Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Се ’рбацыдӕй йӕ цард бынтондӕр фӕивта

Се ’рбацыдӕй йӕ цард бынтондӕр фӕивта

Се ’рбацыдӕй йӕ цард бынтондӕр фӕивта

«ТАГЪДДӔР ма мӕ бинонты куы фенин, ӕмӕ сын куы радзурин, Хуыцау мӕм цы дыууӕ „зӕды“ ӕрбарвырста, уыдоны тыххӕй». Ацы ныхӕстӕ йӕ фыстӕджы ныффысста иу нӕлгоймаг. Уымӕ иуафон бацыдысты дыууӕ ӕрыгон сылгоймаджы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Цалдӕр къуыри раздӕр уыцы нӕлгоймагӕн амард йӕ ус, цыдис ыл 45 азы. Лӕг йӕхимӕ ныхъхъуыста. Йӕ сывӕллӕттӕ-иу ын ныфсытӕ бӕргӕ ӕвӕрдтой, фӕлӕ дзы дард цардысты. Йӕ хӕлӕрттӕй ӕмӕ йӕ йӕ сыхӕгтӕй дӕр ничи бӕрӕг кодта.

«Ӕз Хуыцаумӕ никуы куывтон»,– загъта уыцы лӕг, цы ӕрыгон сылгоймӕгтӕ йӕм ӕрбацыд, уыдонӕн. Фӕлӕ сылгоймӕгтӕ уыдысты тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ йын ныууагътой трактат «Цавӕр ныфс ис уарзон амӕлджытӕн?». Лӕг ӕй уыцы изӕр бакаст ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр.

Иуцасдӕры фӕстӕ та йӕ Ӕвдисӕнтӕ ногӕй абӕрӕг кодтой. Уыдон ын загътой, зӕгъгӕ, дӕм айразмӕ куы уыдыстӕм, уӕд ӕнкъард уыдтӕ ӕмӕ дӕм ныр ӕрбауадыстӕм, цӕмӕй базонӕм, куыд дӕ, уый. «Цавддурау фӕдӕн,– фыссы дарддӕр нӕлгоймаг,– дыууӕ бынтон ӕнӕзонгӕ адӕймаджы мыл батыхстысты ӕмӕ мӕ бабӕрӕг кодтой». Библийӕ йын цы стихтӕ бакастысты, уыдон дзы ныфс бауагътой. Сылгоймӕгтӕ загътой, кӕй та йӕм ӕрбацӕудзысты. Лӕгӕн уый афтӕ ӕхсызгон уыд, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты бынӕттон Паддзахады залмӕ ацы фыстӕг ныффысста.

Йӕ лӕппу кӕм цард, цалынмӕ уырдӕм нӕ алыгъд, уӕдмӕ бацыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ, стӕй уыцы ӕрыгон сылгоймӕгтӕй иумӕ уазӕгуаты. Уыцы фыстӕджы ма ныффысста: «Ӕз ардыгӕй цӕуын, фӕлӕ уыцы дыууӕ ӕрыгон сылгоймаджы ӕмӕ уӕ аргъуан алы хатт дӕр уыдзысты мӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сымах тыххӕй кувдзынӕн. О, ӕз ныр Хуыцаумӕ арӕх фӕкувын. Мӕ цард бынтондӕр фӕивта. Ӕмӕ мын уыцы хъуыддаджы стыр ахъаз фесты уыцы дыууӕ ӕрыгон сылгоймаджы. Уыцы хорздзинад мӕн никуы ферох уыдзӕн».