Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алы адӕймагӕн дӕр кад кӕндзысты

Алы адӕймагӕн дӕр кад кӕндзысты

Алы адӕймагӕн дӕр кад кӕндзысты

«Мах хъуамӕ саразӕм ног дуне – ныр цы у, уымӕй бирӕ хуыздӕр, адӕймагӕн алкӕддӕр кад кӕм кӕндзысты, ахӕм дуне»,– ГАРРИ ТРУМЭН, ИУГОНД ШТАТТЫ ПРЕЗИДЕНТ, САН ФРАНЦИСКО, КАЛИФОРНИ, АИШ, 1945 АЗ 25 АПРЕЛЬ.

ДЫККАГ дунеон хӕсты фӕстӕ президент Трумэн дӕр бирӕтау ӕууӕндыд, адӕмы бон кӕй у, ӕмӕ ивгъуыд цардӕй цӕуылдӕр сахуыр уой ӕмӕ саразой, алкӕмӕндӕр кӕм кад кӕндзысты, ахӕм «ног дуне». Хъыгагӕн, куыд уынӕм, афтӕмӕй сын уый нӕ бантыст. Адӕймагӕн абон дӕр ницы кад ис, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаджы адӕймаг аххосджын нӕу, фӕлӕ йӕ цыфыддӕр знаг.

Аххосджын чи у

Библи уыцы знаджы хоны Сайтан Хӕйрӕг, ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тых. Уый адӕмы царды тӕккӕ райдианы сдзырддаг кодта, Хуыцау Хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Сайтан Евӕимӕ Едемы цӕхӕрадоны куы ныхас кодта, уӕдӕй нырмӕ йӕ нысан у, адӕмы се Сфӕлдисӕгӕй аздахын (Уӕвынад 3:1–5). Ахъуыды ма кӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы зондыл кӕй ацыдысты, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта! Хуыцауы закъон куы фехӕлдтой – нӕфӕтчиаг дыргъӕй куы бахордтой – уый хӕдфӕстӕ дыууӕйӕ дӕр «бамбӕхстысты Иегъовӕ Хуыцауӕй». Цӕмӕн? Адам загъта: «Ӕз фӕтарстӕн, уымӕн ӕмӕ бӕгънӕг дӕн ӕмӕ бамбӕхстӕн» (Уӕвынад 3:8–10). Йӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕмӕ йӕхимӕ цы цӕстӕй каст, уый фӕивта. Адам фӕкъӕмдзӕстыг ӕмӕ Иегъовӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ тыхсын райдыдта.

Хӕйрӕджы цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй Адамӕн йӕхи цӕсты мацы кад уыдаид? Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмӕ Сайтанӕн ӕхсызгон вӕййы, адӕймаг Хуыцауы ӕгадгӕнӕг хъуыддӕгтӕ куы фӕаразы, уӕд (Уӕвынад 1:27; Ромӕгтӕм 3:23). Ацы хъуыддаджы фӕрцы ӕмбарӕм, цард-цӕрӕнбонты адӕм кӕрӕдзийӕн цӕуылнӕ кад кӕнынц, уый. Сайтан «а дунейы хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ архайы, цӕмӕй «адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ мацы хӕсса» (2 Коринфӕгтӕм 4:4, НТ; Екклесиаст 8:9; 1 Иоанны 5:19). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕн никуыуал кад кӕндзысты?

Иегъовӕ йе ’сконд адӕмӕн кад кӕны

Ахъуыды та ма кӕн, Адам ӕмӕ Евӕ куы нӕма фӕрӕдыдысты, уӕд Едемы цӕхӕрадоны куыд цардысты, ууыл. Хӕринаг – парахат, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодтаид, ахӕм куыст сын уыд, уыдысты ӕнӕниз ӕмӕ хъуамӕ ӕнустӕм цардаиккой, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр (Уӕвынад 1:28). Сӕ цард ӕгасӕйдӕр ууыл дзурӕг уыд, Хуыцау сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сын сӕ бӕрны кадджын хӕс кӕй бакодта.

Цымӕ Адам ӕмӕ Евӕ куы фӕрӕдыдысты, уый фӕстӕ Иегъовӕ адӕмӕн нал кад кодта? Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Иегъовӕ бамбӕрста, бӕгънӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй кӕй ӕфсӕрмы кодтой. Легъуи бӕласы сыфтӕртӕй сӕхицӕн цы дарӕс скодтой, уый бӕсты сын Хуыцау хӕларзӕрдӕйӕ радта «цармӕй даргъ уӕлӕдарӕс» (Уӕвынад 3:7, 21). Сӕ худинагмӕ ӕнцад кӕсыны бӕсты, Хуыцау равдыста, кӕй сын кад кӕны, уый.

Фӕстӕдӕр, израилӕгтӕ Иегъовӕйы адӕм куы систы, уӕд Хуыцау равдыста, кӕй тӕригъӕд кӕны сидзӕртӕн, идӕдзтӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн – арӕхдӕр ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыдонӕн (Псалом 71:13). Зӕгъӕм, израилӕгтӕн загъд уыд, цӕмӕй-иу хор ӕфснайыны, оливӕтӕ ӕмӕ сӕнӕфсир тоныны рӕстӕг ма раздӕхтаиккой фӕстӕмӕ, цы сын дзы баззад, уый ӕмбырд кӕнынмӕ. Тыллӕг ӕфснайгӕйӕ-иу цы баззад, уый тыххӕй Хуыцау бафӕдзӕхста: «Уадз, ӕмӕ баззайа ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн» (Дыккаг закъон 24:19–21). Уыцы фӕдзӕхст куы ӕххӕст кодтой, уӕд мӕгуыргур ничи цыди ӕмӕ сын уыд, ӕгады бынаты сӕ чи не ’вӕрдта, ахӕм куыст.

Йесо кад кодта адӕмӕн

Хуыцауы фырт, Йесо Чырысти, зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн кад кодта. Цӕвиттон, Галилейы куы уыд, уӕд ӕм хӕстӕг бацыд, хъотырӕй уӕззау рынчын чи уыд, ахӕм адӕймаг. Цӕмӕй иннӕтыл йӕ низ ма бахӕцыдаид, уый тыххӕй Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ, хъотырджын хъуамӕ хъӕр кодтаид: «Сыгъдӕг нӕ дӕн, сыгъдӕг нӕ дӕн» (Левит 13:45). Фӕлӕ ацы адӕймаг Йесомӕ ӕввахс куы бацыд, уӕд нӕ ныхъхъӕр кодта. Уый зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Хицау, кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай» (Лукайы 5:12, НТ). Йесо йын цы загъта? Нӕ йын бауайдзӕф кодта, Закъон кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй, ӕмӕ дзы йӕхи иуварс дӕр нӕ айста. Уый нӕ, фӕлӕ ма афтӕ бакодта, цӕмӕй та уыцы адӕймаг йӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдтаид – баныдзӕвыд ыл, стӕй йын загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у» (Лукайы 5:13).

Иуӕй-иу хатт Йесо адӕмы дзӕбӕх кодта ӕрмӕст ныхасӕй дӕр. Фӕлӕ йӕ ацы хатт бафӕндыд адӕймагыл аныдзӕвын (Матфейы 15:21–28; Маркы 10:51, 52; Лукайы 7:1–10). Уыцы адӕймаг ӕгасӕй дӕр хъотырӕй рынчын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йыл бирӕ рӕстӕг ничи аныдзӕвыд. Куыд ӕхсызгон ын уыдаид, ногӕй та ӕндӕр адӕймаджы къухы хъарм банкъарын! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ низӕй фервӕзынӕй дарддӕр ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ йын Йесо бирӕ стырдӕр хорздзинад сарӕзта – куыд ӕй сдзӕбӕх кодта, уый руаджы та йӕхицӕн раздӕрау аргъ кӕнын райдыдта. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ абон дӕр адӕм кӕрӕдзимӕ ахӕм зӕрдӕ дарой? Кӕд о, уӕд уый цӕмӕй бӕрӕг хъуамӕ уа?

Адӕмы кӕрӕдзийӕн кад кӕнын чи ахуыр кӕны, ахӕм уагӕвӕрд

Йесо цы загъта, уый бирӕтӕ нымайынц ӕппӕты хуыздӕр уагӕвӕрдыл, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой, уыцы хъуыддаджы: «Уӕдӕ уӕ куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12, НД). Ацы уагӕвӕрд – арӕх ӕй хонынц «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» – разӕнгард кӕны адӕймаджы иннӕмӕн кад кӕнынмӕ, цӕмӕй йын йӕхицӕн дӕр кад кӕной.

Цард куыд равдыста, афтӕмӕй ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу. Иу нӕлгоймаг, схонӕм ӕй Харолд, загъта: «Искӕй бафхӕрынӕй хуыздӕр мӕм ницы каст. Иу цалдӕр ныхасӕй дӕр мӕ бон уыд адӕймаджы ратыхсын кӕнын ӕмӕ йӕ фӕкъӕмдзӕстыг кӕнын, иуӕй-иу хатт та-иу адӕймаг кӕугӕ дӕр скодта». Фӕлӕ Харолды зондахаст цыдӕр аивта. «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕм хӕдзармӕ цӕуын райдыдтой. Мӕ зӕрдыл куы ’рлӕууы, цытӕ-иу сын фӕдзырдтон ӕмӕ сын цытӕ бавзарын кодтон, уӕд мӕ цӕсгом ссудзы. Фӕлӕ мӕ уыдон уӕддӕр нӕ ныууагътой, ӕмӕ гыццылгай Библийы ахуырӕдтӕ мӕ зӕрдӕмӕ хъарын райдыдтой ӕмӕ уый руаджы мӕ зондахаст ивта». Абон Харолд лӕггад кӕны чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй.

Харолды цард бӕлвырд кӕны: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзуттытӕм 4:12, НД). Хуыцауы Ныхас ӕмбӕлы адӕймаджы зӕрдӕйыл ӕмӕ йын аивы йӕ зонд ӕмӕ йӕ уагахаст. Цӕмӕй кӕрӕдзийӕн кад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ зӕрдиагӕй фӕнда адӕймаджы фӕхъыг кӕнын нӕ, фӕлӕ йын баххуыс кӕнын, фегад кӕнын нӕ, фӕлӕ йын аргъ кӕнын (Куыстытӕ 20:35; Ромӕгтӕм 12:10).

Адӕм та кӕрӕдзийӕн кад кӕндзысты

Ахӕм зӕрдӕйы уаг разӕнгард кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты адӕмӕн Библийы диссаджы ныфсы тыххӕй дзурын (Куыстытӕ 5:42). Адӕмӕн кӕй кад кӕнӕм, уый ӕвдисӕм, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй сын хорз хабар» кӕй дзурӕм, уымӕй (Исай 52:7). «Хуыздӕр цыдӕрмӕ» хауы нӕ зондахаст аивын, уый та нын баххуыс кӕндзӕн не «’взӕр фӕндтыл» хӕцын, ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн кад кӕндзыстӕм (Колоссӕгтӕм 3:5–10). Уымӕ ма хауы Иегъовӕйы фӕнд – тагъд рӕстӕджы фесафын, адӕймаджы чи ӕгад кӕны, уыцы уавӕртӕ ӕмӕ зондахаст, уыимӕ сӕ аххосаг дӕр, Сайтан Хӕйрӕджы (Данелы 2:44; Матфейы 6:9, 10; Раргомад 20:1, 2, 10). Зӕхх Иегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй куы байдзаг уа, ӕрмӕстдӕр та уӕд кӕндзысты кад адӕм кӕрӕдзийӕн (Исай 11:9).

Дӕ хорзӕхӕй, базон уыцы диссаджы фидӕны тыххӕй. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл дӕхи куы бӕттай, уӕд фендзынӕ, Библийы уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц иннӕтӕн кад кӕнын. Базондзынӕ ма, тагъд Хуыцауы Паддзахад ног, ныр цы у, уымӕй бирӕ хуыздӕр дуне кӕй сараздзӕн. Уый уыдзӕн ӕнӕмӕнг. Ног дунейы адӕм кӕрӕдзийӕн алкӕддӕр кад кӕндзысты ӕмӕ ӕгады бынаты никуыуал уыдзысты.

[Ныв 3 фарсыл]

Йесо кад кодта, кӕй дзӕбӕх кодта, уыдонӕн