӕм

13. Иеремийы рӕстӕг Иегъовӕ цы пехуымпарад фехъусын кодта?

13 Пехуымпар Иеремийы рӕстӕг Иегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй ног цыдӕр фехъусын кодта. «Мӕнӕ! Ӕрцӕуынц бонтӕ,– дзуры Иегъовӕ,– ӕмӕ ӕз сфидар кӕндзынӕн Израилы хӕдзаримӕ ӕмӕ Иудӕйы хӕдзаримӕ ног бадзырд. Сӕ фыдӕлтимӕ сын цы бадзырд сарӕзтон, сӕ къухыл сын куы ныххӕцыдтӕн ӕмӕ сӕ Египетӕй куы ракодтон, ахӕм нӕ. „Уыцы бадзырд уыдон фехӕлдтой, кӕд сӕ мой ӕмӕ сӕ хицау уыдтӕн, уӕддӕр,– дзуры Иегъовӕ.– Мӕнӕ ис, Израилы хӕдзаримӕ уыцы бонты фӕстӕ цы бадзырд сараздзынӕн, уый,– зӕгъы Иегъовӕ.– Ӕз сын мӕ закъон сӕ мидӕг нывӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕты сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕмӕ ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау ӕмӕ уыдон та суыдзысты мӕ адӕм“» (Иереми 31:31–33).

14. Иегъовӕйы ног ӕвзӕрст адӕм кӕд ӕмӕ цӕмӕн фӕзынд? Бамбарын ӕй кӕн, уыцы ног адӕм чи сты.

14 Уыцы ног бадзырдӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд н. э. 33 азы, Йесо куы амард ӕмӕ йӕ туджы аргъ йӕ Фыды размӕ куы бахаста, уӕд (Лукайы 22:20; Дзуттытӕм 9:15, 24–26). Фӕлӕ ног бадзырд йӕ тыхы бацыд, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон сыгъдӕг уд йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куы ’рцыд ӕмӕ ног адӕм, «Хуыцауы Израил», куы фӕзынд, уӕд (Галатӕгтӕм 6:16; Ромӕгтӕм 2:28, 29; 9:6; 11:25, 26). Апостол Павел сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста: «Сымах та стут „ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм“, талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат. Кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та Йӕ адӕм стут» (1 Петры 2:9, 10, НТ). Иегъовӕйы йе ’взӕрст адӕмимӕ цы тӕгтӕ бастой, уыдон аскъуыдысты. Н. э. 33 азы Иегъовӕ йӕ хорзӕх айста зӕххон Израилӕй ӕмӕ йӕ радта сыгъдӕг удӕй сӕрст Израилӕн, чырыстон ӕмбырдӕн – Мессиайы Паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн (Матфейы 21:43).

Алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг дӕтты нывонддзырд

15. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Петр йӕ ныхасмӕхъусджыты цавӕр донаргъуыд райсынмӕ разӕнгард кодта?

15 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ алы адӕймаг дӕр, дзуттаг уыдаид ӕви ӕндӕр адӕмтӕй, йӕхӕдӕг лӕвӕрдта Хуыцауӕн нывонддзырд ӕмӕ донаргъуыд иста «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» * (Матфейы 28:19). Фӕндзайӕм бон сыгъдӕгзӕрдӕ дзуттӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕй сӕ дин чи райста, уыдонӕн апостол Петр дзырдта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй» (Куыстытӕ 2:38, НТ). Дзуттӕгтӕ ӕмӕ иннӕ адӕмӕй сӕ дин чи райста, уыдон сӕ аргъуыдӕй ӕрмӕст уый не ’вдыстой, ӕмӕ сӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодтой, фӕлӕ ма кӕй ӕууӕндыдысты Йесойыл – Иегъовӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй фӕрцы ныххатыр кӕндзӕн, ууыл. Уыдон хъуамӕ Йесойы нымадтаиккой, Иегъовӕ кӕй сӕвӕрдта, уыцы Хистӕр сауджыныл, сӕ Разамонӕгыл ӕмӕ чырыстон ӕмбырды Хистӕрыл (Колоссӕгтӕм 1:13, 14, 18).

16. Павелы рӕстӕджы рӕстзӕрдӕ адӕм – дзуттӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр – «Хуыцауы Израилӕй» куыд систы?

16 Уымӕй азтӕ фӕстӕдӕр апостол Павел дзырдта: «Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Иерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй» (Куыстытӕ 26:20, НТ). Павел адӕмӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста – дзуттӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонӕн дӕр – Йесо кӕй уыд Чырысти, Мессиа, стӕй сын баххуыс кодта нывонддзырд радтын ӕмӕ донаргъуыд райсынӕн (Куыстытӕ 16:14, 15, 31–33; 17:3, 4; 18:8). Ӕцӕгад-иу куы райстой, уӕд-иу ахӕм ног ахуыргӕнинӕгтӕ систы «Хуыцауы Израилӕй».

17. Цавӕр мыхуырӕвӕрӕн куыст фӕуыдзӕн тагъд, ӕмӕ ма ӕвӕстиатӕй цавӕр ӕндӕр куыст цӕуы?

17 Абон ма «Хуыцауы Израилӕй» зӕххыл чи ис, уыдоныл тагъд мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн. Мыхуыр сыл ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕд «цыппар зӕды», стыр бӕллӕхы сафӕг дымгӕтыл чи хӕцы, уыдонӕн уыдзӕн бар, цӕмӕй сӕ феуӕгъд кӕной. Уӕдмӕ та, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» ӕмбырд кӕныны куыст ӕвӕстиатӕй размӕ цӕуы. Уыцы «ӕндӕр фыстӕ» сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕууӕндынц «Уӕрыччы тугыл» ӕмӕ донаргъуыд райсынц, Иегъовӕйӕн нывонддзырд кӕй радтой, уый равдисынӕн (Раргомад 7:1–4, 9–15; 22:17; Иоанны 10:16; Матфейы 28:19, 20). Се ’хсӕн ис, чырыстон ныййарджытӕ кӕй хъомыл кӕнынц, ахӕм ӕрыгӕттӕ. Кӕд ды дӕр уыдонӕй дӕ, уӕд иннӕ статья дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн.

[Фиппаинаг]

^ 15 абз. Кӕс 2003 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 30, 31 фф. (уыр.).

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Ӕрыгон израилӕгты Иегъовӕйӕн нывонддзырд дӕттын цӕуылнӕ хъуыд?

• Израилӕгтӕн сӕ бон куыд уыд равдисын, сӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый?

• Иегъовӕ израилӕгты йе ’взӕрст адӕмыл цӕуылнӕ уал нымадта ӕмӕ сӕ бӕсты кӕй равзӕрста?

• Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ, дзуттӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмты цы саразын хъуыд, цӕмӕй «Хуыцауы Израилӕй» суыдаиккой?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 22 фарсыл]

Ӕрыгон израилӕгтӕ райгуырдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ’хсӕн

[Ныв 23 фарсыл]

Алы израилаг дӕр йӕхӕдӕг ӕвзӕрста, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн

[Ныв 23 фарсыл]

Израилӕгтӕн сӕ бон барвӕндон нывӕндтӕ хӕссын кӕй уыд, уымӕй ӕвдыстой сӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ

[Ныв 25 фарсыл]

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй алчидӕр йӕхӕдӕг лӕвӕрдта Хуыцауӕн нывонддзырд ӕмӕ уый равдисынӕн донаргъуыд иста