Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ ирвӕзын кӕны ӕрхӕндӕг адӕймаджы

Иегъовӕ ирвӕзын кӕны ӕрхӕндӕг адӕймаджы

Иегъовӕ ирвӕзын кӕны ӕрхӕндӕг адӕймаджы

«Бирӕ хъыгдзинӕдтӕ ис рӕстгӕнӕгӕн ӕмӕ йӕ уыдон се ’ппӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн Хицау» (ПСАЛОМ 33:20).

1, 2. Цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлд иу иузӕрдион чырыстон хо ӕмӕ мах дӕр нӕхи афтӕ цӕмӕн фӕхатӕм?

ӔРЫГОН сылгоймаг Кэйко * Иегъовӕйӕн лӕггад кӕны 20 азӕй фылдӕр. Иу рӕстӕг уыд пионер, Хуыцауы Паддзахады ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг. Уый тынг аргъ кодта уыцы кадӕн. Фӕлӕ ӕрӕджы Кэйкойӕн йӕ ныфс асаст ӕмӕ йӕхи иунӕг хатыд. «Мӕ бон кӕуын йеддӕмӕ ницы уыд»,– зӕгъы уый. Цӕмӕй ӕрхӕндӕг хъуыдытӕй фервӕзтаид, уый тыххӕй Кэйко фылдӕр рӕстӕг хицӕн кодта Библи ахуыр кӕнынӕн. «Фӕлӕ уӕддӕр мӕхимӕ нал цыдтӕн,– зӕгъы уый.– Афтӕ сдӕн, ӕмӕ мӕм цӕрын дӕр нал цыдис».

2 Ды дӕр дӕхи афтӕ фӕхатыс? Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ цӕуыл цин кӕнай, уый дын ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уымӕн «ис ныфс абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:8, НД). Ныридӕгӕн цӕрыс монон дзӕнӕты! Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕппӕт ӕрхӕндӕг хъуыдытӕй дӕр хызт дӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Библи дзуры: «Бирӕ хъыгдзинӕдтӕ ис рӕстгӕнӕгӕн» (Псалом 33:20). Уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ «ӕппӕт дуне... ис Фыдбылызы къухы», Сайтан Хӕйрӕджы къухы (1 Иоанны 5:19, НД). Дуне ӕцӕгдӕр йӕ къухы кӕй ис, уый не ’ппӕтдӕр нӕхиуыл ӕвзарӕм, чи къаддӕр, чи та тынгдӕр (Ефесӕгтӕм 6:12).

Ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ адӕймагыл куыд ӕндавынц

3. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй стыр маст чи ӕвзӕрста, уыдоны тыххӕй Библийӕ ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

3 Ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ нӕ бирӕ рӕстӕг уӕгъд куы нӕ уадзой, уӕд нӕ чи зоны маст бакуырм кӕна (Ӕмбисӕндтӕ 15:15). Ӕркӕсӕм, рӕстаг адӕймаг Иовы цӕвиттонмӕ. Уӕззау фӕлварӕнты Иов загъта: «Сылгоймагӕй чи райгуыры, уымӕн йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары» (Иов 14:1). Иовӕн йӕ циндзинад фесӕфт. Иу афон ма суанг афтӕ дӕр ахъуыды кодта, ӕмӕ йӕ Иегъовӕ ныууагъта (Иов 29:1–5). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕрмӕст Иов нӕ бавзӕрста стыр маст. Библи дзуры, зӕгъгӕ, Аннӕйы «зӕрдӕ... маст сыгъта», цот ын кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй (1 Паддзахӕдты 1:9–11). Ревеккӕ тыхст йӕ бинонты уавӕрӕй, ӕмӕ загъта: «Мӕ цард [мын] царды ад нал кӕны» (Уӕвынад 27:46). Йӕ рӕдыдтытыл хъуыды кӕнгӕйӕ Давид загъта: «Ӕнӕхъӕн бон сагъӕс кӕнгӕ цӕуын» (Псалом 37:7). Ацы цалдӕр цӕвиттонӕй бӕрӕг у, рагзаманты Хуыцауы тас цы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕм уыд, уыдон дӕр-иу стыр маст кӕй ӕвзӕрстой.

4. Диссаг цӕуылнӕ у, абоны чырыстӕтты ’хсӕн «ныфссаст чи у», ахӕмтӕ кӕй ис?

4 Цы зӕгъӕн ис чырыстӕттӕй та? Апостол Павел фессалоникӕгтӕм ныффыста, цӕмӕй, «ныфссаст чи у, уыдоны-иу ныхасӕй барӕвдауой» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НД). Иу иртасӕн куысты фыст ис, зӕгъгӕ, «ныфссаст чи у», уымӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ахӕссӕн ис, «царды сагъӕстӕ рӕстӕгмӕ сӕ быны кӕй фӕкодтой», уыдонмӕ. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Фессалоникты ӕмбырды сӕрст чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ зӕрдӕсаст кӕй уыдысты. Абоны чырыстӕтты ’хсӕн дӕр ис, ныфссаст чи у, ахӕмтӕ. Фӕлӕ уыдон сӕхимӕ цӕмӕн ныхъхъусынц? Ӕркӕсӕм, арӕх чи ӕмбӕлы, ӕртӕ ахӕм аххосагмӕ.

Маст кӕнӕм, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй

5, 6. Ромӕгтӕм 7:22–25 нын удӕнцойы хос куыд сты?

5 Йе ’фсарм бынтондӕр чи фесӕфта, уыцы хӕлд адӕмӕй хъауджыдӕр, ӕцӕг чырыстӕттӕ тыхсынц, тӕригъӕдджын кӕй сты, уымӕй (Ефесӕгтӕм 4:19). Уыдон дӕр сӕхи хатынц Павелау. Уый фыста: «Уымӕн ӕмӕ мидӕггаг адӕймагмӕ гӕсгӕ ӕхсызгондзинад арын Хуыцауы закъоны; фӕлӕ мӕ уӕнгты уынын ӕндӕр закъон, тох кӕнӕг мӕ зонды закъонимӕ, ӕмӕ кӕнӕг мӕн мӕ уӕнгты тӕригъӕды закъонӕн уацайраг». Уый фӕстӕ афтӕ бакодта: «Мӕгуыр адӕймаг дӕн ӕз!» (Ромӕгтӕм 7:22–24).

6 Ды дӕр дӕхи искуы Павелау хатыдтӕ? Ӕнӕххӕст кӕй дӕ, уый кӕй ӕмбарыс, уым ӕвзӕрӕй ницы ис: афтӕмӕй уыныс, тӕригъӕды уаргъ куыд уӕззау у, ӕмӕ дын уый хъарутӕ дӕтты, цӕмӕй ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хизай. Фӕлӕ дӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй хъуамӕ дӕхимӕ хъусынты ма фӕуай. Уӕлдӕр ӕрхастам, Павел йӕ масты тыххӕй цы загъта, уыцы ныхӕстӕ. Дарддӕр ма сӕм уый бафтыдта: «Арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн, нӕ Хицау Чырыстийӕ» (Ромӕгтӕм 7:25). О, Павелы уырныдта, Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый йӕ йӕ туджы рахӕсгӕ тӕригъӕдӕй кӕй ӕлхӕны (Ромӕгтӕм 5:18).

7. Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр ма маст кӕна, тӕригъӕдмӕ ӕмхиц кӕй у, уый тыххӕй?

7 Тӕригъӕдджын кӕй дӕ, уыцы хъуыдытӕ дӕ уӕгъд куы нал уадзой, уӕд дын удӕнцой ӕрхӕсдзысты апостол Иоанны ныхӕстӕ: «Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти. Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр» (1 Иоанны 2:1, 2, НТ). Тӕригъӕдмӕ ӕмхиц кӕй дӕ, уый тыххӕй куы маст кӕнай, уӕд-иу ӕдзух дӕ зӕрдыл дар, Йесо ӕххӕст адӕмы тыххӕй кӕй нӕ амард, фӕлӕ тӕригъӕдджынты тыххӕй. Ӕцӕгдӕр, «иууылдӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ цухгонд сты Хуыцауы кадӕй» (Ромӕгтӕм 3:23).

8, 9. Хиӕфхӕрӕн хъуыдытӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

8 Фӕлӕ, зӕгъӕм, кӕддӕр уӕззау тӕригъӕд ракодтай. Ӕнӕмӕнгӕй, уый тыххӕй Иегъовӕмӕ куывтай, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын баххуыс кодтой (Иаковы 5:14, 15). Зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кодтай, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдӕй нӕ ацух кодтой. Кӕнӕ та кӕддӕр Хуыцауы организаци ныууагътай, фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ Хуыцауы раз ногӕй сыгъдӕгӕй ӕрлӕууыдтӕ. Куыдфӕнды ма уыдаид, дӕ раздӕры тӕригъӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ ногӕй дӕ зӕрдыл ӕрлӕууа ӕмӕ маст кӕнай. Кӕд афтӕ рауад, уӕд дӕ рох ма уӕд, ӕцӕгӕй чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн Иегъовӕ бирӕ кӕй хатыр кӕны (Исай 55:7). Уымӕй уӕлдай, уый нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ ныфс асӕтта ӕмӕ дӕхи хӕрай. Уый фӕнды Сайтаны (2 Коринфӕгтӕм 2:7, 10, 11). Сайтан сӕфт ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ уый аккаг у, фӕлӕ уый фӕнды, цӕмӕй ды дӕр дӕхи ахӕм тӕрхоны аккаг хонай (Раргомад 20:10). Ма бауадз Сайтанӕн дӕ уырнындзинад фехалын (Ефесӕгтӕм 6:11). Уый бӕсты, иннӕ хъуыддӕгты куыд кӕныс, афтӕ ацы хъуыддаджы дӕр йӕ «ныхмӕ... лӕуу» (1 Петры 5:9).

9 Раргомады 12:10 фыст ис, Сайтан кӕй у «не ’фсымӕрты фыдкойгӕнӕг» – сӕрст чырыстӕтты фыдкойгӕнӕг. Уый Хуыцауы раз «ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдоны фыдкой кӕны». Ацы стихыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд фендзынӕ, Сайтанӕн, фыдкойгӕнӕгӕн, ӕхсызгон кӕй уыдзӕн, дӕхи фыдкой куы кӕнай ӕмӕ дӕхи куы хӕрай, кӕд ӕмӕ Иегъовӕ афтӕ нӕ кӕны (1 Иоанны 3:19–22). Дӕ хъӕндзинӕдтыл афтӕ тынг цӕмӕн хъуамӕ мӕт кӕнай, ӕмӕ дӕ къухтӕ ауадзай? Сайтанӕн уый бар ма ратт, цӕмӕй дын дӕ хӕлардзинад Хуыцауимӕ фехала. Хӕйрӕг дын дӕ зонд афтӕ макуы бакуырм кӕнӕд, ӕмӕ ферох кӕнай, Иегъовӕ кӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд [кӕй] нӕ кӕны, ӕгӕрон [кӕй] у йӕ ӕнувыд уарзт» (Рацыд 34:6).

Нӕ ныфс нын сӕтты, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый

10. Нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый нын нӕ ныфс куыд сӕтты?

10 Иуӕй-иу чырыстӕттӕн алцы сӕ бон кӕй нӕу ӕмӕ уый сӕ лӕггадыл кӕй зыны, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныфс асӕтты. Уый дӕуӕй дӕр ис зӕгъӕн? Чи зоны, уӕззау низӕй кӕй хъӕрзыс, азтӕ дыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ ӕндӕр исты аххосӕй дӕ бон нал у, раздӕр цас лӕггад кодтай, уыйбӕрц лӕггад кӕнын. Ӕцӕг, чырыстӕттӕм Библи сиды, цӕмӕй рӕстӕг ӕлхӕной Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Фӕлӕ алцы дӕ бон кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ ӕцӕгдӕр фылдӕр куы нӕ лӕггад кӕнай ӕмӕ дын уый дӕ ныфс куы сӕтта, уӕд та?

11. Галатӕгтӕм 6:4 Павел цы уынаффӕ дӕтты, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?

11 Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ма зивӕг кӕнӕм, фӕлӕ фӕзмӕм, «уырнындзинад ӕмӕ бирӕ фӕразондзинады фӕрцы зӕрдӕвӕрдӕй хайджын» чи у, уыдоны (Дзуттытӕм 6:12). Уый нӕ бон ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, сӕ хорз цӕвиттоныл сын куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад куы фӕзмӕм. Фӕлӕ нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм ӕмӕ стӕй нӕхи куы хӕрӕм, ӕз хорзӕй ницы аразын, зӕгъгӕ, уый раст нӕ уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид хъусын Павелы уынаффӕмӕ: «Алчидӕр кӕсӕд йӕхи хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ кӕйдӕр хъуыддӕгтимӕ ма барӕд. Уӕд йӕхи хъуыддӕгтӕ цавӕр сты, ӕрмӕст уымӕй раппӕлдзӕн йӕхицӕй» (Галатӕгтӕм 6:4, НТ).

12. Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ бон цин кӕнын цӕмӕн у?

12 Чырыстӕттӕн кӕд уӕззау низы аххосӕй сӕ бон алцы нӕу, уӕддӕр цӕуыл цин кӕной, уый сын ис. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10). Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕхицӕй кӕнгӕ цы нӕу, уыдӕтты тыххӕй, уацамынды раздӕр цас кодтай, уыйбӕрц мауал кӕнай. Фӕлӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй дӕ бон у фылдӕр хъусын кӕнын, зӕгъӕм, телефонӕй дзургӕйӕ ӕмӕ фыстӕджытӕ фысгӕйӕ. Иегъовӕ дын ӕнӕмӕнгдӕр раарфӕ кӕндзӕн, ӕппӕт удӕй йын кӕй лӕггад кӕныс ӕмӕ, уый дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзыс, уый тыххӕй (Матфейы 22:36–40).

Фӕлмӕцӕм «уӕззау рӕстӕджытӕй»

13, 14. а) Ацы «уӕззау рӕстӕджытӕ» нӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытыл цӕмӕн бафтауынц? ӕ) Адӕм кӕрӕдзи кӕй нал уарзынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Кӕд нӕм разӕй Хуыцауы рӕстаг ног дуне ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕддӕр нырма цӕрӕм «уӕззау рӕстӕджыты» (2 Тимофеймӕ 3:1). Мах зонӕм, нӕ алыварс цы ныфссӕттӕг хабӕрттӕ цӕуы, уыдон дзурӕг сты, нӕ ирвӕзындзинад ӕввахс кӕй у, ууыл, ӕмӕ нын уый удӕнцой хӕссы. Фӕлӕ ныл уыдӕттӕ уӕддӕр ӕндавынц. Зӕгъӕм, ӕгуыстӕй баззадтӕ? Чи зоны, куыст зын ссарӕн у, ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ тынгдӕр дызӕрдыг кӕныс, Иегъовӕ дын дӕ уавӕр уыны кӕнӕ дын дӕ куывдтытӕ хъусы, ууыл. Кӕнӕ та дӕ, чи зоны, ӕфхӕрынц, йе та ӕндӕр цавӕрдӕр хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлдтӕ. Ӕрмӕст газеты сӕргӕндтӕм куы ӕркӕсай, уӕд дын уый дӕр фаг у, цӕмӕй дӕхи фӕхатай Лотау – йӕ алыварс чи цард, уыдоны ӕнӕуаг уагахастӕй «фӕлмӕцыд» чи уыд, уыйау (2 Петры 2:7).

14 Фӕстаг бонты бӕрӕггӕнӕнтӕй нӕ иу рох кӕнын нӕ хъӕуы. Библи рагацау загъта, зӕгъгӕ, бирӕтӕ «кӕрӕдзи нӕ уарздзысты» (2 Тимофеймӕ 3:3, НД). Бирӕ бинонты ’хсӕн уарзондзинад ӕппындӕр нал ис. Ӕцӕгдӕр, иу чиныджы дзырдӕуы: «Бӕрӕггӕнӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй адӕмы арӕхдӕр амарынц, фӕнӕмынц, фефхӕрынц кӕнӕ сын тыхми бакӕнынмӕ фӕхъавынц ӕцӕгӕлӕттӕ нӕ, фӕлӕ сӕ бинонтӕ. [...] Адӕймаджы уарзгӕ кӕм хъуамӕ кӕной ӕмӕ йӕхи ӕдас кӕм хъуамӕ хата, уыцы бынат стыртӕй дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕн сси ӕппӕты тӕссагдӕр бынат» («Family Violence»). Хылгӕнаг бинонты ’хсӕн чи схъомыл ис, уыдон рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ тасӕфтауӕг хъуыдыты ахӕсты бахауынц ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Кӕд ды дӕр дӕхи афтӕ хатыс, уӕд та?

15. Иегъовӕйы уарзондзинад цыфӕнды адӕймаджы уарзондзинадӕй тыхджындӕр куыд у?

15 Псаломзарӕггӕнӕг Давид зарыд: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад ныууагътой мӕн, фӕлӕ Хицау райсдзӕн мӕн» (Псалом 26:10). Куыд ӕхсызгон у, Иегъовӕйы уарзондзинад цыфӕнды ныййарӕджы уарзондзинадӕй дӕр тыхджындӕр кӕй у! Кӕд дӕ дӕ ныййарджытӕ схуыстой, ӕфхӕрдтой кӕнӕ та дӕ ныууагътой, уӕддӕр дыл Иегъовӕ ауды (Ромӕгтӕм 8:38, 39). Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцау йӕхимӕ ӕввахс кӕны, кӕй уарзы, уыдоны (Иоанны 3:16; 6:44). Иннӕ адӕм дӕм цыфӕнды цӕстӕй куы кӕсой, уӕддӕр дӕ дӕ уӕларвон Фыд уарзы!

Цы нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм

16, 17. Адӕймаг йӕхимӕ хъусынты куы фӕуа, уӕд йӕ уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?

16 Цӕмӕй дӕхимӕ ма ныхъхъусай, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнцад ма бадай. Зӕгъӕм, ӕппӕт чырыстон хъуыддӕгты дӕр архай. Хъуыды кӕн Хуыцауы Ныхасыл, уӕлдайдӕр та дӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ сӕ быны куы кӕной, уӕд. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Ӕз куы дзырдтон: „мӕ къах цуды“,– Дӕ хорзӕх, Хицау, ӕххуыс кодта мӕнӕн. Мӕ зӕрдӕйы хъыгдзинӕдтӕ фылдӕр кӕныны рӕстӕджы, дӕ рӕвдауындзинӕдтӕ ирхӕфсынц мӕ уды» (Псалом 93:18, 19). Иудадзыг Библи куы кӕсай, уӕд дын уый дӕ зонд дзаг кӕндзӕн удӕнцойхӕссӕг ныхӕстӕй ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн хъуыдытӕй.

17 Кувын дӕр у тынг ахсджиаг. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕ бон зӕгъын куы нӕ уа, уӕддӕр Иегъовӕ зоны, цы зӕгъынмӕ хъавыс, уый (Ромӕгтӕм 8:26, 27). Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Сӕвӕр Хицауыл дӕ мӕт, ӕмӕ Уый хӕцдзӕн дӕуыл. Никуы бауадздзӕн фӕцудын рӕстгӕнӕджы» (Псалом 54:23).

18. Депрессийӕ рынчын адӕймаджы цы кӕнын хъӕуы?

18 Иуӕй-иутӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц, уымӕн ӕмӕ вӕййынц депрессийӕ рынчын *. Кӕд ды дӕр уыцы низӕй рынчын дӕ, уӕд хъуыды кӕн Хуыцауы ног дунейыл ӕмӕ уыцы рӕстӕгыл, «иу адӕймаг дӕр [куы] нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Фӕлӕ дӕ кӕд ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ, ӕнӕуи куыд вӕййы, уымӕй арӕхдӕр фӕтыхсын кӕнынц, уӕд хорз уаид дохтыртӕм ацӕуын (Матфейы 9:12). Ӕнӕниздзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын баххуыс кӕной диетӕ ӕмӕ иуӕй-иу фӕлтӕрӕнтӕ. Фаг улӕф. Ӕнафонмӕ телевизормӕ ма кӕс, ӕмӕ фӕллайгӕ кӕмӕй бакӕнай, ахӕм хиирхӕфсӕнтӕй дӕхи хиз. Ӕмӕ сӕйрагдӕр та, Хуыцауы хъуыддӕгты архай! Кӕд нырма уыцы рӕстӕг нӕу, Иегъовӕ «алы цӕстысыг» куы ныссӕрфдзӕн, уӕддӕр дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразай (Раргомад 21:4; 1 Коринфӕгтӕм 10:13).

Цӕр «Хуыцауы фидар къухы бын»

19. Ӕрхӕндӕг чи у, уыдонӕн Иегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

19 Кӕд рӕстгӕнӕг бирӕ хъыгдзинӕдтӕ ӕвзары, уӕддӕр нын Библи ныфс ӕвӕры, ӕппӕт уыдонӕй йӕ кӕй «фервӕзын кӕндзӕн Хицау» (Псалом 33:20). Хуыцау рӕстгӕнӕджы куыд ирвӕзын кӕны? Апостол Павел Иегъовӕмӕ цалдӕр хатты куы скуывта, цӕмӕй йӕ йӕ «буары сындзӕй» фервӕзын кӕна, уӕд ын уый загъта: «Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады» (2 Коринфӕгтӕм 12:7–9, НД). Иегъовӕ Павелӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ӕмӕ дӕуӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? Ӕвиппайды дӕ адзӕбӕх кӕндзӕн, уымӕй нӕ, фӕлӕ дын хъару кӕй ратдзӕн, цӕмӕй фӕразай.

20. Кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр нын 1 Петры 5:6, 7 ныфс цӕмӕй ӕвӕрынц?

20 Апостол Петр ныффыста: «Ӕрсабыр ут Хуыцауы фидар къухы бын, ӕмӕ уӕ йӕ рӕстӕджы сисдзӕн; уе ’ппӕт сагъӕстӕ Ууыл сӕвӕрут, уымӕн ӕмӕ Уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:6, 7). Иегъовӕ дыл тыхсы ӕмӕ дӕ никуы ныууадздзӕн. Цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ӕвзарай, уый дын ӕххуыс кӕндзӕн. Дӕ зӕрдыл дар, иузӕрдион чырыстӕттӕ кӕй сты «Хуыцауы фидар къухы бын». Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нын уый тых дӕтты, цӕмӕй фӕразӕм. Иузӕрдион ыл куы уӕм, уӕд нын нӕ уырнындзинадӕн, сраст кӕнӕн кӕмӕн нӕ уа, ахӕм зиан ницы ӕрхӕсдзӕн. Уӕдӕ Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ макуы сивӕм, цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрд ног дунейы ӕнустӕм цӕрӕм ӕмӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм, ӕрхӕндӕг адӕймаджы куы фервӕзын кӕндзӕн, уыцы бон!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Ном ивд у.

^ 18 абз. Адӕймаг депрессийӕ рынчын куы вӕййы, уӕд ӕнӕуи ныфссаст адӕймагӕй хъауджыдӕр, уый вӕййы тынгдӕр ӕрхӕндӕг ӕмӕ йын ахӕссы фылдӕр рӕстӕг. Фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1989 аз, 15 июль, 18–22 фф.; 15 август, 20–23 фф., уыр.; ӕмӕ 1996 аз, 1 сентябрь, 30, 31 фф., уыр.

Бахъуыды кодтай?

• Ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм дӕр цӕмӕн фӕзынынц?

• Хуыцауы адӕмӕй иуӕй-иутӕ сӕхимӕ цӕй тыххӕй ныхъхъусынц?

• Иегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сагъӕсты бын ма фӕуӕм?

• Куыд стӕм «Хуыцауы фидар къухы бын»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 17 фарсыл]

Иегъовӕйы адӕм кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр цин кӕнынц