Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕз уарзын, мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон»

«Ӕз уарзын, мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон»

«Ӕз уарзын, мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон»

«Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн» (РОМӔГТӔМ 15:4, НТ).

1. Иегъовӕ нын йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдыл куыд лӕууын кӕны ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуынц?

ИЕГЪОВӔ йӕ адӕмӕн ӕдзух сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны йӕ фӕдзӕхстытӕ, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджытӕ сфӕразой. Уыцы фӕдзӕхстытӕй иутыл сӕмбӕлӕм Библи кӕсгӕйӕ, иннӕтӕ та фехъусӕм ӕмбырды фембӕлдты. Цы бакӕсӕм ӕмӕ цы фехъусӕм, уыдон нын сӕ фылдӕр зонгӕ вӕййынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма ахӕм ӕрмӕг уымӕй размӕ дӕр ӕвзӕрстам. Фӕлӕ рохгӕнаг кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕдзух фӕхъӕуы нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын Иегъовӕйы фӕндтӕ, закъӕттӕ ӕмӕ амындтӕ. Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдоны тыххӕй хъуамӕ бузныг уӕм. Уыцы фӕдзӕхстытӕ нын нӕ зондахастыл ӕндавынц ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ма рох кӕнӕм, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрын цӕмӕн бафӕндыд, уый. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд Иегъовӕйӕн: «Ӕз уарзын, мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон» (Псалом 118:24, НД).

2, 3. а) Иегъовӕ Библийы цы хабӕрттӕ ныффыссын кодта, уыдон нӕ рӕстӕгмӕ цӕмӕн бахъахъхъӕдта? ӕ) Ацы статьяйы Фыстадӕй цавӕр хабӕрттыл ӕрдзурдзыстӕм?

2 Хуыцауы Ныхас кӕд бирӕ ӕнустӕ раздӕр фыст ӕрцыд, уӕддӕр ын ис стыр тых (Дзуттытӕм 4:12). Библийы фыст ис, уӕды рӕстӕджы чи цард, уыцы адӕмы царды ӕцӕг хабӕрттӕ. Уӕдӕй нырмӕ адӕмӕн кӕд се ’гъдӕуттӕ тынг аивтой ӕмӕ цардмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр, мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтыл арӕх ӕмбӕлдысты уӕды заманты дӕр. Библийы нӕ пайдайӕн ӕрцыд фыст бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ хабӕрттӕ. Уыдонӕй иутӕ сты, Иегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын зын уавӕрты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Иннӕ хабӕрттӕ та нын не ’ргом здахынц, Хуыцауӕн ӕнӕуынон чи у, ахӕм уагахастмӕ. Ӕппӕт уыцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр адӕймӕгты тыххӕй Иегъовӕ Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕна ахсджиаг зондамындтӕ. Афтӕ фыста апостол Павел дӕр: «Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн, цӕмӕй фӕразон уӕвыны, стӕй Сыгъдӕг Фыст цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы махӕн уа зӕрдӕдарӕн» (Ромӕгтӕм 15:4, НТ).

3 Уӕдӕ ӕркӕсӕм Фыстадӕй ӕртӕ хабармӕ: Давид Саулмӕ цы цӕстӕй каст, Анани ӕмӕ Сапфирӕ цы бакодтой, стӕй Иосиф йӕхи Потифары усимӕ куыд дардта. Алкӕцы дӕр нын дзы у хорз зондзонӕн.

Хуыцауы ӕвӕрд фӕткыл иузӕрдион уӕм

4, 5. а) Паддзах Саул ӕмӕ Давиды ’хсӕн цы рауад? ӕ) Давид йӕхи куыд дардта, Саул ӕм знаджы цӕстӕй куы каст, уӕд?

4 Паддзах Саул Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивта ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, ахӕм разамынд нал лӕвӕрдта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Хуыцау дӕр аиуварс кодта ӕмӕ пехуымпар Самуилы арвыста, цӕмӕй Давиды байсӕрстаид Израилы фидӕны паддзахӕй. Давид йӕхи хъӕбатыр хӕстонӕй куы равдыста ӕмӕ дзы адӕм куы ӕппӕлыдысты, уӕд ӕм Саул знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдта. Бирӕ хӕттыты йӕ хъавыд марынмӕ. Фӕлӕ Иегъовӕ Давидӕн кӕй ӕххуыс кодта, уымӕ гӕсгӕ-иу алы хатт дӕр фервӕзт (1 Паддзахӕдты 18:6–12, 25; 19:10, 11).

5 Бирӕ азты дӕргъы Давид рамбӕхс-бамбӕхс кодта. Саулы амарынӕн ын-иу фадат куы фӕзынд, уӕд ын-иу йӕ хӕлӕрттӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, дын Иегъовӕ де знаджы дӕ къухмӕ дӕтты. Фӕлӕ Давид никуы сразы. Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд ӕмӕ Саул Хуыцауы адӕмы сӕрст паддзах кӕй уыд, уымӕн кӕй аргъ кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ коммӕ никуы бакаст. Исты Иегъовӕ нӕ сӕвӕрдта Саулы Израилы паддзахӕй? Уӕдӕ йӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг аивтаид, уымӕн рӕстӕг куы ӕрцыдаид, уӕд. Давид ӕмбӕрста, уыцы хъуыддаджы йын йӕхи фӕнд кӕныны бар кӕй нӕй. Цӕмӕй Саулы маст ӕрсабыр уыдаид, уый тыххӕй Давид, йӕ бон цы уыд, уый куы бакодта, уӕд фӕстагмӕ загъта: «Иегъовӕ йӕ йӕхӕдӕг бафхӕрдзӕн, кӕнӕ йӕ бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ амӕлдзӕн, кӕнӕ хӕстмӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ фӕмард уыдзӕн. Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн, Иегъовӕйы сӕрстмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн!» (1 Паддзахӕдты 24:3–15; 26:7–20).

6. Давид ӕмӕ Саулы хабарӕй нӕ бон зондӕн цы у райсын?

6 Ацы хабары ис ахсджиаг зондзонӕн. Никуы хъуыды кодтай, чырыстон ӕмбырды цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ цӕмӕн фӕзыны? Гӕнӕн ис, ӕмӕ чидӕр цыдӕр раст нӕ кӕны. Чи зоны, стыр тӕригъӕд нӕ аразы, фӕлӕ дӕумӕ уый хъыг кӕсы. Дӕхи йемӕ куыд дардзынӕ? Де ’фсымӕрыл кӕй тыхсыс ӕмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уай, уый дӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕнай, цӕмӕй дзы ма адард уай, фӕлӕ йӕ ссарай. Ӕмӕ уый куы нӕ баххуыс кӕна, уӕд та? Кӕд дӕ бон цы у, уый бакодтай, уӕд хъуыддаг ратт Иегъовӕйы къухмӕ. Афтӕ бакодта Давид дӕр.

7. Ӕнӕрастдзинад кӕнӕ ӕнӕрвӕссон ахастыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд ис Давидау архайӕн?

7 Кӕнӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕмбӕлдтӕ ӕнӕраст хъуыддагимӕ кӕнӕ та дыл дӕ дины тыххӕй ӕнӕрвӕссон кӕнынц. Ӕвӕццӕгӕн сын ныр дӕ бон бирӕ кӕнӕ та ӕппындӕр ницы у бакӕнын. Ахӕм уавӕры фидардзинад равдисын тынг зын вӕййы, фӕлӕ Давид ӕнӕрастдзинадмӕ цы цӕстӕй каст, уый нын хорз зондзонӕн у. Давид йӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ псаломты Хуыцауы кадджын кодта, Саулӕй йӕ кӕй бахызта, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы фенӕн ис, Иегъовӕйыл куыд иузӕрдион у ӕмӕ йын йӕ ном кадджын кӕныныл куыд тыхсы (Псалом 17:1–6, 26–28, 31–33, 49–51; 56:1–12). Саул Давиды бирӕ азты дӕргъы ӕнаххосӕй ӕфхӕрдта, фӕлӕ уый Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ не сивта. Мах дӕр хъуамӕ иузӕрдион уӕм Иегъовӕ ӕмӕ йӕ организацийыл, рӕстӕй нӕ куы ӕфхӕрой ӕмӕ иннӕтӕ цыфӕнды куы аразой, уӕддӕр. Иегъовӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр кӕй зоны, ууыл хъуамӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм (Псалом 85:2).

8. Мозамбикы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цыд, уӕд сӕхи куыд дардтой?

8 Нӕ рӕстӕджы уӕззау фӕлварӕнты Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззад, уымӕн нын хорз цӕвиттон сты Мозамбикы цӕрӕг чырыстӕттӕ. 1984 азы гӕрзифтонг къордтӕ сӕ хъӕутӕм арӕх бырстой. Уыдон къахтой ӕмӕ сыгътой хӕдзӕрттӕ, мардтой адӕмы. Афтӕ зынди, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ бон сӕхи бахъахъхъӕнын не суыдзӕн. Бынӕттон цӕрджыты цӕуын кодтой хӕстон къордтӕм кӕнӕ та сӕ уыцы къордтӕн ӕндӕр искуыд ӕххуыс кӕнын кодтой. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зыдтой, афтӕ куы бакӕной, уӕд дунейы хъуыддӕгты кӕй архайдзысты. Ӕмӕ кӕй нӕ разы кодтой, уый тыххӕй се знӕгтӕ сызнӕт сты. Уыцы уӕззау рӕстӕджы иу ӕртын Ӕвдисӕны амардтой, фӕлӕ мӕлӕты цӕстытӕм кӕсгӕйӕ дӕр сӕ иузӕрдиондзинад нӕ фӕцудыдта *. Давидау уыдоны дӕр рӕстӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ уӕддӕр уӕлахиздзаутӕй баззадысты.

Зӕрдылдаринаг цӕвиттон

9, 10. а) Цы пайда нын сты иуӕй-иу цӕвиттонтӕ Фыстадӕй? ӕ) Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хъуыддӕгты раст цы нӕ уыд?

9 Фыстад цы адӕмы кой кӕны, уыдонӕй иуӕй-иуты царды хабӕрттӕй зыны, нӕхи цавӕр уагахастӕй хъуамӕ хизӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма дзы дзырд цӕуы бирӕ адӕмыл, уыимӕ ма Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл дӕр, се ’нӕраст миты фӕстиуджытӕ-иу сӕхиуыл чи бавзӕрста, уыдоныл (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Иу дзы у Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хабар. Уыцы бинонтӕ уыдысты фыццаг ӕнусы Иерусалимы чырыстон ӕмбырдӕй.

10 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ ӕхцайӕ баххуыс кӕнын хъуыд, йӕ уырнындзинад бафидар кӕныны тыххӕй Иерусалимы апостолтимӕ чи баззад, уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕн. Ӕмбырдӕй чидӕртӕ сӕ исбон ауӕй кодтой, цӕмӕй, хъуаг чи ӕййӕфта, уыдонӕн баххуыс кодтаиккой (Куыстытӕ 2:41–45). Анани ӕмӕ Сапфирӕ ауӕй кодтой сӕ зӕхх, ӕмӕ дзы цы ӕхца райстой, уымӕн йӕ иу хай апостолтӕм ӕрбахастой, ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ, цы райстам, уый иууылдӕр лӕвар кӕнӕм. Анани ӕмӕ Сапфирӕйӕн сӕхицӕй кӕнгӕ уыд, бирӕ ӕхца радтаиккой ӕви гыццыл, фӕлӕ ӕхца цы зӕрдӕйӕ лӕвӕрдтой, уый раст нӕ уыдис, ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр уыдысты хинӕйдзаг. Уыдоны фӕндыд сӕхи равдисын, ӕмӕ цы сарӕзтой, уымӕй стырдӕр кад агуырдтой. Апостол Петр сын сыгъдӕг уды руаджы сӕ хин ӕмӕ сӕ цӕстмӕхъус хъуыддӕгтӕ раргом кодта, ӕмӕ сӕ Иегъовӕ дзыхъхъмард фӕкодта (Куыстытӕ 5:1–10).

11, 12. а) Ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй хъуамӕ уӕм, уымӕн цавӕр цӕвиттонтӕ ис ӕрхӕсӕн? ӕ) Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

11 Адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцӕуыны тыххӕй асайынмӕ куы хъавӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕнт Анани ӕмӕ Сапфирӕ. Нӕ бон адӕмы асайын у, фӕлӕ Иегъовӕйы нӕ асайдзыстӕм (Дзуттытӕм 4:13). Фыстад нӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй кӕрӕдзи ма сайӕм, уымӕн ӕмӕ ӕнӕрастдзинад зӕххӕй сӕфт куы ӕрцӕуа, уӕд сайӕгойтӕ дӕр фесӕфдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 14:2; Раргомад 21:8; 22:15). Афтӕ цӕмӕн уыдзӕн, уый хорз зонӕм: ӕппӕт ӕнӕраст хъуыддӕгтыл дӕр ардауы Сайтан Хӕйрӕг (Иоанны 8:44).

12 Ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куы цӕрӕм, уӕд бирӕ цӕмӕйдӕрты арфӕгонд уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, нӕ цӕсгом Хуыцауы раз сыгъдӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ райдзӕн, иннӕтӕ ныл кӕй ӕууӕндынц, уымӕй. Чырыстӕттӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ арӕх куыст ссарынц кӕнӕ сӕ куыст нӕ фесафынц. Фӕлӕ ӕнӕзӕрдӕхудт цард цы хорзӕхтӕ хӕссы, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр у хӕлардзинад Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ (Псалом 14:1, 2).

Нӕ хӕрзӕгъдаудзинад хъахъхъӕнӕм

13. Цавӕр уавӕры бахауд Иосиф ӕмӕ йӕхи куыд дардта?

13 Иаковы фырт Иосифы 17-аздзыдӕй цагъарӕй ауӕй кодтой. Фӕстагмӕ бахаудта Потифармӕ, Египеты хицӕуттӕй иуы хӕдзармӕ. Уым ыл йӕ хицауы ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта. Потифары усы фӕндыд, цӕмӕй уыцы рӕсугъд лӕппу йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид, ӕмӕ йын алы бон дӕр дзырдта: «Схуысс мемӕ». Иосиф йӕ бинонтӕй уыдис дард, ӕппындӕр ӕй кӕм ничи зыдта, ахӕм бӕстӕйы. Йӕ бон уыд уыцы сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцӕуын, ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр ничи бакодтаид. Фӕлӕ йын иу хатт Потифары ус йӕ дарӕсыл куы ныххӕццыд, уӕд Иосиф алыгъд (Уӕвынад 37:2, 18–28; 39:1–12).

14, 15. а) Иосифы хабар нын цымыдисаг цӕмӕй у? ӕ) Иу хойӕн ӕхсызгон цӕмӕн уыд, Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ кӕй хъуыста, уый?

14 Иосиф схъомыл, Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм бинонты ’хсӕн, ӕмӕ ӕмбӕрста, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат ӕрцӕуой, уый раст кӕй нӕу. «Куыд хъуамӕ саразон ӕз ахӕм стыр фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ ракӕнон?»– загъта уый. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн загъта, ӕмӕ зыдта, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны цы уагӕвӕрд радта, уый, ома лӕгӕн иу ус йеддӕмӕ хъуамӕ ма уа (Уӕвынад 2:24). Иосиф куыд бакодта, ууыл Хуыцауы адӕм куы хъуыды кӕной, уӕд арфӕгонд уыдзысты. Бирӕ рӕтты ӕнӕгъдаудзинадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕр ми бакӕныныл цы ӕрыгӕттӕ не сразы вӕййынц, уыдоныл се ’мгӕрттӕ фӕхудынц. Стыртӕй дӕр бирӕтӕ хӕтынц. Уӕдӕ Иосифы хабар у тынг ахсджиаг. Хуыцауы цӕсты хӕтындзинад абон дӕр у тӕригъӕд (Дзуттытӕм 13:4). Ӕнӕгъдау ми чи бакодта, уыдонӕй бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг хӕтынӕй йӕхи цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ хиза. Уый цы кӕуинаг фӕстиуджытӕм ӕркӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты: адӕймаг йӕхицӕн кӕй нал фӕаргъ кӕны, йӕ цӕсгом ӕй кӕй фӕхӕры, кӕй фенӕууӕнк вӕййы, кӕй басывӕрджын вӕййы кӕнӕ та йыл ӕвзӕр низтӕ кӕй бахӕцы. Фыстад нӕ куыд фӕдзӕхсы, афтӕмӕй, хӕтгӕ чи кӕны, уый «тӕригъӕд кӕны йӕхи буары ныхмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 5:9–12; 6:18; Ӕмбисӕндтӕ 6:23–29, 32).

15 Дженни *, ӕнӕцыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, бузныг у, Хуыцау нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдоны тыххӕй. Дженни куысты иу рӕсугъд нӕлгоймаджы зӕрдӕмӕ фӕцыд. Фӕлӕ йын куы нӕ разы кодта, уӕд ноджы тынгдӕр райдыдта йӕ фӕдыл зилын. «Тох кодтон, цӕмӕй ӕнӕгъдау мийӕ мӕхи бахъахъхъӕдтаин,– дзуры Дженни,– уымӕн ӕмӕ адӕймаг искӕй зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуы, уӕд ын уый ӕхсызгон вӕййы». Фӕлӕ Дженни ӕмбӕрста, уыцы нӕлгоймаг йӕ размӕ дӕр бирӕ сылгоймӕгтимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд, ӕмӕ йӕ уымӕй дӕр ӕндӕр кӕй ницы хъуыд. Куы фӕхатыд, ӕмӕ йӕ бон тох кӕнын нал у, уӕд Иегъовӕйӕ райдыдта ӕххуыс курын, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайа. Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ иртасгӕйӕ Дженни бамбӕрста, цы базыдта, уыдон ын кӕй уыдысты, ӕдзух къӕрцхъус уа, уымӕ йӕ чи разӕнгард кодта, ахӕм фӕдзӕхстыты хуызӕн. Уыцы фӕдзӕхстытӕй иу уыдис Иосиф ӕмӕ Потифары усы хабар. «Иегъовӕйы куыд бирӕ уарзын, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын,– дзуры уый,– уӕд фӕхатын, фаг тых мӕм кӕй ис, цӕмӕй уыцы стыр фыддзинад ма саразон ӕмӕ йӕ разы тӕригъӕд ма ракӕнон».

Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусӕм!

16. Библи кӕй кой кӕны, уыцы адӕмы царды хабӕрттӕ куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн?

16 Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, Фыстады цавӕрдӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ныффыссын кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Уыцы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Библи кӕй кой кӕны, уыцы адӕмы миниуджытӕ кӕнӕ ахуыртӕй кӕцытӕ хъуамӕ фӕзмӕм, йе та нӕхи кӕцытӕй хъуамӕ хизӕм? Хуыцауы Ныхасы дзырд цӕуы сӕдӕгай адӕймӕгтыл. Хуыцауы амындтӕ чи уарзы, уыдон бирӕ хорзӕхтӕ ссардзысты, царддӕттӕг зонд агурын куы бауарзой, уӕд. Уымӕ ма хауы, Иегъовӕ нӕ рӕстӕгмӕ кӕй бахъахъхъӕдта, уыцы цӕвиттонтӕй цы зондзонӕнтӕ ис райсӕн, уыдон дӕр. Ацы журналы арӕх вӕййы статьятӕ, сӕ царды хабӕрттӕ нӕ цӕуылдӕр кӕмӕн ахуыр кӕнынц, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Хорз нӕ уаид ахӕм статьятӕ кӕсынӕн рӕстӕг арын?

17. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдоны тыххӕй цы хъуыды кӕныс ӕмӕ цӕмӕн?

17 Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕныныл ын чи архайы, уыдоныл кӕй ауды! Библи цы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты кой кӕны, уыдонау мах дӕр ӕнӕххӕст стӕм. Фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕ фыст кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ нын сты стыр ӕххуыс. Иегъовӕ нын нӕ зӕрдыл цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдонмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи стыр рӕдыдтытӕй хиздзыстӕм ӕмӕ фӕзмдзыстӕм, рӕстдзинады фӕндагыл чи цыд, уыдоны. Афтӕмӕй псаломзарӕггӕнӕгау зардзыстӕм: «Амондджын сты, нӕ зӕрдыл нын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕны, уыдон чи хъахъхъӕны; уыдон ӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ агурынц. Мӕ уд хъахъхъӕны мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон, ӕмӕ сӕ ӕз бирӕ уарзын» (Псалом 119:2, 167, НД [118:2, 167]).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 8 абз. Кӕс «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» 1996 азӕн 160–162 фф., уыр.

^ 15 абз. Ном ивд у.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Давид Саулмӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕй?

• Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

• Иосифы хабар абон дӕр цымыдисаг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Давид Саулы марын цӕуылнӕ бауагъта?

[Ныв 19 фарсыл]

Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

[Ныв 20 фарсыл]

Иосиф ӕнӕгъдау ми бакӕнын цӕуылнӕ бакуымдта?