Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, равзарут Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фӕндаг

Ӕрыгӕттӕ, равзарут Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фӕндаг

Ӕрыгӕттӕ, равзарут Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фӕндаг

«Равзарут абон уӕхицӕн, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут» (ЙЕСО НАВИН 24:15).

1, 2. Сӕхи чырыстӕттӕ чи хоны, уыдон, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм аргъуыд куыд дӕттынц?

«УАДЗ ӕмӕ [сывӕллӕттӕ] чырыстон дин исой, Чырыстийы базонынхъом куы свӕййынц, уӕд». Ацы ныхӕстӕ Тертуллиан ныффыста нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусы кӕронмӕ ’ввахс. Тертуллиан, йӕ рӕстӕджы чырыстӕтты ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кодта, уыдон сывӕллӕттӕн аргъуыд кӕй лӕвӕрдтой, уый растыл нӕ нымадта. Тертуллиан ӕмӕ Библийӕ уӕлдай, Сыгъдӕг Августин уыд ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст. Уый дзырдта, зӕгъгӕ, аргъуыд адӕймаджы сыгъдӕг кӕны, йӕ туджы цы тӕригъӕд рахаста, уымӕй, ӕмӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕаргъуыдӕй куы амӕлынц, уӕд бахауынц зындонмӕ. Адӕм ууыл кӕй ӕууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ, сывӕллӕтты аргъуыдтой куыддӕр-иу райгуырдысты, афтӕ.

2 Ацы дунейы чырыстон аргъуантӕй бирӕты ныр дӕр ма аргъауынц ноггуырдты. Уымӕй уӕлдай, историйы дӕргъы сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ ӕндӕр адӕмтыл-иу куы фӕуӕлахиз сты, уӕд-иу сын тыхӕй аргъуыд райсын кодтой. Фӕлӕ ноггуырдты аргъауын ӕмӕ, адӕймаджы куы нӕ фӕнда, афтӕмӕй йын аргъуыд дӕттын Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу.

Барвӕндонӕй нывонддзырд раттын

3, 4. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн барвӕндонӕй нывонддзырд радтын?

3 Библи ӕвдисы, Хуыцау сывӕллӕттӕн кӕй арфӕ кӕны, кӕд ын сӕ ныййарджытӕй ӕрмӕст иу йеддӕмӕ нӕ лӕггад кӕны, уӕддӕр (1 Коринфӕгтӕм 7:14). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы сывӕллӕттӕ, Иегъовӕйӕн нывонддзырд чи ратта, ахӕм лӕггадгӕнджытӕ сты? Нӕ. Фӕлӕ чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндоныл ахуыр кӕнынц ӕмӕ уый руаджы фӕстӕдӕр сывӕллӕтты бафӕнды Иегъовӕйӕн барвӕндонӕй нывонддзырд радтын. Зондджын паддзах Соломон фыста: «Ӕххӕст кӕн мӕ фырт, дӕ фыды фӕдзӕхст, ӕмӕ дӕ дӕ мады ныхас дӕр рох ма уӕд... Куы цӕуай, уӕд дын фӕндаг амондзысты; куы схуыссай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты; куы райхъал уай, уӕд дӕ рӕвдаудзысты, уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у рухсгӕнӕн, закъон – рухс, ӕмӕ зондамынд – цардмӕ фӕндаг» (Ӕмбисӕндтӕ 6:20–23).

4 Чырыстон ныййарджытӕ цы разамынд дӕттынц, уый ӕрыгӕтты хъахъхъӕны, кӕд ӕм зӕрдиагӕй хъусынц, уӕд. Соломон ма загъта: «Зондджын фырт йӕ фыдӕн зӕрдӕрухсы хос у, ӕнӕзонд та йӕ мадӕн масты хос у». «Мӕ фырт, хъус, цӕмӕй зондджын уай ӕмӕ дӕ зӕрдӕ раст фӕндагыл кӕнай» (Ӕмбисӕндтӕ 10:1; 23:19). Дӕ ныййарджытӕ дӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый дын цӕмӕй фӕпайда уа, уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдиагӕй хъусай сӕ уынаффӕ ӕмӕ сӕ зондамындмӕ. Зондджынӕй гуыргӕ нӕ ракӕнынц, фӕлӕ дӕ бон у, ӕмӕ зондджын суай ӕмӕ барвӕндонӕй «царды фӕндагыл» цӕуай.

Цы у «зондамынд»?

5. Цавӕр уынаффӕ радта Павел сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ фыдтӕн дӕр?

5 Апостол Павел фыста: «Сывӕллӕттӕ, коммӕ кӕсут уӕ ныййарджытӕн Хицауы мидӕг, уымӕн ӕмӕ афтӕ домы рӕстдзинад. „Кад кӕн дӕ мад ӕмӕ дӕ фыдӕн“, уый – фыццаг фӕдзӕхст зӕрдӕвӕрдимӕ: Цӕмӕй уа дӕуӕн хорз ӕмӕ уыдзынӕ бирӕазон зӕххыл“. Ӕмӕ, фыдӕлтӕ, сымах дӕр ма мӕсты кӕнут уӕ цӕуӕты, фӕлӕ ахуыр кӕнут уыдоны Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:1–4).

6, 7. Сывӕллӕтты Иегъовӕйы зондамынды хъомыл кӕнынмӕ цы хауы, ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты зонд зыгъуыммӕ кӕнынц?

6 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕй «ахуыр кӕнынц... [Иегъовӕйы] ахуырады ӕмӕ зондамынды», уымӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын сӕ зонд зыгъуыммӕ кӕнынц? Нӕ. Йӕ сывӕллӕтты, раст цы у, ууыл, ӕмӕ хорз ӕгъдауыл чи ахуыр кӕны, уыцы ныййарджытӕн чи бауайдзӕф кӕндзӕн? Зӕгъӕм, атеистты ничи ’фхӕры, сӕ сывӕллӕтты кӕй ахуыр кӕнынц, Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ. Католиктӕ дӕр сӕ хӕсыл нымайынц сӕ сывӕллӕттӕн сӕ дин амонын, ӕмӕ сын уый тыххӕй ничи уайдзӕф кӕны. Афтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр нӕй аххосджын кӕнӕн, сӕ сывӕллӕттӕн, Библи цӕуыл ахуыр кӕны ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы дзуры, уый кӕй амонынц, уый тыххӕй.

7 Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, Ефесӕгтӕм 6:4 «зондамындӕй» цы гърекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «зондахаст раст кӕнын, ахуыр кӕнын цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын» (Theological Dictionary of the New Testament). Фӕлӕ ӕрыгӕттӕ се ’мгӕртты зондыл кӕй цӕуынц ӕмӕ сӕ иннӕтӕй хицӕн кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уый тыххӕй сӕ ныййарджыты коммӕ куы нӕ кӕсой, уӕд та? Чи уыдзӕн аххосджын – ныййарджытӕ ӕви се ’мгӕрттӕ? Ӕмгӕртты зондыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй наркотиктӕ ӕмӕ фыднозт кӕнын кӕнӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕнын куы райдайой, уӕд ныййарджытӕн чи бауайдзӕф кӕндзӕн, кӕй сӕ фӕнды сӕ сывӕллӕтты сраст кӕнын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын кӕнӕ сын бамбарын кӕнын, ахӕм уагахаст цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕркӕны, уый?

8. Тимофей фидарӕй цӕй руаджы баууӕндыд?

8 Апостол Павел фыста ӕрыгон Тимофеймӕ: «Ды та цӕуыл сахуыр дӕ ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, уый хӕццӕ кӕн дарддӕр. Чи дӕ сахуыр кодта, уыдоны хорз зоныс; уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст – уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай» (2 Тимофеймӕ 3:14, 15, НТ). Тимофей ма хӕрзгыццыл куы уыд, уӕд ын йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад йӕ уырнындзинадӕн ӕрӕвӕрдтой хорз бындур – Сыгъдӕг Фыстад ын амыдтой (Куыстытӕ 16:1; 2 Тимофеймӕ 1:5). Фӕстӕдӕр чырыстӕттӕ куы систы, уӕд Тимофейӕн сӕ дин нӕ хъардтой, фӕлӕ йын Фыстадӕй хастой фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

Иегъовӕ дын равзарыны бар дӕтты

9. а) Иегъовӕ адӕмӕн цавӕр кад скодта ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Хуыцауы иунӕггуырд Фыртӕн равзарыны бар кӕй уыдис, уымӕй куыд пайда кодта?

9 Иегъовӕйы бон уыди адӕмы афтӕ сфӕлдисын, ӕмӕ йын ӕрмӕст йӕ фӕнд ӕххӕст кодтаиккой, сӕхицӕн та сӕ бон нӕ уыдаид ӕвзарын, уынаффӕтӕ хӕссын. Уый бӕсты сын ахӕм кад скодта, ӕмӕ сын сӕрибарӕй ӕвзарыны бар радта. Нӕ Хуыцау Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын барвӕндонӕй лӕггад кӕнӕм. Ӕхсызгон ын вӕййы, йе ’сконд адӕм ын – ацӕргӕтӕ дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр – уарзондзинадӕй куы фӕлӕггад кӕнынц. Уарзондзинадӕй Хуыцауы коммӕ кӕсӕн куыд ис, уымӕн диссаджы цӕвиттон уыд йӕ иунӕггуырд Фырт. Иегъовӕ Йесойы тыххӕй загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:17, НД). Уыцы иунӕггуырд Фырт йӕ Фыдӕн загъта: «Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕу фӕндон, мӕ Хуыцау, ӕмӕ Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Псалом 39:9; Дзуттытӕм 10:9, 10).

10. Цӕмӕй Иегъовӕ нӕ лӕггадӕй разы уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

10 Хуыцау ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ Фырты разамындӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдон барвӕндонӕй йӕ коммӕ кӕй кӕсдзысты. Псаломы чиныджы кӕсӕм пехуымпарад: «Дӕ хӕсты бон дӕ адӕм цӕттӕ сты сыгъдӕгдзинады фӕлыстӕй. Куыд ӕртах бонвӕрноны гуыбынӕй, афтӕ дӕ тырынад у» (Псалом 109:3, МГТ). Иегъовӕйы организацийы чи ис,– уӕлӕрвты ӕмӕ йын зӕххыл дӕр чи лӕггад кӕны,– уыдон йӕ коммӕ кӕсынц ӕрмӕст уарзондзинадӕй.

11. Чырыстон ныййарджытӕ кӕй хъомыл кӕнынц, уыцы сывӕллӕттӕн цы равзарыны бар ис?

11 Фӕсивӕд, уӕдӕ хъуамӕ ӕмбарат: нӕдӕр уын уӕ чырыстон ныййарджытӕ, нӕдӕр уын ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тыхӕй донаргъуыд нӕ райсын кӕндзысты. Хъуамӕ уӕхи бафӕнда Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Йесо Навин израилӕгтӕн дзырдта: «[Иегъовӕйӕн] ӕнувыдӕй ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут... Равзарут абон уӕхицӕн, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут» (Йесо Навин 24:14–22). Афтӕ сымах дӕр хъуамӕ Иегъовӕйӕн нывонддзырд раттат барвӕндонӕй ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнат.

Бӕрн райсынмӕ цӕттӕ у

12. а) Кӕд ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, уӕддӕр сӕ бӕсты сӕ бон цы нӕу саразын? ӕ) Иегъовӕйы цӕсты ӕрыгон адӕймаг йӕ уынаффӕты тыххӕй дзуапдӕттынхъом кӕд свӕййы?

12 Ӕрыгӕттӕ, ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, уӕ ныййарджыты иузӕрдиондзинад уӕ куы нал хъахъхъӕна (1 Коринфӕгтӕм 7:14). Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Хорз кӕнын кӕй хъӕуы, уый чи ӕмбары ӕмӕ йӕ чи нӕ кӕны, уымӕн уый тӕригъӕд у» (Иаковы 4:17, НТ). Ныййарджыты бон нӕу Хуыцауӕн сӕ сывӕллӕтты бӕсты лӕггад кӕнын, сывӕллӕттӕн та – сӕ ныййарджыты бӕсты (Иезекил 18:20). Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базыдтай? Уыцы зонындзинӕдтӕ ӕмбарынхъом дӕ ӕмӕ Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын райдыдтай? Кӕд о, уӕд Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ дӕ бон у уынаффӕ рахӕссын, цӕмӕй йын лӕггад кӕнай.

13. Донаргъуыд чи нӕма райста, уыцы ӕрыгӕттӕ сӕхимӕ цавӕр фарстытӕ хъуамӕ радтой?

13 Кӕд донаргъуыд нӕма райстай, чырыстон бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ, ӕмбырдты вӕййыс ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныс, уӕд дӕхи ӕргом бафӕрс: «Цӕмӕн кӕнын уыдӕттӕ? Ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды уый тыххӕй цӕуын, ӕмӕ мӕ ныййарджыты афтӕ фӕнды ӕви мӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын фӕнды? «Хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый» сбӕлвырд кодтай? (Ромӕгтӕм 12:2, НТ).

Донаргъуыд райсыныл цӕмӕн фӕстиат кӕныс?

14. Библийӕ цавӕр цӕвиттонтӕ ’вдисынц, донаргъуыд райсыныл фӕстиат кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый?

14 «Цы ма мӕ къуылымпы кӕны донаргъуыд райсын?»,– бафарста ефиопаг лӕг. Хорз хабар хъусынгӕнӕг Филипп ын гыццыл раздӕр загъта, Йесо Мессиа кӕй уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ Фыстадӕй цы базыдта, уый дӕр ын фаг уыд, цӕмӕй бамбӕрстаид, чырыстон ӕмбырдимӕ йӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ ӕвӕстиатӕй ӕргом равдисын кӕй хъӕуы ӕмӕ йын уый стыр циндзинад ӕрхӕста (Куыстытӕ 8:26–39, НФ). Афтӕ иу сылгоймагӕн, йӕ ном Лидиа, зӕгъгӕ, Хуыцау байгом кодта йӕ зӕрдӕ, цӕмӕй «бамбара Павел цы дзырдта, уый» ӕмӕ ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райста, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр (Куыстытӕ 16:14, 15). Уыйау, Филиппы сахары ахӕстоны цӕстдарӕг дӕр Павел ӕмӕ Силӕмӕ хъуыста, куы «дзырдтой Йегъовӕйы ныхас», уӕд, «ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр ӕввӕстиатӕй донаргъуыд райстой» (Куыстытӕ 16:25–34, НД). Уӕдӕ кӕд Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ зоныс ӕмӕ дӕ зӕрдиагӕй фӕнды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын, ӕмбырды дын хорз ном ис ӕмӕ ӕдзух цӕуыс ӕмбырдтӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныс, уӕд донаргъуыд райсыныл цӕмӕн фӕстиат кӕныс? (Матфейы 28:19, 20).

15, 16. а) Иуӕй-иу ӕрыгӕтты донаргъуыд райсынӕй цы къуылымпы кӕны? ӕ) Нывонддзырд ӕмӕ донаргъуыд ӕрыгӕтты куыд хъахъхъӕны?

15 Исты рӕдыд саразынӕй кӕй тӕрсыс, уый тыххӕй фӕстиат кӕныс ацы ахсджиаг къахдзӕф саразыныл? Кӕд афтӕ у, уӕд ма ахъуыды кӕн: мыййаг аварийы куы бахауай, уымӕй кӕй тӕрсыс, уый тыххӕй шофыры гӕххӕттытӕ нӕй райсдзынӕ? Куыннӕ сӕ райсдзынӕ! Уӕдӕ кӕд цӕттӕ дӕ, уӕд дӕ хъуамӕ мацы бакъуылымпы кӕна донаргъуыд райсын. Иегъовӕйӕн нывонддзырд куы радтай ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ, ахӕм уынаффӕ куы рахӕссай, уӕд дӕ уый тынг бафидар кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ бон уа ӕппӕт тыхтӕй тӕригъӕды ныхмӕ лӕууын (Филиппӕгтӕм 4:13). Фӕсивӕд, афтӕ уӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ донаргъуыд куы нӕ уат, уӕд уӕ дзуапп дӕттын нӕ бахъӕудзӕн. Уынаффӕхӕссыны кары куы уай, уӕд дӕ хъуыддӕгты тыххӕй Иегъовӕйы раз дзуапп дӕтдзынӕ, фӕнды донаргъуыд уай, фӕнды нӕ (Ромӕгтӕм 14:11, 12).

16 Ӕгас дунейы дӕр Ӕвдисӕнтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, ӕрыгонӕй донаргъуыд райсыны уынаффӕ кӕй рахастой, уый сын тынг баххуыс. Ӕркӕсӕм Скӕсӕн Европӕйы чи цӕры, ахӕм 23-аздзыд лӕппуйы хабармӕ, у Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уымӕн йӕ зӕрдыл лӕууы, 13-аздзыдӕй йӕ донаргъуыд райсын уый тыххӕй кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕхи «лӕппуйы монцтӕй» бахызтаид (2 Тимофеймӕ 2:22, НТ). Гыццыл ма куы уыд, уӕд йӕ разы сӕвӕрдта нысан – ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕмӕ абон зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы. Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи равзары, уыдонмӕ ӕмӕ дӕумӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнӕкӕрон арфӕдзинӕдтӕ.

17. Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ «ӕмбарӕм цы у Хуыцауы фӕндон»?

17 Нывонддзырд ӕмӕ донаргъуыд сты, царды нын алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйы фӕндонӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы уыдзӕн, уый нысан. Нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрынмӕ ма хауы «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнын». Куыд? Ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл рӕстӕг ӕрвитыны бӕсты, Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм, ӕдзух цӕуӕм ӕмбырдтӕм, фылдӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар (Ефесӕгтӕм 5:15, 16, НД; Матфейы 24:14). Иегъовӕйӕн нывонддзырд кӕй радтам ӕмӕ нӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый хорзырдӕм зыны нӕ цардыл. Зӕгъӕм, хӕрд ӕмӕ нозты хъуыддагыл, куыд улӕфӕм ӕмӕ цавӕр музыкӕмӕ хъусӕм, ууыл. Цымӕ ахӕм ирхӕфсӕнтӕ равзарӕн нӕй, ӕнустӕм нын циндзинад чи хӕсса? Мингай ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ дын зӕгъдзысты, Иегъовӕйы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи нӕу, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ бирӕ кӕй ис (Ефесӕгтӕм 5:17–19).

«Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»

18. Ӕрыгӕттӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ бафӕрсой?

18 Н. э. агъоммӕ 1513 азӕй н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонмӕ Иегъовӕйӕн зӕххыл уыд, йӕхицӕн лӕггадгӕнджытӕй ӕмӕ ӕвдисӕнтӕй кӕй равзӕрста, ахӕм адӕм (Исай 43:12). Ӕрыгон израилӕгтӕ-иу уыцы адӕмы ’хсӕн райгуырдысты. Фӕндзайӕм боны фӕстӕ Иегъовӕ равзӕрста ног «адӕм», уӕларвон Израил, «адӕм Йӕхи номыл» (1 Петры 2:9, 10; Куыстытӕ 15:14; Галатӕгтӕм 6:16). Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, Чырысти йӕхицӕн равзӕрста, «хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм» (Титмӕ 2:14, НТ). Ӕрыгӕттӕ, уӕхӕдӕг раиртасут, чи сты уыцы адӕм. Кӕй ис схонӕн абон, «иузӕрдиондзинад чи хъахъхъӕны, уыцы рӕстгӕнӕг адӕм»? Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры? Иегъовӕйы ӕнувыд Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый хъуыддагӕй чи ӕвдисы ӕмӕ йӕ Паддзахады – адӕмы иунӕг ныфсы тыххӕй чи хъусын кӕны? (Исай 26:2–4). Ӕркӕс чырыстон аргъуантӕ ӕмӕ ӕндӕр динты хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ абар, Библи Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕй цы домы, уыимӕ.

19. Ӕгас зӕххыл дӕр милуантӕ цы сбӕлвырд кодтой?

19 Ӕгас зӕххыл дӕр милуантӕ, уыимӕ бирӕ ӕрыгӕттӕ дӕр, сбӕлвырд кодтой, уыцы «рӕстгӕнӕг адӕм» кӕй сты, Иегъовӕйы сӕрст Ӕвдисӕнтӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон. Ӕмӕ сын дзурынц: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Захари 8:23). Мах ӕцӕгдӕр ныфс ис ӕмӕ кувӕм, сымах, ӕрыгӕттӕ, кӕй сфӕнд кӕндзыстут, цӕмӕй уыцы адӕмы ’хсӕн уат ӕмӕ афтӕмӕй «равзарат цард» – ӕнусон цард Иегъовӕйы ног дунейы (Дыккаг закъон 30:15–20; 2 Петры 3:11–13).

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Цы хауы зондамындмӕ?

• Иегъовӕ цавӕр лӕггадӕй у разы?

• Чырыстон ныййарджытӕ кӕй хъомыл кӕнынц, уыцы ӕрыгӕттӕн цы равзарыны бар ис?

• Донаргъуыд райсыныл фӕстиат кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 27 фарсыл]

Кӕмӕ хъусдзынӕ?

[Ныв 28 фарсыл]

Нывонддзырд ӕмӕ дӕ донаргъуыд куыд хъахъхъӕнынц?

[Ныв 31 фарсыл]

Цы дӕ къуылымпы кӕны донаргъуыд райсын?